12 декабря 2024

ИРОНХ НÆ ‘НЦÆ Æ АГЪАЗИАУ ХЪИАМÆТТÆ

27.08.2022 | 14:55

САУТӔТИ Тамилӕ Цӕгат Иристони ӕскъуӕлхт журналист

Фольклорист исун æнцон гъуддаг нæй, ирон фольклор æртасæг ба – никки зиндæр, уомæн æма аци наукæ тугъди фæсте æнзти райдæдта æ фиццаг къахдзæфтæ кæнун æма, ирон фольклор, еци дзамани, евгъуд æноси 60-аг æнзти уæнгæ ка æмбурд кодта Иристони, еци адæймæгутæ берæ нæ адтæнцæ. Хæмицати Тамарæ сæ зудта сæ куститæмæ гæсгæ. Фиццаг ирон фольклористтæ Æлборти Барисби, Дзагурти Геуæрги æма Абайти Васой хæццæ ба косгæ дæр ракодта. Тамари зæрди аци æртæ ахургонди ирд фæд ниууагътонцæ æма сæ хъæбæр арфиагæй ахид имиста.

– Фольклормæ мин мæ зундирахасти айдагъ устур цæмæдесдзийнадæ не ’ссугътонцæ, фал ма мæнæй дæр ахургонд исаразтонцæ, – уотæ зæгъидæ Тамарæ æ зонгитæн, е ’мкосгутæн.

Хæмицати Тамарæ æ цард иснивонд кодта нæ адæми фольклор æртасуни кустæн. Берæ æнзти дæргъи ахур кодта  историон фольклор, уой фæсте е ’ртасæн кустити «тиллæг» равдиста монографити: «Историко-песенный фольклор осетин» æма «Осетинская народная поэзия»-йи.

Хæмицати Алексейи кизгæ Тамарæ  райгурдæй Дзæуæгигъæуи 1932 анзи. Ами 1948 анзи сугъзæрийнæ майдани хæццæ каст фæцæй 3-аг скъола æма идарддæр ахур кæнунмæ бацудæй Мæскуй Михаил Ломоносови номбæл паддзахадон университети филологон факультетмæ. Уоми дæр бабæй æнтæстгинæй исахур кодта æма æрвист æрцудæй æ райгурæн Иристонмæ, райдæдта Сунжи астæуккаг скъолай уруссаг æвзаг æма литератури ахургæнæгæй косун. Æма цуппар анзей дæргъи Дзæуæгигъæуæй Сунжæмæ косунмæ цудæй, æвадуат нæдтæбæл рахауæ-бахауæ кæнгæй. Фал, æ ахурдзаути æма æ куст уотæ берæ уарзта, æма имæ еци зинтæ нимади дæр нæ адтæнцæ.

Æ кустæй, ку зæгъæн, кæд боз адтæй, уæддæр ин уадзгæ рауадæй – рагæйдæр бæлдтæй наукон кустмæ.  Æма 1959 анзи бацудæй аспирантурæмæ. Еци рæстæг æ цард байеу кодта Харькови юридикон институти рауагъдон Миндзайти Айдарухъи хæццæ. Цардæнцæ бараки еу азгъунсти, фал сæмæ уæддæр зæрдиагæй исбоц кæниуонцæ, Иристонæй сæмæ  ци иуазгутæ фæззиннидæ, уони.  Куд дигорон силгоймаг, уотæ син Тамарæ лæггадæ кæнидæ, æхе гъуддæгутæ фæууадзидæ, уотемæй. Айдарухъ Тамарæн устур нифс адтæй, багъæуаги ин агъаз кодта æ кусти дæр.

Хæмицати Тамарæ 1969 анзи Мæскуй Максим Горькийи номбæл Литературон институти багъæуай кодта кандидатон диссертаци «Исторические песни осетин», уæдта косун райдæдта Абайти Васой номбæл гуманитарон æртасæн институти. Тамарæ æ наукон-æртасæн куст айдагъ институти къæбинети не ’нхæст кодта, фал фулдæр  рæстæг æрмæг æмбурд кодта Цæгат æма Хонсар Иристони хуæнхаг гъæути. Цуппар хатти (1968-1988-аг æнзти) архайдта фольклорон-этнографион экспедицити. Ци æрмæг æрæмбурд кодта, уой бундорбæл Тамарæ бацæттæ кодта сæдæ наукон-æртасæн кусти нæ адæмон фольклори алли жанртæй арæзт уадзимистæбæл æма сæ мухури рауагъта аллихузон наукон журналтæ æма æмбурдгæндтити.

Уотæ зæгъæн ес, æма Хæмицати Тамарæ исæвардта бундор  нæ адæми цардиуаги поэзи æма историон фольклори æртасуйнадæн. Еци бундор ба цæйбæрцæбæл агъазиау рауадæй, уомæн ба æвдесæн, ци цуппаринсæй наукон кустемæй фулдæр бацæттæ кодта. Уони нимæдзи -: «Особенности жанра исторических песен», «Осетинская народная поэзия», «Осетинские детские песни», «Семейно-обрядовая поэзия осетин», «Осетинская календарная поэзия весенне-летнего цикла», «Осетинская свадьба», «Итоги и проблемы развития осетинской фольклористики» æма æндæртæ.

