24 апреля 2024

КОКИТИ Геуæрги ÆНОСОН ХАУЛЛИ

31.03.2021 | 21:25

«Æносон хаулли»-й таурæхъ ццагидæр фæззиндтæй уруссагау «Пантеон» журнали 3-аг томи, 6-аг киунуги, 1850 анзи.

Таурæхъ абхазаг æвзагæй раййивта уруссаг æвзагмæ зæронд финсæг Савинов, æз ба ’й раййивтон уруссаг æвзагæй дигорон æвзагмæ.

Аци таурæхъ, Савинов куд зæгъуй, уомæ гæсгæ хæтуй кæсгон, цæцæйнаг, мæхъæлон, абхазаг æма ирон адæмти æвзæгтæбæл. Фал абони уæнгæ геппиуагъд ка ’рцудæй фидтæлти таурæхътæй ирон, кæсгон, мæхъæлон, абхазаг æма цæцæйнаг æвзæгтæбæл, уони ’хсæн аци таурæхъ некæми æй. Ирон адæми астæу дæр таурæхъ некебал гъуди кæнуй: адæмæй байронх æй.

Аци таурæхъæн, мæнмæ гæсгæ, ирон адæми литератури ес устур ахедундзийнадæ, уомæ гæсгæ, æма еугур дуйней адæмти литератури Агасфер, кена ба «Вечный жид», зæгъгæ, ке хонунцæ, уой нин ке æвдесуй Бурхани хузи, уой туххæй.

 


Агасфер, хъæбæр рагон хабарæй куд байзадæй, уомæ гæсгæ Хуцауи нихмæ устур тæрегъæд ракодта æма ’й уомæ гæсгæ ба Хуцау ралгъиста «надзæла-намæла æносмæ фæккæнæ», зæгъгæ.

Бурхан дæр, рагон æгъдæутти нихмæ бакодта æртæ устур тæрегъæди: рауæйæ кодта æ цард хуæри, фусун нæ загъта иуазæгæн, силгоймаги рамардта.

Бурхан, таурæхъмæ гæсгæ, мæлгæ æцæгæй ракодта, фал æ уод æносмæ Агасфери хузæн, уæлæбæл гъезæмарæ кæнгæ байзадæй.

Агасфери хузæ дуйней литературæмæ бацудæй арф. Немуцаг литературæмæ ’й бахастонцæ Гете, Шамиссо æма Ленау; Франций литературæмæ – Шелли, уруссаг литературæмæ ба – Жуковский.

Агасфер ирон адæми таурæхъти дæр разиндтæй Бурхани хузи æма мæмæ е кæсуй хъæбæр устур гъуддаг.

 

-1-

Ирæфи дони рахес билæбæл, Æхсæргунæй еу къуар версти ку ’суайай, уæд уоми нури уæнгæ дæр ма дигорон лæг байамонуй арф цъай – Байдæг, зæгъгæ, æ ном. Еци цъай æндæр номæй дæр ма фæххонунцæ – «æртæ тæрегъæдей дæлмагуртæ», зæгъгæ. Фиццаги-фиццагидæр, нæ хуæнхбæстæмæ киристон дин хъæртун ку байдæдта, уæд раст еци цъаййи бунати æ мæгур къæси цардæй мæгур дигорон лæг Бурхан, зæгъгæ, æ ном. Бурхани цæрæнти фалдзос æндæр цæрæг нæбал адтæй дигорæй: Дигорæ ма уæд еугурæй дæр медхонх цардæнцæ. Бурхани еунæг мæгурæй æ гъевтæ хуардта: кæд, цит, еске батонау кæнидæ, кенæ ба цауæни ести æ арми бафтудайдæ, уæд хуæрдгун кенæ ба æстонг.

