07 декабря 2024

КÆРÆДЗЕЙ ТÆМÆССАГТÆ ХУÆЗДÆР ЗОНГÆЙ, АДÆМТÆН СÆ ЦАРД АЛÆМÆТТАГДÆР КÆНУЙ…

05.08.2022 | 16:01

Номдзуд ахургонд Александр Потебня кæддæр уотæ загъта: «Еугур адæмтæй еу адæм исаразæн ку уайдæ, уæд æ исæфт æрцæуидæ еугурадæмон гъудийæн. Берæ кемæнтæ еуæй баййевæн куд ес?.. Адæймаг цæмæй цæра, уой туххæй æй гъæуй æндæр адæймæгутæ, адæм цæмæй цæронцæ, уой туххæй сæ гъæуй æндæр адæмтæ…»

Аци загъди зундамонæн нимади ци æхсæнади нæ уа, уомæн æ исонибон хъæбæр сагъæссаг уодзæнæй…

Советон доги устур æргом æздæхт цудæй уомæ, цæмæй нæ бæсти цæрæг адæмтæ уодварни хæзнадзийнæдтæй хайгин уонцæ еугурæй дæр. Фал Советон Цæдеси фехæлди хæццæ еци гъуддагмæ фагæ æргом æздæхт нæбал цудæй. Хуарз æма ‘й нур лæдæрун байдæдтан е цæйбæрцæбæл æнæраст æй. Æма уавæр фæххузæнон кæнунмæ æздæхт цæуй бæлвурд æргом. Уонæн сæ ахсгиагдæр – аци анз Уæрæсей нимад ке цæуй адæмон исфæлдистади æма æнæматериалон культури Анзбæл. Уомæ гæсгæ арæзт цæуй аллихузон мадзæлттæ мах республики дæр. Зæгъæн, цалдæр боней размæ Цæгат Иристони Национ музейи байгон æй равдист-армукъа. Республики цæргутæ æма иуазгутæ си базонгæ ‘нцæ рагон уруссаг æрмиади хæццæ, етæ ‘нцæ оренбургаг сæрбæттæнтæ, елецкаг нивæфтудтæ, Дæллаг Новгороди керамикæ, Цхинвали авгæбæл хузæкæнуйнадæ æма Севастополи цъоппæй конд дзаумæуттæ.

Цæгат Иристонæй æвдист цæуй авторон куклатæ, æрхи æма гъæдæрмæгæй конд дзаумæуттæ, дорбæл хузæгæнгути куститæ, традицион ирон кæрдтæ æма æндæр куститæ. Уомæй уæлдай ма, равдист-армукъа исрæсугъд кодтонцæ ветрарийти композицитæ æма республики ювелирти куститæ. Никки ма æвдист æрцудæнцæ скифаг хотухти хузтæ.

Æригон дизайнертæ æма парфюмертæ, косметикæгæнæг иуазгути базонгæ кодтонцæ «Сделано в Алании», зæгъгæ, уæхæн нисани хæццæ уагъд продукций хæццæ.

Хонсар Иристонæй сæ куститæ æрбаластонцæ гъæдæрмæгæй аразгутæ æма национ уæледарæс хуйæг дæснитæ.

Равдисти хай «Фарн»-и (Станиславскийи гъæунгæ, 4) Иристони нимæти Хæдзари цæуй нимæтон фестиваль, хуннуй уотæ «Нимæтфестиваль». Уомæй уæлдай ма, уодзæнæй конкурс цæгатиристойнаг нимæткустгæнæг дæснитæн.

Проект аразунæн фæййагъаз кодта Президентон грантти фонд, грантти фæрци армдæсниадæ иснæуæг æй Цæгат Иристони, е æнæргъудигонд адтæй берæ рæстæг.

– Арфæ кæнун нæ иуазгутæн, ке нæмæ ‘рбацудæнцæ, ке базонгæ ‘нцæ аци дæснити кустити хæццæ, уой туххæй. Ами исæмбурд æнцæ аллихузон сахарти армæйдæснитæ, равдистæн сæ фулдæр куститæ æнцæ Цæгат Иристонæй, етæ ‘нцæ хъæбæр цæмæдесаг, ирд æма рæсугъд. Нæ равдистæн æ сæйраг нисан æй айдагъ нæ республики цæргути нæ, фал ма иуазгути дæр базонгæ кæнæн, нæ рагфидтæлтæ ци армæйдæснидзийнадæбæл хуæст адтæнцæ, уой хæццæ, – загъта равдист исаразæг Бзарти Аланæ.

Равдисти иуазгутæн арæзт æрцæудзæнæнцæ интерактивон фæзтæ, уоми сувæллæнттæн сæ бон уодзæнæй рагъазун рагон гъæзтитæй æма фæууинун, рагон дзаманти нæ адæм куд цардæнцæ, уой. Никки ма арæзт æрцудæнцæ мастер-класстæ алдæнбидæй æма национ сæрбæттæнти бид цилле, нимæткустгæнгути куститæй. Равдесдзæнæнцæ, рæнттæ куд кæнунцæ, еци удмуртаг техникæ. Уолæфæн бæнтти æртæ сахаттемæй фæстæмæ музейи тургъи уодзæнæй фольклорон коллективти равдист.

Цæудзæнæй авд боней дæргъи.

ХЕКЪИЛАТИ Маринæ