04 октября 2024

КИРИСТОН ДИНИ КЪАМИСИ АРХАЙД ЦÆГАТ ИРИСТОНИ

27.08.2022 | 15:27

Дини ирон къамис архайдта 1742-1860-аг æнзти, æма æ архайди хабæрттæ сæ зонадон-практикон ахедундзийнадæй  ахсгиаг æнцæ уæди рæстæгути социалон-экономикон æма æхсæнадон-политикон цардарæзти хецæндзийнæдтæ бæлвурддæрæй базонунæн.

Иристони дини къамис исаразуни фæндæ исæвзурдæй 1742 анзи, аразгæ ба ‘й искодтонцæ 1744 анзи. Цæй туххæй фæззиндтæй аци къамис, циуавæр ихæстæ лæудтæй æ размæ, уой фæдбæл æй нæ абони цубур рафæлгæст.

Къамиси исарæзти сæйрагдæр разæууæлтæ адтæнцæ уæхæнттæ: Уæрæсей капитализми экстенсивон ирæзт, паддзахи тугъдмондаг æндагон политикæ, æ агъазиау тугъдон æма дипломатон тухтæ, Петр I фæсте дин æма аргъауæн иссæнцæ хуæдхуæцæг паддзахади мæцъестæ, ХVIII æноси дуккаг æмбеси фæззиндтæй Сауденгизон-Каспийаг фарста æма уомæ гæсгæ ба исæвзурдæй æндæр гъуддаг, гъома, уруссаг-ирон бастдзийнæдти уавæр. Куд зонæн, уотемæй Уæрæсе XVII æноси кæрони æрлæудтæй капиталистон ирæзти надбæл. Æма устур æнтæститæ бафтудæй æ къохи, æнос æма æрдæгмæ иссæй хъаурæгин паддзахадæ. Æстдæсæймаг æноси дæргъи æма нæудæсæймаг æноси фиццаг æрдæги Уæрæсе урухдæр æма федардæр кодта æ арæнтæ. Еци ахсгиаг гъуддагæн ба æ аргъ адтæй уæхæн: тугъдтитæ æма, «сабур» мадзæлттæ ке хонунцæ, етæ – дипломати, дин парахат кæнун æма уотæ идарддæр.


Еудзурдæй, дин æма аргъауæн устур агъаз адтæнцæ паддзахади  æндагон политикæн. Æма Уæрæсей аргъауæн  рапарахат кодта устур архайд, цæмæй иннæ адæмтæ дæр киристон дин райсонцæ, уой туххæй. Уой хæццæ еци куст цудæй, айдагъ Уæрæсей хæццæ  ка байеу æй, еци адæмти ’хсæн нæ, фал ма паддзах  идарддæр дæр æ дæлбарæ бакæнунмæ ке гъавта, уони ’хсæн дæр. XVIII æноси архайдта Тобольскаг минæвайрадæ. Е æ куст кодта Нигулæн Сибири. Никки ма адтæнцæ Иркутскаг æма Астрахайнаг мисситæ. Поволжьей дæр куста Нæуæгдинон мисси 1731 анзæй 1764 анзи уæнгæ. Уони номхигъди адтæй Ирон мисси дæр, исаразтонцæ ‘й 1744 анзи, е рахаста еугуремæй фулдæр – сауæнгæ 1860 анзмæ.

Æ райгурд, уæлдæр куд загътан, уотемæй баст адтæй Сауденгизон-Каспийаг лухкæнуйнаг фарстати хæццæ. Цæмæн исæвзурдæй Ирон фарста ба? Æ ахедундзийнадæ уæхæн устур адтæй æ географион бунатмæ гæсгæ – тæккæ цубурдæр над Гурдзимæ цудæй Иристонбæл. Фæскавказмæ ба Уæрæсе рагæй æ билицъæрттæ хуардта. Æма цæмæннæ ба – гъæздуг бæстæ, иннæ уæхæн раззагдæр культурæ! Мадта имæ Уæрæсе е ’ргом ке раздахта, уомæн адтæй æндæр рæуонæ дæр – æ хуæнхти иссирдтонцæ æрзæти агъазиау æвæрæнтæ.

Ирон дини къамиси сæйраг ихæстæ адтæнцæ:

– киристон дин ирæнтти ‘хсæн хæлеу кæнун;

– «Хуцауи дзурди» фæрци Уæрæсей æма Иристони ‘хсæн бастдзийнæдтæ федар кæнун;

– ирæнтти æностæмæ паддзахи дæлбарæ бакæнун.

