27 июля 2024

КÆД БАЗОНДЗИНАН ЦАРДИ БÆНТТÆН АРГЪ?..

05.08.2023 | 13:04

Цæгат Иристони адæмон поэт Ходи Камал е ’мдзæвгитæй еуеми уотæ багузавæ кодта:

 Кæд базондзыстæм царды бонтæн аргъ?

Адзал-хъызт зымæг! – къæсæргæрон ниуы…

Нæхи йеддæмæ никæй хъæуæм мах,

Нæхæдæг та нæ ауæрдæм нæхиуыл…

 Æма æцæгæйдæр æгæр æбæрнонæй харз кæнæн нæ уæлзæнхон царди бæнттæ, ци нин ахсгиагдæр æма табуйагдæр æй, уой ахид кенæ нæ фæллæдæрæн, кенæ ба нæ лæдæрун фæндгæ дæр нæ фæккæнуй. Уой фæдбæл нæ рагфидтæлтæй дæр берæ аллихузон таурæхътæ байзадæй. Абони си мухур кæнæн кæцидæртæ.

 

ФОНДЗ ЛÆВАРИ

I

Æригон уод æ царди надбæл куддæр æрлæудтæй, уотæ имæ æртахтæй фæлмæнзæрдæ изæд.  Æ къохи адтæй минкъий лагъз.

– Мæнæ дин мæ лæвæрттæ, – загъта изæд. – Еу си райсæ, иннети ба уадзæ. Фал равзаруни размæ хуарз рагъуди кæнæ, цæмæй ма фæррæдуйай, уомæн æма си ахсгиаг айдагъдæр еу лæвар æй.

Лæвæрттæ адтæнцæ фондз: Кадæ, Уарзондзийнадæ, Есбон, Æхцæуæндзийнадæ, Мæлæт. Биццеу сагъæс дæр нæ ракодта, уотемæй æвеппайди исдзурдта:

– Æма ами гъудикæнуйнагæй ци ес?

Æма равзурста Æхцæуæндзийнадæ. Еци лæвари хæццæ рандæй æма, алли адæймаг дæр æригонæй куд фæккæнуй, уотæ æ мондæгтæ иста, æ зæрди дзæбæхæн æрвиста æ бæнттæ, цæветтонгæ, æ цардæй хъуæлти гъазта. Фал æ цийнæ берæ нæ рахаста, тухсун райдæдта, балæдæрдтæй, æ миутæ æнæрцæф ке ’нцæ, цард си æхуæдæг гъазуй, тикис мистæй куд гъаза, уотæ. Фæсмон имæ ’рцудæй æма æхецæн  загъта:

– Мæ бæнттæ дони къоси исæфт фæккодтон. Фал ма мин, ехх, нæуæгæй равзаруни барæ ку уайдæ, уæд зундгиндæр разиннинæ, бæргæ.

II

Уæдта бабæй имæ изæд нæуæгæй æртахтæй æма уотæ:

– Аци лагъзи ма цуппар лæвари байзадæй. Равзарæ бабæй нæуæгæй, фал дæ зæрдæбæл дарæ – гъо, ма феронх кæнæ! – рæстæг тагъд тæхуй, лæвæрттæй ба айдагъдæр еу æй ахсгиаг.

Лæг берæ фæррагъуди-багъуди кодта, уæдта равзурста Уарзондзийнадæ. Гъе, фал фæлмæнзæрдæ изæди цæститæ дони ке разилдæнцæ, уой не ’рæстæфтæй.

Берæ-берæ æнзти фæсте ба æ ревæд хæдзари еунæгæй марди кири размæ бадтæй æма бабæй æхецæн дзурдта:

– Еу инней фæдбæл цудæнцæ мæ разæй; нур мæнæ кири хуссуй мæ фæстаг, мæ ахсгиагдæр уарзондзийнадæ дæр. Еу бæлах инней æййафта; аци мæнгард, фудзæрдæ Уарзондзийнадæ мин амонди еунæг сахат рауæйæ кодта, æз ба ин фистон маст æма фудæнхи мингай сахæттæй. Мæ фудæлгъист æ фæдбæл æфтуд фæууæд!

III

– Еу хатт ма равзарæ! – нæуæгæй бабæй загъта изæд. – Æнзтæ дин дæ сæри гъæуама зунд бауагътайуонцæ. Æртæ лæвари ма мæмæ байзадæй, фал си айдагъдæр еу æй аккаг, уой дæ зæрдæбæл дарæ æма бабæй ма фæррæдуйæ.

Гъудити ранигъулдæй лæг, уæдта фæстагмæ равзурста Кадæ. Изæд арф ниууолæфтæй æма фæттахтæй.

Дзæвгарæ  æнзтæ рацудæй, æма бабæй нæуæгæй фæззиндтæй æма  æрлæудтæй, изæрмелти еунæгæй ка бадтæй æма сагъæсти уæзæй ка ниггубур æй, еци лæги фæсте. Æ сагъæстæ цæбæл адтæнцæ, уой изæд хуарз лæдæрдтæй.