Фал кæд Бурхан мæгурæй æ гъевтæ хуардта, адæмæй ба цардæй идæрддзæф, уæддæр æ мæгур къæс æхсæвæй-бонæй иуазгутæй адтæй идзаг: Ирæ, Дигорæ æма Кæсæги фæсевæдæн сæ тæккæ хуæздæртæ саулох бæхтæбæл идард балций ранæхстæр уиуонцæ Бурхани мæгур къæсмæ: уони ’хсæн ба лæг нæ фæууидтайдæ гебенагин, кенæ ба уорсалистæ халасдзагъд лæг… Лæг бангъæл адтайдæ, æма еци заманай фæсевæд æмбурд кæнунцæ Бурханмæ, уой туххæй æма, куд хæтæг лæг, уотæ ин алли гъæуи дæр, алли адæми астæу дæр зонгитæ æма æрдхуæрдтæ ес, зæгъгæ…

Фæсевæдæй Бурхани лимæндзийнадæ неке агурдта, уæдта гъæугæ дæр, æвæдзи, уотæ хъæбæр неке кодта: мудибиндзитæ рагуалдзæги деденæгбæл бæлттæй куд æмбурд кæнонцæ, уотæ фæсевæд дæр æмбурд кодтонцæ Бурханбæл æ хуæрæмæ гæсгæ – Доссанæ, зæгъгæ, æ ном.

Доссанæ, æдæуагæ, уæхæн рæсугъд кизгæ адтæй, æма æ еунæг æнгастбæл дагестайнаг æ «сугъзæрийнæ рехæ ниддасун кодтайдæ, æ гæмæх даст сæрбæл ба даргъ къæбæлдзуг сæригъун рауагътайдæ». Доссани рæсугъдæн кизгæ хъæбæр зин иссерæн адтæй Кæсæги дæр, Ири дæр æма Дигори дæр; æ сау дууæ цæсти, балий дууæ нæмугей хузæн æрттитæ цагъдтонцæ: æ нарæг астæу сугъзæрийнæ камарий буни æвзонг гæдибæласи хузæн, тасæ-уасæ кодта, е ’взестæ, зæлланг хъур ба кусти сæргъи Бурхани мæгур къæсæй кæмтти идæрдтæмæ игъустæй æма, цит, сахълæуд никкæнун кæнидæ тæссаг надбæл æнафони бæлццони… Æ кафти рæуæг, æ игъæлдзæгдзийнадæ, æ лæгигъæдæ – Доссани æмгæртти мардтонцæ соцъайæй, фæсевæд ба саулох бæхтæбæл идард балций ранæхстæр уиуонцæ, кæд æ цæстингаси фæууианæ, зæгъгæ, æнгъæлкæсгæй, алкедæр. Æртæ фарасткъохон бæхбæттæни Бурхани къæси размæ æхсæвæй-бонæй лæг ревæдæй некæд фæууидтайдæ.

 

-2-

Еухатт кæми адтæй, уоми уалдзигон изæри Бурхани хæдзарæй еугай-дугайæй иуазгутæ хæлеу кæнун райдæдтонцæ. Иуазгутæн сæ фæстагдæр байзадæй кондгин æма уиндгун кæсгон æлдар Хасан-Бек, зæгъгæ, æ ном. Бурхан æма Хасан-Бек кæрæдзебæл уотæ цийнæ æма табедзæ кодтонцæ, æма лæг бангъæл адтайдæ, цума дигорон æма кæсгон æлдар æнсувæртæ разагътонцæ, уотæ, фал дууæ лæгей æхсæн æнсувæр æма хæлардзийнади гъуддагæй мор дæр неци адтæй: еци изæр Бурхан Хасан-Бекæй райста устур гæртан æ хуæри туххæй сосæггай.

Уомæ гæсгæ ба дууæ лæги дæр адтæнцæ амондгун æма кæрæдзебæл цийнæ кодтонцæ. Хасан-Бек сау нимæт æ рагъи рафтудта, æ кард, æ топп райста æма Бурхани хæццæ рацудæй тургъæмæ. Кæсгон æлдар заманай саулох бæхбæл æхе фенгон кодта æма Доссани къæразги комкоммæ гъазун райдæдта. Æрæги-дурæги ба хуæрзизæр загъта Бурханæн æма талингæ коми фæййаууон æй хъæрццигъай хузæн. Бурхан дæр ма еу сахат ралæудтæй, уæдта идæрддзæф къæдзæхи бунмæ æхе райста, æ гæртани æхцатæ сурх къимбуси къуар æлхийи никкодта æма ранæхстæр æй хæдзарæ ’рдæмæ. Минкъий ма ’й куд гъудæй къæсæрмæ, уотæ ба игъосуй, цума ’й кадæр æ номæй исхудта, уотæ. Бурхан фæллæудтæй, нийгъуста: æцæгдзийнадæй имæ Ирæф æрдигæй кадæр дзурдта æ номæй. Æ бузуртæ еу халæбæл телгæй, Бурхан æхе, гъæуанзи хузæн, рауагъта гъæр æрдæмæ.