Еци æртæ ихæси ка æнхæст кодта, етæ кодтонцæ культурон-рохсадон куст дæр. Уæрæсей æма Иристони культурон бастдзийнæдти, уæдта еци гъуддаги Иристони дини къамиси ахедундзийнади туххæй ес берæ наукон-рохсадон литературæ. Уонæми куд амунд цæуй, уотемæй нæудæсæймаг æноси астæу ирон финсуйнадæн фæззиндтæй разæууæлтæ. Фал, махмæ гæсгæ, раст нæй уæхæн гъуди, гъома, 1753 анзи фæззиндтæнцæ ирон мухургонд киунугутæ – дини киунугутæ гурдзиаг æвзагæй тæлмацийæй.

Дузæрдуггаг  нæмæ кæсуй уæхæн хатдзæг. Æ фарсхуæцгутæ æрхæссунцæ уæхæн дæнцæ – профессор М. Джанашвили 1897 анзи загъта уæхæн гъуди: сауæнгæ Иракли II  паддзахеуæггади рæстæг фæззиндтæй дини фиццаг киунугæ ирон æвзагбæл.  Уони мухур кодта паддзахи типографи гурдзиаг дини дамугъатæй.  Джанашвили куд зæгъуй, уотемæй еци киунугутæй еу æхуæдæг дæр фæууидта, рауагътонцæ ‘й 1753 анзи.

Æрхæссунцæ æндæр цæветтон дæр – дини къамиси иуонгтæ Пахомий æма Григорий, дан, дзурдтонцæ, киунугутæ ке тæлмац кодтонцæ, уой туххæй.

Мах гъуди, уæлдæр куд загътан, уотемæй æндæр æй: уруссаг-ирон культурон рахастдзийнæдтæн æнæгъæнæй, уæдта ирон финсуйнади райгурдæн XVIII æноси арæзт цудæй айдагъдæр разæууæлтæ.

Дини иристойнаг къамис 1744 анзи ку исаразтонцæ, уæд дзорун райдæдтонцæ, дин парахат кæнунæн национ кадртæ æнæмæнгæ ке гъæунцæ, уобæл.  Еци фарста фиццаг исæвардта Пахомий. Фал дини скъолатæ байгон кæнуни гъуддаг хъæбæр ниддæргъвæтийнæ æй. Дини фиццаг ирон скъола байгон æй айдагъдæр 1764 анзи. Еци уавæри сæйраг хъоргæнæг адтæй, ирон æвзагбæл киунугутæ, уæдта тæлмац кæнунмæ ка арæхса, уæхæн адæймæгутæ ке нæ адтæй, е.

Е бæлвурдæй бæрæг æй, уой фæдбæл мухургонд æрмæгутæмæ ку æркæсæн, уомæй дæр. Зæгъæн:

– 1744 анз. Пахомий е ’мбæлтти хæццæ «домуй, цæмæй уоми адæмихæттити сувæллæнтти ахур кæнуни туххæй исаразонцæ скъола». Синод ин  зæрдæ æвæруй, еци фарстамæ лæмбунæг ке ‘ркæсдзæнæнцæ, уомæй.

– 1745 анз. Дини кустгæнæг лæгтæ, сæ сæргъи Пахомий, уотемæй нæуæгæй исæвардтонцæ фарста скъола байгон кæнуни туххæй, уомæн æма е хъæбæр агъаз фæууодзæнæй ирæнтти киристон динбæл æхцул æма æновуд кæнунæн.

– 1746 анз. Синодæн æ бон нæма ‘й скъолай фарста ралух кæнун.

1)  Мæскумæ ниццудæй иеромонах Ефрем æма фегъосун кодта Синодæн: ирæнттæмæ  финсуйнадæ нæййес, еуæй-еу ирæнттæ зонунцæ гурдзиаг æвзаг, кадæртæ си ахурадæ райстонцæ гурдзиаг æвзагбæл. Уæхæнттæ ‘нцæ иеромонах Парфений – нуртæккæ цæруй Гурдзий – æма æ гъомбæлгæнуйнæгтæ. Етæ ‘нцæ æдеугур дууадæс, фараст си кæми цæрунцæ, е бæрæг нæй, фал си æртæ ба цæрунцæ Иристони. Уонæн сæ бон уайдæ «гурдзиаг киунугутæ сæхе диалектмæ ратæлмац кæнун… Фал сæ тæлмац раст нæ уодзæнæй, уомæн æма сæмæ сæхе финсуйнадæ нæма ес…»

2) Синод рахаста унаффæ – «тæккæ фиццагидæр исаразун алфавит гурдзиаг дамугъатæмæ гæсгæ» æма уой фæсте ба, «динæн агъазиаудæр агъаз ка уодзæнæй», еци киунугутæ  æййевун ирон æвзагмæ.

