04 октября 2024

КА?.. ЦÆМÆН?.. ЦИ КÆНГÆ ’Й?..

30.03.2024 | 21:23

Аци æма ма берæ æндæр ауæхæн фарстатæ нæ дзиллæн сагъæссаг иссæнцæ, Мæскуй «Крокус Сити Холл»-и ци æверхъау фудракæндæ арæзт æрцудæй, уомæ гæсгæ. Æма  сæбæл бæлвурд дзуапп лæвæрд цæуй, терроризм æма экстремизми фæззиндтити нихмæ тох кæнунæй комкоммæ ихæсгин ка ’й, еци къабæзти ’рдигæй, тæккæ фиццагдæр ба – нæ бæсти разамунд карзæй æма федарæй зæгъуй, уæхæн фудракæндтитæ аразгутæ æма сæ ардаугутæ рагацау бæрæггонд æма æгъатирæй æфхуæрд ке цæудзæнæнцæ, уой.

Уой фæдбæл еума хатт федарæй загъта Уæрæсей Президент Владимир Путин æрæги сæрмагондæй ци æмбурд исаразта, уоми. Дзубанди ба си цудæй «Крокус Сити Холл»-и исарæзт теракти фæсте.

Паддзахади, уæлдайдæр ба сæрмагонд службити ’рдигæй  циуавæр мадзæлттæ арæзт цæуй, уой туххæй. Æ радзубандий райдайæни уой баханхæ кодта, æма кадæртæ, уæлдайдæр ба Уæрæсей нихмæ паддзахæдти хецауеуæггæнгутæй кадæртæ  еци фудбæлах исаразунæй фудгин кæнунцæ пусулмæнтти. Уотемæй ба еци хабар исбæлвурдкæнуйнаг æй. Æма си кæд  «пусулмон фæд» ес, уæддæр уомæй фудгин æнцæ, радикалон исламисттæ ке хонунцæ æма  пусулмон дуйне æхуæдæг ке идеологий нихмæ тох кæнуй, етæ. «Фæндуй нæ ардаугути базонун, уогæ етæ бæрæг æнцæ.  Нуртæккæ Америки Еугонд Штаттæ еугур фадуæттæй дæр дуйнеуон æхсæнадæ æууæндун кæнунцæ, украинаг фæд си ке нæййес, уобæл», – фæббæрæг кодта Президент. Куд ма баханхæ кодта, уотемæй гъæуама берæ фарстатæн сæ еугуребæл дæр лæвæрд æрцæуа бæлвурд дзуæппитæ.

– Мæскуй 22 мартъий ци æверхъау фудбæлах æрцудæй, е æй комкоммæ  фæттæрсун кæнуни  фæрæзнæ. Уайтæккæ фæззиннуй фарста: кæмæн æй е пайда? Гъавтонцæ æхсæнади тас бауадзун, – загъта Владимир Путин.

Президент куд фæббæрæг кодта, уотемæй фарстатæ дæр æгæр берæ ’нцæ. Гъæуама исбæрæг уа, «Крокус»-мæ бампурсуни фæсте фудгæнгутæ Украинæмæ цæмæн лигъдæнцæ, уоми сæмæ ка æнгъæлмæ кастæй.

Нæ падддзахади разамонæг ратæфирфæс кодта, еци фудракæнди ка фæммард  æй, еци адæми хеуæнттæн, ка си фæццæф æй, гъигæдард си  ка баййафта, етæ ба, загъта, тагъд рæстæги куд радзæбæх уонцæ. Гъигæдард баййафæг адæмæн  кадæриддæр агъаз кæнуй, уонæн дæр райарфæ кодта. Владимир Путини дзубандимæ гæсгæ,  еци фудракæндæй уæрæсейæгти фæттæрсун кæнун бæргæ гъавтонцæ, фал син е нæ бантæстæй – нæ адæм равдистонцæ æцæг æнгомдзийнадæ æма кæрæдземæн агъаз кæнунмæ разæнгарддзийнадæ. Уой фæдбæл Владимир Путини загъд адтæй:

– Аци террористон акт ка исаразта, етæ гъавтонцæ тасдзийнадæ рапарахат кæнун, æхсæнади ’хсæн буцæутæ расайун. Фал исæмбалдæнцæ нæ адæми еудзийнадæ æма фидбилизи нихмæ гъæддухæй æрлæууни нифсдзийнади  хæццæ. Æмхузон æй нæ рист, нæ сагъæс, закъони фæрци фудгæнгути бафхуæруни туххæй нæ фæндæ. Æма гъæуама бæлах рартасуни куститæ цæуонцæ æцæгдзийнадæ æма закъони бундорбæл…