– Сафар!.. Мæ дæлуймон, Сафар, ду дæ, ду, мæнгард? Хуцау ди ма ’сбоз уæд, мæ уод мин ку рауайун кодтай!..

Дони билæбæл лæудтæй турккаг биццеу, Сафар, зæгъгæ, æ ном. Сафари уæле рæуæг сосæг сæудегери турккаг хъæппæлтæ. Æ гъæлæс æ фæсхъостæмæ нийтигъта, уотемæй дууæ рæнгъи сатæг-уорс æставд дæндæгутæ байгон кодта Бурханмæ.

– Стъамбойлаг мæнгард, ци хуарз хабар мин æрхастай? – дзоруй Сафармæ Бурхан. – Ци ‘рдигæй? Æвæдзи бабæй дæ мæнгард зæронд фиди хæццæ нæ хуæнхти топпихуасæ æма сугъзæрийнæ æййеветæ нæ хуæнхаг рæсугъд силгоймæгтæбæл?

– Нæ рæдуйис, Бурхан, раст зæгъис, – дзоруй Сафар. – Раст дин ку зæгъон, уæд нæ аци уалдзæг лæвари не ’хснадта уалдзигон сахуарун уæ кæмтти: æхсæз хатти æхсæзгай цæди рарвистон хъумацæй Пицъундæмæ Бзибий билтæбæл. Уæдта Кæсæгæй дæр еу-цуппар цæди Гурдзибæл Потимæ… Нæ зонун æцæг, цæмæй нин балхæндзæнæ нæ зæрдæ Бурхан, уой, уæдта нин ци балæвар кæндзæнæй Дигорæ, уой…

– Ба ди æруагæс уæд, Сафар-Бек, аци балций, гъæуама, уæ арми нæ бафтуйдзæнæй еу бойауæй хурст сили нихбун дæр. Дигори уæ аци балций хайир не ’ссердзинайтæ.

– Цæмæн уотæ зæгъис, Бурхан? Ци фæцæнцæ уæ силгоймаг – рæсугъдтæ?

– Пирсийæй идарддæр ци фæууниау æнцæ нæ рæсугъдтæ? А фæззæги дзурд равардтан Дербенти сæудегертæн…

– Хуцау си ма ’сарази уæд… Фал, Бурхан, уотæ æнгъæл дæн, æма кæд нæ балцийæй неци рауайдзæнæй, уæддæр цума мæ фидæмæ ба дæхе бавдесуниау дæ, уотæ… Уæртæ Ирæфи æндаг билæбæл дæу хезуй…

Сафар топпи фатау Ирæфи билæй ниггæпп кодта бæлæгъмæ, æхуæдæг ба æ фæсте ивазуй Бурхани æ думæггагæй. Бурхан бæлæгъи хурфæ ку иссирдта, уæд Сафар æхе фæффест кодта æма æстаунмæ февналдта. Дæс минутти рацудайдæ, уæдта Бурхан Абдули фарсмæ заманай турккаг горцъебæл æхе рауагъта устур тæрсæ бæласи буни, æма хъазар стъамбойлаг тамаку даргъ лолæй думдта…

 

-3-

– Хуцау-зæнхæй дин ард хуæрун, Бурхан, мæ устур хæлар, кæд а дуйнебæл дæуæй гъæладæр æма æнæзунддæр еске ес, уæд. Кæд мæнæ мæ цæппæрмæ ести зунд ес, уæд дæу сæри дæр ести ес. Авд дини æма дин æвдæймаг арвæй ард хуæрун, кæд устур æнæзунд нæ дæ, уæд; амонд æхуæдæг дæ фæсте хæтуй, сугъзæрийнæ гъолтæ сæхуæдтæ дæ дзиппитæмæ хаунцæ, ду ба си дæхе, лæг æхе фатæй куд тегъа, уотæ дæхе рафæлевæ-бафæлевæ кæнис. Мадта ма гъæлабæл сиутæ фæууй? Уæ, æнæзунд, дæхемæ листæг æркæсай, дæхемæ. Дæ гебенай дивилтæмæ цæмæннæ æркæсис? Дæ базуртæ еу халæбæл ку телис, æма дæ бон цæмæннæ зонис, дæ мæгурдзийнадæ цæмæннæ гъуди кæнис?