3) Парфенийи гъуддаг ба рауадæй уотæ. Пахомий ин ку загъта, Иристонмæ рацо цæрунмæ, зæгъгæ, уæд нæ исарази æй, æз, дан, еци адæмæй «нур фæсте байзадтæн». Æма ‘й бафхуардтонцæ – туххæйти ‘й бакодтонцæ гурдзиаг моладзандæнттæй еуемæ.

– 1746-1752-аг æнзтæ. Дини ирон къамис æхе цæттæ кæнуй Петербургмæ. Петербурги уогæй, Пахомий нæуæгæй исæвардта скъолай фарста.

– 1752 анз. Синод Сенатæн фегъосун кодта æ фæндæ дини скъолай туххæй, гъома, е æй гъæугæ гъуддаг, фал æ исаразунæн нерæнгæ фадуæттæ нæма ес.

Фал уæддæр архимандритæн байхæс кодтонцæ базонун: «Кæци рауæн æнгъезуй æрæвæрун скъолай бундор; ка си ахур кæндзæнæй, уони сæ ниййергути фæндæмæ гæсгæ есдзæнæнцæ æви нæ; æ байгон кæнун «адæми нæ исæзмæнтдзæнæй», ка си уодзæнæй ахургæнæг; ахур циуавæр диалектбæл цæудзæнæй?..»

– 1753 анз. Пахомий дзуапп равардта Синодæн: скъолайæн бунатæн равзурстан Курттати ком; ахурдзаутæ уодзæнæнцæ дæс æма инсæйемæ хæстæг, ахурдзаути есдзинан сæ ниййергути фæндæмæ гæсгæ; ахургæнгутæ ес иссерæн гурдзиæгти ‘хсæн; ахур дæр кæндзинан гурдзиаг æвзагбæл. Архимандрит идарддæр зæгъуй: «Дини киунугутæй  бал цалдæр скъуддзаги ратæлмац кодтан ирон æвзагмæ».

Уой фæсте скъолай фарста дæргъвæтийнæ рæстæг – сауæнгæ 1764 анзи уæнгæ – аууони байзадæй. Цæй фудæй, уонæн сæ сæйрагдæр еу, æвæдзи, адтæй Авданзон  тугъд дæр (1756-1763-аг æнзти дæргъи).

– 1767 анз. Дини ирон къамиси нæуæг хецау Григорий фегъосун кодта Екатеринæ II: «Мæн Пахомий  раздæр бакодта дини къамисмæ. Æндæр гæнæн мин нæбал адтæй, æма исахур кодтон ирон æвзаг дууæ анземæ æма ирон æвзагмæ ратæлмац кодтон дини гъæугæ киунугутæ».

Мæнæ ци архивон æрмæг æрхастан, уомæ гæсгæ, куд уинæн, уотемæй скъолай карнæ инсæй анзей дæргъи лухгонд не ’рцудæй. Фиццагидæр уой рæуонæй, æма нæ адтæй киунугутæ иронау, уæдта нæ адтæй гъæугæ литературæ ирон æвзагмæ ка тæлмац кодтайдæ, уæхæн адæймæгутæ дæр. Фал еци  æрмæги Пахомий (1753 анз) æма Григорий (1767 анз) ку дзорунцæ, – тексти мах еци бунæттæ баханхæ кодтан – иронау  киунугутæ ке тæлмац кодтонцæ, уобæл.

Куд лæдæргæ ‘й аци хабар, иннæ æрмæги хæццæ ‘й æрæвæргæй? Мах аци фарстайæн дæттæн дууæ дзуаппи:

