27 июля 2024

ЙӔ РУХС НОМ ӔМӔ КАД АДӔМЫ ЗӔРДӔТЫ ӔНУСТӔМ ЦӔРДЗЫСТЫ…

05.08.2021 | 09:56

СОЦИАЛИСТОН ФӔЛЛОЙЫ ХЪӔБАТЫР МӔРЗОЙТЫ ХЪАЗЫБЕДЖЫ МЫСГӔЙӔ

ДЗУГАТЫ-МУРАСТЫ Риммæ, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг

Хорз адӕймаджы кой дардмӕ хъуысы. Йӕ кад, йӕ намыс та азты фӕлтӕртӕн фарнхӕссӕг сты.

Мӕрзойты Хадзымуссӕйы фырт Хъазыбеджы тыххӕй дзурын иуӕй ӕнцон у, иннӕмӕй – бӕрнон хӕс. Йӕ райхалыныл рагӕй хъуыды кодтон, фӕлӕ къухы не ′фтыд. Мӕ сабийы бонтӕй фӕстӕмӕ алы бон кӕй уыдтон (иу сыхбӕсты цардыстӕм), йӕ цард, йӕ хорз хъуыддӕгтӕй хъӕубӕсты фарн ӕмӕ кад бӕрзонд чи систа, адӕмы иудзинадыл чи архайдта, йӕ дӕлбар хӕдзарады рӕзтӕн ӕппӕт мадзӕлттӕ чи арӕзта, йӕ бакаст ӕмӕ конд лӕджы аргъ кӕмӕн уыдысты, куырыхон хистӕр, уарзон фыд ӕмӕ цардӕмбал, тӕхудиаг сыхаг ӕмӕ ӕмгар чи уыд, йӕ царды уалдзӕджы ауӕдзы нӕмгуытӕ йӕ фӕззӕджы бӕркадджын фӕллой кӕмӕн радтой ӕмӕ фӕзминаг лӕгӕй чи баззад Ирыстоны, йӕ хъӕубӕсты, Ӕрыдоны районы цӕрджыты ′хсӕн, йӕ ном зарджыты заринаг кӕмӕн сси, Социалистон Фӕллойы Хъӕбатыры кадджын ном чи райста, уыцы Мӕрзойты Хадзымуссӕйы фырт Хъазыбеджы тыххӕй нывӕнддзынӕн мӕ мысинӕгты къуыбылой. Кировыхъӕуы азфысты кӕд исчи ахсджиаг бынаты аккаг у, уӕд Мӕрзойты Хъазыбеджы ном лӕудзӕн уыцы номхыгъды фыццӕгты ӕмрӕнхъ.

Райгуырдис 1926 азы 13 мартъийы Ӕрыдоны районы Кировыхъӕуы зӕхкусӕджы хӕдзары. Йӕ фыд Хадзымуссӕ ӕмӕ мад Баситы Анутӕ (Нана) дӕс хъӕбулы ныййарджытӕ. Сывӕллӕттӕй астӕй рацыдысты царды рӕсугъд фӕндӕгтыл. Ныййарджытӕ сӕ сахуыр кодтой ирон хӕдзары скъолайы ӕгъдӕуттыл, фӕллойуарзаг ӕмӕ адӕммӕ уарзондзинадыл. Кӕд мӕгуыр царды уӕззау уаргъ хастой, уӕддӕр хъӕубӕсты мидӕг нымад уыдысты уӕздан ӕмӕ хӕрзӕгъдау бинонтыл.

