27 июля 2024

ИСТОРИОН УÆЛАХЕЗ

27.01.2024 | 13:44

ЛЕНИНГРАД ЗНАГИ БЛОКАДÆЙ ИСУÆГЪДÆ КÆНУНИ 80 АНЗЕЙ БОНМÆ

Фарастсæдæ бони æма æхсæви… Уойбæрцæ рахаста, историйæй ка некæд феронх уодзæнæй, еци тугъд Ленинград багъæуай кæнунбæл. Фронти тугъдонтæ æма сахари цæргутæ бахаудтæнцæ хъæбæр зин уавæрти. Гитлеронтæ сæ бицъинæг æскъудтонцæ Ленини сахар ниххорх кæнунмæ. Гъæуама æй байахæстайуонцæ еци-еу нимпурстæй. Фал Ленингради фронти æма Балтий флоти бæгъатæр æфсæдтæ федарæй æрлæудтæнцæ цифуддæр знаги нихмæ æма ’й æруорæдтонцæ сахармæ бацæуæнти. Устур агъаз син кодтонцæ цæргутæ сæхуæдтæ дæр. Фал уæддæр сæ къохи бафтудæй, сахар бæсти хæццæ ка баста, сорзæнхи еци бунæтти æрфедар ун. Ленинград лухгонд æрцудæй, æртухсти бахаудтæй. Фал æ тох нæ фæллæмæгъ æй, знагæн æ сау фæндитæ æ хъури фæббадун кодта: Гитлери инæлартæ фæндæ кодтонцæ Ленинград байсуни фæсте танкитæ уордигæй Мæскумæ æмпурсæн тугъдтитæмæ багæлдзун.

1941-1942 æнзти зумæги тугъдон архайгутæн пълан аразгæй, Сæйраг Уæлдæр Командæкæнуйнади Ставкæ ихæсæн æрæвардта айдагъ Ленинград, Мæску æма Кавказ тæссаг уавæрæй фæййервæзун кæнун нæ, фал ма знагæй стратегион хъæппæрес байсун дæр. Сæйраг тухтæ гъæуама æздæхт æрцудайуонцæ нигулæнæрдæмæ, Мæскумæ æрбацæуæнтæй хъаурæгин нимпурстæн бундор исаразгæй.

Советон Командæкæнуйнадæмæ æма махмæ, Генералон штаби косгутæмæ, устур дузæрдугдзийнадæ æвзурун кодта Тихвини уавæр. Уой знаг ку байстайдæ, уæд тæссаг адтæй, фашисттæ хонсарæрдигæй 7-аг хецæн æфсади фæскъилдунмæ ку бацæуонцæ, уомæй. Еци æфсад Свири цæугæдонбæл бауорæдта финнаг æфсæдти размæмпурст. Немуцæгтæ финнæгти хæццæ ку байеу адтайуонцæ, уæд Ленингради алфамбулай исæвзурдайдæ дувæр æртухст æма райдæдтайдæ Вологдæмæ сæ еумæйаг нимпурст.

1941 анзи 17 декабри арæзт æрцудæй Волхови фронт. Нæуæг анзи райдайæнмæ еци фронти æфсæдтæн сæ къохи бафтудæй фашисттæй советон зæнхити еу хай ракæдзос кæнун, æфсæдти къуар «Цæгат»-и хъауритæ фæллæмæгъдæр кæнун æма Ленинградмæ «Устур зæнхæй» агъаз кæцæй цудæй, Ладоги еци цадæ багъæуай кæнун. Æма цалинмæ знаг цæгат æма хонсари советон æфсæдти хъаурæгин цæфтæй гъезæмарæ кодта, уæдмæ Ставкæ цæттæ кодта, уой фæсте ба исараза Сурх Æфсади контрнимпурст Мæскумæ бацæуæнти.

Æма ’й кæд еци сæйраг бунати резервтæ хъæбæр æхсицгæ гъудæнцæ, уæддæр Ставкæ Ленинградмæ рарвиста дууæ æфсади. Январи фиццаг бæнтти райдæдта советон æфсæдти размæмпурст. Фал сæ гъуддаг нæ фæррæстмæ ’й. Æнæгъæнæ зумæг, уой фæсте уалдзæги дæр, знагæн карз цæфтæ кæнгæй, архайдтонцæ Ленингради æртухст дууердигæй батонунбæл: хурфæ ’рдигæй Ленингради, æндеггæй – Волхови фронти æфсæдтæ. Сæ гъуддаг ку рауадайдæ, уæд гъæуама байеу адтайуонцæ Любанмæ хæстæг. Знаги æртухст батонунбæл фæлварæнтæ кодтонцæ уой фæсте дæр. Фал си неци рауадæй. Дæргъæй-дæргъæмæ фронти мæлæтдзаг тугъдтити ка бацудæй, еци Сурх Æфсадæн æ бон нæ адтæй хъаурæгиндæр нимпурстæн тухтæ æрæмбурд кæнун.

