ИСОНИБОНМӔ НӔДТӔ РАЙДАЙУНЦӔ ЕВГЪУД ДЗАМАНТИ
Нӕ райгурӕн Иристони кадӕн Мӕскуй ирон ӕхсӕнади бӕстихаййи ӕрӕги байгон ӕй Хонсар ӕма Цӕгат Иристони ӕскъуӕлхт хузӕгӕнӕг, Уӕрӕсей хузӕгӕнгути Цӕдеси иуонг Каджати Вадими конд хузти равдист «Игурӕнтӕмӕ ӕздӕхгӕй» («Возвращаясь к истокам»).
Ауӕхӕн ӕхцӕуӕн хабари фӕдбӕл зӕрдӕбӕл ӕрбалӕууй нӕ зундгонд поэт Малити Васой ӕмдзӕвгӕ:
Дыууӕ барӕджы
Ӕрбацӕуынц
Ӕхсинты комы,
Сӕ иу мӕ фыд у,
Иннӕ та –
Мӕ фыды фыд.
Фӕрсы мӕ фырты фырт
Мӕ фырты:
«Адон чердыгон сты,
Цавӕр ‘взагыл дзурынц?..
Аци ӕмдзӕвгӕ Васо ниффинста евгъуд ӕноси 80-аг ӕнзти райдайӕни, ӕма сауӕнгӕ уӕди рӕстӕгути дӕр хъӕбӕр сагъӕссаг иссӕй, нӕ адӕми нӕуӕг фӕлтӕртӕ ӕгӕр идард кӕнун ке байдӕдтонцӕ, нӕ фидтӕлтӕ тухгин ӕма цитгин цӕй фӕрци адтӕнцӕ, уодварни еци ӕгъдӕуттӕ ӕма фӕткитӕй. Абони ба никки фӕссагъӕссагдӕр ӕй. Ӕма цӕмӕй бустӕги ма фенӕхай уӕн нӕ фидтӕлтиккон уодварни хӕзнатӕй, цӕмӕй зӕрдтагон уонцӕ абони ӕма исонибони фӕлтӕртӕн дӕр, уобӕл уодуӕлдайӕй ка архайуй равгитӕ ӕма гӕнӕнти фӕрци, уонӕй еу ӕй Каджати Вадим дӕр.
Нӕ газеткӕсгутӕн дӕр зундгонд ӕй – ахид ин фӕммухур кӕнӕн ӕ конд хузтӕ. Ӕ аййевадон кустити равдиститӕ арӕзт ӕрцудӕнцӕ Дзӕуӕгигъӕуи дӕр ӕма Цхинвали дӕр. Нур ба уони хӕццӕ базонгӕ уодзӕнӕнцӕ мӕскуйӕгтӕ дӕр, фиццагидӕр ба, ӕвӕдзи, Иристонӕй рацӕуӕг адӕймӕгутӕй Мӕскуй ка цӕруй, етӕ. Нӕ зӕрдӕ дарӕн уобӕл, ӕма аци равдист цӕмӕдессаг ӕма ӕхцӕуӕн уодзӕнӕй ардӕмӕ ӕрбацӕуӕг дзиллӕн.
Ӕ равдист ба Каджай-фурт хумӕтӕги не ’схудта «Игурӕнтӕмӕ ӕздӕхгӕй». Аци темӕ ин хъазар ӕма ахсгиаг ӕй. Уой туххӕй ӕхуӕдӕг уотӕ зӕгъуй:
– Ме ‘сфӕлдистадӕ ӕнгъӕнӕйдӕр Иристони хӕццӕ баст ке ’й, е, мӕнмӕ гӕсгӕ, раст ӕй. Уомӕн ӕма алли адӕймаг дӕр ке зонуй ӕма уарзуй, еци хабӕртти туххӕй гъӕуама дзора. Царди кӕцидӕр хӕзнатӕ райгурӕн бӕсти хӕццӕ баст ӕнцӕ.
Равдисти фӕууинӕн ес хузӕгӕнӕги ӕхсӕз ӕма инсӕй хузи (ӕвдесунцӕ адӕми фӕлгонцтӕ ӕма ӕрдзӕ), конд ӕнцӕ алли ӕнзти. Ес си ӕрӕги конд цалдӕр уадзимиси дӕр. Армдӕсний куститӕ бӕрӕг дарунцӕ ирд ӕма еци-еу рӕстӕг фӕлмӕн хуарӕнтӕй, уӕдта сюжети арф гъудитӕй.
Уӕлдай ӕхцӕуӕн ба е ӕй, ӕма равдистмӕ берӕ фӕсевӕд ке цӕуй. Е уой ӕвдесӕн ӕй, ӕма кӕстӕрти фӕндуй нӕ Иристони, нӕ адӕми цардиуаги хабӕрттӕ бӕлвурддӕрӕй зонун.
Каджай-фурт кӕд берӕ ӕнзти дӕргъи Санкт-Петербурги цӕруй, уӕддӕр ӕ аййевадӕ ба ирдӕрдтӕбӕл зундгонд ӕй – ку зӕгъӕн, ӕ кустити равдиститӕ арӕзт ӕрцӕунцӕ Иристони ӕма Мӕскуй. Ӕригон, искурдиадӕгин хузӕгӕнӕг ке исаразта, еци уадзимистӕн кадӕ кӕнунцӕ аййевадӕуарзгутӕ.
– Идарддӕр ма мӕ зӕрди ес историон цаутӕ ӕвдесӕг хузтӕ искӕнун. Ме ‘ргом раздахуйнаг дӕн дзиллитӕн зиндзийнӕдтӕ бавзарунгӕнӕг евгъуд ӕнзти, Коцти Бегай хузӕн национ бӕгъатӕрти лӕгдзийнӕдти фӕдбӕл темитӕмӕ, –зӕгъуй хузӕгӕнӕг.