– Е уотæ ’й, Абдул, фал ракæсай…

– Гъай-гъайдæр, уотæ ’й… Кæсун дæмæ, рагæй дæмæ кæсун, æма устур æнæзунд ке дæ, е ми æнæмæнгæй баруагæс æй. Дæуæй хевастдæр, Бурхан, хуæнхаг хæрæг дæр нæма фæууидтон. Хъуран, китаббæй дин ард хуæрун, кæд дæу бунати æз фæстæмæ дæр ку фæккастайнæ, уæд. Ракæсæй, Хуцауи хатирæй, аци сугъзæрийнæ гъолтæмæ, куд тæмæнтæ калунцæ, хорау куд æрттевунцæ… Нæ, дан мæ гъæуй аци мулк.

Æррабæл ма сиутæ фæууй? Мæгурæй исæфгæ кæнуй, æхемæ ба ин бакæсай!..

Абдул æхе ракъолæ кодта æма калакаг дувазон хурдзинтидзаг сугъзæрийнæ гъолтæ, тæмæнтæгæнгæ æруæгъдæ кодта æ размæ стъамбойлаг фæлмæн горцъебæл. Мæйдар æхсæвæ стъалутæ арвбæл куд гъазонцæ, уотæ сугъзæрийнæ гъолтæ Абдули æнгулдзити ’хсæн цæхæртæ калгæ, рафеллауæ-бафеллауæ кодтонцæ. Бустæгидæр ба сæ зæронд налат турккаг Бурхани цæстæмæ гæсгæ раууелæ-баууелæ барæй кодта. Судæймæлгæ лæг идзаг фингæмæ æ къæн-къунтæ куд хуæра, уотæ Бурхан дæр æ дууæ цæсти сугъзæрийнæ гъолти къупхæмæ ниццавта æма æ фур азарæй æ зир-зир цудæй, æ сор хед ракалдæй, уæдта æ цæститæ дони разилдта…

– Минкъий расагъæс кæнæ, Абдул, Хуцау кæмæн нæййес, хъурдохæнгæнгæ райдæдта Бурхан, фал æй зæронд Абдул дзорун не ’суагъта, æма ибæл æхе фæхъхъæбæрдæргæнгæй гъæри буни фæккодта:

– Гъе æнæзунд, мæн ци сагъæс кæнун кæнис: сагъæс ду бакæнæ, ду, æз ба ибæл басагъæс кодтон… – æхуæдæг ба, сугъзæрийнæ гъолтæй гъазгæ-гъазгæй, цума æнæбари ин æркалдæнцæ, уотæ æ хубедзæстидзаг Бурхани гебенай думæггагмæ æркалдта. Бурхани гебена уотæ зæронд æма къуæхтæ адтæй, æма си сугъзæрийнæ гъолтæ æ думæггагæй æркалдæнцæ.

– Силгоймаги рæсугъддзийнадæ цæмæн æй, ци æй, уобæл Бурхан минкъий расагъæс кæнæ, кæд бустæги æдули нæ дæ, уæд… Уотæ æнгъæлис, æма силгоймаги рæсугъддзийнадæ мæнæ аци сугъзæрийнæ гъолти рæсугъддзийнади хузæн æй? Дæ зæрди кæрони дæр ма æрæфтуйæд: сугъзæрийнæ гъолæ ку базæронд уа, æрттевгæ уотæ ку нæбал кæна, уæддæр æ нæуæги цæйбæрцæ адтæй, æ зæронди дæр уой аргъ кæнуй… силгоймаг ба?..