«Мæ ном дун-дуйнетæбæл райгъустæй, адæм мæн стаунæй уæлдай неци кустонцæ, æма мæмæ уотæ фæккастæй, цума е хъæбæр хуарз æй. Фал, æдта, ци цубур адтæй еци догæ! Уалинмæ фæззиндтæй хицæ, уой хуæдфæсте ба – фудгойтæ, хахуртæ, æнæуинондзийнадæ, уæдта – æфхуæрдтитæ, гириз, судзийни рæхусти хузæн, æхсилкъæ дзурдтæ. Фæстагмæ фæззиндтæй тæрегъæд, тæрегъæд ба кадæн ингæн æй. О, куд тæрегъæддаг æй номдзуди хъисмæт! Кади цъопбæл бадгæй ибæл хахуртæ цъифæуарæгау фæккæнунцæ, цъоппæй ку рахауй, уæдта ’й билæскъелтæ æма тæрегъæди азар басодзуй».

IV

– Ци киндæуа, равзарæ ма еу хатт, – райгъустæй изæди гъæлæс. – Дууæ лæвари ма мæмæ байзадæй. Дæхемæ игъосунбæл ци фæдтæ? Лæвæрттæй райдайæни дæр айдагъдæр еу адтæй ахсгиаг. Æма ма е нерæнгæ ами æй.

– Есбон, – загъта лæг. – Есбон ку уа, уæд паддзахи бунат дæр дæу уодзæнæй! Мæ сæрæн ци загъдæуа – абони уæнгæ, хъæрæу адтæн! Нур мæмæ амонд æ медбилти бахудтæй, царди сойнæ донау ниуаздзæнæн, ме ’хцатæ ци фæккæнон, уой нæбал зондзæнæн, сæ сугъзæринтти æрттивдæй адæми цæститæ тартæ кæндзæнæнцæ. Е ’нæуинон кæмæн адтæн, ка мæбæл худтæй, етæ цъифизолкъити хузæн мæ рази хелдзæнæнцæ, æз ба сæмæ сæрæй бунмæ кæсдзæнæн, æма ме ’стонг зæрдæ сæ нецæййагдзийнадæмæ кæсунæй бафсæддзæнæй. Дуйнебæл хæзнай муггагæй цидæриддæр ес – мæ къохи уодзæнæнцæ, цийнæй, хуарзæнхæй, уоди æма бауæри фæндуйæгтæй мæ мондæгтæ уадздзæнæн. Æлхæдзæнæн намус, кадæ, стауæнтæ-æппæлæнтæ. Цæветтонгæ, царди æмæнтъери базари мæхецæн пайдайагæй ци уинон, етæ еугурæйдæр мæ къохи æфтуйдзæнæнцæ. Мæ размæ исæвæрдзæнæн ихæс: æлхæнгæ, æлхæнгæ æма æлхæнгæ! Берæ бæнттæ-æнзтæ фесафтон  дзæгъæли, æцæг лæвар равзарун ке нæ базудтон, уой фудæй, фал еци догæ райевгъудæй. Сайд мæбæл нæбал æрцæудзæнæй, раздæри хузæн æнæфæууинд нæбал дæн…

Æртæ анзи æртæ боней хузæн ратахтæнцæ. Æма нур мæнæ лæг æ мæгур къæси, уазалæй гæв-гæвгæнгæ, бадуй, цæсгон – æнцъулдтæ, хузи цъиртт си нæбал ес, ростæ бахаудтæнцæ, цæститæ – еу минкъий ма æрттевунцæ. Бауæр – бугъзурти тухт. Бадуй лæг, сор къæбæр æхсинуй æма æ дæгъал-дугъул игъусуй:

– Бæстæбæл хуарзæнхи муггагæй цидæриддæр ес – сугъд иссæуæд сæ еугуребæл дæр, уомæн æма сугъзæрийнæдони тулд мæнгæттæ-сайæнтæ ’нцæ, адæймагæй гъазæнгъолæ исаразунцæ. Алкæмæн дæр си æ ном мæнгæ ’й. Уæдта син лæвæрттæ исхонæн дæр нæййес – айдагъдæр  рæстæгмæ, хе рахъал кæнунæн  æнцæ. Уарзондзийнадæ, Æхцæуæндзийнадæ, Кадæ, Есбон – етæ царди æцæгтæн уæлæфтауæн, дарæси хузæн æнцæ. Царди ба Маст, Рист, Ходуйнаг æма Мæгурдзийнадæй æцæгдæр неци ес. Изæд мин раст дзурдта: еугур лæвæрттæй айдагъдæр еу адтæй ахсгиаг, нецæййаг кæмæй нæ зæгъдзæнæн, уæхæн. Гъо, нерæнгæ нур балæдæрдтæн, иннетæ бустæги нецитæ æма мацитæ ке адтæнцæ, уой. Амæн ба аргъ нæййес, еугуремæй фæрнугдæр, хæларзæрдæдæр, арфиагдæр, табуйагдæр æй. Е нæ рахонуй, фунтæ кæми нæййес, уæхæн æносон дуйнемæ, нæ зунд, нæ уод, нæ бауæр нин гъезæмарæй ка фæммаруй, еци уотæхсæнтæй, ристæй, мастæй, ходуйнагæй нæ ка багъæуай кæнуй. Корун ди, ковун дæмæ: раттæ мин æй! Бафæллад дæн, мæ фæллад исуадзун мæ фæндуй.

