05 ноября 2024

Ӕ КАДӔЙ БӔРЗОНД ӔЙ Ӕ КАРНИ МӔСУГ…

11.12.2021 | 14:20

Хъиргъути Сократ (бадуй разæй астæуæй) е ‘мгустгæнгути хæццæ.

Хъиргъути Сократ, ку зӕгъӕн, кӕд абони не ’хсӕн нӕбал ӕй, уӕддӕр ӕ рохс ном ӕма арфиаг гъуддӕгутӕ ӕгириддӕр иронх нӕ ’нцӕ нӕ дзиллитӕй. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ арӕзт ӕрцӕунцӕ ӕ цитгингӕнӕн мадзӕлттӕ. Айразмӕ уӕхӕн агъазиау мадзал, цӕргӕ – цӕрӕнбӕнтти кӕми фӕццардӕй ӕма фӕккуста, ӕ еци уарзон гъӕу Ӕхсӕрисӕри ӕрӕги арӕзт ӕрцудӕй ӕ хъазар муггаг Хъиргъути хъӕппӕресӕй ӕма гъӕубӕсти, уӕдта ами берӕ ӕнзти дӕргъи ӕнтӕстгинӕй разамунд кӕмӕн фӕллӕвардта, еци астӕуккаг скъолай коллективи ӕмархайди фӕрци. Е уоййасӕбӕл  арфиаг ӕма бафӕнзуйнаг гъуддаг ӕй, ӕма уомӕ гӕсгӕ ибӕл сӕрмагондӕй радзоруйнаг ан. Фал уой размӕ ба дзурди барӕ дӕттӕн, Хъиргъути Сократ скъолай директор ку адтӕй, уӕди рауагъдон Колити Виталийӕн.

МӔ СӔРӔЙ СИН НИЛЛӔГ КОВУН

КОЛИТИ Витали, Уæрæсей финсгути Цæдеси иуонг

Сократ айдагъ зӕрдӕмӕдзӕугӕ лӕгдзийнӕдтӕй хайгин ӕма тухгин ахургӕнӕг нӕ адтӕй, фал ма адтӕй адӕми хӕццӕ хуӕрзӕгъдауӕй цӕрӕг адӕймаг дӕр. Гъӕубӕсти медӕгӕ еунӕг цийни кенӕ зиани гъуддаг дӕр некӕд адтӕй, ӕма си Сократ гъӕугӕ ӕгъдау ма радта, ӕ баргин дзурд ма райгъуса. Уӕдта, ци кӕнидӕ, уой зӕрдиагӕй, ци зӕгъидӕ, е ба уидӕ раст, ӕма уомӕ гӕсгӕ ба адӕмӕй ӕруагӕс кодта. Алкедӕр уи, ӕвӕдзи, ӕвдесӕн фӕууй уомӕн ӕма, цийфӕнди некуцон адӕймагӕй ка фӕццардӕй, е ку рамӕлуй, уӕд ӕй ӕ бониккон-бони ба ӕ кири сӕргъи дзоргутӕ уӕлӕрвтӕмӕ исесунцӕ сӕ мӕнгӕттӕй. Сократмӕ ба уӕхӕн билисӕрдӕн козбау дзубандитӕ некӕд адтӕй. Ци зӕгъидӕ, уой раст ӕма ӕргомӕй, ӕндиудӕй ӕма комкоммӕ. Нӕ хатир кодта некӕмӕн мӕнгӕ миутӕ, уомӕн ӕма ӕхуӕдӕг дӕр некӕд адтӕй сӕ уацари.

Мадта ин иуазӕг исбоц кӕнунмӕ дӕр ӕ раз некӕд неке байахӕстайдӕ. Адтӕнцӕ къӕбӕрдӕттон ӕма хуӕрзӕгъдау бийнонтӕ ӕмбурдемӕй дӕр.

Ӕхсӕрисӕри мудибиндзитӕ еци рӕстӕги еунӕг Сократмӕ адтӕй, ӕма муд ку лӕмариуонцӕ, уӕд еци бонти ӕнӕгъӕнӕ синхӕн  дӕр уидӕ бӕрӕгбон, уӕлдайдӕр ба кӕстӕр кари кизгуттӕ ӕма биццеутӕн. Сократи цардӕмбал, рохсаггаг Феня (Атайон) нӕ ӕрӕмбурд кӕнидӕ ӕма нин нӕ рази ӕрӕвӕридӕ муди лӕмарӕнти устур тӕбӕгъ. Уӕхӕн уарзон зӕрдирахаст ба зин иронхгӕнӕн ӕй.