1943 азы цоты хистӕр Хъазыбег каст фӕцис иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ Кировыхъӕуы 9-азон скъола. Мӕ мад, Мамиаты Заретӕимӕ уыдысты иукъласонтӕ. Йӕ мысинӕгтӕм гӕсгӕ: «Ахуыры ӕмӕ ӕхсӕнадон царды уыдис фӕзминаг. Уӕлдай хуыздӕр ӕнтыстытӕ йын уыд математикӕйӕ – нӕ ахуыргӕнӕг уыд уырыссаг сылгоймаг Мартӕ Фроловнӕ, йӕ мыггаг ын нал хъуыды кӕнын. Не ′мкъласон Гогаты Хъазыбегимӕ сын ӕмбал нӕ уыд хынцинӕгтӕ хынцынмӕ, ӕппӕты разӕй-иу сӕ ацӕттӕ кодтой. Нӕ ахуыргӕнджытӕ диссаджы фӕзминаг уыдысты алы хъуыддаджы дӕр, сӕ сӕргъыл – скъолайы директор, химийы ахуыргӕнӕг Реуазты Маня. Ахуырады сӕргълӕууӕгӕй куыста Гаджиты Дианоз. Козаты Егор ӕмӕ Хозиты Федя сӕхӕдӕг куыд бирӕ уарзтой ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ, афтӕ йӕ махӕн дӕр бауарзын кодтой. Уырыссаг ӕвзаджы сусӕгдзинӕдтӕ та нын ӕргом кодта ӕрыгон ахуыргӕнӕг Нинӕ Ивановна. Боциты Ладо та нын черченийы уроктӕ лӕвӕрдта. Скъолайы ӕмӕ районы алыхуызон олимпиадӕты, спортивон ерысты, фӕскомцӕдисонты слетты, колхозӕн сӕрды бонты ӕмӕ фӕззӕджы фӕллой ӕфснайыны рӕстӕг, скъоладзауты бригады уӕнг уӕвгӕйӕ, Хъазыбег кӕдфӕндыдӕр уыд раззагдӕрты рӕнхъы. Фӕллой – царды фӕрӕз кӕй у, уый, ӕвӕццӕгӕн, уыцы рӕстӕг банкъардта. Ӕнгом кълас уыдыстӕм, кӕд мӕгуыр цардыстӕм, уӕддӕр ахуырмӕ разӕнгардӕй цыдыстӕм, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотау уарзтам ӕмӕ аргъ кодтам кӕрӕдзийӕн. Не ′мкъласонты номхыгъды уыдысты: Сихъоты Хадзымуссӕ, Суанты Веркӕ, Мамиаты Женя, Гаджиты Витя, Кучиты Тимофей, Токты Верычкӕ, Ӕмбалты Костя, Челӕхсаты Махар, Сихъоты Надя, Моурауты Женя ӕмӕ иннӕтӕ».

Æрыдоны районы Хетæгкаты Къостайы номыл колхозы кусджыты къорд. Фыццаг рæнхъы (рахизæрдыгæй галиуæрдæм): Мæрзойты Хъазбег, колхозы къанторы кусджытæ Магкæты Разиат æмæ Куыдзæгты Уалент; лæууынц: Кадзаты Евген, бухгалтер Бирæгъты Кирилл, парторг Мурасты Чермен æмæ агроном Тъуриты Валодя.

Астӕуккаг скъолайы фӕстӕ Хъазыбег куыста трактористӕй колхозы, стӕй – Ӕрыдоны МТС-ы тракторон бригады хыгъдхӕссӕгӕй. 1947-1948 азты сахар Орджоникидзейы сахуыр кодта бухгалтеры курсыты ӕмӕ секретарӕй куыста Садоны советы ӕххӕсткомы, астӕуккаг скъолайы та – бухгалтерӕй.

1951 азы Советон Цӕдисы Ӕфсады рӕнхъыты службӕйы фӕстӕ Хъазыбег райдыдта кусын колхозы сӕйраг бухгалтерӕй.

1954-1956 азты фӕсаууон ахуырмӕ бацыд Цӕгат-Ирыстоны хъӕууон-хӕдзарадон скъоламӕ, 1956-1957 азты та – уӕлдӕр партион скъоламӕ (Совпартшкола). Ахуыр ӕмӕ фӕллой Хъазыбегӕн систы царды дыууӕ базырау. Уыдон ын лӕвӕрдтой ныфс рӕсугъд фидӕнмӕ тырнынӕн. Бонӕй-бонмӕ йӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ зонындзинӕдтӕ уӕрӕхдӕр кодтой. Назраны хъӕууон-хӕдзарадон техникум каст фӕци фӕсаууонмӕ иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ. 1970 азы та – Хӕххон хъӕууонхӕдзарадон институты экономикон факультет. Йӕ фӕстӕ уагъта хорз фӕд, уыд фӕзминаг йӕ алыварс цы ӕмгӕрттӕ ӕмӕ кӕстӕртӕ уыд, уыдонӕн.

