07 декабря 2024

КÆДÆЙ-УÆДÆЙ ÆНÆРАСТДЗИЙНАДÆ ЕУВАРСГОНД ÆРЦÆУДЗÆНÆЙ

22.06.2024 | 14:58

Уæрæсей нуртæккæ ес, пенсий рацæугæй дæр ма косгæ ка кæнуй, уæхæн аст миллион адæймаги.   Косгæ ма ке кæнунцæ, уой рæуонæй нур цалдæр анзей дæргъи сæ пенситæ индексацигонд нæ цудæнцæ. Еци миуæ цæйбæрцæбæл æнæраст æй, уобæл кæд хъæбæр берæ дзубандитæ цудæй, уæддæр си неци уадæй. Нур еци æнæрастдзийнадæн кæронгонд гъæуама æрцæуа – Уæрæсей Президент Владимир Путини бардзурдмæ гæсгæ  косæг пенсиесгутæн дæр сæ пенситæ цæудзæнæнцæ нæуæгæй индексацигонд.

Хестæр кари адæмæй косгæ ка нæбал кæнуй, уони пенситæ алли анз дæр цæунцæ индексацигонд, инфляций æмвæзадæмæ гæсгæ. Фал фæстаг авд анзей дæргъи ба уони нимæдзæмæ, косгæ ма ка кæнуй, еци пенсиесгутæ нæбал хаудтæнцæ.

Еци ахсгиаг фарстатæмæ нæуæгæй раздахтæнцæ æрæги Петербурги ци Æхсæндуйнеуон экономикон æмбурд арæзт æрцудæй, уоми. Президент байхæс кодта еци фарстамæ цæстдарæг оргæнтæн, цæмæй аллианзон индексацимæ косæг пенсиесгутæ дæр нæуæгæй хаст æрцæуонцæ. Еци закъон æ тухи бацæудзæнæй 2025 анзи 1 февралæй фæстæмæ.

– Экономики айдагъ нæуæг косгутæ нæ гъæуй, фал ма фæлтæрдгун специалисттæ дæр, сæ куст æнтæстгин æма арæхстгинæй ка хæссуй, уæхæнттæ, кæцити бон æй сæ дæсниадæбæл æригон фæлтæри дæр ахур кæнун, сæ зонундзийнæдтæй син хай кæнун, – баханхæ кодта Президент. – Мах ихæс æй, пенсий карæмæ ка исхъæрттæй, фал ма кустгъон уогæй, æ бон пайда хæссун кæмæн  æй, уони фарс фæххуæцун. Финансон æма бюджетон фæрæзнитæ нæмæ ке нæ фагæ кодта, уомæ гæсгæ косæг пенсиесгутæбæл нæ парахат кодта индексаци. Миллионгай адæймæгутæмæ ци фарста хауй, уой ниллух кæнун афонæ, махмæ гæсгæ, ралæудтæй. Нуртæккæ нæмæ ес фагæ фæрæзнитæ, цæмæй нæ рахаст унаффæ кæронмæ исæнхæст кæнæн, уомæн.

Косæг пенсиесгути индексаци уорæд æрцудæй 2016 анзи, уой размæ нæ бæстæ устур къулумпидзийнæдтæ ке бавзурста, уомæ гæсгæ. Нуртæккæ нæ экономикæ æндæр уавæри æй.

Уæрæсей æгуст адæми нимæдзæ хъæбæр ниллæг æй нуртæккæ, уомæ гæсгæ ба косун ке фæндуй, уонæн еугур фадуæттæ дæр аразун гъæуй архайунæн.

Косæг пенсиесгути пенситæ индексаци кæнуни гъуддаг сæ никки разæнгарддæр кæндзæнæй, цæмæй æхсæнадæн дæр пайда  хæссонцæ, уæдта кустгъон уогæй, косгæ дæр кæнонцæ. Уæрæсей Федераций хецауади рази Финансон университети доцент Игорь Белынин куд зæгъуй, уотемæй аци анзи 1 апърели уæнгæ Уæрæсей адтæй 40,98 миллион пенсиесæги, уонæй ба ма 7,78 миллиони нерæнгæ косгæ кæнунцæ.

Æма пенсиесгутæн сæ 19 процентемæн сæ песнитæ æрцæудзæнæнцæ индексацигонд, сæхе æййевгæ цæудзæнæнцæ сæ пенсион бартæ дæр.

– Иннæ ахсгиаг фарста – социалон рæстадæ фæстæмæ æрфедар кæнун. Нерæнгæ ма косуни хъаурæ æма фадуат кæмæн ес, еци пенсиесгутæ-косгутæ дæр гъæуама пайда кæнонцæ æмхузон бартæй æнæкосæг пенсиесгути бæрцæ, – зæгъуй еци Финансон университети профессор Юлия Тюрина.

Е куд фæннисан кодта, уотемæй, кæд финансон хæрзтæ фæффулдæр уодзæнæнцæ, уæддæр нæ бæсти экономикæ еумæйагæй райсгæй ба рамолдзæнæй.

– Уæрæсей бийнонти æфтуйæгтæ фæффулдæр уодзæнæнцæ, уой хæццæ ба нæхе продукци æлхæнгути нимæдзæ дæр. Нæ бæсти экономики идарддæри ирæзтадæн е фæууодзæнæй фулдæр пайдахæссæг рахуæцæн, – зæгъуй Юлия Тюрина.