– Е-е-е, Бурхан, силгоймаг æма сугъзæрийни астæу берæ рауайуйнаг ес, – уой дæ зонун гъæуй, мæ хæлар! Силгоймаг сугъзæрийнæ гъолæ нæй! Силгоймагæн æ базæронд устур æнамонддзийнадæ æй: анз уæлдай ибæл ку рацæуа, уæд силгоймаг сæдæ сугъзæрийнæ гъоли асландæр кæнуй; силгоймаги «æвзестæбæл» ба æрхи дæр некебал ратдзæнæй…Уобæл берæ дзорун дæр нæ гъæуй, гъæуама ’й дæхуæдæг дæр хуарз зонай æнæ мæн дæр… Нур Бурхан, мæнæ дæу хуæрæ Доссанæ, – бахатир кæнæ, фал е дæр силгоймаг æй, æнхуæцей хузæн… Доссанæбæл, Бурхан, нуртæккæ, гъа, мæнæ калакаг дувазон хурдзинтæ сугъзæрийнæ гъолтæй тъунсгæ-нæмгæ; уонæми ба ес финддæс мини!..

Абдул æваст æ дууæ къохи фæффест кодта æма сæ сугъзæрийнæ цæхæри рацавта; сугъзæрийнæ гъолтæ зæлланггæнгæ æрбайвулдæнцæ Бурхани ’рдæмæ…

– Еу анз ма ибæл ку рацæуа Доссанæбæл, зæгъгæ, – загъта Абдул, уæдта дин Бурхан, дæ хуæрæбæл мæнæ анæн се ’рдæгæй фулдæр нæбал ратдзæнæн; дууæ анзи – сæ цуппæрæймаг хай; æртæ анзи – уæдта…

– Цæй, Бурхан, расагъæс кæнæ, æнæзунд æдули ма уо! Хуцау дин амонд æ дууæ къохемæй дæттуй æма си дæхе ма хатæ! Рæдуйис!..

– Мæ фидбилиз… мæ сайтани хай, зæронд лæг… Мæ хуæри, мæ еунæг цардхуæри куд рауæйæ кæнон, Хуцау кæмæн нæййес? Ци мин кæнун кæнис, Абдул, ци ми агорис? Æхуæдæг ба æ дууæ цæсти сугъзæрийнæ гъолти зобатмæ ниццавта, ехæн-резæ кæнгæй.

– Гъе æдули, æнæзунд, æз ди æгириддæр неци агорун мæхецæн. Кæд дæ галеу дæ рахесæй æвзарунгъон дæ æма кæд адæми гъæр лæдæрис, уæд ди æз мæхецæн неци агорун, фал дин дæхе æма дæ хуæри сагъæс кæнун. Æз уой зæгъæг дæн, æма дæмæ амонд æхуæдæг æрцудæй æхе къахæй, æма ’й дæхецæй дæр, дæ хуæрæ Доссанæй дæр дæ къахи фиййæй ма къуæрæ. Æнæзунд, бунбауйнаг, уой куд нæ лæдæрис дæ цубур зундæй, æма Доссани устур æнамонд ке кæнис, уой! Доссанæ Турки паддзахи уоститæн уодзæнæй сæ тæккæ хестæр, сугъзæрийнæ æма æвзести бунæй ба зингæ дæр ку нæ кæндзæнæй… паддзах ба ’й хори фæрдугау, æ хъури ку дардзæнæй, æ комидзаг ба уой хæццæ дууех ку кæндзæнæй, биндзæ бабадун дæр ибæл ку некæд бауадздзæнæй…

Кенæ дæхе сагъæс, Бурхан, куд нæ ракæнис: мæнæ аци мулки хæццæ ка уисæ Дигорæ æма Ири ’хсæн, уой зонис? Дæ хабар, дæ кадæ ракой уидæ Ирæ æма Дигорæбæл нæ, фал сауæнгæ Кæсæг, Ассити уæнгитæ. Бурхани топпи хæтæл хорæй æрттевагæдæр æма рæсугъддæр уидæ, æ хорæсайнаг хъæма ба æндон халæ лух кæнидæ, æфсæйнаг ба наси карст. Тохъосаутæ ба уонтæ бæрзонд æма сæргубурæй дæуæн дæтдзæнæнцæ уæд æгъдау, кенкегъазæ ба дин, цит, дæ размæ ку раласдзæнæй заманай саулох бæх, стъамбойлаг горцъейæй æмбæрзтæй… Кæсгон æлдæрттæ дин, Бурхан, уæд дæ æгъдинцойнæбæл бæргæ хуæциуонцæ… Кенæ ба дæ фусти дзогтæн нимæдзæ дæр нæ уидæ, дæ бæхæргъæуттæн ба бакæнæнтæ дæр нæбал уидæ… Еу иннемæй рæсугъддæр кизгуттæй дæ галауантæ, Бурхан, тъунсгæ-нæмгæ ку уиуонцæ… Дæ берæ хъиамæттæ æма мæгур бæнттæ фуд фунау ку феронх уиуонцæ, Бурхан!..

