КÆНДЗИНАН УÆДДÆР БЕРÆ ÆНЗТИ МАХ Æ НОМЕРÆН ЗАР!..
…Чикола немуцаг-фашистон æрбалæборгутæ байахæстонцæ 1942 анзи фæззæги. Батальони командир æрæмбурд кодта æфсæддонти æма син гъуддаг лæдæрун кæнуй:
– Мах базонун гъæуй, немуц циуавæр хъауритæй архайуй, сæ штаб кæми æй æма сæмæ идарддæр ци фæндæ ес, уой. Уони ку исбæлвурд кæнæн, уæд нин æнцондæр уодзæнæй æрбалæборгути хæццæ тохун.
Махъоти Алихан æ бунатæй фестадæй æма загъта:
– Мæн рарветæ тъасхи.
Командир деси бацудæй:
– Æма ду тъасхæгæнæг ку нæ дæ, фал пулеметæй æхсæг, уомæй дæр роти командир.
– Гъо, пулеметæй æхсæг дæн, фал æз еугуремæй дæр хуæздæр исæнхæст кæндзæнæн тъасхæгæнæги куст, – загъта Алихан, – уомæн æма ардигон дæн, Чиколай райгурдтæн, ами ахур кодтон скъолай.
– Е æндæр гъуддаг æй, ами бунæттæ, æвæдзи, хуарз зонис… Цæй, куд? Лейтенант Махъой-фуртæн бабарæ кæнæн аци ихæс? Тугъдон командир ке æй, уой нæ еугурдæр зонæн.
Æцæгæйдæр, уæди агъоммæ Алихан тухтæй Хонсайраг æфсади хæццæ, архайдта Цæгат Кавкази, Фæскавкази фронтти, нур ба æ райгурæн гъæумæ æрбахаудтæй. Ардигæй 1940 анзи бацудæй ахур кæнунмæ Орджоникидзей фестæг æфсæддон училищемæ.
…Изæрæй Махъоти Алихан е ’мбæлтти хæццæ, тохæндзаумауæй ефтонг уогæй, багъузтæй Ирæфи билæмæ, е ’скæсæйнаг билгæрæнтти сосæггай багъузтæй Чиколайæй минкъий изолдæр Дзæгъепбарзмæ, æ них исаразта æ зонгæ зæронд ахургæнæги хæдзарæмæ. Тъасхæгæнгутæ хæдзари алливарс сæхе æрримахстонцæ, Алихан дуар гъавгæй бахуаста.
– Кæци дæ? – райгъустæй медæгæй нæлгоймаги гъæлæс.
– Хеуæнттæ ан, байгон кæнæ дуар, – нидæн гъæлæсæй дигоронау загъта Алихан. Дуар сабургай байгон æй. Зæронд æфсæддонти ку фæууидта, Алихани ку базудта, уæд æ десæн кæрон нæбал адтæй.
– Ду дæ, Алихан? Кæцæй фæдтæ?
– Фæстæдæр дин лæмбунæг радзордзæнæн хабæрттæ. Нур ба хъæбæр æнæевдæлон ан. Дæ агъаз нæ гъæуй. Гъæуи знæгтæ кæми æрæнцадæнцæ?
– Æрбадайтæ, фæйнæ комидзаги искæнетæ…
– Нæ, рæстæг махмæ не ’нгъæлмæ кæсуй.
Ахургæнæг син радзурдта: знаги афицертæ æма æфсæддонтæ æрбунат кодтонцæ скъолай азгъунсти. Гъæуайгæстæ æрæвардтонцæ аллирдигæй, сæ бацæуæнтæ æхгæд æнцæ.