Мӕрзойы-фыртӕн гуырдзӕй нӕ баззад хъӕздыгдзинады хордзен, уый хыгъд йӕ удварн ӕххӕст уыд ирон фарн, ирон ӕгъдау, уӕздандзинады ӕууӕлтӕй; фӕзминаг – алы хъуыддаджы. Ӕрдзон курдиат та йӕм уыд ӕхсӕны куыстмӕ, разамонӕджы дӕсныйадмӕ, адӕмимӕ цӕрынмӕ. Йӕ фӕлмӕн бахудт ӕмӕ рӕвдыд ныхасӕй-иу адӕймаджы тыхст ӕрбайсӕфт ӕмӕ-иу дзы ныфс бауагъта, ӕххуысхъуагӕн та-иу йӕ курдиат баххӕст кодта. Зыдта адӕмимӕ ныхас кӕнын, ӕмбӕрста алкӕмӕн дӕр йӕ рис, йӕ сагъӕс. Хайджын уыдис фӕзминаг ирон лӕджы миниуджытӕй. Ӕвӕццӕгӕн ын уый Хуыцауӕй лӕвӕрд уыдис. Лӕвархортӕ ӕмӕ магусатӕн та никуы барста.

Мæрзойты Хъазбег æма Хетæгкаты Къостайы номыл колхозы раззагдæр кусджытæ; Дзалаты Бабуца, Еналдыты Асинет, Туаты Махарбег, Гогаты Наташæ.

Хъӕубӕстӕ йын хистӕрӕй-кӕстӕрмӕ кодтой стыр аргъ, ӕууӕндыдысты йыл ӕмӕ 1957 азы колхозы активы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, уӕлдайдӕр Козаты Сафонкайы хъӕппӕрисӕй, ӕвзӕрст ӕрцыд колхозы сӕрдарӕй. Хъазыбег уыцы аз йӕхицӕн стыр хӕсыл банымадта Советон Цӕдисы Коммунистон партийы рӕнхъытӕм бацӕуын. Йӕ хъӕубӕсты ӕууӕнк ӕмӕ бӕрнондзинад йӕ алы уӕнгӕй дӕр ӕнкъардта ӕмӕ йӕ бон куыд уыд, афтӕ лӕггад кодта йӕ дӕлбар хӕдзарады рӕзтӕн фылдӕр хорздзинӕдтӕ саразыныл. Кировыхъӕуы хӕсты ветерантӕ ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ стырӕй-чысылмӕ дысфӕлдӕхтӕй архайдтой хӕдзарады райрӕзтыл, ног амондджын цард аразыныл. Ӕрыгон сӕрдары фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты колхозы фӕлтӕрдджын активон куырыхон хистӕртӕ: Къозонты Къоста, Хъайтмазты Къоста, Козаты Сафонка ӕмӕ Спиридон, Гаджиты Матвей ӕмӕ иннӕтӕ. Уый лӕмбынӕгӕй хъуыста йӕ разӕй кусӕг куырыхон разамонджытӕм, пайда кодта сӕ зонындзинӕдтӕй. Сӕ сарӕзт бынтӕ бӕлвырддӕр кодта ӕмӕ сӕм ӕфтыдта арӕхстгай царды домӕнтӕм гӕсгӕ цардӕгас хӕрзиуджытӕ.

