ИРОНХ НЕКЕ ÆЙ, ИРОНХ НЕЦИ ÆЙ…
Æ ЦАРД – ÆНОСТÆМÆ ФÆНЗУЙНАГ
Сахар Воронежи æрæги игонгонд æрцудæй циртдзæвæн-бюст æдзард бæгъатæр тугъдон Дзотти Алæги фурт Лазæрæн.
Дзотти Лазæри цадвæндаг æма æностæмæ æнæферонхгæнгæ тугъдон æскъуæлхтдзийнади туххæй берæ аллихузон æрмæгутæ финст æрцудæй. Уонæй еу – зундгонд ахургонд æма журналист Мæхæмæтти Ахурбеги документалон уацау «Адæм, уæ фурт уæмæ дзоруй…» Æма ‘й уотæ райдайуй:
«… Гъæуи бæрæгастæу скъолай райдзаст азгъунст. Фиццаг хатт си адтæй, дæс къласи каст ка фæцæй, уони æмбурд. Изæрæй хорнигулæнти фæсте скъолай урух тургъæ байдзаг æй фæсевæдæй. Æрцудæнцæ дзурддзæугæ хестæртæ, ахургæнгутæ, колхозонтæ…
Фиццаг арфи дзурдтæ дæсæймагкъласонтæн ракодта директор. Уой фæсте дзурдтонцæ райони ахуради хайади сæргълæууæг, гъæусовети сæрдар, колхозонтæй кадæртæ… Уой фæсте ба директор, ахурдзаутæн сæхе бафарста:
– Фæсевæд, еске уи ести зæгъдзæнæй?
Биццеутæ æма кизгуттæ сæ кæрæдземæ бакастæнцæ, гъома, ду радзорæ, ду ести зæгъæ. Ку неке си базмалдæй, уæд Дзотти Лазæр æфсæрмдзæстугæй исдардта æ къох. Адæми ‘хсæнти цалинмæ сурх хъумацæй æмбæрзт стъоли размæ цудæй, уæдмæ æ сæр уæлæмæ дæр не ’систа. Æ цæсгон сурх-сурхид ниццæй. Стъоли размæ ку ’рлæудтæй, уæд æ сæрбæл исхуæстæй, уотемæй райдæдта дзорун:
– Абони аци адæмæй цуппар æма инсæй уæлдай амондгун дæр æнцæ… Мах каст фæцан астæуккаг скъола. Нур æрлæудзинан идарддæр ахури надбæл. Цæуæн алли институттæмæ. Мæхе туххæй ку зæгъон, уæд мæ унаффæ уæхæн æй: бацæунмæ гъавун педагогон институтмæ историон факультетмæ. Ахургæнæги куст берæ уарзун…
Лазæр ма е ‘мбали фарсмæ ку бадтæй, директормæ ку игъуста, уæд имæ берæ дзоруйнæгтæ адтæй, фал си нур æрбайронх æнцæ. Цубур рæстæг фæгъгъос æй, уæдта ма æ дзубандибæл бафтудта:
– Аци амондгун бони æз ме ‘мбæлтти номæй зæрдибун арфæ кæнун нæ ахургæнгутæн. Етæ нин байамудтонцæ, цард ци ’й, уой. Дзурд дæттæн, зин сахатти нæмæ арæхстдзийнадæ, хъаурæ ке разиндзæнæй æма мах туххæй нæ хестæртæмæ уайдзæф ке некæд æрхаудзæнæй, уобæл.
Лазæр каст фæцæй Цæгат Иристони паддзахадон педагогон институти историон факультет. Æма æрæздахтæй æ райгурæн гъæумæ, косун си райдæдта, æхуæдæг кæми исахур кодта, еци скъолай ахургæнæгæй. Уогæ си æдеугурæй еу анз бакуста. Æ куст кæд берæ уарзта, уæддæр ин уадзгæ рауадæй. 1941 анзи уалдзæги фæскомцæдеси Центрон Комитети фæдздзурдмæ гæсгæ косунмæ рандæй Комий АССР-мæ. Уæди рæстæгутæ уæхæн разæнгардгæнæг адтæнцæ, æма, æригæнттæ нифсгунæй архайдтонцæ сæ карни хабæрттæ æнтæстгиндæрæй аразунбæл. Дзотти-фурт дæр æ исонибонбæл куд нæ гъуди кодтайдæ. Лæдæрдтæй æй: лæги бунати лæууй, рæстæг си домуй лæгдзийнадæ. Лæгдзийнадæ ба кусти куд равдесай, уотæ некæми.
