12 декабря 2024

ИСАРАЗУЙНАГ ГЪУДДАГ БÆЛВУРД КУ УА, УÆД ÆЙ АРАЗУН ГЪÆУЙ!..

04.06.2021 | 22:04

Æцæгæйдæр, æнæмæнгæ гъæугæ гъуддаг æвæстеуатæй райаразуйнаг æй, зæгъгæ, е бæлвурдæй-бæлвурддæр ку уа, уæд  уой фæдбæл цæмæн гъæуама ракæнæ-бакæнитæгонд цæуа, комкоммæ архайди бæсти радзорæ-бадзоритæ нивæндун?!. Махмæ ба абони берæ рауæнти æгæр исберæ ‘нцæ уæхæн уавæртæ æма нæ хъор кæнунцæ нæ цардиуаги гъуддæгути зингæ хай гъæугæ хузи райаразунæн.

Уæхæн уавæр, ку зæгъæн, исæвзурдæй адæмæн медицинон лæггæдтæй агъаз кæнуни къабази дæр. Уой фæдбæл журналистти фæрститæн дзуапп дæтгæй Сергей Меняйло хумæтæги нæ загъта: «Медицинон косæндæнттæ нæмæ республики ес, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади бæлвурд исконд ба нæййес!..» Уогæ, æ гъудимæ гæсгæ, уотæ ‘й, адæми хуарзæн архайун æ сæйрагдæр нисанеуæг кæмæн æй, уæхæн æндæр къабæзти дæр.

Фал уæддæр уæлдай ахсгиаг ба адæмæн æй се ‘нæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабазæ. Раст зæгъгæй, фæстаг æнзти нæ республики разамунди архайди фæрци берæ зæрдæмæдзæугæ æййивддзийнæдтæ си æрцудæй. Фал уæддæр е фагæ ке нæй, уой исбæлвурд кодта Сергей Меняйло, æрæги районтæй цалдæреми медицинон косæндæнттæ æхуæдæг ку бабæрæг кодта, уæд. Журналистти хæццæ фембæлди рæстæг уой фæдбæл уотæ загъта:

– Куд мæ фæндуй, уотæ кæрæй-кæронмæ нæма исбæлвурд кодтон, фал мин е лæдæрд æй, æма си берæ цидæртæ цæхгæрмæ райаразуйнаг æнцæ нури домæнтæмæ гæсгæ. Еци куст ба гъæуама райаразæн, цæмæй сæйгити æндæр регионтæмæ медицинон лæггæдти туххæй æрветун мабал гъæуа, уонæй испайда кæнуни равгитæ син гъæуама нæхемæ уа. Уæлдæр бæрзонд технологион агъаз райсуни фæлтæрддзийнадæ кæми ес, уордæмæ, гъай-гъайдæр, цæудзинан æ базонуни туххæй, фал нæхемæ гъæуама алцæмæй æнхæст фадуæттæ уа нæ сæйгитæн гъæугæ хузи дæсни агъаз кæнунæн.

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма адæми æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабази уавæрмæ еудадзугон цæстдард ес нæ республики разамунди ‘рдигæй. Бæлвурд фарстати фæдбæл ахид æрцæуй бундорон дзубанди Хецауади æмбурдти. Зæгъæн, хуæрзæрæги си æркастæнцæ сæйгæдæнттæ æма поликлиникитæ хуастæ æма техникон фæрæзнитæй куд ефтонггонд цæунцæ уомæ, æма Сергей Меняйло æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министради разамундæн карзæй бауайдзæф кодта, еци гъуддаг гъæугæ хузи райаразунбæл, куд æнгъезуй, уотæ ке нæма архайунцæ, уой фæдбæл.

– Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министрадæ, сæйгитæн сæ льготитæмæ гæсгæ гъæуама ци хуастæ лæвæрд цæуа, уони гъæугæ бæрцæй райсуни туххæй цæйбæрцæ контракттæ исаразун гъудæй, уой нæ бакодта.

Уотемæй ба еци еугур мадзæлттæ гъæуама арæзт æрцудайуонцæ 2021 анзи феврали мæйи, – загъта Сергей Меняйло. – Никки: кæд æма уой туххæй нæ республикæн сæрмагондæй 550 миллион сомей бæрцæ дехгонд æрцудæй, уæддæр, льготитæмæ гæсгæ сæйгæ адæм ци дзæбæхгæнæн хуастæ гъæуама райсонцæ, уонæн сæ фулдæр республики иссерæн дæр нæййес.

Куд рабæрæг æй, уотемæй дзубанди цæуй 200 аллихузон дзæбæхгæнæн хуасти туххæй.

