11 октября 2024

ИСОНИБОНӔН АБОНИ КУ НӔ УА, УӔД Е ДӔР НӔ УОДЗӔНӔЙ!..

30.09.2021 | 14:40

Нӕ фидтӕлтиккон аци зундамонӕн загъди медес, махмӕ гӕсгӕ, лӕдӕрд ӕй. Дӕ исонибон дин цӕмӕй зӕрдрохс рауайа, уобӕл абони архайун гъӕуй, гъӕуама ин исаразай федар бундор. Уотӕ ‘й ӕхсӕнади цардиуаги фӕткӕ дӕр. Ӕма уомӕн ба, цидӕриддӕр фӕккӕнай, уӕддӕр, фиццагидӕр, гъӕунцӕ бӕлвурд равгитӕ ӕма гӕнӕнтӕ, бӕлвурддӕрӕй ба – финансон фӕрӕзнитӕ.

Ӕма еци ӕгъдауӕй нӕ исонибон куд гъӕуама уа, уобӕл дзубанди цудӕй нӕ республики 2022-2024 ӕнзтӕн бюджет исбӕлвурд кӕнуни хецауадон къамиси ӕмбурди, разамунд ин лӕвардта Цӕгат Иристони Хецауади сӕрдари ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тускъати Таймураз. Ӕма ӕ радзубандий куд баханхӕ кодта, уотемӕй нури уӕнгӕ ӕнхӕстгӕнӕг хецаудзийнади къабӕзти ӕма финансти министради ӕмгустдзийнади фӕрци бантӕстӕй гъӕугӕ куст исӕнхӕст кӕнун, цӕмӕй районти бюджетти бӕрӕггӕнӕнтӕ бӕлвурдгонд уонцӕ. Анзи кӕронмӕ гъӕуама дзубандигонд ӕрцӕуа бюджети ӕфтуйӕгти хайбӕл, еци дзубандий архайдзӕнӕнцӕ Парламенти депутаттӕ, районти бӕрнон адӕймӕгутӕ.

Аци ӕмбурди ба финансон ведомстви разамонӕг  Исахъти Олег радзурдта, нӕ республики исонибони бюджет гъӕуама циуавӕр уа, уой туххӕй:

– Нӕуӕг анзи бюджети ӕфтуйӕгти хай гъӕуама уа 25 миллиард ӕма 721 миллион соми, хӕрзти хай – 25 миллиард ӕма 592 миллион соми. Хъалонти ӕма ӕнӕхъалонти ӕфтуйӕгтӕ уодзӕнӕнцӕ 14 миллиард ӕма 604 миллион соми.

Исахъи-фурт куд байамудта, уотемӕй ӕртӕ анзей финансон пъланмӕ хаст ӕрцудӕй бӕлвурд нисантӕ:

– Гъӕугӕ феддонтӕ ӕнхӕстӕй барветдзӕнӕнцӕ ӕгуст адӕми туххӕй ӕнӕмӕнгӕ медицинон фӕдзӕхстади къабазӕмӕ;

– цӕргутӕн социалон агъази феддонтӕ ‘нцӕ бӕрӕг, гъӕуама сӕбӕл исӕмбӕла 1 миллиард ӕма 969 соми, е, 2021 анзи хӕццӕ рабаргӕй, ӕй 276 миллион сомемӕй фулдӕр.

– бюджети къабази косгути мизди хӕрзтӕ ‘нцӕ бӕрӕг, ӕ ирӕзтмӕ гӕсгӕ сӕ бафеддзӕнӕнцӕ ӕ бӕрцӕ ‘й 9 миллиард ӕма 538 миллион соми;

– муниципалон скондти бюджеттӕ исраст кӕнуни дотацитӕ нимад ӕнцӕ инфляций бӕрци хӕццӕ, сӕ нимӕдзӕ ‘й 1 миллиард ӕма 125 миллион соми;

– бюджетти ‘хсӕн трансферттӕ муниципалон скондтӕн радех кӕндзӕнӕнцӕ 135 миллион соми (уордӕмӕ рахӕсгӕ ‘нцӕ: лӕвар хуӕлцӕ агъазгъӕуагӕ бийнонти сувӕллӕнттӕн – 73 миллион соми, Президенти хъӕппӕресӕй бюджет аразуни туххӕй ци ихӕстӕ исӕвардта, уомӕн – 30 миллион соми, муниципалон скондти архайд банимайунӕн – 19,5 миллион соми, гъардӕттуни хизтӕ райаразуни туххӕй – 12,5 миллион соми); – национ проекттӕбӕл хӕрзтӕ, нӕ финансон хай си байвӕргӕй, ӕнхӕстӕй нимад ӕнцӕ, мадта ма федеарлон бюджет нисантӕн ци фӕрӕзнитӕ радех кӕндзӕнӕй, етӕ – 737 миллион соми.

Паддзахадон ихӕс 2022 анзи кӕронмӕ гъӕуама уа 7 миллиард ӕма 848 миллион соми, гъома, фӕмминкъийдӕр уодзӕнӕй 185  миллион сомей бӕрцӕ.

Республикон бюджети бӕрӕггӕнӕнтӕбӕл дзоргӕй, Тускъати Таймураз куд загъта, уотемӕй сӕйрагдӕр ӕнцӕ социалон ихӕстӕ ӕма бюджети къабази косгутӕн мизд бафедуни гъуддӕгутӕ. Хецауади кабинети иуонгтӕн байхӕс кодта, цӕмӕй сӕхецӕн фӕббӕрӕг кӕнонцӕ ахсгиагдӕр нисантӕ ӕма сӕбӕл еугур гӕнӕнтӕ ӕма равгитӕй дӕр бакосонцӕ. Ӕ радзубандий загъта:

– Национ проектти ӕма паддзахадон программити мадзӕлттӕмӕ гъӕуама ӕнӕмӕнгӕ хе ӕхца ӕфтауӕн. Президент нин нӕ размӕ ци ихӕстӕ исӕвардта, уони ӕнхӕст кӕнӕн, алли гъуддагӕн дӕр аразӕн «фӕндаггон картӕ», ци хӕрзтӕ син багъӕудзӕнӕй, уони байвӕрӕн бюджети. Ӕхца парахаттӕй нӕ бон харз кӕнун нӕй, министртӕ ӕма ведомствити разамонгути ӕргом уомӕ здахун. Цӕмӕй республикӕ ирӕза, размӕ цӕуа, уой туххӕй гъӕуама исахур уӕн нӕ хӕрзтӕ нимайун. Уӕд нӕ бон уӕлдӕр, хуӕрзгъӕдӕдӕр ӕмвӕзадӕмӕ рахезун бауодзӕнӕй.

Кӕронбӕттӕни ба ма ӕримисдзинан нӕ рагфидтӕлти еума зундгин загъд: «Исонибони амонд абони цӕстӕй кӕсуй!..» Ӕма абони ӕмвӕндӕй ӕма ӕновудӕй байархайӕн, цӕмӕй нӕ исонибон амондгун уа алцӕмӕй дӕр, зӕрдрохс си уӕн ӕма разӕнгардӕй кӕнӕн нӕ карни хабӕрттӕ.