Фиццаг. Ес уæхæн хатдзæг искæнæн, æма Пахомий æма Григорийи дзубанди киунугутæ тæлмац кæнуни туххæй æй мæнгæттæ, уомæн æма еци рæстæги дини ирон къамиси рапорти æма дзуæппити адтæй, фæстæдæр куд рабæрæг æй, уотемæй берæ æримисгæ æма фæливд дзубандитæ. Къамиси куст инсæй анзей дæргъи неке бæрæг кодта, уой фæрци Пахомий æма Григорийæн сæ бон адтæй сайун, уавæр сæхе пайдай хузи бавдесун. Пахомийæн сæйрагдæр адтæй скъола байгон кæнун, уой туххæй ба, æвæдзи, римахста æцæгдзийнадæ. Кæд Пахомий æцæгæйдæр ратæлмац кодта киунугæ,  уæд æй æ бон ниммухур кæнун адтæй сауæнгæ 1753 анзи, уæд ма æ рапорти уотæ цæмæн финста: «Æригон ирæнттæ ахур кæндзæнæнцæ гурдзиаг диалектбæл». Дзубанди цудæй исонибони скъолабæл, æ байгони размæ ба гъæуама киунугæ рацудайдæ. Уæдта зæрдæбæл æрлæуун кæнæн уой дæр, æма Синод ке рахаста мæнæ ауæхæн унаффæ: «Дин ка  райса, уони ахур кæнун гъæуй сæ æрдзон æвзагбæл…»

Григорийи дзуапп ба финст æрцудæй, архимандрит æй ку искодтонцæ, уæд уой фæсте æма, æцæгæйдæр, архайдта æ евгъуд архайд  ахедгæдæрæй, тиллæггондæрæй равдесунбæл. Цубурдзурдæй, æ кусти уагæ  аразта, цæмæй фулдæр æхца  æ къохи бафтудайдæ, уобæл. Уæхæн уавæри  ин киунуги тæлмаций туххæй фæрæзнитæ расайун дæр  устур гъуддаг нæ адтæй.

Еугур еци хабæрттæн ма æвдесæн æй æндæр гæгъæди дæр – Пахомий ку рамардæй, уæд ин æ дзаумæуттæн ци æрфинст исаразтонцæ, е. Æрфинст адтæй хъæбæр лæмбунæг, ранимадтонцæ  си дини къамиси раздæри сæргълæууæги еугур дзаумæуттæ дæр, сауæнгæ ма си ес, æ цайгæрдæг ци къоппи дардта, уой кой дæр. Пахомий æма Григорийи тæлмацгонд киунугутæ ба си нæ разиндтæй. Уогæ бабæй ами дæр ес «фал». Уой туххæй зæгъдзинан минкъий изолдæр.

Дуккаг. Ка ’й зонуй, Пахомий æма Григорий уæхæн киунугутæ  æцæгæйдæр ратæлмац кодтонцæ хумæтæг хузи. Гъома, кудфæндийæй, мухури рауадзуни туххæй нæ, фал нин нæ архайди хуæздæр хузи бавдесунæн еуцæйбæрцæдæр агъаз уонцæ, зæгъгæ.

Уæхæн литературæ ке гъæуй, уой туххæй бардзурдбæл исæмбæлæн ес Синоди 1746 анзи унаффи: «Дини киунугутæ раййевунæн фадуат ку нæ уа, уæд сæ, æгирид неци, уæддæр ратæлмацгæнæн ес хе кусти си пайда кæнунæн». (Уруссаг-ирон  рахастдзийнæдтæ XVII æноси. Документти æмбурдгонд дууæ томемæй, 1 том, 34 ф.) Пахомий æ рапорти зæгъуй, тæлмац ке кодта Синоди фæндæмæ гæсгæ. Мадта Григорий дæр финсуй, æндæр гæнæн мин нæбал адтæй, курдтонцæ ми æма уæд исахур кодтон  ирон æвзаг, æма имæ тæлмац кодтон, зæгъгæ. Уотемæй цæмæдесаг ци æй – сæ дууæ дæр дзорунцæ еухузон, гъома, айдагъдæр тæлмаций туххæй. Мухургонд киунугути туххæй сæ дзуæппити еунæг дзурд дæр нæййес. Аци гъудий, гъома, киунугути тæлмацтæ къохфинстæй ке адтæнцæ, уой фарс дзоруй Пахомий дзаумæутти æрфинсти уæхæн фæззелæн. Æрфинсти алли киунуги сæргонди фарсмæ дæр бæлвурдгонд цæуй, циуавæр æй – мухургонд æй æви къохфинст æй, е.

Номхигъди ес еуæндæс киунуги, уонæй дууæ къохфинститæй: «Тресты посная» и «Служебник архиереской». Ка ’й зонуй, æма еци киунугутæ ‘нцæ, Пахомий æма Григорий ке ратæлмац кодтонцæ, етæ. Æма, æвæдзи, уонæй еуей фæууидта М. Джанашвили, фал æй мухургонд цæмæн исхудта, е ба бæрæг нæма æй…

МЕРДЕНТИ Хаджи-Мурат.