05 ноября 2024

ИСОНИБОНИ ДӔР СИ СОМИГЪОН КУД УӔН!..

05.04.2022 | 11:09

ЦОПАНТИ Валерий, фæллойни ветеран

Зӕгъун гъӕуй уой, ӕма сауӕнгӕ недзамантӕй фӕстӕмӕ дини ӕгъдау адӕми царди ахӕста зингӕ бунат. Советон доги идеологимӕ гӕсгӕ, еци фарстатӕмӕ адтӕй бустӕги ӕндӕр цӕстингас. Кедӕр зӕрдӕмӕ цудӕй, кӕмӕн дӕр ба – нӕ. Раздӕри фӕлтӕртӕй ка ӕхуӕдӕг ӕрӕййафта еци рӕстӕгутӕ, ка ба сӕ игъосгӕ фӕккодта. Нури фӕсевӕд дӕр еци царди хабӕрттӕ зонунцӕ, фал сӕ зонундзийнӕдтӕ ӕцӕгдзийнадӕй никки ӕнхӕстдӕр ку уонцӕ, уӕд е зӕран нӕ уодзӕнӕй. Ӕма еци ихӕс ӕнхӕст кӕнун ба сӕхемӕ гъӕуама есонцӕ, еци гъуддаги арӕхстгиндӕр ка ‘й, еци ахургӕндтӕ, публицисттӕ, диникустгӕнгутӕ…

Киристон дини бӕрӕггӕнӕнтӕ археологти ӕртӕститӕмӕ гӕсгӕ Иристони фӕззиндтӕнцӕ хъӕбӕр раги. Дигоргоми дӕр уотӕ. Зӕгъӕн, дзиуари ӕууӕлтӕ ес Багъайти федӕртти Къумбулти сӕрмӕ. Нимайунцӕ сӕ, XI-XII ӕности арӕзт ӕрцудӕнцӕ, зӕгъгӕ. Нур си цалцӕг кӕнуни куститӕ цудӕй.

Фӕрӕскъӕтти ес XIV ӕноси арӕзт дзиуарӕ (Ильинский храм).

Дигоргоми гъӕути медӕгӕ киристон дин парахат кӕнуни куст еуӕй – еу ӕртасгути нимадмӕ гӕсгӕ райдӕдта 1745 анзи. Диникустгӕнӕг саугинтӕ куд амудтонцӕ, уотемӕй Дигори адӕм ӕновуддӕр адтӕнцӕ муртак (язычество) динбӕл. Хуарз цӕстӕ дардтонцӕ пусулмондзийнадӕмӕ, зӕгъӕн, Дзинагъай ӕма Донифарси мӕзгиттӕ дӕр адтӕй.

Иристойнаг ахургонд Агайти Руслан куд зӕгъуй, уотемӕй 1745-1746 ӕнзти Дигори еуӕй-еу бонгиндӕр муггӕгти минӕвӕртти фӕндадтӕй Уӕрӕсей дзиуарӕфтаун искӕнун, цӕмӕй уой фӕсте ӕнцондӕрӕй ӕ дӕлбарадӕ райсонцӕ. Кӕсӕги ездӕнтти хӕццӕ син адтӕй бастдзийнадӕ, ӕма еци гъуддагӕй уони фӕнзтонцӕ. Хумӕтӕг адӕм дӕр уой уидтонцӕ, Уӕрӕсей хӕццӕ Иристон ку байеу ӕй, уӕд сӕ цардиуаги кӕдимайди ба ести хуарз ӕййивддзийнӕдтӕ ‘рцӕуидӕ. Киристон динбӕл си хуӕст ка адтӕй, етӕ ба ‘й лӕдӕрдтӕнцӕ, уой фӕрци сӕ дин федардӕр ке кӕндзӕнӕй, уой. Аци гъуддагмӕ ӕвӕрӕн бахаста Гатути Алексей – уӕлдӕр дини архайӕг. Ахургонд-ӕртасӕг Гостити Ларисӕ куд зӕгъуй, уотемӕй Гатуй-фурт адтӕй хуӕнхон дзилли ‘хсӕн ахурадӕ парахатгӕнӕг, киристон дин адӕми ‘хсӕн федаргӕнӕг. Ӕ бийнонтӕ цардӕнцӕ Уӕхъӕци, Дур-Дури, уӕдта Киристонгъӕуи. Дини ахурадӕ райста Дзӕуӕгигъӕуи, уой фӕсте ба Тифлиси дини уӕлдӕр семинарийи. Берӕ рӕстӕг саугини куст кодта Салигӕрдӕни (нури Алагири) аргъауӕни, адтӕй си ахургӕнӕг дӕр. Фиццагидӕр е райдӕдта аргъаун иронау. Уой размӕ аргъуд цӕуидӕ гурдзиагау, кенӕ ба уруссагау. Адӕм еци ‘взӕгтӕ нӕ зудтонцӕ ӕма аргъуди медес нӕ лӕдӕрдтӕнцӕ.