Лазæр æ хъауритæбæл нæ аурста. Бонæй гъæдикустгæнгути хæццæ куста, бригадир син адтæй. Фæскуст ба изæйрон скъоламæ цудæй: ахури хайади хецауæй æй ниввардтонцæ. Еу анз райевгъудæй. Æхе цæттæ кодта ахури нæуæг анзмæ, фал уæд æрцудæй, æнæгъæнæ бæстæ ка низмæлун кодта, уæхæн æверхъау хабар – нæ Фидибæстæмæ гадзирахаттæй æрбалæбурдтонцæ немуцаг-фашистон æрдонгтæ, райдæдта Устур Фидибæстон тугъд.
Дзотти Лазæр уайтæккæдæр бацудæй Усть-Усински зилди æфсæддон комиссариатмæ æма ракурдта, цæмæй æй фронтмæ рарветонцæ. Æфсæддон комиссар æй лæмбунæг æрфæрститæ кодта, æма æ дзуæппитæй аразийæй байзагæй, курдиадæ ин ниффинсун кодта.
Гъе уотемæй ранæхстæр æй дигорон лæхъуæн тугъдмæ. Фал ин уайтæккæ фронтмæ бахъæртун нæ бантæстæй… Бархеуонти ци поезди ластонцæ, уомæ сахар Вологдæмæ хæстæг æрбахизтæнцæ дууæ афицери. Бархеуонтæй дæс къласи каст ка фæцæй, уонæй исаразтонцæ номхигъд. Вагзали сæ рæнгъæй æрлæуун кодтонцæ.
Поезд рандæй идарддæр, номхигъдмæ ке бахастонцæ, етæ ба вагзали байзадæнцæ. Сæ размæ æрбацудæй капитан æма син загъта:
– Сумах æрвист цæуетæ æфсæддон скъоламæ. Цуппар сахаттей фæсте поезд æрбацæудзæнæй æма уоми исбаддзинайтæ…
Лазæр ма бæргæ равзурста еци капитанæн балæдæрун кæнун, гъома, мæн тугъдмæ фæндуй, æма кæд гæнæн ес… Фал ин еци афицер уайтæккæдæр балæдæрун кодта:
– Гъуддаг цæй медæгæ æй, Дзотти-фурт… Сурх Æфсади командиртæ хъæбæр æхсицгæ гъæуй… Дæсни, арæхстгин командиртæ…
Гъе уотемæй райдæдта Дзотти лæхъуæни тугъдон над. Æфсæддон скъолай æ ахур æнтæстгинæй фæууогæй ин лæвæрд æрцудæй лейтенанти цин, æма куд пулеметон взводи командир, уотæ æрвист æрцудæй фронтмæ.
Берæ сæрæндзийнæдтæй фескъуæлхтæй не ’хсаргин æмзæнхон немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ тугъдтити… Е ’носон лæгдзийнадæ ба бавдиста 1944 анзи 15 августи Воронежи алфамбулай тугъдтити рæстæг Чижови плацдарм гъæуай кæнгæй: махонти æгириддæр исæзмæлун ка нæ уагъта, еци немуцаг дзотæй æхсæг пулеметæн нигъгъос кæнунæн æндæр мадзал ку нæбал адтæй, уæд æй Дзотти-фурт æхецæй фехгæдта, фегуппæг æй кодта æма уой фæрци нæ тугъдонтæн фæцæй равгæ размæ æнтæстгинæй æмпурсунæн… Æ фæммарбæл æ тугъдон æмбæлттæ хъæбæр зæрдхъурмæй фæхъхъонц кодтонцæ …
Не ‘мзæнхон бæгъатæр æ мæлæти хуæдразмæ еу гæгъæдий гæбазæбæл æ тогæй ниффинста:
«Мæ адæммæ.
