19 майя 2024

ЙÆ КУРДИАТ – ÆРДЗОН, АДÆМÆН УАРЗОН

18.02.2023 | 19:44

МАЛИТИ Васо (астæуæй) æ хуарз æрдхуæрдтæ æма æмархайæг исфæлдистадон косгутæ ДЗАСОХТИ Музафер, КОЗУРТИ Жаннæ, ЦГЪОЙТИ Хазби æма КОКАЙТИ Тотрази хæццæ.

Зæрдæйæ хæстæг кæимæ вæййыс, ахæм адæймаг цардæй æнæнхъæлæджы куы ацæуы, æрмæстдæр æй уæд бамбарыс æнахуыр ирдæй, цæмæй фæдæ æнæхай, уый. Уыцы афтиддзинад нал æмæ нал фæуадзы адæймаджы, æрхæндæгæй байдзаг вæййы зæрдæ. Афтæ мæнæн фæци не стыр поэт, нæ нырыккон ирон литературæйы классик Малиты Васойы ацыд. Фæлæ уæддæр зæрдæйæ нæ хицæн кæны. Зæрдæ Васойыл риссы æмæ дуды…

Васойы бавæрæн нæ литературæ æмæ аивадмæ у егъау æмæ вазыгджын. Æмдзæвгæтæ, поэмæтæ, новеллæтæ, уацаутæ, роман, пьесæтæ, тæлмацтæ – литературæйы алыхуызон жанрты бафæлвæрдта йе сфæлдыстадон тыхтæ, æмæ алы аивадон хуызы дæр йæ къухы бафтыд йæ курдиаты фæрцы стыр æнтыстытæ.

Раст зæгъгæйæ, гыццыл ын нæ бакодта æнтысгæ дæр нæ ирон литературæйы. Йæ фыццаг æмдзæвгæ газет «Рæстдзинад»-ы фарсыл рухс федта 1955 азы. Уæдæй фæстæмæ йе ’мдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ мыхуыргонд цыдысты Цæгат Ирыстоны газетты æмæ журналты.

1963 азы рухс федта йæ фыццаг поэтикон уацмысты чиныг «Фат æмæ æрдын». Тынг æхсызгонæй йыл сæмбæлдысты, ирон поэзи зынаргъ кæмæн уыди, уыцы чиныгкæсджытæ. Æрыгон поэты сагъæстæ нæ царды фарстатыл, поэзийыл æмæ царды нысаныл æркæсын кодтой Васойы аивадон дзырдмæ нæ интеллигенци æмæ литературæиртасджыты. Поэты уацмыстæн уыди сæхи, иннæ поэтты уацмыстимæ фæхæццæгæнæн кæмæн нæ уыди, ахæм хицæн хуыз, йæхи цæстæнгас царды æмæ æхсæнады проблемæтæм.

Йæ иннæ чиныг «Мæйрухс æхсæвтæ» базонгæ кодта кæсджыты Васо – прозæйы дæсныимæ. Чиныджы радзырдтæ æмæ уацау дзырдтой фыссæджы æрдзон курдиатыл, йæ бон кæй уыдис адæмы алыхуызон удыхъæдтæ, адæймаджы хъысмæтты, лæджы рæсугъддзинад æмæ гæнæнтæ равдисын. Æнæ бафиппайгæ нæ баззад Васойæн йæ уацау «Кæйдæр тетрадæй» дæр. Ам фыссæг равдыста йе ’мдугон æрыгон фæлтæры фæлгонцтæ.

Васойы стырдæр æмæ ахадгæдæр æнтыст – йæ поэтикон чиныг «Рохсанæ» (Дзæуджыхъæу, 1988). Йæ диссаджы æнæрохгæнгæ æмдзæвгæты æмæ поэмæты (йæхæдæг сæ схуыдта «кадджытæ») – «Пэя», «Æнусæй-æнусмæ», «Поезды» – поэт йе ’ргом аздæхта йе ’мдугонты цæрæццаг фæлгонцтæм æмæ сыл тауы рагон ирон сылгоймаджы ном Рохсанæйы рухс, рæсугъддзинад æмæ зæрдæйы хъарм. Адæймаджы намыс æмæ йæ удыхъæды сыгъдæгдзинад, Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад систы фыссæджы уацмысты сæйраг дзуринæгтæ.