Алихан ин райарфæ кодта, хуæрзæхсæвæ загъта зæрондæн æма скъолай æрдæмæ фæннæхстæр æнцæ, цæугæ-цæун унаффæ рахастонцæ: ниццæвун гъæуй гитлеронти. Скъоламæ хæстæг бацудæнцæ, гъæуайгæс автомати хæццæ дууердæмæ куд рацо-бацо кодта, уой саудалинги æрæстæфтæнцæ. Дууемæй фæстети багъузтæнцæ æма ’й фæссабур кодтонцæ. Дууæ-æртæ минуттей фæсте ба гъуддаг конд адтæй. Махъой-фурт е ’мбæлтти хæццæ æрбаздахтæй штабмæ, уацари ци афицерти райста, уони бунатбæл исæмбæлун кодта, ци документтæ байста знагæй, етæ дæр ахсгиаг разиндтæнцæ, уонæй базудтонцæ немуци пълæнттæ. Аци цауи туххæй лейтенант Махъоти Алиханæн лæвæрд æрцудæй фиццаг хецауадон хуарзæнхæ – майдан «За боевые заслуги».
Немуц Иристони зæнхæбæл берæ нæ фæххаттæнцæ. Сурх Æфсади хæйттæ син бæрзæйсæттæн цæф никкодтонцæ æма ледзæги фæцæнцæ. Бæгъатæрæй тухтæй 295-аг æхсæг дивизий рæнгъити Махъоти Алихан, иннети хæццæ уæгъдæ кодта горæттæ Нальчик, Пятигорск, Кисловодск, Ессентуки, Армавир, Краснодар. Махъой-фурт, батальони командир уогæй, уæззау цæф фæцæй, фал æ хаййи байзадæй, æхе дзæбæх кæнунмæ некумæ бакумдта.
Еу афони сгаргутæ фегъосун кодтонцæ, станцæ Трудолюбовки знаг тухгин ке æрфедар æй, уой туххæй.
Дивизий командир болкъон Филатов фæдздзурдта, цæмæй равзаронцæ нимпурсунмæ сæрмагонд къуæрттæ. Еци къуæрттæй еуей сæргъи æрлæудтæй хестæр лейтенант Махъоти Алихан. Æ къуари разæй æрæвардта дзармадзантæ, уотемæй станцæмæ балæбурдтонцæ æма сæ бон бацæй немуци расорун уордигæй. Лæгдзийнадæ æма æхсарæ ке равдиста, уомæ гæсгæ Алиханæн лæвæрд æрцудæй Сурх Турусай орден.
Советон æфсæдтæ 1944 анзи Днепри сæрти бахезунмæ сæ уод гъардтонцæ. Аци цæугæдони иннæ фарс немуц ци агъазиау федæрттæ исаразтонцæ, уони ниддæрæн кæнун ихæсгонд адтæй Махъоти Алихани батальони æфсæддонтæн. Аци рауæн Днепри уæрхæ æй дууæ километремæ хæстæг, никки ба ма Украини еци уалдзæг уарунгун фæцæй æма цæугæдон æ билгæрæнттæй ракалдæй. Алихани багъудæй бæлæгътæ агорун, цæмæй уони фæрци æнцондæрæй байервазтайуонцæ æхсæвигон дони иннæ фарсмæ.
Цубур рæстæги фæсте Алихан фегъосун кодта уæлдæр командиртæн: æ батальон цæттæ ‘й нимпурсунмæ. 13 мартъий æхсæвигон бæлæгъти банакæ кодтонцæ тъасхæгæнгутæ, сапертæ, пулеметæй æхсгутæ, сæ хæццæ Алихан дæр. Æхсæвæ райдæдта уарун, кодта думгæ, талингæй æгириддæр неци зиндтæй. Знаг æрбалæборунæй нæ тарстæй, гъома уæхæн рæстæг ка тохуй, уæлдайдæр ба уæхæн цæугæдони сæрти ка бандеудзæнæй. Цæугæдони нигулæнмæ ку бахъæрдтæнцæ, уæд бæлæгътæ фæстæмæ иннетæмæ рарвистонцæ, Алихани къуар ба, гъуддагæн ка неци лæдæрдтæй, еци фашисттæбæл ралæудтæнцæ, бæгънæгутæй фæйнердæмæ лигъдæнцæ æма сæ мæлæт ирдтонцæ.
Уотемæй æнæгъæнæ дивизи донуордæг фæцæй æма знаги басастонцæ.
