КАВКАЗБÆЛ ТОХИ НАМУС – ÆНОСОН…
07.05.2022 | 14:28
Устур Фидибæстон тугъди рæстæг Кавказбæл тугъдтити рæстæг Сурх Æфсади фæууæлахези ахедундзийнадæ цæйбæрцæбæл агъазиау иссæй, уомæн берæ æвдесæнтæ æрхæссун æнгъезуй. Уонæй еу – ССР Цæдеси Сæйраг Совети Президиуми Указæй 1944 анзи 1 майи сæрмагондæй нисангонд æрцудæй майдан «Кавказ багъæуай кæнуни туххæй», æма ‘й исаккаг кодтонцæ æхсæзсæдæ адæймагемæй фулдæремæн.
Аци анзи кæрони цуппаринсæй анзи æнхæст кæнуй, Цæгат Иристон æнæгъæнæй дæр сæребарæгонд ку ‘рцудæй немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй, уобæл. Уой фæдбæл нæ газети сæрмагондæй мухур кæнæн æрмæгутæ. Уонæй еу уац кæсетæ абониккон номери дæр (4-5-аг фæрстæбæл).