07 декабря 2024

КӔРӔДЗЕЙ ФУЛДӔР УАРЗТАН…

26.06.2021 | 10:50

ИМИСУНЦӔ ХЕСТӔРТӔ

Ӕз райгурдтӕн рагон хуӕнхаг гъӕу Задӕлески, Дигоргоми. Абони мӕбӕл ӕнзтӕ дзӕвгарӕ цӕуй, берӕ рӕстӕг рацудӕй уӕдӕй нурмӕ, фал ми не ‘ронх кӕнунцӕ ме  ‘взонг ӕнзтӕ, нӕ гъӕуи уӕди доги цард, нӕ дзӕбӕх хестӕртӕ, ме ‘мгӕрттӕ.

Гъӕубӕсти сабийтӕ ӕма фӕсевӕд хъӕбӕр ӕхцул адтӕнцӕ кӕрӕдзебӕл, цардӕнцӕ лимӕнӕй, ӕнгомӕй. Изӕригӕнтти аллихузон гъӕзтитӕй нӕхе ерхӕфстан. Зумӕг ку уидӕ, уӕдта устур гъӕдин тӕгӕнати сауӕнгӕ Уӕллаг Задӕлескӕй Дӕллагмӕ бурдан бӕрзонд къубурбӕл. Ӕнафӕнттӕмӕ фӕгъгъазианӕ. Еци ӕнзти зумӕг хъӕбӕр берӕ мет ӕруаридӕ, уӕдта уазалдӕр хаста рӕстӕг.

Еу уӕхӕн зуймон бони нӕ гъӕуккаг Цакъоти Хъӕрӕсей кизгӕ Оляй хӕццӕ Фӕснӕли гъӕуӕй (скъолай уоми ахур кодтан) рацудан нӕхемӕ, Задӕлескӕмӕ. Ку ӕрхъӕрдтан, уӕд ӕрталингӕ ‘й, хъӕбӕр фӕууазал ӕй. Оля мӕ сӕхемӕ худта (е Дӕллаг Задӕлески цардӕй, ӕз – Уӕллаги). Ӕхсӕвӕ, дан, махмӕ байзайӕ, сӕумӕй ба иссӕудзӕнӕ уӕхемӕ, зӕгъгӕ. Фал ин ӕз нӕ бакумдтон, ардигӕй ардӕмӕ куд байзайон, зӕгъгӕ, рацудтӕн нӕхемӕ. Берӕ мӕ нӕбал гъудӕй, уотемӕй ба мет карздӕр уарун райдӕдта, мӕ развӕндаг нӕбал уидтон. Еу устур мети хъӕпӕни ниххаудтӕн ӕма нӕдӕр размӕ, нӕдӕр фӕстӕмӕ цӕун нӕбал адтӕй мӕ бон. Фуртухстӕй кӕун райдӕдтон. Уӕдмӕ надбӕл кадӕр ӕрцӕйцудӕй ӕма мӕмӕ дзоруй, ка дӕ, кӕци дӕ, зӕгъгӕ. Е разиндтӕй Цагъати Догке (рохс дзенети бадӕд), нӕ синхи Хосиротӕмӕ иуазӕгуати цудӕй. Гъуддаг ку балӕдӕрдтӕй, уӕд мӕмӕ арф мети ӕрбалӕгӕрста ӕма мӕ надмӕ ракодта. Догке мин уоми нӕ фӕцӕй, уӕд, магъа, ци фӕцайнӕ.

Еци доги адӕм кӕд мӕгур цардӕнцӕ, берӕ цӕмӕйдӕрти нӕ хъӕрдтӕнцӕ, тухст ӕййафтонцӕ, уӕддӕр кӕрӕдзей фулдӕр уарзтонцӕ, ӕновуддӕр адтӕнцӕ хеуонбӕл, ӕмгарӕбӕл, гъӕуккагбӕл.

ХУЗИ: Катя (лæууй), æ мадæ Хъарданти-Гæмаонти Марихан, æ хуæрæ Аренкæ, кæстæртæ – Катяй фидæ Зауæри æнсувæр Батæрбеги (Татæрей) цæуæт Виктор, Тæрхъан (Гæган) æма Борик (Марихани) гъæ- беси. Хузæ ист æрцудæй 1939 анзи.

МӔНӔ МӔМӔ ЦИ СӔКӔР ЕС!..

Еухатт ба рагуалдзӕги мӕ кӕстӕр ӕнсувӕр Геуӕрги изӕрӕй хӕдзарӕмӕ не ‘рбацудӕй. Цудӕй ибӕл, ӕвӕдзи, еу ӕхсӕз-авд анзи. Ӕрталингӕ ‘й, уӕддӕр биццеу нӕ зиннуй. Куд нӕ искатай адтайанӕ еугур бийнонтӕй дӕр, устур сагъӕси бацудан! Агорун ӕй райдӕдтан гъӕуи алфамбулай, нӕ синхӕгтӕ дӕр нӕ хӕццӕ, уотемӕй. Ци нӕ къум басгарстан, уӕхӕн нӕбал байзадӕй. Нӕ мадӕ Марихан фур мӕтӕй ӕхецӕн бунат нӕбал ирдта, ӕ уӕргутӕ ниххуайидӕ, мӕ биццеу ӕнӕфидбилиз нӕй, зӕгъгӕ.