– Е уобæл дзорæг æй, æма хуастæ æлхæнуни гъуддагмæ æгириддæр цæстдард нæ цæуй. Абони мин фегъосун кодтайтæ, еуварсгонд рецепттæ уæмæ нæййес, зæгъгæ. Фал етæ ‘нцæ сайæн дзубандитæ, – загъта Сергей Меняйло. – Хуастæ нæййес, зæгъгæ, исрæуонæ кæнунцæ дзæбæхгæнæн косæндæнтти æма уомæ гæсгæ сæбæл рецепттæ дæр нæ рафинстонцæ, цæмæй уавæр ма раргом уа.

Сергей Меняйлой дзубандимæ гæсгæ, еуварсгонд рецептти нимæдзæ ‘й дæс минемæй фулдæр. Æма æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министрадæй байагурдта, хæстæгдæр рæстæг, льготитæй ка пайда кæнуй, еци адæми æнæмæнгæ ка гъæуй, уæхæн дзæбæхгæнæн хуастæй исефтонг кæнун.

Сæйгæ адæмæн гъæуама еугур равгитæ дæр уа, æнæмæнгæ сæ ци хуастæ гъæуй, уони афойнадæбæл æма гъæугæ хузи райсунæн. Уæдта сæйгити уавæрæй пайда кæнуни фæрци æхцатæ бакосунмæ ка гъава, еци «фармацевтон амалгъонтæн» гъæуама нихкъуæрд лæвæрд цæуа. Уой фæдбæл дзубанди цудæй нæ республики промышленнон продукций æнæзакъон зелдохи нихмæ архайæг къамиси æмбурди дæр. Уоми æ радзубандий Сергей Меняйло цæстдарæн оргæнтæн бафæдзахста, гъæугæ хузи (бæлвурдæй федералон системæ «Маркировкæ»-йи) æхе ка нæ исрегистраци кæна, еци медицинон æма фармацевтон косæндæнттæн сæ лицензитæ гъæуама ист цæуонцæ:

– Сæ архайди гъæугæ домæнтæ ка ‘нхæст кæнуй, еци амалгъонтæмæ уæ каст æгæр фæлмæн æй, æма етæ дæр, куд сæ фæндуй, уотæ косунцæ. Аци фарстай ба фæлмæн рахаст æма лæмæгъдзийнадæн бунат нæййес, уомæн æма дзубанди цæуй адæми цард æма æнæнездзийнадæбæл. Домæнтæ ка ихалуй, еци косæндæнттæн сæ лицензитæ байсуни, уæдта сæ административон æгъдауæй бафхуæруни туххæй уæ кустæн график исаразетæ æма уомæ гæсгæ архайетæ. Къамиси унаффитæ алкæмæн дæр æнцæ æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг.

Сергей Меняйлой пресс-конференций фæдбæл нæ радзубандий адæми æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади фарстатæмæ уоййасæбæл агъазиау æргом ке ‘здахæн, е уомæ гæсгæ ‘й, æма, еуемæй, аци къабази архайд уæлдай ахсгиаг æй адæмæн, иннемæй ба, ами куд берæ ес гъæндзийнæдтæ, уотæ ес хъоргæнæг уавæртæ нæ цардиуаги иннæ рауæнти дæр. Уонæй кæцидæрти фæдбæл нæ республики Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæги Сергей Меняйлой гъудитæ базонун фæндадтæй журналистти. Æ радзубандий райдайæни син загъта:

– Нерæнгæ кæд æдеугурæй дууæ мæйемæ хæстæг косун, уæддæр циуавæрдæр хатдзæгтæ искæнунгъон дæн, æма уин уæ фарстатæн ци гæнæн æма амал уа, уомæй æргом дзуæппитæ ратдзæнæн.

Республики цæргутæ адæмласæг транспорти уавæрæн ниллæг аргъ ке кæнунцæ, е рагæйдæр бæлвурд æй. Уой фæдбæл уавæр бундоронæй гъæуй раййевун.

– Нæййес нæмæ транспортон гъуддаг гъомусгинæй райаразуни фæлтæрддзийнадæ. Уотемæй нæ бон æй федералон программити бунат байахæссун. Гъæуама рартасæн нæ бæлццæнтти бæрцæ, транспорти гъомусадæ цæйбæрцæ ‘й, социалон ахедундзийнади хæццæ маршруттæ цæйбæрцæ ‘нцæ, экономикон æгъдауæй фæндаггон феддон нимад куд æрцудæй… Етæ хумæтæг фарстатæ нæ ‘нцæ.

Æ дзубандимæ гæсгæ, дууæ-æртæ мæйемæ сахарти æма республики иннæ рауæнти цæттæгонд æрцæуонцæ транспортон пълан аразуни гæгъæдитæ. Сæйраг гъуддæгутæ æнхæстгонд ку ‘рцæуонцæ, уæд анзи кæрони бæрæггæнæнтæ ку исбæлвурд уонцæ, уæд республики бон уодзæнæй федералон программити архайун.

