ЯНВАРИ ПЕНСИ – ДЕКАБРИ
2021 анзи январи дæргъвæтийнæ нæуæганзон каникултæ ке уодзæнæй, еци æууæл хинцгæй, еуæй-еу æййивддзийнæдтæ хаст æрцæудзæнæнцæ пенситæ æма иннæ социалон пособитæ дæттуни фæткæмæ.
Республики цæргутæй пенси банкти ка есуй æма еци фæрæзнитæ мæйи 4 бони размæ ка райсуй, еци адæмæн сæ пенситæ банки хигъдмæ барветдзæнæнцæ рагацау – 2020 анзи 30-31 декабри.
Почти бастдзийнади хайæдти кусти фæткæ ба уодзæнæй уæхæн. Пенси мæйи 4 бони размæ ка райсуй, еци адæмæн сæ январон пенситæ байуардзæнæнцæ 2020 анзи 28-29 декабри.
Почти бастдзийнади графикмæ гæсгæ, сæ пенситæ мæйи 4 бонæй фæстæтæ ка райсуй, уонæн ба сæ ратдзæнæнцæ еудадзугон фæтки бундорбæл.
Пенситæ рагацау райсуни фæтки туххæй еугур фарстатæ дæр бадæттæн ес Пенсион фонди дзæуæгигъæуккаг хайадæмæ (тел. – 51-57-31), уæдта районти: Æрæдони (3-37-49), Дигорай (9-05-50), Елхотти (5-01-24), Мæздæги (3-59-02), Октябригъæуи (2-32-19), Алагири (3-14-78), Беслæни (3-65-17) æма Чиколай (3-19-94).
КЪНАТТАТИ Маринæ,
Уæрæсей Федераций Пенсион фонди цæгатиристойнаг хайади пресс-службæ