Арæхстгин разамунд ке лæвардта Днепри сæрти бахезунбæл тугъдтити рæстæг æма агъазиау лæгдзийнадæ ке равдиста, уой туххæй Махъоти Алихан 1944 анзи 3 июли хуарзæнхæгонд æрцудæй Ленини орденæй.
Чииколай фицаг астæукаг скъола хæссуй Советон Цæдеси Бæгъатæр Махъоти Алихани ном, уой туххæй æ бацæуæни фарсбæл æвæрд æй номерæн къæйдор фæйнæг (галеуæрдигæй) Махъой-фурт Дзæуæгигъæуи ци хæдзари цардæй, уой фарсбæл дæр æвæрд æй номерæн къæйдор фæйнæг; Чиколай Æнсувæрон уæлмæрдти Махъоти Алихани цирти рази номерæн мадзали исæмбалдæнцæ æ хеуæнттæ (рахесæрдигæй галеуæрдæмæ) Дзагурти Джабраил, æ кизгуттæ Фатимæ æма Ларисæ, Махъоти Таймораз, Сакъити-Цæрикъати Розæ, Гулчети Аслан.
Не ’фсæдтæ размæ æмпурстонцæ. Бахизтæнцæ цæугæдæнттæ Хонсайраг Буг æма Днестрбæл. Еци тугъдтити рæстæг Алихани æфсæддонтæй еу дæр нæ фæгъгъудæй, лæвардта дæсни разамунд æма ин лæвæрд æрцудæй Фидибæстон тугъди фиццаг къæпхæни орден.
Не ’фсæдтæ 1944 анзи сæрди искæдзос кодтонцæ знагæй Украини нигулæн районтæ æма сæ них исаразтонцæ Европи иннæ бæститæ гитлерон æрбалæборгутæй исуæгъдæ кæнунмæ. Советон Æфсад фиццагидæр æ агъази къох кæмæ бадардта, е адтæй Польшæ. Ами дæр Махъоти Алихани батальон æхе лæгигъæдгунæй равдиста, фиццæгти хæццæ бахизтæнцæ цæугæдон Вислæбæл æма дæрæн кодта фашистти. Алихан бабæй фæццæф æй, бæргæ нæ кумдта госпитæлмæ, фал æй уæддæр, берæ тог си ке фæгъгъудæй, уомæ гæсгæ ба ’й æвæстеуатæй исæмбæлун кодтонцæ дохтиртæбæл. Госпитæли уогæй берæ хæттити æхе курдта тугъди будурмæ æма фæстагмæ исæнхæст æй æ курдиадæ: нæуæгæй æрвист æрцудæй фронтмæ.
– Майор Махъой-фурт, уæ бæрнæхсти уогæй, идарддæр цæттæ ‘й е ’фсæддон службæ хæссунмæ! – раст æрлæудтæй æхсæн полкки командири рази.
– Идарддæр службæ зæгъис, – бафарста дæлболкъон Чайкæ æма имæ лæмбунæгдæр бакастæй. – Мæнмæ гæсгæ, кæми дæр фембалдан.
– Гъо, фембалдан. Æз дæр аци дивизий тухтæн, æцæг æндæр полкки.
– Мах дивизий? Кæми? – десхузæй бафарста Чайкæ.
– Гъуди кæнис Нальчик, станцæ Добролюбовкæ, Херсон?
– Гъо, гъо, гъуди кæнун. Ду уæд командæ кодтай раззагдæр батальонæн. Раззæгти хæццæ бахизтæ Днепр, Буг, Днестри сæрти. Дæу туххæй еци рæстæг берæ дзубанди цудæй… Нæма феронх дæ, разæй куд цæун гъæуй, уой? Нур дæр дæ разæй ка цæудзæнæй, уæхæн батальони сæргъи ниввæрдзинан, æвæдзи, – загъта Чайкæ , бæрæг адтæй, Алихани дзуапп æ зæрдæмæ ке фæццудæй, е:
– Е хæстæгдæр тугъдтити рабæрæг уодзæнæй.
