04 октября 2024

КАДИ АККАГÆН ГЪÆУАМА КАДÆ КÆНÆН!..

08.11.2023 | 12:00

Уæхæн загъд сæргондæн хумæтæги нæ рахастан. Уæдта нæ хæццæ арази дæр исуодзинайтæ, уомæн æма нæ разагъди адæймæгутæй, нæ адæмæн дæр æма нæ Иристонæн агъазиау хуæрзти ка бацудæй, зингæ арфиаг гъуддæгутæй ка фескъуæлхтæй, уонæй берети нæмттæ ни иронхуати райзайунцæ. Сæ кой нерæнгæ ма уæддæр еуцæйбæрцæдæр райгъусуй, фал рацæудзæнæй рæстæгутæ æма уони туххæй зонгæ дæр некебал неци кæндзæнæй. Æма е ба уотид гъулæггаг нæй, фал æй тæрегъæддаг… Уомæн æма уомæй нæхе уодварни æгъдауæй мæгурдæр кæнæн. Еци адæймæгути ку нæ имисæн, сæ цардигъдауи алæмæтдзийнæдтæ ку зонæн æма сæ ку нæ фæнзæн, уæд нæ размæцуд уодзæнæй мæйдари æнæ цирагъæй цæуни хузæн.

Æма нин зæрдæбæлдаруйнаг имисуйнаг ка ’й, уонæй еу æй Фæрниати Солтийи фурт Къоста (Фæрнион) дæр. Ханси мæйи дуккаг бони æ райгурдбæл исæнхæст æй финддæс æма фондзинсæй анзи (1908-1937). Æма уой фæдбæл ести аккаг мадзæлттæ арæзт æрцудæй, уæддæр ести хузи æ рохс ном имист æрцудæй?.. Неци…

Мах æй нæхецæн ихæсбæл банимадтан, кæд æрæгиау æй, уæддæр æй æримисун. Æма мухур кæнæн зундгонд юрист Тебиати Юрийи (гъулæггагæн, е дæр абони не ’хсæн нæбал æй… Рохсаг уæд…) финст уац. Æ рæстæги е агъазиау куст бакодта, Фæрниони царди хабæрттæй æгириддæр зундгонд ка нæ адтæй, уони исбæлвурд кæнунбæл.

Цидæр æй, уæддæр нæ номдзуд финсæг Фæрниати Къостай номерæнæн арæзт цæуй еуæй-еу мадзæлттæ. Зæгъæн, Дзæуæгигъæуи ци хæдзари цардæй, уой фарсбæл ин 2020 анзи августи æвæрд æрцудæй къæйдорæй конд мемориалон фæйнæг.