ИРИСТОНИ ЗÆНХÆБÆЛ ЗНАГИ ФУДВÆНИТÆ ФÆКЪКЪОТУР ÆНЦÆ
Гитлеронтæ гъавтонцæ Дон æма Кубани цæугæдæнтти ’хсæн советон æфсæдтæбæл æртухсун, æма сæ ниддæрæн кæнунмæ. Уой фæсте 17-аг будуйрон æфсад (12 дивизий!..), инæлар-болкъон Руофи разамундæй, гъæуама байахæстайуонцæ Новороссийск æма Туапсей районтæ, Сау денгизи еугур билгæрæнттæ æма уордигæй бампурстайуонцæ Фæскавказмæ. Еци-еу рæстæг немуцæгти фиццаг танкон æфсад ба бампурстайдæ хонсар-искæсæни ’рдæмæ, Терки билгæрæнттæбæл батудтайдæ махонти гъæуайкæнуйнадæ, байахæстайдæ Владикавказ, Грозна, Махачкала æма Баку. Уомæй уæлдай немуцæгти 49-аг хуæнхон-фестæг корпусæн бардзурд лæвæрд цудæй, цæмæй махонти карз цæф никкодтайдæ Черкесски райони, рахизтайдæ Кавкази Сæйраг рагъбæл, нимпурстайдæ Сухуммæ æма байагъаз кодтайдæ 17-аг æфсадæн Сау денгизи билгæрæнттæ байсуни гъуддаги.
* * *
Дууин æвдæймаг ноябри фарæстæймаг æфсади тугъдонтæ райдæдтонцæ æмпурсун Иристони устурдæр гъæутæй еу – Дигорамæ. Еци-еу рæстæги 3-аг топпæйæхсæг корпус хъазауатонæй бампурста Æрæдонмæ, дæсæймаг гвардион корпусæн ба Гъæдгæронмæ хæстæг знаги хæццæ байеудагъ æй тогкалæн тугъд. Æнцад нæ бадтæнцæ еуæндæсæймаг топпæйæхсæг корпуси тугъдонтæ дæр. Етæ агъазиау цæфтæ фæккодтонцæ знæгтæн Хæтæлдон æма Нæуæггъæуи фарсмæ. Æртæ боней дæргъи тугъд карзæй-карздæр кодта. Фарæстæймаг æфсади галеу фарси тугъдонтæ тох исамадтонцæ знаги федæрттæ басæттунбæл, фал гъуддагæй неци уадæй. Знаг лæудтæй федар æма сæ еу къахдзæф дæр размæ нæ бауагъта.
Еуæндæсæймаг декабри Уæлдæр Сæйрагкомандæкæнуйнади Ставки инæлар И.И. Масленниковмæ фæдздзурдтонцæ: «Уæ районæй знаг е ’фсæддон тухти еу хай рарвиста Цæгатмæ æма дзæвгарæ фæллæмæгъдæр æй. Сталингради бунмæ ци уавæр исæвзурдæй, уомæй æнгъæлæн ес æма знаг идарддæр дæр е ’фсæдтæй рарветдзæнæй Цæгатмæ. Знаг Терки цæгатварсæрдæмæ ке æрлæудтæй, е æнæнгъæлæги цау нæй. Уомæ гæсгæ уе ’фсæдтæн хуарз фадуат фæцæй нимпурсунæн. Уæ ихæс æй – фадуатæй испайда кæнун, нифсгундæрæй архайун…»
Къæппæги бахаунæй тæрсгæй «А» æфсади къуари командæкæнуйнадæ æ тугъдонти кæнун райдæдта Æрæдонæй, Алагирæй æма Дигорайæй. Знаг исфæндæ кодта Елхоттæ æма Чиколай æхе æрфедар кæнун.
Не ’фсæдтæн ба аци хатт дæр нæ бантæстæй, нимпурсунмæ син ци фадуат фæцæй, уомæй испайда кæнун. Уомæ гæсгæ гитлеронтæн сæ къохи бафтудæй Иристони тугъдæй 23-аг танкити дивизи æма мотодивизи СС «Викинг» Сталингради тугъдмæ рарветун.