Æма, æцæгæйдæр, Чайки мæйæ æмæ æрдæги фæсте курдиадæ финсун багъудæй, цæмæй Махъоти Алиханæн Советон Цæдеси Бæгъатæри ном раттонцæ, уой туххæй. «1945 анзи 26 мартъийæй 2 маймæ цæугæдон Одери рази ци мæлæтдзаг тох цудæй, уоми Алихан равдиста æхе æндиудæй, тæккæ уæззаудæр уавæр ку исæвзурдæй, уæд Махъой-фурт гранатти басти хæццæ æ фазæбæл бабурдæй, æ хæццæ ба иннæ сурхæфсæддонтæ дæр æма цубур рæстæгмæ знаг тугъди будури ниууагъта аст содзгæ танки… Майор Махъой-фурти дæсни разамундæй, æ лæгигъæдæ æма æхсари фæрци æ бон бацæй знаг æруорамун…»
Махъой-фурт бабæй кæд фæццæф æй, уæддæр æ тохун нæ ниууагъта, æ батальонæн Берлини гъæунгти тугъдтити лæвардта дæсни разамунд, байахæстонцæ вокзал æма сахари цуппар квартали.
«Берлини тугъдтити Махъоти Алихан æ батальонæн æмбæлгæ хузи разамунд ке лæвардта, æхсарæ æма лæгдзийнадæ ке равдиста, уой туххæй Махъоти Амурхани фурт Алихан æй Советон Цæдеси Бæгъатæри номи аккаг», – финста полкки командир Чайкæ. Еци фæндони фарс рахуæстæй фæндзæймаг æфсади командæгæнæг инæлар – болкъон Н. Э. Берзарин, фиццаг Белоруссаг фронти командæгæнæг Советон Цæдеси Маршæл Г.К. Жуков. Æма 1946 анзи 15 майи ССР Цæдеси Сæйраг Совети Президиуми Указмæ гæсгæ Махъоти Алиханæн лæвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном.
Уæлахезонæй исæздахтæй Махъоти æхсаргин тугъдон Иристонмæ æма хъазауатонæй бавналдта ихæлд адæмон хæдзарадæ æ къæхтæбæл ислæуун кæнунмæ. берæ æнзти дæргъи разамунд лæвардта адæмон хæдзарадон аллихузон къабæзти кустуæттæн, æма ин кæмидæриддæр косгæ рауадæй, уоми æхе бавдиста арæхстгин æма хъæппæресгин разамонæгæй, куд хуæрзæгъдаугин æма адæмуарзон адæймаг, уотæ ‘й дзиллæ дæр берæ уарзтонцæ, кадæ ин кодтонцæ…
МАХЪОТИ Амурхани фурт Алихан райгурдæй 1922 анзи 17 июли Чиколай хумæтæг зæнхкосæги бийнонти. Гъæууон скъолай аст къласи каст фæууогæй куста колхози бухгалтерæй. Советон Æфсадмæ имæ фæдздзурдтонцæ 1941 анзи январи. Орджоникидзей тугъдон фестæгæфсæддон училище 1942 анзи каст фæууогæй æрвист æрцудæй фронтмæ. Батальони сæргъи уогæй, бавдиста устур æфсæддон дæсниадæ, е ’мтохгæнгути хæццæ æнтæстгинæй æнхæст кодтонцæ сæ размæ æвæрд ихæстæ.
Уæлдай хъæбæрдæр ба Махъой-фурт фескъуæлхтæй Берлин байсунбæл тугъдтити рæстæг, æма ин уой туххæй исаккаг кодтонцæ Советон Цæдеси Бæгъатæри ном – еци цитгин ном ин лæвæрд æрцудæй 1946 анзи 15 майи.
Æфсади рæнгъити фæцæй 1956 анзи уæнгæ. Уой фæсте ба иссудæй æ райгурæн Иристонмæ, куста аллихузон хæдзарадон къабæзти разамонæгæй.