Хелаги сæрбæл цæнхæ ку ниррæгæнай æма е куд хъурдохæн кæна, уотæ Бурхан гъезæмарæ кодта сугъзæрийнæ гъолти сæргъи, æхуæдæг ба си æ дууæ цæсти нæбал æздахта… Зæронд турккаги дæлуймон дзубандитæ Бурханæн æ тæккæ зæрди сæрмæ хъæрдтæнцæ. Бурхан гъезæмарæй мардæй: еуемæй æ фæндæ адтæй хурдзини дзаг сугъзæрийнæ гъолтæ райсун, иннемæй ба æ еунæг цардхуæри Доссани куд рауæйæ кодтайдæ турккаг цагъарæн…

Бурхан æнсувæрдзийнадæн сугъзæрийнæй аргъ искодта…

Судæймард геруз куй къес-къосгæнгæ æхе æстæги морæбæл куд ниццæва, уотæ Бурхан дæр æ фурмондагæй исгъæрзтæй, æхе ниццавта сугъзæрийнæ гъолтæбæл…

– Дæу фæууæд Доссанæ, Абдул… – æхе меднимæр ма исдзорун бафæразта Бурхан, æхуæдæг ба сугъзæрийнæ гъолтæ æ хубедзæстæй кæми æ дзиппитæмæ, кæми æ думæггагмæ рафæлсодзæ-бафæлсодзæ кодта. Фал Бурхани гебена уотæ зæронд дивилдун адтæй, æма сугъзæрийнæ гъолтæ кæсалги æлвæст фæккæниуонцæ думæггагæй дæр æма дзиппитæй дæр.

– Гъе зундгин гъуддаг æй, уæдта раст гъуддаг Бурхан, ду ба дæхе ниббуцæу кодтай æма дæмæ дæхе зундæй хуæздæр дуйнебæл неке зунд кæсуй, – загъта зæронд Абдул, ходæзмолæ кæнгæй. – Дувазон калакаг хурдзинтæ сугъзæрийнæ гъолтæй идзагæй нур дæуæн хæлар, дæ хуæри рæсугъд Доссанæ ба мæнæн хæлар… Уой зонæ, æма дин аци гъуддаг дæ цæстæмæ дæр неке бадардзæнæй, гъома, Бурхан æ хуæри рауæйæ кодта, зæгъгæ. Уæйæ гъуддагæй æз æма дæу астæу мор дæр неци ес, фал бакодтан æййевгæ: ду райстай сугъзæрийнæ гъолтæ, æз ба райстон силгоймаги рæсугъддзийнадæ, – æма етæ ба æнцæ кæрæдзей аргъ. Уæйи гъуддагæй ба, мæ хæлар, нæ астæу мор дæр неци ес. Нур ба, ме ’нсувæр, фæндараст фæууо, ахсæви ба раст æмбесæхсæвæ куддæр исуа, уотæ Доссани рæсугъди ести амалæй раст аци рауæн исæмбæлун кæнæ. Ами дæ хездзæнæнцæ дууæ, кенæ æртæ лæги мæ адæмæй æма уонæй райсдзæнæ дувазон хурдзинтæ æхцайæй идзагæй… Æз ба зæронд куд уа, уотæ бал мæ над цубур кæндзæнæн… Сафар, ци дунд-далагъан фæдтæ, хъæстинези хуæлæдздзаг, – ма рауадзæ, мæнæ нæ хъазар иуазæги донуордæг фæккæнæ… Нæ гъуддаг Хуцауæн æхцæуæн фæууæд… Фæндагираст, Бурхан!..