Зумæг куд хæстæг кодта, уотæ Кавкази хуæнхрæбун æрбунатгæнæг немуцаг æфсæддонтæ хъæбæрдæр тухсун байдæдтонцæ, Сау денгизи билгæрæнттæ, Грозна æма Бакуй нефтигурæнтæ байсунбæл нæ архайдтонцæ, фал æфсæн пецтæ æма кавказаг уæлдзарм ходтæ исамал кæнунбæл.
Орджоникидзей бунмæ тугъдтити син ку неци бантæстæй, Туапсей райони цалдæр хатти фæлварæнти сæ къохи ку неци бафтудæй, уæд гитлеронтæй Кавкази фронти ка архайдта, етæ арф уæрмитæ искъахтонцæ æма райдæдтонцæ тухгин федæрттæ аразун, цæмæй сæ зумæг æдухстæй рарветонцæ, уой туххæй. Еци рæстæг не ’фсæдтæн сæ хъаурæ кодта тухгиндæр æма нифсгундæрæй лæбурдтонцæ знагмæ.
Кавкази тох æнгом баст адтæй Сталингради тугъди хæццæ, Сталингради бæгъатæртæ гитлеронти тухтæ сайдтонцæ сæхемæ. Уотемæй ба еци тухтæ нивонд адтæнцæ Кавказ байахæссунæн. Фал еуæй-еу хатт уотæ рауайидæ: Волгæмæ æмпурсæг немуцæгтæ æнæгъæнæ дивизити фæззелиуонцæ Кавказ æрдæмæ.
Фашисттæ хъæбæр хуарз лæдæрдтæнцæ: Кавказ райсуни гъуддаги Терки алливарс районтæн устур ахедундзийнадæ ес. Сахар Малгобек есгæй нæ къохи бафтудæй, Гитлер 1942 анзи декабри ци бардзурд равардта, е. Еци бардзурди амудта, зæгъгæ, Терки билгæрæнтти гъæутæ берæ ес, етæ æфсадæн зумæгеуæг кæнунæн хуарз уодзæнæнцæ æма сæ цийфæндийæй дæр байахæссун гъæуй Кавказ уалдзæги æ уæргутæбæл æрлæуун кæнунæн.
Æма кæд Гитлерæн еци фæндитæ æ хъури фæббадтæнцæ, уæддæр ма Мæздæгмæ æмпурсæг фашисттæ гъæддух æма хъæбæр тæссаг адтæнцæ. 1942 анзи 22 декабри Уæлдæр Сæйрагкомандæкæнуйнади Ставки бардзурдмæ гæсгæ Цæгат Кавкази райдæдта не ’фсæдти тухгин нимпурст. Цæгат Иристони фиццагидæр знаги хæццæ хъазауатон тохи бацудæнцæ Фæскавкази фронти. Цæгат къуари 11-аг гвардий топпæйæхсæг корпуси æфсæддон хæйттæ инæлар-майор И.Л. Хижняки разамундæй.
– Райдæдта тæккæ тухстдæр рæстæг, – имисуй Иван Лукич Хижняк. – Е адтæй 22-аг декабри изæрæй дæс сахаттебæл. Мах райдæдтан æмпурсун размæ. Фиццаг æмпурста дæсæймаг гвардион бригадæ. Цудæй хонсарæрдигæй. Æма цубур æмгъудмæ Къодахджини гъæу райста.
Иннæ бунæтти знаг æхе æвдиста гъæддухæй. 23 декабри æнæгъæнæ æхсæвæ æма бонæ цудæй уæззау тох Рассвет байахæссунбæл. Аци минкъий гъæу уæд мах байахæссианæ, уæдта ’й немуц байсиуонцæ фæстæмæ. Тогкалæн тугъд истухгин æй Дзиуаригъæу байахæссунбæл дæр. Къодахджин нæ къохи ке бафтудæй, е нæбæл базуртæ сагъта æма нæ худта нæуæг уæлахезмæ.
Мæ командæгæнæн пунктмæ æнæсцохæй игъосун кодтонцæ тугъди хабæрттæ. Æнтæститæ нурма берæ нæ адтæнцæ, фал лæвардтонцæ нифс устур уæлахезтæн.
23 декабри изæрмæ тугъдæфхуæрд Рассвет бустæгидæр нæхе бакодтан. Е адтæй нихмæлæууæг знаги сæйраг цæг. Еци уæлахези хуæдфæсте знагæй ракæдзос кодтан Дзиуаригъæу, Хæтæлдон æма Нæуæггъæу».