Цæрæнуæтти уæлбарæ программити куд архайæн, уой туххæй загъта:

– Аразгути хæццæ фембалдтæн, сахар аразуни туххæй сæмæ барадæдæттæг гæгъæдитæ ес, фал сæмæ проекттæ нæййес, е куд æй? Еугур программитæ дæр равзардзинан, Уæрæсей Президенти Указмæ гæсгæ æнцонвадуат цæрæнуæттæ араздзинан. Уæд дохтиртæн, ахургæнгутæн, культури косгутæн, иннæ специалисттæн фæззиндзæнæй цæрæнуæттæ, – фæннисан кодта республики разамонæг.

Æртæ анзей размæ Красноярски адтæнцæ Цæгат Иристони бонтæ, æма журналистти бафæндадтæй базонун, идарддæр еци куст куд цæудзæнæй, уой.

Сергей Меняйло æ дзуаппи куд балæдæрун кодта, уотемæй æхуæдæг дæр адтæй гъуддагаразгути ‘хсæн.

– Рæсугъд бæрæгбон рауадæй, æнæмæнгæ, байархайдзинан, цæмæй уæхæн фембæлдтитæ идарддæр дæр арæзт цæуонцæ.

Ахсгиаг æй нæ республикæн æхе гæнæнти фæрци хуæрзгъæдæ гъæууонхæдзарадон продукци гъæугæ бæрцæй уадзуни фарста дæр.

Уобæл дзуапп дæтгæй Сергей Меняйло загъта:

– Нæ зæрдæ дарæн, уæхæн продукци нæмæ фарæй минкъийдæр нæ уодзæнæй.

– Æрæги адтæн Чиколай, фембалдтæн гъæууонхæдзарадон продукциуадзгути хæццæ. Сæ сагъæстæ æма фæндитæ мин радзурдтонцæ. Сæ еу гъуди адтæй: продукци уæйæ кæнгæй «æхсæнархайæг» лæгти ку райеуварс кæнæн, уæд æргътæ фæмминкъийдæр уодзæнæнцæ. Уонæбæл гъæуй косун. Зæгъун гъæуй уой, æма нури дзамани уавæрти архайунмæ нæ гъæууонхæдзарадон къабазæ иннетæй уæлдай цæттæдæр разиндтæй, ес сæмæ программæ. Уой бундорбæл исаразтонцæ æфснайæнтæ… Агъази мадзæлттæ гъæуама уонцæ бæрæггонд, сæ ахедундзийнадæ цæйбæрцæ ‘й, е гъæуама рабæрæг уа.

Нæ республики райрæзти æгæрон берæ райаразуйнаг фарстати ‘хсæн уæлдай бæлвурд æргом æздæхт цæуй экономикон размæцудæн си агъазгæнæг ка ‘й, уонæмæ.

– Нерæнгæ бал исæмбалдтан агъазиаудæр кустуæтти разамонгути хæццæ, – загъта Сергей Меняйло. – Минкъий æма рæстæмбес амалгъонади ирæзтмæ фæрæзнитæ бахæссунгъон ка ‘й, гъæуама уони хæццæ дæр фембæлон. Кусти бунæттæ уотемæй фæззиннунцæ. Бæрзонд технологон кустæдтæ дæр кусти бунæттæ дæттунцæ… Не ‘ргом гъæуама раздахæн инвестицион проекттæмæ, гъæуама ирæзонцæ. Фал нæмæ инвестицион совет нæййес, æма ин æ барадон гæгъæдитæ бацæттæ кæнун гъæуй.

Пресс-конференций рæстæг дзубанди цудæй экологий фарстати фæдбæл дæр. Зæгъæн, республикон бугъгалæн полигони туххæй рагæй дзурдæуй, уой исаразунæн гæгъæдитæбæл нури уæнгæ дæр ма архайунцæ, ку исцæттæ уонцæ, уæд искосдзæнæй. Аци рауæн ахсгиаг æй тарифи æргомдзийнадæ, еске нин гъæуама цæмæн амона, цæйбæрцæ федун гъæуй, уой.

Нæ дони фæрæзнитæ, нæ кæмттæ, нæ гъæдтæ, гъæуай кæнун ке гъæуй, уобæл дзубанди дæр нæййес. Уæдта еци еугур бунæттæн гъæуама закъони бундорбæл арæзт уагæвæрдтитæ фæззиннонцæ. Исбæрæг кæнæн, ци куст си ес кæнæн, циуавæр бунати, еумæ райсгæй ба сæ гъæуй багъæуай кæнун. Нуртæккæ си берæ рауæнти кадæртæ хевæндæй хецауеуæг кæнунцæ, сæхердигæй сæ фæккодтонцæ, еци æрдзон бунæттæ еугурадæмон æнцæ æма нæ цæугæдæнтти алфамбулайтæмæ, нæ кæмттæмæ гъæуама еугур адæмæн дæр равгæ уа сæребарæй бацæунæн.

