11 октября 2024

КЕДÆР ÆГУДЗÆГДЗИЙНÆДТИ ФУДÆЙ АДÆМ ЦÆМÆН ГЪЕЗÆМАРÆ КÆНОНЦÆ?..

09.09.2023 | 23:57

Ацал-ауал анзей дæргъи дзурдæуй не ’хсæнадон транспорти лæгъуз кусти туххæй. Дзубандитæ бæргæ раст æма берæ фæуунцæ, фал уонæй гъуддаг æгириддæр нæ хуæздæр кæнуй. Нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло æрæги алликъуæреуон æмбурди æ радзубандий бабæй ниввардта фарста: адæмæн фулдæр хæттити сæ бон нæ фæууй сæ гъуддæгути фæдбæл афойнадæбæл фæццæун æхсæнадон транспорти æнæгъдау архайди фудæй:

– Хъæбæр берæ гъæститæ цæуй районти цæргутæй, адæм афойнадæбæл ке нæ бахъæртунцæ сæ косæн бунæттæмæ, байрæги кæнунцæ скъолати линейкитæмæ. Зæгъæн, Уæллаг Санибай цæргутæ гъаст кæнунцæ, зæронд автобус сæмæ ке цæуй, еудадзуг ке басæттуй, уомæй. Тарскийи цæргутæн ба сæ бон рацæун не ’ссæй, гъæуй сæ устурдæр автобустæ.

Аци æма ма берæ æндæр фарстатæ кæмæй аразгæ ’нцæ, уонæн хъæбæр карзæй бафæдзахста, цæмæй циуавæрдæр уæлæнхасæн бардзурдтæмæ æнгъæлмæ ма кæсонцæ, фал архайуонцæ æхсæнадон транспорти кусти фæткæ гъæугæ хузи ниффедар кæнунбæл.

Уæлдай æргом раздахун гъæуй уомæ, цæмæй ахурдзау фæсевæдæн равгæ уа сæ ахургæнæндæнттæмæ афойнадæбæл хъæртунæн. Уой фæдбæл республики разамонæг загъта:

– Ахури нæуæг анз нæмæ ке райдæдта, уомæ гæсгæ бæлццæнтти бæрцæбæл бафтуйдзæнæнцæ скъоладзаутæ æма студенттæ. Аллибон сæумæй республики алли районтæй ахурмæ ка цæуй æма изæрæй сæхемæ ка ’здæхуй, еци студенттæн æхсæнадон транспорти кусти гъæдæ ахсгиаг исуй алли анз дæр. Адæм гъаст кæнунцæ: сæ бон афойнадæбæл рандæун нæй. Æхсæнадон транспорти куст гъæугæ уагæбæл исаразун гъæуй! Æркæсайтæ, циуавæр маршруттæ æма куд гъæуама косонцæ, цæмæй студенттæ сæ ахури бунæттæмæ афойнадæбæл хъæртонцæ. Уæдта сæ кусти фæткæ гъæуама айдагъ гæгъæдибæл финст ма уа, фал æнхæстгонд цæуа кæрæй-кæронмæ.

*  *  *

Аци гъуддаги фæдбæл унаффитæ куд æнхæстгонд æрцæудзæнæнцæ, уой рæстæг æвдесдзæнæй. Нур ба уой зæгъун гъæуй, æма Дзæуæгигъæуи администраци гъавуй сахари медæгæ косæг маршруткити куст исбæлвурд кæнун.

Маршруткити кусти фæдбæл берæ гъæститæ цæуй. Хецæн фирмити хецæуттæ сæ косгути архайдмæ гъæугæ еудадзугон цæстингас нæ дарунцæ, уæдта сæхе комкоммæ ихæстæ дæр, куд гъæуй, уотæ не ’нхæст кæнунцæ.

Уотæ, 10-аг маршрутæн («Иртранс») лæвæрд æрцудæй 65 маршрутон къарти, косгæ ба си кæнуй 18 хуæдтолги. Хуæздæр уавæри нæй 24-аг маршрут («Благовест»), 65 ралæвæрд къарти маршрутбæл косуй 24. Аци фирми 25-аг маршрутæн ци 43 къарти равардтонцæ, уонæй линимæ рацæуй айдагъдæр 21. Дзæуæгигъæуи 27-аг маршрутбæл 30 хуæдтолгемæй рацæуй айдагъдæр 9. Маршрутæн лæггадæ кæнунцæ компани «АлРус»-и шофертæ. Уомæ гæсгæ сæмæ дзæвгарæ рæстæг багъæуй æнгъæлмæ кæсун, сæумæй æма изæрæй сæбæл зинтæй фæууй исбадун.

– Æртæ къуæрей æмгъудмæ байархайдзинан уавæр бахузæнон кæнунбæл, косунмæ хонæн хе хуæдтолгити шоферти, иннетæн сæ нæхуæдтæ ратдзинан, – зæгъуй «АлРус»-и минæвар Гуриати Альберт.

Дзæуæгигъæуи администраций сæргълæууæги хуæдæййевæг Дзоблати Зураб куд зæгъуй, уотемæй сахари транспорти нимæдзæ æма кълас цæудзæнæнцæ æййивд. Анзи кæронмæ кустуат «Владгортранс» райсдзæнæй астæуккаг къласи транспорти æртинсæй автобуси, уонæй ба аст æма инсæй исæмбалдæнцæ сæ бунатбæл. Уой фæрци фæззиндзæнæй равгæ бæлццæнттæн бал сæ фондз æма инсæй проценти ласунæн. Сентябри кæронмæ Дзæуæгигъæуи администраци исбæлвурд кæндзæнæй маршруткити куст, хуæдтолгитæ кæми нæ фагæ кæна, уоми игон кæндзæнæнцæ нæуæг маршруттæ.

Аци фарста нерæнгæ кæми куд лухгонд цæуй, уой фæдбæл Æрæдони администрацийæй куд игъосун кæнунцæ, уотемæй Æрæдонæй Дзæуæгигъæумæ авдисæрæй ба майрæнбони уæнгæ ахурдзау фæсевæди ласдзæнæй сæрмагонд автобус.  Билети аргъ си уодзæнæй дууæ хатти минкъийдæр – дæс æма инсæй соми. Автобус Дзæуæгигъæумæ ку исхъæрта, уæддæр идарддæр ба цæудзæнæй Хуæнхон паддзахадон аграрон университети, медицинон колледжи æма Цæгат Иристони медицинон академий уæнгæ. Зæгъун гъæуй уой дæр, æма иннæ районтæй Дзæуæгигъæуи ахургæнæндæнтти ка ахур кæнуй, еци фæсевæди сæ ахургæнæн рауæнтæмæ ласунæн гъавунцæ уæхæн автобустæ радех кæнун мæ. Дзубанди дæр ибæл нæййес, е арфиаг гъуддаг æй æ хуæрзауодундзийнадæй.

*  *  *

Бæргæ, аци къабази гъуддæгутæ идарддæр дæр гъæугæ хузи арæзт ку цæуиуонцæ. Уомæн æма хъæбæр æнæраст уавæр æй, кедæр æгудзæгдзийнæдти фудæй æвуд адæм гъезæмарæ ку кæнонцæ, е…