26 апреля 2024

«ЙЕХХ, КУ УАЙДӔ МӔ БАЗУРТӔ!..»

11.11.2021 | 12:42

ХОДЫ Камал, (1941-2021) Цæгат Ирыстоны адæмон поэт

Фондз ӕмӕ ссӕдз азӕй йыл, ӕвӕццӕгӕн, фылдӕр цӕудзӕн, афтӕ Малиты Георгийы фырт Васоимӕ фыццаг хатт бафтыдтӕн Стыр Дыгурмӕ. Нӕ фысым дӕр уыди Малитӕй – Ӕрӕхман (рухсы фӕбадӕд…) Куыннӕ зыдтон, Георгийӕн Ирыстоны стыр кад ӕмӕ рад и, уый та, фӕлӕ, сӕттын ыл, хуымӕтӕг адӕми ’хсӕн бынтон ахӕм уарзон ӕмӕ номдзыд у, уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн. Уый фӕстӕ уыцы хъуыддагыл сахуыр дӕн, фӕлӕ уӕды заманы тынг дис фӕкодтон: кӕимӕдӕриддӕр базонгӕ дӕн уыцы балцы рӕстӕг Дыгургомы, уыдонӕй, зӕгъӕн ис, ӕма иу дӕр ахӕм нӕ разынди, ӕмӕ-иу, ныхас рауайгӕйӕ, Малити Георгийы рӕнхъытӕ, ӕнӕ чиныгмӕ кӕсгӕйӕ, иттӕг зӕрдӕбынӕй чи нӕ радзырдтаид. Ӕмӕ мын уӕд гуырысхойаг нал уыд: Ирыстоны пехуымпар Хетӕгкаты Къостайы фӕстӕ Малиты Георгийӕ рӕбинагдӕр бынат ничи ма скодта йӕ адӕмы зӕрдӕйы. Цы ма уа уымӕй тӕхудиагдӕр хьысмӕт нывгӕнӕгӕн!

Ӕниу, уым ӕнӕнхъӕлӕджы хабарӕй дӕр цы ис: Георги у йӕ адӕмимӕ ӕмтуг, ӕмыстӕг, се ‘хсӕн равзӕрди, йӕ курдиаты хъандзал базыртыл стахти бӕрзонд арвыцъӕхмӕ ӕмӕ та фӕстӕмӕ йӕ райгуырӕн уӕзӕгмӕ ӕрыздӕхти – йӕ алӕмӕты ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ кадджыты фӕрцы.

Фӕлӕ, дам, цад цаддоны фидауы, фӕрв та – цъалайы. Йӕ адӕмы хъӕбулы уарзтӕй чи уарзы, йӕ дзыхӕйдзургӕ сфӕлдыстад дӕр ын уый исы ӕввахс йӕ зӕрдӕмӕ. Уымӕн ӕмӕ фольклор у кӕцыфӕнды адӕмӕн дӕр йӕ иу хай, стӕй ноджы – йӕ ахъаззагдӕр хай. Ацы фактор поэты ӕппӕт аивадыл дӕр – канд йӕ эпикон уацмыстыл нӕ! – арвау бӕрӕг дары ӕмӕ йын дӕтты егъау фидыц. Георги ӕрзӕты хуымӕтӕг къӕртт райсы йӕ адӕмӕй, йӕ бӕрзонд курдиаты хъомысӕй йӕ, цыкурайы фӕрдыгау, тӕмӕнтӕ скалын кӕны ӕмӕ йӕ афтӕмӕй фӕстӕмӕ йӕ дзыллӕйыл сӕмбӕлын кӕны: «Дзандзирахъ», «Гъонгӕси фурт мӕгур Мӕхӕмӕт», «Темур-Алсахъ», «Уӕхадӕги фурт мингий Гуйман» ӕ. а. д. Георгийӕн йӕ эпикон уацмыстӕн дӕр, йӕ лирикӕйӕн дӕр сӕ тых уый мидӕг ис, ӕмӕ фидар ӕнцой кӕнынц царды фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ фӕткыл – карз ӕнӕбафидаугӕ тох Фарн ӕмӕ Фыдӕхы ‘хсӕн. Уый та кӕддӕриддӕр уыдис ӕцӕг нывгӕнӕджы сфӕлдыстады астӕумагъз. Дисы ӕфтауы, ацы хъуыддаг суанг йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕтыл дӕр кӕй зыны, уый:

Цъифӕ бони, ӕппун неци,

Ӕз мӕхемӕ ӕркӕсун,

‘Ма нӕ фендеун мӕ деси

Уалӕ арвмӕ искӕсун, –

Мӕ кӕрдзин ӕма мӕ цӕнхӕ

Ӕз феууелун уӕд зиндӕр, –

Фӕккӕсуй мӕмӕ нӕ зӕнхӕ

Мисти къахӕй ниллӕгдӕр.