Уӕдмӕ нӕмӕ гъӕуккӕгтӕй кадӕр фӕххабар кодта, Геуӕрги, дан, абони рӕфтад кӕнун афони еу сурхдигойраг уоси хӕццӕ, будур ӕрдӕмӕ хӕрӕгбӕл бадгӕй, райевгъудӕй. Мах нӕ кеми ӕрцудан, ӕгайтима ӕнӕфидбилиз ӕй нӕ биццеу, зӕгъгӕ. Фал имӕ ниййергутӕ ба бартхъерӕн кодтонцӕ, мӕнӕ, ӕрбацӕуай, уӕд дин фӕууинун кӕндзинан, зӕгъгӕ.

Цалдӕр боней фӕсте ме ‘нсувӕр нӕ гъӕуккӕгтӕй кедӕр хӕццӕ ӕрбаздахтӕй Сурх-Дигорӕй. Фудгин ке адтӕй, уой лӕдӕрдтӕй, ӕвӕдзи, ӕма дуарӕй куддӕр ӕрбакастӕй, уотӕ ӕвваст исдзурдта: «Мӕнӕ мӕмӕ ци сӕкӕр ес!» Ӕма нӕмӕ ӕвдесуй уорс-уорсид сӕкӕри устур къӕрт. Уой фӕууингӕй, нӕ маст фӕццидӕр ӕй ӕма ходун райдӕдтан. Фал ин уӕддӕр мадӕ ӕма фидӕ балӕдӕрун кодтонцӕ, уотӕ хевӕндӕ ун хуарз ке нӕй, уой.

Ме ‘нсувӕр Геуӕрги ку рагъомбӕл ӕй, уӕд ӕфсадмӕ рандӕ ‘й. Службӕ кодта идард Камчатки. Еууӕхӕни сӕ зумӕгон командир цалдӕр ӕфсӕддонемӕй хуӕдтолгӕй рарвиста синхаг ӕфсӕддон хаймӕ. Надбӕл биццеутӕ карз бурдӕни бахаудтӕнцӕ ӕма басудӕнцӕ.

Уой фӕсте нӕ мадӕ Марихан пеци фарсмӕ некӕдбал балӕудтӕй, некӕдбал батавта ӕхе пеци гъармӕ, сауӕнгӕ хъӕбӕр уазал бӕнтти дӕр …

 

ЦИ ДАРДТАН, ЦИ ХУАРДТАН…

Абони тукӕнтти, базарти ци нӕ уӕледарӕс, къахидарӕс, ци нӕ дзаумау  балхӕндзӕнӕ! Мах рӕстӕги ба уотӕ на адтӕй. Нӕ мадтӕлтӕ нин хъумацӕй дзабуртӕбӕл уӕфситӕ бахуйиуонцӕ ӕма уони дардтан. Пъолцитӕ, дӕллаггуртӕ, уӕллаггуртӕ дӕр – хумӕтӕг хъумацӕй. Фал е дӕр кӕми адтӕй! Къалос, батинкӕ нӕ зудтан. Биццеутӕ ба зумӕги фулдӕр дардтонцӕ ӕркъетӕ, сӕ медӕгӕ фӕсалӕ, кенӕ гъӕмпӕ, уотемӕй. Сӕртӕбӕл ба – уӕлдзарм ходтӕ.

Хуӕргӕ ба ци кодтан? Фонс берӕ дардтонцӕ хуӕнхаг гъӕути, уомӕ гӕсгӕ уорсаг фагӕ адтӕй – цихт, месин, царв, хурхӕ. Хъӕбӕрхуари инсад ӕма цихтӕй конд къӕлӕуай адӕ ма абони дӕр мӕ зӕрдӕбӕл лӕууй. Дон – хъӕбӕр уазал, кӕдзос, хуӕрзадӕ. Кӕми цардан, уордӕмӕ хӕстӕг гъӕдин бӕлӕгъӕй калдӕй сауӕдони дон. Ӕ игурӕн ба адтӕй бӕрзонд Уорс хонхи бунмӕ. Нӕ мадӕ сӕрдӕй-зумӕгӕй еци донӕй ӕхснадта нӕхемӕ ӕхе ӕма еухатт дӕр нӕ фӕссӕйгӕ ‘й. Махбӕл ба дес кӕнидӕ, нӕхе гъар донӕй ку ӕхснианӕ, уӕд.