Ильинаг аргъауæн Дигоргоми Фæрæскъæтти.

Адӕми астӕу дини куст ӕнтӕстгинӕй ке хаста, уой туххӕй Гатути Алексейӕн байхӕс кодтонцӕ еци гъуддаг Дигоргоми рапарахат кӕнун. Уой фӕрци аргъауӕнтӕ арӕзт ӕрцудӕй Секери, Мӕхчески ӕма Стур Дигори. Стур Дигори аргъауӕн арӕзт ӕрцудӕй 1879 анзи (в честь Святого Великомученика Георгия Победоносца). Нури рӕстӕги еци азгъунсти ес клуб. Райдайӕни ами саугини куст кодта гурдзиаг – Схиртладзе. Стурдигойрӕгтӕн Гурдзий хӕццӕ адтӕй бастдзийнадӕ. Кӕрӕдземӕ цудӕнцӕ, айдагъ дини хабӕртти нӕ, фал царди иннӕ гъуддӕгути фӕдбӕл дӕр. Аргъауӕни мурӕ дӕр ӕфцӕгутӕбӕл ӕрбахастонцӕ Гурдзийӕй, ӕхсӕрдӕс путей уӕзӕн. Нур дӕр ӕнӕгъӕнӕй ‘й, гъӕуи астӕу ауигъд ӕй. Киристон дин Стур Дигори ӕрфедар ӕй айдагъдӕр хумӕтӕг адӕми ‘хсӕн нӕ, фал сӕ ездӕнттӕ, «царгасатӕ» ке худтонцӕ, уонӕмӕ дӕр. Етӕ сӕхе ецирдӕмӕ рахаттонцӕ. Дӕнцӕн ӕрхӕссун ӕнгъезуй, уӕхӕн хабар – Хъантемурти Геуӕрги, ездӕнттӕй уогӕй, XIX ӕноси ӕмбеси Тифлиси дини семинарий каст фӕцӕй. Фӕстӕдӕр ами дини фарстатӕ куд ӕнхӕстгонд цудӕнцӕ, уой бӕлвурдӕй исбӕрӕг кӕнун нӕма бантӕстӕй, фал архайун сӕ исбӕлвурд кӕнунбӕл. Фал куд фегъустон, уотемӕй, фӕстаг саугин ба си адтӕй гурдзиаг Сео. Кӕд е Схиртладзе адтӕй, уой дӕр бӕлвурд нӕма зонун. Еске кӕд хуӕздӕр зонуй Стур Дигори аргъауӕн ӕма дини гъуддӕгутӕ, уӕд бӕргӕ хуарз уидӕ, уони нӕ дзиллӕн радзорун.