Абони дӕр ма мӕ устур деси ӕфтауй Сократи кустуарзондзийнадӕ ӕма тухӕ. Еу рӕстӕги Ӕхсӕрисӕри астанзон скъолай дуккаг ахургӕнӕг нӕ адтӕй математикӕбӕл ӕма еугур ихӕс дӕр ӕрӕнцадӕй Сократӕн ӕхе рагъбӕл. Алли бон дӕр дууӕ ахурадон фӕлтӕремӕ ‘й багъӕуидӕ аст 8 урокки дӕттун. Фӕскуст ба еци фӕлладӕй ӕрцӕуидӕ ӕ хӕдзарӕмӕ, ӕ цъӕх хӕрӕг байефтиндзидӕ уӕрдуни ӕма гъӕуи уӕлмӕрдти фӕстемӕ кӕми хъӕдори мех, кӕми ба сог кӕнунмӕ райевгъуйидӕ. Мадта хуасӕ дӕр ӕ еци хӕрӕгбӕл ласта. Дардта ставд, уӕдта листвонс дӕр берӕ. Ӕма уони еудадзуг гъуд кӕнун нӕ гъудӕй?! Фал некӕд фӕлладӕй. Алли гъуддагмӕ дӕр арӕхстӕй, алли куст дӕр хаста ӕ сӕрмӕ. Кӕд скъолай директорӕй куста, уӕддӕр ӕхе дардта хуӕрз хумӕтӕг.

Ахургӕнӕги куст ӕнцон некӕд адтӕй. Ӕхе уодбӕл ӕй ка нӕ бавзара, уомӕн зин лӕдӕрӕн ӕй. Фал Сократ, бауӕгӕ дӕн, зӕгъгӕ, некӕд исфӕразта ӕ цъухӕй зӕгъун нӕ, фал уотид уотӕ рагъуди кӕнун дӕр. Уомӕн ӕма ӕ фарсмӕ кустонцӕ фӕлтӕрдгун ахургӕнгутӕ: Устур Фидибӕстон тугъди архайӕг Мӕрзойти Хаджий фурт Агубе, Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий ӕскъуӕлхт ахургӕнӕг Магкати-Къодоти Нинӕ Иласи кизгӕ, Катаути-Бекмӕрзти Женя Сандири кизгӕ, Цъугкити-Хӕмицати Зоя Хъанцауи кизгӕ, Хуадонти Валя Генай  кизгӕ, Созаонти-Тауасити Дуся Дудтуй кизгӕ, Дашити-Дзансохти Дзерассӕ Мурати кизгӕ, Малити Валерий Алийи фурт, Тъурити Руслан, Дашити Зинӕ, никки ба ма ахургӕнгути ӕригон фӕлтӕр. Еу бийнонти хузӕн баст адтӕнцӕ кӕрӕдзебӕл. Ӕма е дӕр, ӕвӕдзи, скъолай разамонӕги фӕрци адтӕй. Мӕ сӕрӕй син ниллӕг ковун.

Ӕхсӕрисӕри фӕсевӕди фӕлтӕртӕ сӕ гъӕууон  скъолай къӕсӕрӕй зонундзийнӕдтӕй хуӕрзцӕттӕй ӕма уодикондӕй нифсгунӕй рафӕндараст ӕнцӕ сӕ карни аллихузон нӕдтӕбӕл. Беретӕ си иссӕнцӕ игъустгонд лӕгтӕ. Зӕгъӕн: Цъугкити Барис – Хуӕнхон паддзахадон аграрон университети профессор, Хъиргъути Аркади – экономикон наукити доктор, профессор, Чихтисти Руслан – Цӕгат Иристони Хетӕгкати Къостай номбӕл паддзахадон университети доцент, Тауитти Таймураз – ӕхсӕнадон архайӕг, историк, Чихтисти Римӕ – журналист, хъӕбӕр беретӕ ба иссӕнцӕ фӕлтӕрдгун дохтиртӕ, ахургӕнгутӕ, юристтӕ, аразгутӕ, адӕмон хӕдзаради ӕндӕр аллихузон специалисттӕ, сӕ еугурей ранимайунӕн нин нуртӕккӕ равгӕ нӕййес. Фал мӕ бон федарӕй ӕй зӕгъун: Ӕхсӕрисӕри астӕуккаг скъолай директорӕй Хъиргъути Сократ ку куста, уӕди рӕстӕгути рауагъдонтӕн сӕ еугурей карнӕ дӕр уотӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ ке рауадӕй, уоми ес уой устур байвӕрд дӕр. Уӕдта ма, ӕвӕдзи, уотӕ зӕгъун дӕр ӕнгъезуй, ӕма уой фӕсте рауагъдонти царди хабӕрттӕ ке фӕррӕстмӕ ‘нцӕ, уомӕй етӕ дӕр арфиаг ӕнцӕ Хъиргъуй-фуртӕй, уомӕн ӕма ӕ рӕстӕги ци ӕгъдӕуттӕ ӕма фӕткитӕ ӕрфедар ӕнцӕ, уони хуарздзийнадӕ ӕма ахедундзийнадӕ абони дӕр бӕрӕг даруй коллективи архайди, скъолай цардиуаги абониккон хабӕртти дӕр. Ӕма ин уомӕ гӕсгӕ ӕ рохс ном гъӕубӕсти медӕгӕ абони дӕр ма имисунцӕ устур зӕрдӕхцӕуӕндзийнади хӕццӕ.