1942 анзи 24 декабрьмæ Фæскавкази фронти Цæгат къуари æфсæддон хæйттæ дзæвгарæ рацудæнцæ нигулæнæрдæмæ æма еци бон хъазауатон тохи бацæугæй иссæребарæ кодтонцæ Гъæдгæрон, Суадаг, Берæгъзæнгæ, еци бон байеу æнцæ Алагир, Æрæдон æма Црау ка иссæребарæ кодта, Советон æфсади еци тугъдонти хæццæ.
24 декабри «Елхотти дуæрттæ» гъæуайгæнæг советон æфсæддон хæйттæ райдæдтонцæ æмпурсун æма изæрмæ знаги фæссурдтонцæ Елхоттæй. 24-26 декабри 11-аг Сурхтурусагин корпуси гвардионтæ знагæй исуæгъдæ кодтонцæ Синдзигъæу, Уорсдон, Дигора, Дур-Дур, Красногор, Мостиздæх æма Николаевски станицæ.
Тæккæ устурдæр тугъдтитæ райдæдтонцæ Сурх-Дигорæ æма Чиколай райони. Ами знаг архайдта еугур мадзæлттæй дæр нæ размæцуд бакъулумпи кæнунбæл, цæмæй цæугæдон Ирæфи билæбæл артагмæ ци танкитæ æма хуæдтолгитæ æнгъæлмæ кастæй, уони къæппæгæй фæййервæзун кодтайдæ. Мах зудтан, Сурх-Дигори рази знаг æхсæз фестæг батальони ке æрцæттæ кодта, уæдта танкити еу дивизийæй фулдæр тухтæ, цалдæр артиллерий æма фондз ба æхсæзхæтæлгин минæхсæн батарейи.
– 26 декабри, – финсуй æ тугъдон бонуги инæлар-лейтенант И.Л. Хижняк, – æз фæдздзурдтон 10-аг æма 57-аг бригæдти командиртæмæ. Цубур радзубандий сæ базонгæ кодтон, штаби ке бацæттæ кодтан, еци нимпурсти пълани хæццæ. Уæдта син равардтон тугъдон ихæс.
Армий командæгæнæг инæлар-майор К.А. Коротаев тагъд кодта мах Сурх-Дигорæ райсунбæл. Гъæу байахæссун фадуат лæвардта знагæн Чиколайæй цæгатæрдæмæ æ над ралух кæнунæн. Нæ корпуси фæстауæрцæгонд тухтæ фæуунмæ гъавтонцæ. Размæ ци æфсæддон хæйттæ æмпурстонцæ, етæ истухстæнцæ, ниффæлладæнцæ æнæнцойнæ тугъдтити æма син фадуат исаразун гъудæй бауолæфунæн, уонæй нæуæг къуæрттæ исаразунæн. Уомæ гæсгæ мах багъудæй еумæйаг тугъдон фæткæ фехалун – тохмæ багæлстан фæстауæрцæгонд фæстаг тухтæ. Е адтæй æгæр нифсхаст миуæ. Фал æз мæ зæрдæ дардтон гъуддаг ке фæррæстмæ уодзæнæй, уобæл. Уомæн æма не ’знагæн дæр æ тухтæ нæ нихмæ тохгæй фехсудæнцæ. Еу-дууæ тухгин нимпурсти, æма уæлахез æй мах…
Мах æвддæсæймаг нимпурстæй знаги Сурх-Дигорæй ледзæг фæккодтан æма гъæуи æрфедар ан. Еу æнтæстæй цудан иннемæ. 1 январи 1943 анзи инæлар Василий Фадейи фурт Сергацкови æфсæддон хæйттæ, Ефим Степани фурт Терешкови æма Степан Макари фурт Черныйи бригадити гвардионтæ байахæстонцæ Чикола.
Нæ сапертæ Сурх-Дигорæмæ надбæл фехалдтонцæ дууинсæй мин мини. Сурх-Дигори тугъди не ’фсæддон хæйттæбæл устур фидбилизтæ æрцудæй. Фал си знаг дæр берæ зиантæ æрхаста. Тугъди будури ниууагъта 24 танки, 39 хуæдтолги æма æ салдæттæ æма афицертæй берети. Мах нæбал дзордзинан, советон уаз (святой) зæнхæн æ кæцидæр хай фашисттæй ке исуæгъдæ кодтан, уобæл.