Æнæзæгъгæ нæй, куыд нысаниуæгджын æмæ ахадгæ у Васойы бавæрæн ирон театралон аивадмæ. Музыкалон-драмон театры сценæйыл ын æвæрд æрцыди пьесæ «Калм æмæ хъисфæндыр», фæстæдæр та – йæ иннæ уацмыс – «Саст бандон». Куыд драматург, Васойы курдиат æххæстæй раргом йæ пьесæты чиныг «Ацырухс»-ы (1980).

Васойы курдиат у æппæтыл æххæссæг, кæрон ын нæй, рæстæг ыл тых нæ кæны, уымæн æмæ фыссæджы зæрдæ риссы йæ адæмы рисыл, йæ уацмысты хъавы царды æмæ адæймаджы арф æмæ вазыгджын фæзилæнтæ раиртасынмæ. Ууыл дзурæг у йæ фæстаг чиныг «Уадзимистæ» (Дзæуджыхъæу, 2008) дæр. Бахаста йæм радзырдтæ, дыууæ пьесæйы – «Темур-Алсахъ», «Цагъартæ» æмæ йæ диссаджы тæлмацтæ: «Сæдæ япойнаг поэти сæдæ æмдзæвги» æмæ Вильям Шекспиры трагедитæй – «Отелло» æмæ «Гамлет, даниаг принц».

Зындгонд у Малиты Васойы æхсæнадон архайд дæр. Уыдис Республикæйы чиныгуарзджыты æхсæнады сæргълæууæг, фæстæдæр та – Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисы сæрдар. Васойы руаджы рухс федта литературон журнал «Ирæф». Ацы хъуыддаг сырæзт æрмæстдæр Васойы фæрцы, уый тынг æхсызгонæй бацархайдта ууыл æмæ йæ фыццаг номырæй йæ амæлæты бонмæ уыд йæ сæйраг редактор.

Æхсай азæй фылдæр кодта лæггад Васо ирон культурæ æмæ литературæйæн. Нæ зындгонд поэты уацмыстæ ныр йæ амæлæты фæстæ, мæ бон у фидарæй зæгъын, систы нæ ирон дзырдаивады классикон бынтæ. Уымæн æрцыдысты йæ уацмысты хуыздæртæ хаст поэтикон антологитæм, скъоладзауты ахуыргæнæн чингуытæм – хрестоматитæм, æхсызгонæй сæ ахуыр кæнынц æрыгон фæлтæр астæуккаг азмæ уæлдæр скъолаты.

Васо уыдис курдиатджын поэт. Аивадон дзырд æм тынг бæрзонд æвæрд уыдис, зыдта дзы пайда кæнын æмæ йын аргъ дæр кодта. Уый руаджы йæ къухы æфтыдис лирикон хъайтары арф хъуыдытæ æмæ зæрдæйы æнкъарæнты миддуне равдисын. Хъодзаты Æхсар дæр уымæн афтæ загъта Васойæ: «Поэт иттæг хорз арæхсы дунеуынынад æмæ психологи иртасынмæ, уды кæнонтæ æрдзы æмæ дунейы змæлдимæ бастæй ныв кæнынмæ».

Уæлдай арфдæр Васойы поэзийæ мæ зæрдæмæ æз айстон йæ диссаджы «Фæстаг æмдзæвгæ». Æрмæстдæр ацы уацмысæн йæ аивадон текст лæмбынæг куы бакæсай, йæ алы дзырдыл дæр арф куы ахъуыды кæнай, уæд ын бамбардзынæ йæ диссаджы мидис æмæ нысаниуæг. Уыдон та æнæуынгæ цæгтæй баст сты æмдзæвгæйы аивдзинæдтимæ, йæ композицион арæзт, йæ романтикон дзырдыуаг æмæ фæлгонцтимæ.