Советон адæмæн ме ‘фсæддон лæггадæ æнхæст кæнгæй, мæ тоги фæстаг æртæхи уæнгæ тох кæнун советон зæнхи кадæ, сæребарæдзийнадæ, хуæдбарæдзийнади сæрбæлтау. Æз еузæрдиуон дæн ме ‘фсæддон ардбахуæрдбæл, кæцимæй расоми кодтон мæ цитгин адæми размæ. Мæ царди фæстаг минутти уæнгæ мæхе нимайун адæми еузæрдиуон хъæболæбæл.
Размæ Сталини сæрбæлтау!..
Лейтенант Дзотти-фурт».
Æдзард бæгъатæри сахар Воронежи абони дæр хъæбæр цитгинæй имисунцæ, æ номерæнæн си арæзт цæуй сæрмагонд мадзæлттæ: æносон бунат ин ка иссæй, еци циртбæл æвæрд ес бакастгин циртдзæвæн, æ ном хæссуй сахари гъæунгтæй еу, мæнæ ин нур æвæрд æрцудæй бюст дæр. Уой игон кæнуни фæдбæл мадзали архайдтонцæ бæгъатæри хеуæнттæ, Цæгат æма Хонсар Иристони дзилли номæй минæвæрттæ, Стъараполи, Краснодари крайти, Волгогради облæсти иристойнаг диаспорити минæвæрттæ…
– Аци циртдзæвæн Лазæрæн æвæрд ке ’рцудæй, е махæн дæр æма нæ адæмæн дæр хъæбæр зæрдагайгæ хабар æй, – загъта Дзотти бæгъатæри æнсувæри фурт. Уой кадæн мæнæн дæр уой ном равардтонцæ, æма мæ бон цидæриддæр уа, уомæй архайдзæнæн уой цитгин номи аккаг унбæл. Зæгъун мæ фæндуй уой дæр, æма нæ бийнонтæ, нæ муггаг Лазæрæй сæрустур ан, архайæн, цæмæй фæнзуйнаг уа кæстæртæн. Абони агъазиау цауи фæдбæл, зæрдиагæй арфæ кæнун, æ исаразунбæл ка байархайдта, æ ном ин ка исæносон кодта, уонæн сæ еугуремæн дæр.
Не ‘мзæнхонæн Воронежи бюст исæвæруни хъæппæрес равдиста еугурадæмон æхсæнадон æзмæлд «Иристони Устур Нихæс»-и Мæздæги хайади сæргълæууæг Гуцати Фридон.
– Мæнæ нур ци мадзал арæзт æрцудæй, е нæ сахарти ’хсæн æмгустадæн, æнсувæрдзийнадæн ахедгæ агъаз уодзæнæй, – загъта Воронежи администраций сæргълæууæги хуæдæййевæг Плити Маринæ.
* * *
… Нæ адæми æхсаргин фурт Дзотти Лазæри ниййергутæн партий Цæгат Иристони обком, республики Министрти Совет, Сæйраг Совети Президиум æма фæскомцæдеси обком ци финстæгæй ратæфирфæс кодтонцæ, уоми загъд адтæй: «Рацæудзæнæй берæ æнзтæ, Советон адæм тогмондаг гитлерон æрдонгти нихмæ ци тох исамадтонцæ, уой зиндзийнæдтæ æма æбуалгъдзийнæдтæ феронх уодзæнæнцæ, фал советон адæмæй некæд феронх уодзæнæнцæ сæ бæгъатæртæ. Поэттæ сæбæл ниффинсдзæнæнцæ æмдзæвгитæ, композитортæ сæбæл искæндзæнæнцæ зартæ, амондгун советон адæмтæ устур арфиагæй имисдзæнæнцæ еугур дуйнейи фæллойнæгæнгути демократон бартæ гъæуайгæнгути нæмттæ. Еци гъæуайгæнгути хæццæ æностæмæ æрттевдзæнæй уæ фурт Дзотти Лазæри ном дæр…»