Бонӕй-бонмӕ уавӕр хуыздӕрӕй-хуыздӕрмӕ цыд, фӕллойадон ӕгъдау фидар кодта, разӕнгардгӕнӕн фӕрӕзтӕ арӕзт цыд бригадӕты ‘хсӕн ӕмӕ иумӕйагӕй фӕллойгӕнӕг адӕмимӕ куысты мидӕг цӕлхдуртӕ иуварс кодтой. Фӕзынд иудзинад адӕм ӕмӕ хицауады астӕу дӕр. Колхозы активисттӕ: Дзалаты Солтан ӕмӕ Гаппо, Сихъоты Кота ӕмӕ Адӕбе, Мурасты Чермен, Козаты Гуыбе, Гаджиты Алыбег, Бирӕгъты Кирил, Куыдзӕгты Уалент, Къадзаты Евген, Тъуриты Валодя, Андрей Дьяченко, Баситы Замирӕт, Гаджиты Ксеня, Магкаты Разиат, Дзалаты Наталья ӕмӕ иннӕтӕ, фидар цӕджындзтау, ӕрбалӕууыдысты Хъазыбеджы алыварс ӕмӕ удуӕлдайӕ архайдтой хъӕздыг тыллӕг ӕрзайын кӕныныл алыхуызон халсартӕй: нартхор, цӕхӕра, джитъри, бадырджан, сысджы, мӕнӕу, харбыз ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уыдонӕй уӕлдай ма быдырты тыдтой гӕн. Ацы культурӕйы куыстӕй бӕлвырд фылдӕр ӕфтиаг хауын райдыдта хӕдзарады къазнамӕ ӕмӕ хъӕуы цӕрджытӕм. Цард хуыздӕрӕй-хуыздӕр кодта экономикон ӕмӕ культурон ӕгъдауӕй. Цыбыр рӕстӕгмӕ Хъазыбеджы рӕстад разамынды фӕрцы колхоз йӕхиуыл фӕхӕцыд ӕмӕ хӕдзарад ӕнтыстджынӕй ӕрлӕууыд районы колхозты раззагдӕрты ӕмрӕнхъ. Йӕ уӕлахиздзау кусджытӕ та-иу ӕрвыст ӕрцыдысты Мӕскуымӕ Адӕмон Хӕдзарады Ӕппӕтцӕдисон Равдыстытӕм (ВДНХ).

Куыд хӕдзардзин разамонӕг, кӕстӕртыл аудӕг, Хъазыбегӕн уыд бастдзинад Ирыстоны институтты ӕмӕ техникумты ректортимӕ. Уыдоны ‘хсӕн цыд ерыстӕ фӕззыгон быдырон куыстыты тыллӕг ӕфснайыны рӕстӕг Хъазыбеджы колхозмӕ чи ацӕуа, ууыл. Уымӕн ӕмӕ Хъазыбег архайдта ӕрмӕст хӕдзарадӕн пайдайы охыл нӕ, фӕлӕ алы ӕгъдауӕй дӕр аккаг социалон фадӕттӕ саразыныл студенттӕн. Уымӕн ӕмӕ ацы фӕсивӕды бавнӕлд пайда уыд колхозӕн экономикон ӕгъдауӕй хъӕздыг хорӕрзады бафснайдӕн афоныл. Студенттӕм та быдырон куыстытӕ ӕвзӕрын кодтой уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ фӕллоймӕ, стӕй – кусӕг адӕймагмӕ.

Советон Цæдисы Компартий XXIV съезды цæгатиристойнаг делегатты къорд. Дыккаг рæнхъы астæуæй лæууы МÆРЗОЙТЫ Хъазбег.

Цал ӕнӕхуыссӕг ӕхсӕвы арвыста, ӕвӕдза, Хъазыбег йӕ адӕмы царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныны охыл. Ӕмӕ сын йӕ царды хуыздӕр азтӕ дӕр уымӕн снывонд кодта. Ӕрмӕст Кировыхъӕуы, Хетӕгкаты Къостайы номыл колхозы сӕрдарӕй бакуыста 27 азӕй фылдӕр. Йӕ хъӕубӕстӕн цы хӕрзты бацыд, уыдон чысыл не сты, нымайӕг сӕ нымад нӕ фӕуыдзӕн. Сӕ сӕйрагдӕртӕй иу, ӕрдзон газ кӕй фӕзынд, иннӕ – хъӕуы уынгты ӕфсӕйнаг хӕтӕлтыл кӕй рацыд нуазыны дон, адӕм сӕ ведратимӕ иу тигъӕй-иннӕмӕ цъайтӕй дон кӕй нал хастой. Уый цас удӕнцойдзинад ӕрхаста цӕрджытӕн!

Базарады экономикӕйы рӕстӕджы хъӕууон хӕдзарады тыхджын райрӕзтӕн цӕлхдуртӕ куыд нӕ уыд, фӕлӕ та-иу Хъазыбег йӕ куырыхон зонды фӕрцы ссардта ног амалттӕ сӕ аиуварс кӕнынӕн. Йӕ фӕрцы ӕхсайӕм азты колхозы сарӕх мӕркусӕн техникӕ дӕр.