Раздӕр, 1859 анзи, аргъауӕн (церковь Великомученика и Победоносца Георгия) арӕзт ӕрцудӕй Гӕлиати – Уӕллагкоми гъӕуи. Райдайӕни уоми саугини куст ка кодта, уой исбӕрӕг кӕнун дӕр мин нӕма бантӕстӕй. Фал 1896 анзи ба си саугинӕй косун райдӕдта Коцойти Моисей, адтӕй Мӕхчески зилди (приходи) аргъауӕни скъолай ахургӕнӕг. Ӕрӕдони дини семинарийи рауагъдон, хъӕбӕр зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй арӕзт цудайдӕ аргъауӕнтӕ, дини скъолатӕ, ирӕзгӕ фӕсевӕд си куд ахур кодтайуонцӕ, куста дини киунугутӕ ирон ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнунбӕл. Нимад цӕуй фиццаг ирон журналистбӕл, киунугутӕ уадзуни гъуддаги раздзӕуӕг. Коцой-фурти фӕсте Гӕлиати аргъауӕни, сауӕнгӕ ӕ фехалуни уӕнгӕ (1927-1930-аг ӕнзти) саугин адтӕй Цопанти Николай. Е ахур кодта, Гӕлиати дууӕкъласон, Мӕхчески цуппаркъласон аргъауӕни скъолати, уӕдта Ӕрӕдони семинарий, куста Уӕллагири аргъауӕнти диакъонӕй. Саугини ном ин лӕвӕрд ӕрцудӕй Казани духовон академий. Фиццаг рӕстӕг куста саугинӕй Ходи, уой фӕсте ба – Гӕлиати. Уӕллагкоми косгӕй, хъӕбӕр разӕнгардӕй архайдта, цӕмӕй адӕм еузӕрдиуон адтайуонцӕ киристон динбӕл, сувӕллӕнттӕ ахур кодтайуонцӕ аргъауӕни дууӕкъласон скъолай. Ӕма ин ӕнтӕсгӕ дӕр берӕ кодта. Сӕрустур адтӕй Гӕлиати скъолай райдайӕн кълӕсти ӕ ахурдзаутӕй беретӕй – зӕгъӕн, Гапбати Иван ӕма Дзилихти Иванӕй. Сӕ дууебӕл дӕр Николай нӕмттӕ исӕвардта аргъауӕни дзиуарӕфтаугӕй. Гапбати Иван нӕ республики номдзуддӕр лӕгтӕй еу, хецаудзийнади бӕрнон бунӕтти берӕ ӕнзти дӕргъи ӕнтӕстгинӕй фӕккуста. Хонхмӕ ӕрбафтуйгӕй некӕд райевгъудӕй Николайбӕл. Мадта Дзилихти Иван ба иссӕй дессаги искурдиадӕгин хирург. Ӕ еци дӕсниади фӕдбӕл ин лӕвӕрд ӕрцудӕй сугъзӕрийнӕ операцитӕгӕнӕн кард. Адтӕй медицинон институти доцент. Еу загъдӕй, Уӕллагкоми ирӕзгӕ фӕсевӕд хъӕбӕр ӕновуд адтӕнцӕ ахурбӕл. Николай ма ахид зӕгъидӕ, уой ӕма паддзахи дзамани Японий хӕццӕ, уӕдта Фиццаг дуйнеуон тугъдтити Уӕллагкомӕй барвӕндонӕй архайгутӕ, иннети хӕццӕ рабаргӕй, зингӕ фулдӕр адтӕнцӕ. Ахид кӕнидӕ Абӕгати Амурхан ӕма Гасинти Харитъони кой.