Гъулӕггагӕн, Сократи хузӕн лӕгтӕ ӕстӕн хатт исӕнтӕсунцӕ, мӕлгӕ ба ракӕнунцӕ ӕностӕмӕ… Ӕз дӕр ин абони ӕ рохс ном имисун, кӕддӕр ци ӕмдзӕвгӕ ниффинстон, уомӕй…

 

ДУ АДТӔ

Хъиргъути Сократӕн

Ци лӕг адтӕ, уогӕ, ци лӕг адтӕ,
Уӕд дӕ фарнӕ кӕбӕлти адтӕй!
Ци незӕй уӕд ӕвваст ӕрбатадтӕ,
Ци сау рахӕн дӕ уоди ‘сбадтӕй.

Ду цалей рахудтай царди надмӕ
Дӕ уоди раст ӕма дӕ зундӕй.
Ци лӕг адтӕ, уогӕ ци лӕг адтӕ,
Е махӕн не ‘нккӕтемӕн зунд ӕй.

Ӕнӕ дӕу фӕммӕгур ӕй гъӕубӕстӕ,
Ӕнӕ дӕу нӕ федауй нӕ синх.
Ду адтӕ, ‘ма нӕбал дӕ ӕррӕстӕ,
Сау ингӕни ӕносмӕ хуссис.

Дӕ лӕгкари ӕвваст ӕрбатар дӕ,
Нӕ зӕгъуйнаг ӕма нӕ рӕстӕл.
Уой ӕнгъӕл ӕз царди некӕд адтӕн,
‘Ма финсдзӕн дӕ фӕсмӕрдӕ дӕубӕл.

Нӕмгӕ дӕр нӕ кӕнисӕ гӕзӕмӕ,
Ахур кӕнун мах ба нӕ кумдтан.
Ӕтт, Сократ, ӕрӕздӕхӕ фӕстӕмӕ,
Еухатт ма нӕ фӕннӕмӕ, уӕдта…


Колити Витали уотӕ ке зӕгъуй, гъома, Хъиргъути Сократ зӕрдиагон адтӕй, разамунд ци скъолайӕн лӕвардта, уой коллективӕн дӕр ӕма ӕнӕгъӕнӕ гъӕубӕстӕн дӕр, уомӕй раст ӕй.

Зӕгъӕн, ӕ рӕстӕги аци скъолай ци сабийтӕ ахур кодтонцӕ, уони ниййергутӕ ӕма ахургӕнгутӕ куд дзориуонцӕ, уотемӕй еунӕг уӕхӕн анз дӕр нӕ адтӕй, ӕма скъола ахуртӕ райдайӕнмӕ тӕккӕ хуӕздӕр цалцӕггондӕй нӕ байгон ӕй. Зумӕгон ба, цъемос рӕстӕг ку искӕнидӕ, уӕд Сократ, ӕхебӕл косӕн уӕледарӕс искӕнидӕ, уотемӕй ӕнхӕст кодта сауӕнгӕ артгӕнӕги ихӕстӕ дӕр. Е некӕд тарстӕй ӕ къохтӕ сау кустӕй ницъцъумур кӕнунӕй. Уомӕн ӕма райгурдӕй ӕма исгъомбӕл ӕй, фӕллойнӕ кӕнун хъӕбӕр бӕрзонд цӕстиварди, ӕнӕмӕнгӕ ӕнхӕсткӕнуйнаг ӕгъдаубӕл нимад кӕми адтӕй, уӕхӕн бийнонти ‘хсӕн.

Ӕ ниййергутӕн адтӕнцӕ дӕс сувӕллони – авд  биццеуи ӕма ӕртӕ кизги, уомӕ гӕсгӕ силгоймӕгтӕмӕ нӕлгоймӕгти ахедундзийнадӕ бийнонти ’хсӕн адтӕй хъӕбӕр зӕрдиагон. Сувӕллӕнттӕ ирӕзтӕнцӕ айдагъ кустуарзонӕй нӕ, фал ма хуӕдбарӕй, ахур кодтонцӕ Сурх-Дигори гъӕуи астӕуккаг скъолай.

Ӕ карни сӕйрагдӕр гъуддагӕн циуавӕр дӕсниадӕ равзара, зӕгъгӕ, уобӕл Сократи берӕ расагъӕс-басагъӕс нӕ багъудӕй – рагацау ин бӕлвурд адтӕй, ахургӕнӕг ке исуодзӕнӕй. Ӕма ӕ фӕндӕ фӕррӕстмӕ ’й. Зӕгъун ӕнгъезуй, рохситаун ӕма кӕстӕртӕбӕл ауодуни ацъагъуӕ ин Хуцауӕй лӕвӕрд адтӕнцӕ. Ӕма ин уомӕ гӕсгӕ ӕ фӕсмӕрдӕ дӕр нӕ дзиллӕ кадӕ кӕнунцӕ – уомӕн бӕлвурд ӕвдесӕн, мӕнӕ идарддӕр журналист ГАСАНТИ Валери ӕ финст уаци ци хабӕртти кой кӕнуй, етӕ дӕр.