Æ тугъдон æскъуæлхтдзийнæдти туххæй хуарзæнхæгонд æрцудæй Ленини дууæ орденемæй, Сурх Турусай, Александр Невскийи, Фидибæсти тугъди I къæпхæни ордентæй, берæ майдантæй. Æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 1981 анзи 27 мартъий, нигæд æй Чиколай æфсæддон уæлмæрдти – уоми нигæд æнцæ, Алиханæн Устур Фидибæстон тугъди рæстæг æ райгурæн зæнхæбæл немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ тугъдтити æ тугъдон æмбæлттæй ка фæммард æй, етæ, æма уомæ гæсгæ æхуæдæг ниууосиат кодта, гъома, уоми мæ байвæрдзинайтæ, ме ‘мтохгæнгути фарсмæ æй мæнæн дæр ме ‘носон бунат.
Нæ Иристони номдзуд бæгъатæри ном æносон кадæ æма намусæй цæруй æ уарзон дзилли зæрдити, нæ абони цардарæзти. Æ номбæл ес гъæунгæ Чиколай, æ ном хæссуй, кæддæр æхуæдæг кæми ахур кодта, Чиколай еци скъола, æ фарсбæл æвæрд æрцудæй мемориалон мраморон фæйнæг. Уæхæн фæйнæг æвæрд æй, Дзæуæгигъæуи ци хæдзари цардæй (Бутырини гъæунгæ, 8), уой фарсбæл дæр.
МАХЪОТИ АЛИХАНИ ЗАР
(Ниффинста æй Чиколай цæрæг БУДТУТИ Сулейман)
Гъей, Дæдæй[1], сæумæ талингæй
Æз ку райгъустон æнамонд хабар,
Гъей, зæгъуй, нæ рохс бæстæмæ
Æрбалæбурдта Гитлери цъаммар…
Гъей, Дæдæй, знаги нихмæ
Исистадæнцæ Советон адæм
Гъей, Дæдæй, мæнæн дæр гъенур
Ку нæбал ес сабурæй бадæн.
Гъей, Дæдæй, æз дæр абони и тохæнгæрзтæ
Есун мæ къохмæ,
Гъей, æма, знаги нихмæ
Ку нæхстæр кæнун хъазауатон тохмæ.
Гъей, Дæдæй, ма æнкъард кæнæ,
Нифсæйдзаг ку æй дæ исгъомбæлгонд
Гъей, Дæдæй, æфсæддони ном
Сауæнгæ кæронмæ хæсдзæнæн бæрзонд.
Гъей, Дæдæй, гъæубæсти размæ
Ку дæттун дæуæн фурти федар дзурд,
Нæ фæттæрсдзæнæй знаги цæфæй
Дæ бæгъатæр фурт…
Гъей, Дæдæй, ку фæттæрса, ку
Цъаммар знагæй де ’сгъомбæлгонд фурт,
Гъей, Дæдæй, мæ фæлмæн мадæ,
Дæ реуи æхсир дин фæккала маргæй.
Гъей, Дæдæй, нифсæйдзаг уогæй,
Размæ бурсдзæнæн и тохи карзи,
Æма бæгъатæрдзийнадæй
Бафæнздзæнæн Нарти Батрази.
Гъей, Дæдæй, знаги соргæй
Иристон – Берлин мæ тохи фæндаг,
Гъей, æма бæгъатæр тохи
Æрцудæй пурхгонд нæ цъаммар знаг…
Гъей, Нана, нæ уарзон мадæ,
Дæ сахъ Алихан, дæ дессаг игурд
Устур кадгинæй исæнхæст кодта,
Исæнхæст кодта æ федар дзурд.
Гъей, æма тохи медæгæ,
Ку разиндтæй е бæгъатæртæй еу,
Гъе, Нана, æ хуæрзеуæгæй хорау ку ходуй,
Хорау нур æ реу…
Гъей, Нана, нæ устур бæсти
Ку райгъустæй, ку æ дессаги кой.
Гъей, зæгъгæ, нæ хецауадæ
Равардта уомæн устур ном – Герой!
Фал бастъалдæй нур цæрунгъæуагæй
Нæ хуæздæр хæлар,
Кæндзинан уæддæр берæ æнзти мах,
Æ номерæн зар.
[1] Алихан æ мади фæсномугæй Дæдæй худта.