Цитгин Ленини ном ка хæссуй, æ исаразунæй фæстæмæ æндæрбæстаг знаги къах кумæ не ‘рбахъæрттæй, еци сахар куд некæдма, уотæ гъæддухдæрæй тох кодта гитлеронти нихмæ. Фронт æма фæскъилдун байеу æнцæ. Алли ленинградаг дæр иссæй фронти тугъдон. Сахармæ æрбацæуæнтæ цума домбай куройни фидтæ фестадæнцæ, уотæ æгъатирæй инсадтонцæ гитлеронти дивизити.

Ленингради æртухст батонунæн хуарз фадуæттæ исæвзурдæй, немуцаг æфсæдтæ Сталингради дæрæнгонд ку æрцудæнцæ æма советон-гермайнаг фронти хонсар хаййи Сурх Æфсад æнтæстгинæй размæмпурсун ку райдæдта, уæд. Еци размæмпурст бахъæрттæй Украини скæсæн æма цæгат-скæсæн районтæмæ. Немуцаг-фашистон командæкæнуйнадæн нæбал адтæй фронти иннæ хæйтти е ’фсæдти хъауритæ фулдæр кæнуни фадуат. Уæддæр ма Ленингради бацæуæнти дардта дзæвгарæ хъауритæ: сахарбæл хонсари æма хонсар-скæсæни ’рдигæй ка æртухстæй æма 25 дивизий кæми адтæй, еци 18-аг немуцаг æфсад, фондз дивизий бæрцæ ба адтæй цæгатæрдигæй финнаг æфсади.

Сæйраг Уæлдæр Командæкæнуйнади Ставкæ исфедар кодта æртухст батонуни пълан. Операций сосæг ном хундæй «Цæхæр». Уомæн æ медес адтæй уæхæн: дууæ фронти – Ленингради æма Волхови фронтти хъауритæй Шлиссельбург – Синянски райони немуцаг-фашистон æфсæдти ниддæрæн кæнун, æртухст батонун æма бæсти центрон районти хæццæ Ленингради сорзæнхон бастдзийнæдтæ сæ бунати исæвæрун.

Ленингради æма Волхови фронтти размæмпурст райдæдта 1943 анзи 12 январи. Къуæрей дæргъи карз тугъдтити фæсте фронттæ байеу æнцæ. Мах еугурæйдæр устур цийни хæццæ исæмбалдан æртухст батонуни хабарбæл. Гитлерон командæкæнуйнадæ дæргъвæтийнæ рæстæги дæргъи еугур дуйней размæ æ реу тумбул къохæй хуаста, Ленинград, дан, уæхæн федар цæги бахаудтæй, æма æ батонун некæд æма неке бон бауодзæнæй. Фал немуцаг инæлартæ фæррæдудæнцæ. Мах æфсæдти къохи бафтудæй фашистон цæг батонун, æма уомæй бæрзæйсæттæн цæфтæ никкодтонцæ сахар исцагъар кæнуни фæдбæл знаги фæндитæн.

Æртухст батонуни фæрци Ленинградæн сорзæнхон бастдзийнадæ байгон æй бæсти хæццæ. Уайтæккæдæр Ладоги цади хонсар билгæрæнтти арæзт æрцудæй æфсæнвæндаг æма ибæл Ленинградмæ поездти ласун райдæдтонцæ хуайраг, дарæс, артаг æма æндæртæ. Уазал æма стонги гъезæмайраг бæнттæн сæ кæрон æрцудæй.

Операци «Цæхæр» æнтæстгинæй ке фæцæй, уой фæрци Ленинградбæл тугъдтити уавæр бустæгидæр фендæрхузон æй. Хъæппæрес æнæгъæнæйдæр мах æфсæдтæмæ æрхаудтæй. Сор зæнхæй агъаз цæун ке райдæдта, Ленингради æма Волхови фронтти æмархайд хъæбæрдæр ке ирæзтæй, уой фæрци знаг æййафта бонæй-бонмæ карздæр бæрзæйсæттæн цæфтæ. Хуарз фадуæттæ исæвзурдæй Ленингради рази немуцаг-фашистон æфсæдтæ бустæгидæр ниддæрæн кæнунæн. Сæйраг Уæлдар Командæкæнуйнади Ставкæ, еугур советон зæнхæ дæр немуцаг-фашистон лæборгутæй исуæгъдæ кæнуни операцитæн пълантæ аразгæй, унаффæ рахаста 1944 анзи фиццаг къуæрети Ленингради æма Новгороди размæмпурст райдайуни туххæй.