Цæуыл у ацы уацмыс? Цыбырдзырдæй, æмдзæвгæйы темæ у фыссæджы, поэты бæрзонд нысан æмæ уыдоны стыр бæрн ирон дзырдаивады раз.

Æмдзæвгæйы лирикон хъайтар – нывдæттæг, йæ мулк, йæ исбон, цы йæм уыдис, уыдон иууылдæр: «Фесты уæрст /Фыдæх,/ Æхца, Æнцон амонд,/ Мæнг сомы…» Æмæ ма йæм уæд цы баззади йæ хæзнатæ æмæ хъæздыгдзинæдтæй? Цæуыл ма лæууыди уæрсты фæстæ йæ зæрдæ, цы ма йын уыди ныфсы хос?

Æрмæстдæр – бæх: «Уæртæ ма бастæй баззад бæх/ Мæ кæрты – /Иу дæр æй нæ комы…» Уый дын дзы уæрст! Бæхы ничи бакуымдта, иууылдæр ыл сæхи атигъ кодтой, азмæ нывдæттæгмæ æрхауди. Ахæм ма дзы бæх уа?!

Уæдæ чи уыдысты уыцы дыууæ – уыцы бæх æмæ лирикон хъайтар, Дунесфæлдисæгæй ахæм лæвар кæмæ æрхауди уый? Æмдзæвгæйы кæрон автор зæгъы:

Æз уыдтæн… уыцы,

Уыцы ’взæр!

Мæ бæхы ном та

хуынд Поэзи.

«Йæ бæх – /Йæ ардбахæрд, йæ кæлæн, /Йæ бæх – йæ мулк æмæ йæ дин, /Йæ бæх – Йæ Поэзийæн снывонд кодта йæ царды бонтæ æмæ йе сфæлдыстад Малиты Васо. Æмæ йæ уацмыс «Фæстаг æмдзæвгæ» у æвдисæн Васойы стыр аивадон курдиатæн. Поэт ам æргомæй æрдзырдта æрдзон курдиаты бæрзонд нысан æмæ бæрныл.

Хицæнæй зæгъын хъæуы ацы æмдзæвгæйы æвзаг æмæ йæ аивадон мадзæлтты тыххæй. Романтикон дзырдыуаг – «ардбахæрд, кæлæн, дин, цард, мæлæн, цыбыр, даргъ фæндаг, фыдæх, амонд, æрра туг, барджын, дугъ, ныфс æмæ стъалыйы æмбал, хъысмæт…» Хуымæтæг ирон ныхæстæ, фæлæ сæ поэты дæсныдзинады фæрцы рауадис диссаджы алæмæтаг бæхы æмæ лирикон хъайтары сурæттæ.

Уæдæ йæ аивадон мадзæлттæ: бæхы æрфыст, метафорæ, абарст, олицетворени – удджын кæнын, фæлхатæнтæ, бирæ стъæлфыгтæ, хъæрон хъуыдыйæдтæ – æвдисæн сты поэты курдиат æмæ йæ аивадон гæнæнтæн.

Æмдзæвгæйы кæронбæттæны поэтикæйы тыххæй Хъазиты Мелитонæй хуыздæр зæгъæн нæй: «Ам, ацы æмдзæвгæйы, чиныгкæсæджы зæрдæ, фыццаджы-фыццагдæр, æлхæны фæлгонц; уый йын дæтты уæлдай тых, адæймаджы удмæ йæ хæстæгдæр чи кæны, ахæм ирд æнкъарæн».

Ахæм у Малиты Васойы поэтикон дзырды ахадындзинад, уымæн æмæ поэты курдиат уыдис æрдзон, хуымæтæг, адæмæн – уарзон. Уымæн æмæ поэт бæрнон цæстæй касти йе сфæлдыстадон архайдмæ, ирон дзырдаивадмæ.

МЗОКТЫ Аслæнбег, литературæиртасæг, Уæрæсейы фысджыты Цæдисы уæнг