Ног скъола, ног культурӕйы хӕдзар, алыхуызон дуканитӕ, уӕлӕйы дзаума ӕмӕ дзабыртӕ хуыйӕн цехтӕ, библиотекӕ, ӕхсыры-товарон, лыстӕг фосы, цъиутӕдарӕн фермӕтӕ – иууылдӕр арӕзт цыдысты кусӕг лӕджы царды уаг фӕрогдӕр кӕнынӕн. Уӕдӕ хъӕуы уынгтӕ ӕмӕ фӕндӕгтӕ дӕр саив сты. Цӕрджытӕй бирӕтӕн бантыст цӕрӕн хӕдзӕрттӕ саразын колхозы ӕххуысӕй. Зӕгъӕм, Хъазыбеджы фӕндонмӕ гӕсгӕ, правлени рахаста уынаффӕ, поэт Туаты Сергейӕн колхозы хардзӕй арӕзт куыд ӕрцӕуа дыууӕуатон хӕдзар зӕххы хайимӕ. Ацы фӕндон царды ӕххӕст дӕр ӕрцыд. Ахӕм хабӕрттӕ иу ӕмӕ дыууӕ нӕ уыдысты Мӕрзойы-фырты ӕнӕрынцой куысты. Бонӕй-бонмӕ йӕ царды рифтаг дзагӕй-дзагдӕр кодта фӕзминаг хъуыддӕгтӕй.

Уӕдӕ скъолайы рауагъдонтӕй цал ӕмӕ цалӕн баххуыс кодта институттӕ ӕмӕ техникумтӕм бацӕуынӕн. Уыдон сты дӕсгӕйттӕ ӕмӕ йын абон дӕр йӕ рухс ном хорзӕй мысынц.

Зӕрдӕйы фӕндиаг цыдысты куысты хабӕрттӕ ӕмӕ йӕ кӕддӕры бӕллицц: «Ӕз хъуамӕ ацы хӕдзарад афтӕ размӕ ракӕнон ӕмӕ йӕм фӕсарӕнтӕй дӕр уынӕг куыд цӕуой». Ӕмӕ йын ахӕм рӕстӕг дӕр скодта йӕ хӕлар ахастдзинӕдты фӕрцы. Ӕрмӕст нӕ республикӕйы хӕдзарадтӕ нӕ, фӕлӕ ивгъуыд ӕнусы 60-ӕм азты фӕсарӕйнаг уазджытӕ Бирмӕ ӕмӕ Болгарийӕ нӕ республикӕ куы бабӕрӕг кодтой, уӕд сӕ уӕлдӕр хицауад Хъазыбеджы колхозмӕ ӕрхуыдтой, куыд раззагдӕр ӕмӕ фӕзминаг хӕдзарадмӕ. Фӕсарӕйнаг уазджытӕ стыр аргъ скодтой хӕдзарады ӕнтыстдзинӕдтӕн, йӕ экономикон, социалон ӕмӕ культурон рӕзтӕн. Ӕмӕ сӕ фӕзминаг дӕнцӕгӕн дарддӕр-иу парахат кодтой сӕ бӕстӕты.

Адӕймаг цас фылдӕр зона, цас хорз адӕмтимӕ ӕмбӕла, уыйас йӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинад хъӕздыгдӕр кӕнынц. Хъазыбег та ахӕм хӕларзӕрдӕ, къӕбӕрдӕттон адӕймаг уыд, ӕмӕ йын Ирыстонӕй-Мӕскуымӕ, Советон Цӕдисы алы сахарты, суанг ма фӕсарӕнты дӕр хорз зонгӕтӕ ӕмӕ ӕрдхӕрдтӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм ран зын ссарӕн уыд.

Уыдис ын парахат бастдзинӕд Горькийы номыл автомобилон заводы хицауимӕ дӕр. Сӕ лымӕндзинады фӕрцы йӕ дӕлбар колхозы цыдӕриддӕр техникӕ хъуыд, уыдон ногӕй-ногмӕ ивтой. Районы иннӕ хӕдзарӕдтӕй бирӕтӕ-иу ӕххуысагур цыдысты Хетӕгкаты Къостайы номыл колхозмӕ. Йӕ дӕрдджын техникӕ райсыныл архайдтой, уымӕн ӕмӕ ног машинӕтӕ балхӕнынмӕ сӕм фаг фӕрӕзтӕ нӕ уыд.