Ахургонди наукон кустити æхсæн устур бунат ахæссунцæ, нæ адæмон исфæлдистадæ æртасунбæл æма багъæуай кæнунбæл уодуæлдайæй ка архайдта, еци ахургæндти цард æма исфæлдистадон фæллойни, уæдта нæ игъустгонд кадæнгитæгæнгути туххæй финст уадзимистæ: «Æлборти Б.А. – ирон фольклор æмбурдгæнæг æма æртасæг», «В. Миллер æма ирон фольклор», «Дзагурти Г.А. – ирон фольклор æмбурдгæнæг æма æртасæг», «Кадæнгæгæнгутæ: Дедегкати Дзамболат æма Хъалæгати Иналдихъой туххæй»…

Æнæзæгъæн нæййес, историон фольклори ци берæ фарстатæ ес, етæ фиццагидæр Хæмицати Тамари кустити разиндтæнцæ ирдæй æма сæ ахедундзийнадæй ахсгиаг æнцæ абони дæр. Ирон адæми цъухæй дзоргæ исфæлдистади æвдист ка цæуй, еци историон хъайтарти фæлгонцтæмæ дæр  е ’ргом еугурей разæй Тамарæ раздахта. Берæ æнзти дæргъи Иристони еугур кæмтти æма рæбунти æмбурд кодта æма финста зартæ, таурæхътæ, аргъæуттæ, бацеу-бацеутæ. Еу æма дууæ хатти не ’мбурд кодта этнографион æрмæг Абайти Васой хæццæ. Хуæнхон къахнæдтæй кæцибæл нæ рацудæй, уæхæн, æвæдзи, нæ разиндзæнæй.

Хæмицати Тамарæн 1999 анзи институт разамунд байхæс кодта Нарти кадæнгити тексттæ мухурмæ бацæттæ кæнун. Аци бæрнондзийнадæ институти разамунд Тамарæн уомæн бабарæ кодтонцæ, æма ин æ профессионалон цæттæдзийнадæ æма арæхстдзийнадæ, æ наукон гъомус зудтонцæ. 2001-2011-аг æнзти уæнгæ ахургонд бацæттæ кодта æма мухури рауагъта Нарти кадæнгити æхсæз томи. Къохфинстæй цæттæ адтæй æвдæймаг том дæр. Тексттæ профессионалон æгъдауæй уотæ бæлвурд æма лæмбунæг адтæнцæ, æма син æмбал нæ адтæй.

Еци киунугутæй уæлдай ма Тамарæ бацæттæ кодта Нарти кадæнгити академион рауагъд æртæ томемæй. Фиццаг томи æмбурдгонд æнцæ Нарти кадæнгити зингæдæр сюжеттæ нæ маддæлон æвзагбæл. Дуккаг томи – фиццаг томи текстти наукон тæлмац æма æртиккаг том ба арæзт æй комментаритæй. Абони уæнгæ дæр аци æртæ томи Нарти кадæнгитæ æртасгутæн æнцæ устур агъазгæнæг сæ наукон кусти. Тамари фæрци, аргъ кæмæн нæййес, еци нæ Нарти кадæнгити тексттæ дуйнеуон науки хæзнадонæмæ хаст æрцудæнцæ.

Текстти хæццæ косун æнцон нæй. Уой, æвæдзи, балæдæрдзæнæй, архивти, зин лæдæрæн къохфинститæ æма рагон, сæ «фуркаргунæй» ка исбор æй, еци æвдесæнти сифтæ берæ мæйти дæргъи ка фæррахатæ-бахатæ кодта, айдагъдæр уæхæн адæймаг. Аци архайд Тамари æнæнездзийнадæбæл фæббæрæг æй. Æ цæститæ гъигæдард æрцудæнцæ æма ин сæ операци кæнун багъудæй. Фал операций фæсте дæр бабæй æ кустмæ раздахтæй. Куста æвæллайгæй. Бонæй-бонмæ е ’нæнездзийнадæ лæгъузæй-лæгъуздæр кодта, риститæ нæ сабур кодтонцæ, хуастæ ин нæбал агъаз кодтонцæ, уæддæр æ куст нæ уагъта. Е ’мкосгутæ ин дзориуонцæ, цæмæй æхебæл еуминкъий уæддæр байауæрда, бауолæфа, фал син уотæ зæгъидæ:

– Мæлæтæй æз нæ тæрсун, æнæуойдæр, цæйбæрцæ мин гъудæй, уомæй фулдæр фæццардтæн, тæрсун айдагъдæр уомæй, æма мæ куст кæронмæ ку нæ фæууон…

Æ уодуæлдай хъиамæтти фæрци æ къохи бафтудæй Нарти кадæнгити æхсæз томи кæрæй-кæронмæ бацæттæ кæнун. Нарти хъайтартæбæл Тамарæ алкæддæр дес кодта, æма æхуæдæг дæр уæхæн нæртон гъæддух уодигъæдæ равдиста.