Уæхæн сагъæссаг æй Цæгат Иристони зæнхи фарста дæр. Уой фæдбæл дзоргæй, Сергей Меняйло загъта:

– Зæнхитæ еугурæй дæр гъæуама инвентаризацигонд æрцæуонцæ, гъæуама исбæрæг кæнæн, кæмæн си циуавæр нисанеуæг ес æма æ еци нисанеуæгмæ гæсгæ си пайдагонд цæуй æви нæ, уой æма æндæр берæ уæхæн фарстатæ. Нерæнгæ бал куд бæлвурдгонд æрцудæй, уотемæй зæнхи хæйттæ æма аллихузон объекттæй сæдæ минемæй фулдæр æгириддæр нимади нæ ‘нцæ. Уой фудæй нæмæ хъалонти хузи зæрантæ анзмæ исхъæртунцæ 600 миллион сомей уæнгæ. Нуртæккæ куст цæуй, цæмæй еци хæйттæ æма объекттæ уонцæ барадон фæтки.

Республики социалон-экономикон ирæзти программи хæццæ баст фарстатæн дзуапп дæтгæй, Сергей Меняйло куд загъта, уотемæй уоми ес хе бунат национ проекттæн, гъæууон хæдзарадæн, промышленностæн, туризмæн, социалон политикæн, иннæ æнæмæнгæ гъæугæ ахсгиаг гъуддæгутæн. Сæрмагондæй æргом раздахта «Мамисон»-и, «Аланийи парк»-и проекттæмæ, Дзæуæгигъæуи фæрсти цæуæг нади арæзтадæмæ.

– Иристонæн æхе хецæндзийнæдтæ ке ес, æма си пайда кæнун ке гъæуй, уой фæббæрæг кодта Сергей Меняйло. – Ес нæмæ баргъон транспортон инфраструктурæ, уой дæр айдагъ зæнхон нæ, фал уæлдæфон дæр, зæгъæн, нæхе аэропорт æма уой гæнæнтæ æма равгитæй гъæуама æнхæстæй пайда кæнæн: пассажиртæ ласуни уæзæгтæ нæхе бæсти æма фæсарæнти аллирауæнтæмæ ласунæн. Пресс-конференций рæстæг цалдæр фарстай адтæнцæ бюджетон къабази косгути мизди фæдбæл. Уонæбæл дзуапп дæтгæй Сергей Меняйло загъта:

– Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади косæндæнтти куст бæрæг кæнгæй, æнæмæнгæ ме ‘ргом раздахун сæ финансон уавæрмæ дæр. Гъулæггагæн, уонæми косгутæн сæ мизд æй ниллæг. Æма уæхæн æнæрастдзийнадæ райеуварс кæнунæн гъæугæ мадзæлттæ исаразунбæл архайд цæудзæнæй.

Дзубанди рацудæй, пандемий рæстæг уой нихмæ тохи мадзæлтти Беслæни Медицинон центри косгутæй ка архайдта, уонæн гъæугæ феддонтæ афойнадæбæл ке не ‘скодтонцæ, уой туххæй дæр. Нуртæккæ уавæр æвзарунцæ барадæгъæуайгæнæг оргæнтæ.

– Цалинмæ етæ хатдзæгтæ искæнонцæ, уæдмæ мæ бон зæгъун неци æй. Нæ республики æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министри еци уавæри фæдбæл ку бафарстон, уæд мин е загъта, етæ, дан, федералон феддонтæ ‘нцæ. Цидæр æй, уæддæр уæхæн уавæрæн идарддæр бунат гъæуама ма уа, уомæн æма дзубанди цæуй, уæззау уавæрти уодуæлдайæй ка бахъиамæт кодта, еци адæми туххæй, – загъта Сергей Меняйло.

Еума фарста ба адтæй ахургæнгути мизди фæдбæл. Федералон министради дæр аци гъуддаг æвзурст цæудзæнæй. Фал æй æвзардзæнæнцæ айдагъдæр нæуæг анзи фæсте, гъома, бюджет исфедар кæнгæй.

Пресс-конференций рæстæг фарстати кæцидæр хай адтæй нæ национ культури, нæ маддæлон æвзаги, нæ мухури фæрæзнити уавæрти, кадрти туххæй. Уонæбæл Сергей Меняйло равардта бæлвурд дзуæппитæ, уæдта ма зæрдæ байвардта журналистти хæццæ ауæхæн фембæлдтитæ ахиддæр ке уодзæнæнцæ, уомæй.

 

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта

Гæтийти Светланæ.