Колхозы специалисттӕ уыдысты фӕлтӕрдджын адӕм, сӕ куыст зыдтой хорз. Ӕндӕр хуызы сын уӕвӕн дӕр нӕ уыд. Уымӕн ӕмӕ сӕ сӕргълӕууӕг, йӕхицӕй куыд домдта, афтӕ цӕсгомджынӕй архайд домдта йӕ дӕлбар кусджытӕй дӕр.

Мӕрзойы-фырт дыууиссӕдз азӕй фылдӕр ӕнтыстджынӕй фӕкуыста алы колхозты сӕрдарӕй. Уӕлдӕр хицауад ын стыр аргъ дӕр уымӕн кодтой ӕмӕ ссис нӕ республикӕйы хуыздӕр хъӕууонхӕдзарадон фӕллойы организатортӕй иу.

Кировыхъӕуы фӕстӕ 1984-1986 азты куыста нӕ республикӕйы хъӕууонхӕдзарадон Паддзахадон комитеты сӕрдары хӕдивӕгӕй. 1986-1989 азты та нысангонд ӕрцыд Цӕгат-Ирыстоны Паддзахадон аграрон промышленнон транспортон дӕлбархайады хицауӕй (начальник подотдела Госагропрома СОАССР по транспорту).

1989 азӕй йӕ царды фӕстаг бонтӕм разамынд лӕвӕрдта мыдыбындзыты совхоз «Бехъан»-ӕн. Мӕрзойты Хъазыбег уыд Ӕрыдоны райкомы партион организацийы активондӕр ӕхсӕнадон архайджытӕй.

XXIV партион съезды делегат, Уӕрӕсейы колхозты Цӕдисы уӕнг, адӕмон депутат йӕ фӕллойадон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд Советон Цӕдисы Фӕллойы Хъӕбатыры номӕй, Ленины орден ӕмӕ майдан «Дзӕбуг ӕмӕ Ӕхсырф» ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр Уӕрӕсейы ӕмӕ Цӕгат-Ирыстоны хӕрзиуджытӕй.

Хъазыбег йӕ фӕстӕ, Ӕрфӕны фӕдау, йӕ фӕзминаг хъуыддӕгтӕй ныууагъта хорз фӕд Ирыстоны цӕрӕг адӕмты зӕрдӕты. Уӕрӕсейы ӕмӕ фӕсарӕнты йын цы бирӕ зонгӕтӕ уыд, уыцы адӕмты зӕрдӕты дӕр тулдз бӕласы уидӕгтау ныффидар кодта йӕ кады ном..

МÆРЗОЙТИ Хъазбег космонавт, Советон Цæдеси дууæ хатти Бæгъатæр Владимир ШАТАЛОВИ хæццæ.

Ӕвӕццӕгӕн, Хъазыбег йӕ зӕрдӕ куынӕ дардтаид йӕ цардӕмбал Калоты Лидӕйыл, йӕ бинонтӕм йӕ зӕрдӕ куы ӕхсайдтаид,уӕд ын афтӕ бирӕ дӕр нӕ бантыстаид ӕхсӕнадон куысты. Лидӕ уыд ӕцӕг нӕртон сылгоймаг, къонайы фарн. Фидар цӕджындзау, Хъазыбегӕн уырдыг фӕлӕууыд йӕ царды фӕстаг бонмӕ, уарзонӕй фӕлӕггад кодта ӕрмӕст йӕхицӕн ын нӕ, фӕлӕ йӕ фӕстӕ цы бирӕ ӕмгӕрттӕ фӕцыд сӕ хӕдзармӕ стыр хицауадӕй хуымӕтӕг кусӕджы онг, уыдонӕн дӕр. Хъазыбег ӕмӕ Лидӕйӕн сӕ уарзты ахстоны равзӕрдысты сӕ зӕрдӕты уидӕгтӕ – цыкурайы фӕрдгуыты хуызӕн ӕртӕ чызджы: Светӕ (дохтыр), Беллӕ (экономист – Мидхъуыддӕгты дӕлбулкъон), Аллӕ (дохтыр) ӕмӕ сӕ къонайы бындар Славик – Мидхъуыддӕгты дӕлбулкъон (хъыгагӕн, ацыд йе ′цӕг бӕстӕм уӕззау фӕрынчыны фӕстӕ) ӕмӕ уыдоны кӕстӕртӕ. Се ‘ппӕт дӕр рауадысты ныййарджытӕн аккаг фӕдонтӕ ӕмӕ, сӕ фыдау, ӕнӕзӕрдӕхудт лӕггад кӕнынц Ирыстонӕн йӕ алы куыстуӕтты къабӕзты. Уӕвгӕйӕ дӕр сын ӕндӕр хуызы уӕвӕн нӕ уыд. Уымӕн ӕмӕ сӕ хъомылад бӕрзонд ӕвӕрд уыд. Хъазыбег йӕ размӕ цы бирӕ ныстуантӕ ӕвӕрдта, уыдон змисы бындурыл амад мӕсгуытӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ урс дойнаг дурӕй гӕнӕхтӕ йӕ бинонтӕ, йӕ уарзон адӕмы хорзӕхӕн, иудзинад ӕмӕ рухс амондджын фидӕны охыл.