Ес ма уӕхӕн ӕвдесӕнтӕ. Владикавкази Епархий минӕвар бӕрӕг кодта Дигоргоми аргъауӕнти дини куст куд цӕуй, уой. Фиццаг фӕцӕнцӕ Стур Дигори, уой фӕсте Мӕхчески Церетелимӕ. Сӕ балций кӕрони ба – Гӕлиати. Адтӕй хуцаубон. Ӕма хуцаубони аргъудадӕмӕ (службӕмӕ) еугур гъӕутӕй дӕр ӕрӕмбурд ӕнцӕ сӕ кари адӕм. Епархий минӕвари, уӕдта иннӕ гъӕути саугинти зӕрдӕмӕ фӕццудӕй адӕми еузӕрдиуондзийнадӕ. Служби рӕстӕги ма сӕ деси бафтудта аргъауӕни зартӕ куд рӕсугъд зардтонцӕ, е дӕр. Бустӕги бӕрӕг адтӕй Гугӕлти Майрӕни зард. Десгӕнгӕй сӕ сахайраг минӕвар бафарста, ка ‘й еци зартӕгӕнӕг, зӕгъгӕ. Байамудтонцӕ ин ӕй: хуӕнхаг, ӕнахургонд адӕймаг. Уой фӕсте иннӕ саугинтӕн бауайдзӕф кодта, Николайӕн ба райарфӕ кодта. Историй байзадӕй уӕллагкоймӕгтӕ аргъауӕни фарс адӕм адтӕнцӕ, айдагъ дзиуарӕмӕ цӕунӕй нӕ, фал ма ке бон куд адтӕй, уотӕ ин агъаз кодтонцӕ аллихузи фӕрӕзнитӕй. Дӕнцӕн байзадӕй Дзилихтӕй еу силгоймаги хуӕрзауодӕн – е дӕс ӕма инсӕй соми балӕвар кодта аргъауӕнӕн дзаумӕуттӕ балхӕнунмӕ. Цубур загъдӕй, Гӕлиати аргъауӕни дини фарстатӕ куд ӕнгъезуй, уотӕ ӕнхӕстгонд цӕунцӕ. Епархий минӕвари зӕрдӕмӕ уойбӕрцӕбӕл фӕццудӕй ӕма Николайи ӕ хӕццӕ райста Уӕллагири, Владикавкази аргъауӕнтӕ куд косунцӕ, уой бӕрӕг кӕнунмӕ. Еци куститӕбӕл рацудӕй еу-ӕртӕ мӕйи. Николай ӕ хуарз архайди туххӕй Владикавкази епархий курдиадӕмӕ гӕсгӕ хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй Орден Святого Владимирайӕй ӕма дзиппидаргӕ сугъзӕрийнӕ сахаттӕй, кӕций къопбӕл финст адтӕй: «От его Императорского Величества и Святейшего Синода». Уӕллагкоми цӕрӕг адӕм хъӕбӕр кадӕ кодтонцӕ Николайӕн. Нимадтонцӕ ‘й. Евгъуд ӕноси 30-аг ӕнзти рӕстӕг бӕргӕ гъавтонцӕ, цӕмӕй ӕ бийнонти хӕццӕ ӕрвист ӕрцудайдӕ Сибирмӕ. Фал уой фӕдбӕл еумӕйаг ӕмбурди адӕм еугурӕй дӕр ӕ фарс исгъӕлӕс кодтонцӕ, нӕй бауагътонцӕ еци ӕверхъау хузи бафхуӕрун. Ӕ рамӕлӕти (1962 анзи) уӕнгӕ ‘й дзиллӕ худтонцӕ Цопанти Саугин, зӕгъгӕ.