Сӕрдигон хуардтан кӕурӕги, гӕнгӕлитӕ, дзиликъутӕ (хъӕдори хӕццӕ фунхӕй хъӕбӕр хуӕрзадӕ адтӕнцӕ), ӕндӕр аллихузон кӕрдӕгутӕ. Дабонӕ голлӕгути дзӕгтӕй ӕрхӕссиуонцӕ нӕ хестӕртӕ. Ци ба нӕ задӕй нӕ гъӕди, нӕ игуӕрдӕнти, нӕ хезнити!

ЗУДТОНЦӔ БӔРЦӔ…

Нӕ гъӕу Задӕлески хестӕртӕ хебӕлхуӕцгӕ адтӕнцӕ ниуӕзти гъуддаги. Кӕрӕдземӕн кодтонцӕ таурӕхътӕ ӕма игъӕлдзӕг дзубандитӕ, минкъийдӕр – ниуазгӕ. Арахъӕн ӕ берӕмӕ нӕ бӕлдтӕнцӕ, зудтонцӕ бӕрцӕ, фӕткӕ, расугӕй си некӕд неке фӕууидтайсӕ. Еу цалдӕр ракувди фӕсте сикъатӕ еуварс ӕрӕвӕриуонцӕ, айӕ лӕггӕнӕг нӕй, зӕгъгӕ. Мӕнӕ нуртӕккӕ адӕмӕн сӕ фулдӕр ниуӕзтӕмӕ куд ӕмхец иссӕнцӕ, уотӕ уӕд некӕд адтӕй…

 

ФӔЙЙЕРВӔЗУН КОДТАН КОЛХОЗИ ФОНС

Устур Фидибӕстон тугъд ку райдӕдта, уӕд Задӕлески кустгъон нӕлгоймӕгтӕ рандӕ  ‘нцӕ фронтмӕ, райгурӕн зӕнхӕ гъӕуай кӕнунмӕ. Байзадӕнцӕ ма айдагъдӕр силгоймӕгтӕ, сувӕллӕнттӕ ӕма зӕронд лӕгтӕ.

Ӕз уӕд кустон фӕскомцӕдеси Мӕхчески райкоми. Нӕ гъӕу Задӕлески ӕдеугурӕй адтан дӕс фӕскомцӕдесон кизги. Ӕма федарӕй загътан, гъӕуама аци тухст рӕстӕги фӕййагъаз кӕнӕн нӕ колхозӕн, фӕккеун ӕй ма бауадзӕн, нӕ бон ци ӕй, уомӕй фӕккӕсӕн хӕдзарадӕмӕ.

Исаразтан бригадӕ, адтӕнцӕ си Текъойти Розӕ, Хъӕлицти Оля, Хосироти Хамисят, Цакъоти Оля, Текъойти Донкӕ ӕма иннетӕ, ӕз дӕр сӕ хӕццӕ, уотемӕй. Рандӕ ан игуӕрдӕнмӕ хуасӕ кӕрдунмӕ. Агъаз нин кодтонцӕ зӕронд лӕгтӕ, гъӕубӕсти кадгиндӕр хестӕртӕ – Хъӕлицти Смайли ӕма Бӕзити Хамӕза. Амудтонцӕ нин косун, исгъӕциуонцӕ нин нӕ цӕвгутӕ, гъӕдтӕ  кӕниуонцӕ сагойнитӕн.

Еци анз хъӕбӕр бакуста нӕ бригадӕ. Ӕрцӕттӕ кодтан дзӕвгарӕ хуасӕ, уой фӕрци колхози фонс зумӕги дӕргъи еу усмӕ дӕр тухст нӕ баййафтонцӕ, фагӕ хуаллаг син адтӕй.

Нӕ мадтӕлтӕ ба ӕхсӕвигӕнтти фӕтӕгени цирагъи рохсмӕ ерисӕй бидтонцӕ не ‘фсӕддонтӕн гъар къохӕрходтӕ, цъоппин цъиндатӕ…

Хъӕбӕр мӕ фӕндуй, абони фӕлтӕр еци хабӕрттӕ ку зониуонцӕ, ку нӕ иронх кӕниуонцӕ нӕ хестӕрти арфиаг гъуддӕгутӕ, уони хузӕн ку уарзиуонцӕ ӕма гъӕуай кӕниуонцӕ нӕ Райгурӕн зӕнхӕ.

ХӔМИЦАТИ–ХЪАРДАНТИ Катя,

Толдзгуни гъӕу.

Устур Фидибæстон тугъди рæстæг немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ тохмæ Задæлески гъæусовети (уордæмæ Задæлескæй уæлдай ма хаст цудæнцæ гъæутæ Нар æма Хæнæз) цæргутæй карандæ ‘й (134 адæймаги), уонæй еу æма цуппаринсæй нæбал исæмбалдæнцæ сæ фидиуæзæгбæл… Уони хузæн ма Дигоргоми иннæ гъæутæй дæр Райгурæн бæсти сæрбæлтау ка иснивонд кодта сæ цард, уонæн Мæцути æвæрд æрцудæй еумæйаг номерæн циртдзæвæн.