Нӕлтӕ, силтӕ, уо мӕгуртӕ,

Над нӕмунцӕ золкъитау…

Йехх, ку уайдӕ мӕ базуртӕ, –

Фӕттӕхинӕ цӕргӕсау

(Цъифӕ рӕстӕги)

Георгийы поэтикон уацмыстӕн сӕ музыкӕ, сӕ азӕлд ӕмбисондӕн хӕссинаг кӕй у, уый алчи дӕр зоны. Фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг ӕддаг бакаст (формӕ) ӕмӕ мидис вӕййынц ӕмбаст кӕрӕдзиуыл, цӕвынц иу нысанмӕ – автор йӕ уацмысӕй цы зӕгъынмӕ хъавы, уый ирддӕрӕй ӕмбӕла чиныгкӕсӕджы зӕрдӕйыл. Чи зоны, ӕппӕты фыццаг банысан кодта не стырдӕр лӕгтӕй иу – Тыбылты Алыксандр: «Облеченные в изящную форму стихотворения Малиева проникнуты неподдельным чувством, полным неуловимой прелести и грации».

Цы зӕгъӕн ис ам? Дзырд дӕр ыл нӕй, гӕнӕн ӕмӕ фадат уӕвгӕйӕ, хъуамӕ фыссӕг йӕ мадӕлон ӕвзагыл уӕлӕхох ма кӕна, нӕ критикӕн дӕр хорзӕй дарддӕр йӕ цӕст ницы уарзта. Фӕлӕ ӕз мӕхи хъуыды зӕгъдзынӕн (стӕй, ӕвӕццӕгӕн, уый канд мӕ хъуыды нӕу); Малиты Георгийы сфӕлдыстады, «Горские мотивы», зӕгъгӕ, ахӕм хай абон куынӕ уаид, уӕд бӕлвырд къахыр уаид поэты иумӕйаг сфӕлдыстадон фӕлгонц (афтӕ зӕгъӕн ис Къостайы уырыссагау фыст уацмысты тыххӕй дӕр). Георгийы уырыссагау фыст ӕмдзӕвгӕтӕ ма нын ноджыдӕр иу хатт зӕгъынц: ӕцӕг курдиат кӕддӕриддӕр вӕййы алывӕрсыг. Ӕмӕ ахӕм курдиаты гакк бӕрӕг дары «Горские мотивы»-йы бирӕ ӕмдзӕвгӕтыл, уӕлдайдӕр та – «Сфинкс», «Путевая песня», «Цветы высот», «Памяти Коста» ӕмӕ иннӕтыл. Ӕмӕ сыл кӕд уырыссаг классикон поэзийы ӕндӕвдад иуцасдӕр фӕзынди, уӕддӕр сты Георгийы курдиатӕн йӕ иу тигъ, сты ирон культурӕйы стъӕлфӕнтӕ, ӕмӕ сыл стырзӕрдӕ кӕнын нӕ хъӕуы.

Малиты Георги йӕ фыццаг мыхуыргонд ӕмдзӕвгӕ «Цӕ-хъал» куы ныффыста, уӕд ыл, ӕвӕццӕгӕн, ссӕдз азы дӕр нӕма цыдаид. Диссаг у, ӕвӕдза: адӕймаг Хуыцауы зынгӕй хай-джын куы вӕййы, уӕд уыцы зынг риуы бирӕ нӕ фӕстиат кӕны, арвӕрттывдау бӕстӕ ӕваст ныррухс кӕны; ӕмӕ гуырысхойаг нал вӕййы: дунемӕ фӕзынд, ныронг цы нӕма фендӕуыди, ахӕмтӕ зӕгъынхъом гуырд.

«Цӕхъал» поэты фыццаг поэтикон уацмысыл нымад кӕй у, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ ракодтон йӕ кой. Тынгдӕр уымӕн, ӕмӕ мӕм афтӕ кӕсы, цыма уацмыс канд ӕбӕрӕг бӕлццоны ӕбуалгъ хъысмӕтыл фыст нӕу – ис ын символикон нысаниуӕг. Иуӕй, ӕмдзӕвгӕ-балладӕйы ӕппӕт фактурӕйыл бӕлвырдӕй зыны, фидӕны стыр нывгӕнӕг йе сфӕлдыстады ныфсджын ӕмӕ фидарӕй кӕй ӕрлӕууыди сӕйраджыдӕр эпикон, героикон-романтикон фӕндагыл; иннӕмӕй та, уацмысӕн рахонӕн ис Георгийӕн йӕхи трагикон хъысмӕты фыдохы рагфидиуӕг. Малиты Георгийы сфӕлдыстады кой кӕнгӕйӕ, Абайты Васо ӕрымысы, Белинский Пушкины тыххӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Что это за стих! Он нежен, сладостен, мягок, как рокот волны, тягуч и густ, как смола, ярок, как молния, прозрачен и чист, как кристалл…» Ӕмӕ дарддӕр номдзыд академик йӕхицӕй бафтауы:

«До Малиева на дигорском диалекте писал выдающийся поэт Блашка Гурджибеев. Богатство его языка изумительно. Но музыку дигорского стиха он еще не постиг. Немало стихов на дигорском диалекте написано и после Малиева. Много из них отмечены несомненным талантом. Но и в них уже не слышится рокот волны. Нет в них и прозрачности кристалла. Видимо, эту тайну, тайну певучего дигорского стиха, Малиев унес с собой в свою безвременную могилу…»

Сӕрыхъуынтӕ арц слӕууынц ацы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ. Фӕлӕ, ӕнӕмӕнг, царды диалектикӕ кӕндзӕн йӕхиуӕттӕ. Дыгурон фольклор, Блашка, Созыр, Георгийы ӕнӕмӕлӕт уацмыстӕ бындур цы литературӕйӕн басгуыхтысты, уымӕн йӕ фидӕн дӕр уыдзӕн бӕллиццаг.