Иннӕ аргъауӕн 1879 анзи арӕзт ӕрцудӕй Мӕхчески – Тъӕпӕн Дигори гъӕутӕн 1879 анзи. Хундтӕй: «Церковь св. Николая Чудотворца». Аргъауӕни фарсмӕ арӕзт ӕрцудӕй цуппаркъласон скъола. Мӕхчески аргъауӕни ӕ рамӕлӕти уӕнгӕ саугинӕй куста Лаврентий Церетели. Зӕгъун ӕнгъезуй, Церетели Дигори ниууагъта устур цитгийнаг ном. Ӕ дзамани хъиамӕтгун адтӕй фӕсевӕди гъомбӕл кӕнун ӕма сӕ ахури надбӕл аразуни арфиаг гъуддаги. Мӕхчески скъола исаразун дӕр адтӕй уой фӕрци. Агурдта фӕрӕзнитӕ, адӕми дӕр ӕртумбул кодта скъола аразуни гъуддаги. Ӕхуӕдӕг дӕр сауӕнгӕ ӕхе ӕхцай фӕрӕзнитӕбӕл нӕ аурста, кӕд ӕма ӕ бийнонтӕ ӕгудзӕг цард ӕвзурстонцӕ, уӕддӕр. Раст зӕгъгӕй, аргъауӕн ӕма скъола кӕрӕдзебӕл ӕнгом баст адтӕнцӕ. Ахуради гъуддагбӕл хонхи адӕм ӕновуд уогӕй, динмӕ дӕр дардтонцӕ хуарз цӕстингас. Лӕдӕрдтӕнцӕ ‘й, исонибон ахурдзинадӕй ке ‘й, уой.

Хестӕр адӕм куд дзориуонцӕ, уотемӕй Церетели айдагъ дини гъуддаг нӕ кодта, фал царди хумӕтӕг хабӕртти дӕр адтӕй фӕнзуйнаг. Ӕ цӕуӕт – хуӕрзӕгъдау, коммӕгӕс, ахури раззагдӕрти хӕццӕ. Мадта ӕ хӕдзари фӕлуст дӕр, ка сӕмӕ бацӕуидӕ, уони деси ӕфтудта. Сӕ хуссӕнтӕ адтӕнцӕ ӕфсӕйнагӕй, фӕлмӕн уорс гъӕццӕлттӕй ӕмбӕрзт. Къӕрӕзгитӕбӕл рӕсугъд ӕмбӕрзӕнтӕ. Хӕдзари пец, астӕу арти бӕсти. Никкидӕр ма берӕ уӕхӕн аллихузон гъуддӕгутӕй адтӕй фӕнзуйнаг. Мӕхчески рагон цӕргутӕ ма ӕримисиуонцӕ, Церетели фӕткъутӕ ӕма кӕрдтути дзӕхӕрадонӕ куд искодта, уой. Баздахтӕй ӕма ӕрбаласта кӕцӕйдӕр талатӕ. Скъолай комкоммӕ картофи зӕнхи сӕ аразун ниййагайдта. Гъӕуккӕгтӕ ӕрӕмбурд ӕнцӕ ӕма загътонцӕ: «Лаврентий сӕри зундӕй фӕккиудтӕй, еске дӕр ма картофи зӕнхи бӕлӕстӕ аразуй…» Раст зӕгъгӕй, еунӕг Гецатӕ ‘й бафӕнзтонцӕ. Рӕстӕгутӕ рацудӕй ӕма бӕлӕстӕ рӕзӕ дӕттун райдӕдтонцӕ. Беретӕ еци нӕуӕгдзийнади пайда ку фӕууидтонцӕ, уӕд уонӕй дӕр кадӕртӕ рӕзӕ бӕлӕсти куст кӕнун байдӕдтонцӕ. Уой размӕ ба картофи дууӕ голлаги ӕййивтонцӕ еу фӕткъути голлагӕбӕл. Церетели ци рӕзбун искодта, е фӕстагмӕ бацӕй колхози ӕма косгӕ бӕнттӕмӕ гӕсгӕ рӕзӕ иурстонцӕ колхозонтӕн. Церетелий рӕзбунӕй нур дӕр ма еуцалдӕр бӕласи ес.

