03 декабря 2024

КÆРÆДЗЕЙ ЛÆДÆРГÆЙ, ЕУМÆЙАГ САБУР ЦАРД АРАЗГÆЙ!..

03.11.2020 | 19:54

ХЕКЪИЛАТИ Маринæ, журналист

Рагон дзамантæй абони уæнгæ дæр адæм уæлдай хъæбæрдæр цæмæ бæлдтæнцæ æма нерæнгæ дæр бæллунцæ, уонæн сæ сæйрагдæр æй сабур цардарæзт – бийнонти медастæу, гъæубæсти медæгæ, иннæ адæмихæттити хæцæ. Уомæн берæ æвдесæнтæ æрхæссæн ес, æцæгæй ка адтæй, уæхæн цаутæ æма хабæрттæй, адæмон исфæлдистади таурæхътæй. Уонæн сæ еугурей кой ракæнуни равгæ нин нуртæккæ нæййес, фал си уæддæр еу æримисæн – ка ’й зонуй, игъосгæ дæр ‘й фæккодтайайтæ, фал æй уæддæр еума хатт зæрдæбæл æрлæуун кæнун æнгъезуй æ медеси дессаг зундамунддзийнади туххæй.

Цæветтонгæ, еу лæгæн берæ фурттæ адтæй, фал кæрæдзебæл æхцул нæ адтæнцæ æма сæ цард нæ цудæй. Уæд сæмæ еууæхæни фидæ фæдздзурдта тургъæмæ. Къумæй син уесойнæ рахæссун кодта æма син загъта:

– Абони гъæуама уæ хъаурæ бавзарайтæ уесойнæбæл. Ка ’й расæтта, е уодзæнæй тæккæ хъаурæгиндæр.

Фурттæ еугæйттæй фæййархайдтонцæ баст уесойнæ фæддууæ кæнунбæл, фал сæ къохи нæ бафтудæй. Уæд син фидæ уотæ:

– Ардæмæ ’й рахæссайтæ.

Фидæ уесойнæ райста, райхалдта ’й æма ’й уесгай сæттун райдæдта.

– Уотæ, мæ хортæ, сумах дæр æнгом ку уайтæ, уæд уин неке неци кæндзæнæй, уæ цард фæрнгундæр уодзæнæй…

Уотæ зæгъгæй, сæ фидæ син ниффæдзахста:

– Еугæйттæй ба уæбæл алкедæр тухæ кæндзæнæй, уæ гъомус – минкъийдæр. Æма кæрæдзей уарзетæ.

Аци цау æнсувæртæн зунди хуасæ фæцæй.

Бæргæ, махæн, нури цæрæг дзиллæн дæр аци таурæхъ зунди хуаси хузæн агъазгæнæг ку фæууидæ. Уæлдайдæр ба, Советон Цæдеси медæгæ хæларæй ци адæмтæ цардæнцæ, етæ уой фехæлди фæсте ке ниххæлеутæ æнцæ, кæмидæрти ба ма ке фæккæрæдземæ ’нцæ, гъе уомæ гæсгæ.

Хуарз æма нуртæккæ уавæр хуæздæрæрдæмæ æййевуй æхе. Куд зонæн, уотемæй уой фæдбæл арæзт æрцудæй сæрмагондæй «Уæрæсей Федераций паддзахадон национ политики стратеги 2025 анзи уæнгæ æмгъудмæ».

Аци стратеги федаргонд æрцудæй 2012 анзи. Цуппар анзей фæсте ба уæлдæр хецауадон оргæнтæ райстонцæ федералон программæ. Уоми нисангонд æрцудæнцæ бæлвурд мадзæлттæ национ политики ахсгиагдæр фарстатæ лæмбунæгдæр æнхæст кæнуни фæдбæл.

Уæрæсей Федераци æй, дуйней паддзахæдтæй фулдæр адæмихæттитæ кæми цæруй, уонæй еу. Цæруй си 193 адæмихатти. Сæ фулдæр æности дæргъи цæрунцæ нуртæкки Уæрæсей паддзахади зæнхæбæл. Етæ еугурæй дæр устур æвæрæн бахастонцæ еумæйаг паддзахади социалон-экономикон æма культурон райрæзтмæ.

Нæ республикæ дæр æй берæнацион – цæруй си сæдæй фулдæр аллихузон адæмти минæвæрттæ. Æнæмæнгæ зæгъун гъæуй уой, æма уонæн сæ динтæ, сæ традицион æгъдæуттæ, кæд фæйнæхузон æнцæ, уæдæр цæрунцæ кæрæдзей лæдæргæй. Уæрæсей Федераций федералон программæмæ гæсгæ, 2019 анзи федаргонд æрцудæй Цæгат Иристон-Аланий национ сæрмагонд программæ аллихузон дæлпрограммити хæццæ. Ес ма нæмæ, не ’мзæнхонтæй Уæрæсей алли рауæнти, уæдта фæсарæнти дæр ка цæруй, уони хæццæ бастдзийнæдтæ федар кæнуни æма æмгустади туххæй сæрмагонд программæ дæр.

Нæ республикæй еуварс ци цаутæ æрцæунцæ, етæ дæр цийфæнди нæ фæуунцæ нæ республики адæмæн. Зæгъæн, абони Армени æма Азербайджани æхсæн ци нихмæлæуд æма хæлхъойтæ рауадæй, етæ сагъæссаг æнцæ мах дзиллæн дæр. Æма нæ республики медæгæ азербайджайнаг æма сомехаг цæргути ’хсæн цæмæй лæгъузæрдæмæ ма фæббæрæг уонцæ се ’хсæн рахастдзийнæдтæбæл, уой туххæй нæ республики бæрнон косгутæ цалдæр хатти фембалдæнцæ еци адæмти национ-культурон центрти разамонгути хæццæ.

Зæгъун гъæуй уой, æма дууæ адæмихаттей минæвæрттæ дæр балæдæрдтæнцæ, нæ дзилли сагъæс цæбæл æй, уой, æма сæ гъуди æргомæй загътонцæ: Иристон еци бунат нæй, Нагорный Карабахи лухкæнуйнаг фарста кæми æвзарæн.

Кæрæдзей лæдæргæй, сабур цард кæнун, терроризм æма экстремизми нихмæ тох кæнун, культурæ æма æвзаг багъæуай кæнун – е æй сæйрагдæр нисан æма уомæ гъæуама тундзæн идарддæр дæр.