V

Изæд æрбатахтæй æма бабæй æ хæццæ æрбахаста цуппар лæвари, фал се ’хсæн Мæлæт нæ разиндтæй. Æма изæд загъта:

– Еци лæвар æз дзедзедай сабийæн равардтон, мади минкъий хорæн. Е нецима лæдæрдтæй æма лæвар ракæнун мæнбæл баууæндтæй. Ду ба, ци дæ гъудæй, уой дæхуæдæг æвзурстай.

– Гъо, ци æнамонд дæн, ци æнамонд! Мадта ма мин нур а дуйнебæл ци байзадæй?

– Сауæнгæ цифуддæр знагæн дæр зæрдæ ке нæ зæгъдзæнæй, е – Зæрондибонтæ!

 

ЛÆГ ÆМА УОДЕСÆГ

 

Цардæнцæ мæгур лæг æма уосæ. Лæг косгæ берæ кодта, фал сæ цард нæ цудæй. Æ кусти бæркад нæ адтæй. Фонс ба син æгириддæр нæ рæстмæ кодта. Уæд еу бон лæг исфæндæ кодта ескæцирдæмæ кустагор фæццæун. Цæйбæрцæ рацудæй, ка ’й зонуй, фал еу рауæн æ фæллад уадзунвæндæ искодта. Еу бæласи буни аууони æрбадтæй, исиста æ хурдзинæй цихт æма кæрдзин, искувта Хуцаумæ:

– О, хуцæутти Хуцау, хуæздæр арфæ кæмæн ракодтай, мæн дæр  уой æмбал фæккæнæ.

Куддæр кæрдзин æма цихт æрсаста, уотæ ибæл исцурæвæрæ ’й еу бæхгин. Мæгур лæг фусун загъта бæхгинæн. Бæхгин фæрсуй мæгур лæги:

– Ка дæ, кæцæй цæуис?

Лæг ракодта æ царди хабæрттæ. Уæд ин бæхгин уотæ зæгъуй:

– Æз дæн уодесæг, кæд мæмæ игъосис, уæд мæ хæццæ цæуæн. Ду дæхе дохтир искæндзæнæ. Сæйги размæ ку бацæуæн, уæд кæсæ, æма сæйгæн æ къæхти ’рдигæй ку ’рлæууон, уæд зонæ, сæйгæн неци уодзæнæй, æма дæхе дзæбæхгæнæг искæнæ. Кæд æма сæйгæн æрлæууон æ сæр æрдигæй, уæд зонæ, аци сæйгæ нæбал фæййервæздзæнæй. Æма зæгъæ, аци сæйгæн мæнмæ хуасæ нæййес, зæгъгæ.

Мæгур лæг исарази æй. Лæг аллихузон кæрдæгутæ æрæмбурд кодта, иссор сæ кодта æма зелун райдæдтонцæ алли гъæутæ æма сахартæбæл. Уодесæг ин куд байамудта, уотæ адæми дзæбæх кодта. Лæги кой райгъустæй идæрддæбæл. Сæйгæ ку исдзæбæх уидæ, уæд æй лæвæртти буни фæккæнидæ. Мæгур лæги бийнонтæ анзи бонмæ, мæгурдзийнадæ ци ’й, уой нæбал зудтонцæ. Сæ есбойнадæн кæрон нæбал адтæй.

Æнзтæ æнзти æййивтонцæ, уотемæй мæгур лæг æхуæдæг дæр базæронд æй, хуссæнмæ æрхаудтæй. Еу бон ин æхемæ дæр фæззиндтæй уодесæг:

– Дæ бон хуарз, мæ хуарз лимæн, – æрбадтæй æ сæр æрдигæй.

Лæг уой ку фæууидта, уæд æ базмæ фæллæбурдта, фестадæй æма ’й къæхти ’рдигæй райвардта, уотемæй ибæл æ сæр æруагъта. Уодесæг бахудтæй æма сабургай æхе ецирдæмæ байста. Лæг бабæй нæуæгæй баз фелваста, иннердæмæ бабæй æй райвардта. Уодесæг дæр бабæй æ фæсте. Уотæ фæккатай кодта еуцæйбæрцæдæр рæстæг. Уодесæг ин фæттæрегъæд кодта æма ин загъта:

– Хуарз мадта, мæ хуарз лимæн, цæрæ, цалинмæ зæнхæбæл цæрæг уа, уæдмæ, – æма æхуæдæг ба рандæй.

Лæг цæрунтæ байдæдта. Батадæй, нимминкъий æй. Уотæ батадæй, æма ма айки хъозгъи бунат ахæста кæмидæр зæнхæбæл. Уодесæгæй ма адзал коруй. «Адзал, адзал, адзал» кæнуй, фал имæ уодесæг хæстæг нæбал цæуй. Уодесæг дæр æ загъдæн хецау æй.