Аргъауæн Стур Дигори

Церетели гурдзиаг уогӕй, дигоронау дзӕбӕх дзурдта. Уарзта хуӕнхаг адӕми. Аразта сӕ раст надбӕл. Раздӕри хестӕртӕ ин ӕ кой кӕниуонцӕ, куд ахид уайдзӕф кӕнидӕ, цӕмӕй карз ниуӕзтӕбӕл ӕхцул ма адтайуонцӕ. Ӕримисиуонцӕ уӕхӕн цау: еу, дан, сауӕдонӕмӕ ӕ бӕх куд бакодта ӕма е ниуӕзт ку фӕцӕй, уӕд имӕ дзоруй: «Баниуазӕ!.. Баниуазӕ дин зӕгъун!..» Бӕх ӕнцад лӕууй. Ӕма Церетели, ка си адтӕй, уонӕмӕ дзоруй: «Фӕууидтайтӕ, хайуан махӕй зундгиндӕр ӕй. Цӕйбӕрцӕ ‘й гъудӕй, уой баниуазта. Мах ба кӕрӕдземӕ ниллӕууӕн – баниуазӕ, баниуазӕ дин зӕгъун». Берӕ уӕхӕн гъуддӕгути фӕдбӕл Церетелимӕ кади цӕстингас дардтонцӕ Дигори адӕм. Нимадтонцӕ ‘й ӕма ин аргъ кодтонцӕ.

Церетели ӕ рамӕлӕти уӕнгӕ (1924 анзи) фӕццардӕй Мӕхчески. Ӕвӕрд дӕр ӕрцудӕй ами аргъауӕни тургъи. Ес ин уоми циртдзӕвӕн дӕр ӕвӕрд.

Дигоргоми киристон дини рапарахатти фарстати фӕдбӕл мӕ радзубанди, ка ‘й зонуй, еуцӕйбӕрцӕдӕр уӕлдзӕнгомау ӕй. Фал, ку зӕгъун, уой фӕдбӕл хабӕрттӕ бундоронӕй зундгонд кӕмӕн ӕнцӕ, етӕ сӕ газеткӕсгутӕн ку фегъосун кӕниуонцӕ, уӕд е бӕргӕ хуарз уидӕ. Уомӕн ӕма хъӕбӕр ахсгиаг ӕй, еуемӕй, нӕ дзиллӕ нӕ евгъуд дзаманти ахсгиаг хабӕрттӕ бӕлвурддӕрӕй ӕма ӕнхӕстдӕрӕй зондзӕнӕнцӕ, иннемӕй ба се ‘цӕгдзийнадӕ ӕнхӕстӕй гъӕуайгонд ӕрцӕудзӕнӕй, ӕма сӕ нӕ фӕсте ци фӕлтӕртӕ фӕззиндзӕнӕнцӕ, уонӕмӕ ӕнӕ цъӕхуӕлӕй исӕмбӕлдзӕнӕнцӕ. Еузагъдӕй, абони нӕ байархайун гъӕуй, цӕмӕй нӕ адӕми монон культури хӕзнатӕ гъӕуайгонд ӕрцӕуонцӕ ӕма си исонибони дӕр цӕмӕй сомигъон уӕн!..

 

ФӔСДЗУРД РЕДАКЦИЙӔЙ

ЗУНДГИН ЕВГЪУД ДОГӔЙ ДӔР ЗУНД АГОРУЙ!..

«Терские ведомости», зӕгъгӕ, Октябри революций размӕ ци газет уагъд цудӕй, уой номертӕй еуеми (1911 анзи, №273) фӕззиндтӕй ӕнӕном автори уац «Древние святыни в горах Дигории». Ӕма си уотӕ финст адтӕй:

«Дигори хуӕнхти нуриуӕнгӕ дӕр ма байзадӕнцӕ ӕрдӕгихӕлдтити уавӕри цалдӕр недзамайнаг аргъауӕнтӕ, кӕцитӕн бунӕттон цӕргутӕ кадӕ кӕнунцӕ. Се ‘ндагон бакаст уоййасӕбӕл нӕ хецӕн кӕнуй хумӕтӕг хуӕнхон хӕдзӕрттӕй – гъеуӕхӕн минкъий дуӕрттӕ ӕма къӕрӕзгитӕ, гъеуӕхӕн тъӕпӕн уӕлиндзӕ ӕма ӕндӕртӕ.