1943 анзи кæрони каст æрцудæй Ленингради фронти Тугъдон совети фæндитæмæ идарддæри архæйдтити фæдбæл. Уонæн сæ бундорти бундор адтæй Ленингради æртухст бустæгидæр райеуварс кæнун. Генералон штаб фронти командæгæнæгæн бафæдзахста, цæмæй еугур мадзæлттæ дæр исараза айдагъ æртухст исесунæн нæ, фал ма знаги идарддæр тæрунæн дæр. Куд нин игъосун кодтонцæ, уотемæй немуцæгтæмæ адтæй барæй фæстæдæр æрлæууни æма нæуæг бунæтти æрфедар кæнуни фæндæ æма е мах пайдайæн нæ адтæй.

Нур абони мах бæлвурдæй зонæн, æфсæдти къуар «Цæгат»-и командæкæнуйнадæ æцæгæйдæр фæндон ке бахаста æфсæдти Цæгат Двинæмæ ракæнуни туххæй. Фал гитлерон Германий уæлдæр тугъдон разамунд райеуварс кодта еци фæндон, уой хæццæ æ бахæссæг инæлар Линдемани дæр, æма ин æ бæсти исæвардта инæлар Фриснери. Уой фæсте цаутæ куд равдистонцæ, уотемæй гитлеронтæ хъæбæр гъæддухæй æрлæудтæнцæ сæ гъæуайкæнуйнадæ син батонуни фæдбæл нæ еугур фæлварæнти нихмæ. Цæветтонгæ, дууæ анзи æма æрдæги дæргъи уони къохи бафтудæй гъæуайкæнуйнади хъæбæр федар бунæттæ исаразун. Æфсæдти къуар «Цæгат»-и адтæй 741 мин салдат æма афицери, 10070 дзармадзани æма миномети, 385 танки æма хуæддзæугæ дзармадзани, 370 хуæдтæхæги.

Операций ка архайдта, советон еци фронтти адтæй 1241 мин салдат æма афицери, 21600 дзармадзани æма миномети, 1475 танки æма хуæддзæугæ дзармадзани, 1500 хуæдтæхæги. Уонæн ма агъаз кодтонцæ Балтий флот, идардмæ тæхæг авиаци æма партизантæ дæр.

Ленингради æма Новгороди размæ размæмпурсти райдайæн нисангонд цудæй январи æмбесмæ. Æма е хумæтæги нæ адтæй. Генералон штаб æ зæрдæбæл дардта, раст еци рæстæги ке райдайдзæнæй немуцæгти сæйраг тухти нихмæ Сурх Æфсади размæмпурст Рахесфарси Украини, уæдта советон-гермайнаг фронти астæуккаг хаййи дæр. Уомæ гæсгæ немуцаг-фашистон командæкæнуйнадæн нæбал адтайдæ æфсæдти къуар «Цæгат» фæхъхъаурæгиндæр кæнуни фадуат.

Хуарз райдæдта махæн 1944 анз. Ленини сахар исуæгъдæ кæнунбæл æма немуцаг-фашистон æрдонгти Ленингради облæстæй ратæрунбæл тугъдон архæйдтитæ æнтæстгинæй рахецæн æнцæ феврали кæронмæ. 1944 анзи 27 январи ци артиллерион æмæхст арæзт æрцудæй, е еугур дуйнебæл фегъосун кодта, знаги æртухст бустæгидæр кунæггонд ке ’рцудæй, уой. Советон æфсæдтæ бахъæрттæнцæ Невай билгæрæнттæй Нарви билгæрæнттæмæ, федар къахæй æрлæудтæнцæ Эстоний зæнхæбæл æма сæ цуд исаразтонцæ Нарвæмæ, Псковмæ, Островмæ…

Ленингради æртухсти туххæй финст минкъий не ’рцудæй, уой хæццæ нигулæйнаг бæстити дæр. Еуæй-еу буржуазон историктæ сæ уодæй арт цæгъдунцæ Ленингради тугъдтити ахедундзийнадæ Советон Æфсади æма сахари цæргути дессаги бæгъатæрдзийнадæ исдузæрдуггаг кæнунбæл. Фал историон рæстдзийнадæн римæхсæн æма зулунгæнæн нæййес.

 

А.М. ВАСИЛЕВСКИЙ, Советон Цæдеси Маршæл.