Хæмицати Тамарæ ма ’й берæ киунугути раздзубандити автор дæр. Се ’хсæн: «Хроника литературной жизни Осетии», киунугæ «История советской многонациональной литературы», «Историко-песенный фольклор Осетии», киунугæ «Героико-исторический эпос народов Северного Кавказа», «В.Миллер – выдающийся деятель русской науки и культуры», киунугæ «В горах Осетии», «Библиография по осетинскому нартскому эпосу», киунугæ «Сказания о нартах», «Эпос народов Северного Кавказа».

Тамарæ берæ финсгутæ, ахургæндтæ, адæмон зартæгæнгутæ æма кадæнгитæгæнгутæбæл ниффинста уацтæ: Гурдзибети Блашка, Малити Геуæрги, Антон Чехов, Хъулати Созурихъо, Всеволод Миллер, Дзести Кудзæг, Æлборти Барисби, Дзагурти Геуæрги, Абайти Васо æма берæ æндæр зундгонд адæймæгутæбæл.

Берæ æнзти дæргъи Тамарæ разамунд лæвардта Цæгат Иристони Абайти Васой номбæл социалон æма гуманитарон æртасæнти институти фольклор æма литератури хайадæн. Науки устур хуæрзти бацудæй Хæмицати Тамарæ æма æ фæллæнттæн аргъгонд дæр æрцудæй. Исаккаг ин кодтонцæ Республикæ Цæгат Иристон-Аланий науки æскъуæлхт косæги ном.

ХЪАНУХЪТИ Зæлинæ, Абайти Васой номбæл гуманитарон æма социалон институти (ЦИГСÆИ) директор:

– Тамарæ æ кустмæ устур бæрнонæй кастæй. Институт ин ци байхæс кæнидæ, еци гъуддаг исæнхæст кæнидæ æнаййеппæй. Фæстаг æнзти уæззау сæйгæ уогæй, Нарти кадæнгитæбæл косун райдæдта. Сауæнгæ, онкодиспансери хусгæй дæр æ куст нæ ниууагъта. Сæйгæдонæмæ фæххæссидæ æ косуйнæгтæ æма уоми архайидæ. Хъæбæр тухстæй, ку нæ фæууа æма æ нез нецæмæ даргæй куста æнæрæнцайгæй.

Æхсæз томи кæрæй-кæронмæ бацæттæ кодта, фал æвдæймаг томбæл бакосун æ къохи нæбал бафтудæй. Рагъуди кæнайтæ, уæхæн уæззау сæйгæй е ци устур куст бакодта, уобæл. Зудта, лæдæрдтæй, нези дзæмбутæй ке нæбал фæййервæздзæнæй, фал уæддæр æ ихæс исæнхæст кодта. Æвдæймаг томбæл нæхуæдтæ бакустан. Æма нур архайдзинан Нарти кадæнгити авд томи дæр англисаг æвзагмæ ратæлмац кæнунбæл. Нарти кадæнгитæ дуйней адæмти эпоси зингæ бунат байахæстонцæ æма еци æскъуæлхтдзийнадæ, æнæмæнгæ, Хæмицати Тамари æнтæстдзийнадæ ’й.

СОКАТИ Дианæ, ЦИГСÆИ-и хестæр наукон косæг:

– Инсæй анзи мин разамунд лæвардта хайади Хæмицати Тамарæ. Е ци гъæздуг адтæй зонундзийнæдтæй, уомæ ци устур фæлтæрддзийнадæ адтæй фольклор æмбурд кæнуни кусти, уæхæн хъауритæ берæ ахургонд силгоймæгтæмæ нæ разиндзæнæй. Тамарæ къахфехсуд бацæй Иристони кæмттæбæл. Аллирауæн дæр ибæл бунæттон цæргутæ цийнæгæнгæй æмбалдæнцæ. Алке зæрдæмæ дæр зудта над иссерун. Æз мæхе хъæбæр амондгунбæл нимайун, Тамари хæццæ цуппар хатти адтæн фольклорон экспедицити. Дууæ хатти – Курттати коми, дууæ ба – Дæргъæвсгоми. Ци берæ æрмæг æрæмбурд кодта, етæ абони ’нцæ институти архиви. Фольклор æмбурд кæнуни дæсниадæ ин Хуцауæй лæвæрд адтæй. Уотæ зæгъæн ес, æма Тамарæ ку нæ адтайдæ, уæд сæ фулдæр рæстæги фæлми ранигъулдайдæ. Тамарæн устур аргъ кодтонцæ Мæскуй, Максим Горькийи номбæл Литературон институти. Æ профессионалон цæттæдзийнадæ æма зонундзийнæдтæ дæнцæнæн хастонцæ мæскуйаг ахургæндтæ дæр