Медӕгӕй ба си дууӕ хайади – ковӕн рауӕн ӕма рӕбуйнаг хай. Еци хаййи гъӕуайгонд ма цӕунцӕ еуӕй-еу уӕлфӕдзӕхст дзаумӕуттӕ (мигӕнӕнтӕ), изгӕхуӕрдӕй ӕма ругӕйдзагӕй, еу рауӕни ба (Мӕхческӕй минкъий идарддӕр) фӕууидтон сауӕнгӕ кӕттӕгтӕ дӕр ма изӕдти сорӕттӕ сӕбӕл хузӕгонд, уотемӕй. Адӕм арф табуйаг зӕрдиуагӕ дарунцӕ еци недзамайнаг цитгийнӕгтӕмӕ ӕма син алли анз дӕр ӕрхӕссунцӕ нивондӕгтӕ.

Уой туххӕй ами ӕвӕрд ӕнцӕ гъӕдин асиктӕ, кӕцитими анзи дӕргъи бамбурд уй еугай ӕма дугай сауритӕ. Фӕстаг рӕстӕги, уогӕ, еци ассиктӕ, кӕд си адӕм раздӕри хузӕн ма сӕ мисайнӕгтӕ ӕвӕрунцӕ, уӕддӕр анзи кӕронмӕ ревӕд разиннунцӕ – «сӕгъӕ дзӕхӕдзародӕнӕмӕ фӕййахур ӕй…»

Гъе уӕхӕн цӕстдард революций размӕ дӕр кӕмӕдӕрти ӕма цӕмӕйдӕрти адтӕй киристон аргъауӕнтӕмӕ ӕма аци дини цитгийнаг рауӕнтӕмӕ, фал уӕлдай ӕвӕгӕсӕг ба иссӕнцӕ советон доги. Сӕ фулдӕрӕй-фулдӕр нӕдӕр гъӕуайгонд нӕ цудӕнцӕ, нӕдӕр сӕмӕ нӕ зилдӕнцӕ. Ӕма бустӕги ниххӕрнӕгъ ӕнцӕ. Уотемӕй етӕ дӕр адтӕнцӕ ӕма нерӕнгӕ дӕр ма ӕнцӕ, нӕ рагфидтӕлтӕй нин ке балӕвар кодтонцӕ, еци агъазиау ӕвдесӕнтӕ нӕ адӕми уодварни агъазиаудзийнадӕн.

Хуарз ӕма уой нӕ дзиллӕ нур ӕнхӕстӕй балӕдӕрдтӕй, ӕма фӕстаг рӕстӕгути гъӕугӕ мадзӕлттӕ арӕзт цӕуй еци рӕдуд исраст кӕнуни фӕдбӕл.

Нӕ Иристони бӕрцӕ историон гъӕздугдзийнӕдтӕ берӕ адӕмихӕттитӕмӕ, баруагӕс уи уӕд, нӕййес. Ӕма мингай ӕнзтӕ кӕбӕл цӕуй, еци рагон объекттӕбӕл рӕстӕг, гъулӕггагӕн, фудӕрдӕмӕ фӕббӕрӕг ӕй, сӕ фулдӕр фехалдӕнцӕ, цӕнддортӕ фестадӕнцӕ. Уони иснӕуӕг кӕнунӕн берӕ рӕстӕги дӕргъи фадуӕттӕ ӕма гӕнӕнтӕ нӕ адтӕй. Нур уӕхӕн равгитӕ фӕззиндтӕй ӕма нӕ бӕсти дӕснидӕр специалисттӕ – реставратортӕ комкоммӕ архайунцӕ нӕ фидтӕлти хӕзнатӕ сӕ раздӕри хузи раздахунбӕл. Уогӕ еци арфиаг гъуддаг хецӕн дзубандий аккаг ӕй ӕма, куститӕ куд цӕунцӕ, уой хӕццӕ уӕ базонгӕ кӕндзинан нӕ газети хӕстӕгдӕр номертӕй еуеми.