Хъазыбег царды гуыргъахъх фӕндӕгтыл фӕцыд сыгъдӕг коммунист ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй. Цард адӕмы хорзӕхӕн, фӕсивӕды амондӕн. Фӕлӕ хъысмӕты фӕндаг ӕдзух ӕмхуызон хорз нӕ рауайы. Йӕ тӕккӕ лӕджы кармӕ куы бахӕццӕ, уӕд уӕззау низӕй фӕрынчын. Йӕ бинонтӕ, йе ′фсымӕртӕ, хотӕ, дохтырты хуыздӕртӕ йӕ разы цырагъау бӕргӕ фӕлӕууыдысты йӕ дӕргъвӕтин фӕрынчыны рӕстӕг. Буц ӕмӕ рӕвдыд уыд йӕ фӕзминаг кӕстӕртӕй, ӕмхуызонӕй йын зӕрдиагӕй лӕггад кодтой, фӕлӕ адзалӕн мадзал нӕй.

1991 азы 23 августы банцад йӕ куыстӕй хъӕууонхӕдзарадон куыстады курдиатджын организатор, Социалистон Фӕллойы Хъӕбатыр Мӕрзойты Хадзымуссӕйы фырт Хъазыбеджы зӕрдӕ. Йе ‘вӕрӕн боны адӕм алы рӕттӕй ӕрымбырд сты стыр хъыггӕнгӕ Мӕрзойты кӕртмӕ фӕстаг фӕндараст зӕгъынмӕ Иры кад ӕмӕ намысы лӕгӕн. Кадджын уавӕры ӕвӕрд ӕрцыд Дзӕуджыхъӕуы Намысы Аллейы (Аллея Славы).

Хӕрзгӕнӕджы фӕд дардмӕ нывӕнды, йӕ ном та ӕнусты цӕры, – фӕзӕгъынц. Кировыхъӕуы хистӕр кары адӕм хорзӕй мысынц сӕ фӕлтӕрдджын разамонӕг Мӕрзойты Хъазыбеджы ӕмӕ йын йӕ фӕзминаг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кады ном фӕлтӕртӕн дӕнцӕгӕн хӕссынц. Хъазыбег йӕ бӕрнон ӕмӕ фӕлварӕн фӕндагыл фӕцыд ӕцӕг ирон лӕджы номимӕ ӕмӕ йӕ фарн, йӕ ирон ӕгъдауы цалх зилынӕй нӕ банцайдзӕн ӕнустӕм. Йӕ намыс схызт Хъазыбеджы хохы бӕрзӕндмӕ ӕмӕ йӕ ном фыдӕлты кадимӕ цӕрдзӕн ӕнусты. Ӕнусон та зарӕг у. Уый хынцгӕйӕ, Хъазыбеджы ′мхъӕуккаг поэт Туаты Сергей ӕмӕ поэт-зарӕггӕнӕг Чеджемты Ӕхсар композитор Бериты Алыбегимӕ иумӕ сӕнусон ын кодтой йӕ фӕрнджын ном зарджыты хуызы. Хуыцауы цӕст бауарзӕд, Ирыстоны Хъазыбеджы хуызӕн гуырдтӕ фылдӕр куыд уа, кӕстӕртӕ та йын йӕ кад ӕмӕ намыс сӕ хорз хъуыддӕгтӕй бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр куыд кӕной!