18 апреля 2024

КЕ ЦÆСГОН КУД ХУÆЦУЙ…

27.10.2020 | 10:02

Аци бæнтти адæми хъæбæр ци хабар батухсун кодта, е адтæй дзоли аргъ ке фæхъхъазардæр æй, е. Уомæ гæсгæ арæзт æрцудæй, еци фарста бахузæнон кæнунбæл ка косуй, уæхæн сæрмагонд хецауадон къамис. Уой иуонгтæн республики дзолфицæг кустуæтти агъазиаудæр разамонгути хæццæ фембæлгæй, бадзубанди кодтонцæ, цæмæй дзоли аргъбæл дæс проценттемæй фулдæр æфтуд ма æрцæуа, гъома, еу дзоли аргъ тукæнтти 22 сомемæй хъазардæр гъæуама ма уа. Неке фауæн, фал уæйæгæнгутæй еуетæ, фурпайдабæл архайгæй, фегæр кæнунцæ æргъти гъуддаг. Уой хæццæ ба ма уой дæр зæгъун гъæуй, æма дзол уæйæгæнгутæй ба кадæртæ ин æ аргъбæл æгириддæр нæ бафтудтонцæ æма ‘й раздæри хузæн 20 сомебæл уæйæ кæнунцæ нур дæр, мадта кадæртæ ба си хецæн тæрхæгутæбæл æвæрунцæ дзолтæ, цæмæй сæ лæвар есонцæ, æ балхæнуни равгитæй дæр æгудзæг ка ‘й, етæ… Куд фæззæгъунцæ, ке цæсгон куд хуæцуй, уотæ даруй æхе…