 

-4-

Бурхан æ мæгур къæсмæ ку иссудæй, уæд æ хуæрæмæ æхе нæ бавдиста: ци цæсгонæй æхе бавдистайдæ æ нивондмæ; æ цæсгон Доссани размæ æхснад адтæй. Гъузгæ-гъузгæ æ хæдзари алфамбулай разелæ-базелæ кодта, цалинмæ Доссани къæразгæй цирагъи рохс калдæй, уæдмæ. Доссанæ, æвæдзи, е ’нсувæрмæ æнгъæлкæсгæй бадтæй æ кусти сæргъи.

Хуцау уæхæн мæйдар æхсæвæ искæнун кодта, æма лæг æ развæндаг дууæ ампъезмæ дæр нæ фæууидтайдæ.

Лæгъузгæнгутæ, давгутæ, балций ранæхстæр уогæй, уæхæн æхсæвæбæл баковунцæ Хуцаумæ. Хуæнхаг æхсæвæ уотæ сабур адтæй зилдæгæй, æма цума дуйне æваст цæмæдæр ниййарæнсæн æй, уотæ; æнахъæл Ирæфæн цума е ’носон æмбохун фæссабурдæр æй, уотæ кастæй лæгмæ… Бурхан нийгъуста æ алфамбулаймæ, фал æхе зæрди гупп-гуппæй æндæр æма æхе хæстуолæфтæй æндæр неци фегъуста. Æ зæрдæ уотæ исунгæг æй, æма ’й рафæндæ адтæй Абдули фæссайун, фал æ цæститæбæл сугъзæрийнæ гъолти фазонхурдзинтæ ку рагъазтонцæ, уæдта æваст æ дæндæгутæ фендагъдæнцæ… «Мæнæ куд байтамал дæн, мæнæ», – æхе меднимæр загъта Бурхан. – Лæг марунмæ, миййаг, ку нæ цæун, мæ хуæри уæйæ ку нæ кæнун, æййевгæ ’й ку кæнун…» – гъезæмарæй мардæй Бурхан…

Кæркитæ фиццаг уаст ку никкодтонцæ, уæд Бурхан æхе фæббæгъатæр кодта æма нур хæдзарæмæ фæммедæг уон, зæгъгæ, уотæ ба Доссанæ æ кусти сæргъи зæрдхъурмæ зар никкодта… Уотæ хъæбæр фæттарстæй Бурхан, æма фæстæмæ еу къуар ампъези ракæнгæй, уæлгоммæ дæргъæй-дæргъæмæ рахаудтæй. Доссанæ ба зардта…

Æнгъæлдæн æма, еци æхсæвæй мæтъæлдæр зæрдæй некæд зардта Доссанæ. Еци мæйдар сабур æхсæви Доссани зар уотæ рæсугъд адтæй, æма сау гъæди цъеутæ æригъал уогæй, фæрсаг кæнун райдæдтонцæ алли æвзагæй, аллирдигæй…

Бурхан ку æрæскъидтæй, уæд Доссани къæразги рохс нæбал калдæй. Сабургай дуари къæбæл раласта æма талинги урзацауæнæй æ хуссæн байагурдта зæнхи буйнагбæл, фал æ хъæппæлтæ ба нæ раласта…

Зæронд, цъумур буйнаги гæппæлбæл равдулæ-бавдулæ кодта Бурхан, æ цæсгон æма æ зæрди хæццæ тохгæнгæй. Кæркитæ дуккаг уаст никкодтонцæ, Бурхан ба ма уæддæр гъезæмарæ кодта æ листæни. «Нур афонæ ’й», – æхе меднимæр загъта Бурхан. – Кенæ нур, кенæ ба некæд. Доссанæ ниффунæй æй… Æхсæвæ мæ цæсгонæй дæр æма Доссани сау цæститæй дæр талингæдæр æй»…

Сабургай исистадæй æма ехæнрезæ кæнгæй, расуг лæги хузæн, ракеуæ-бакеуæгæнгæ, æ хуæри сæргъæмæ бацудæй… Доссанæ, изæди цъеуи хузæн, фæлмæн урундухъи хустæй, æ дууæ æставд дзиккой ба æ фæйнæ фарсемæ хуссæни дæргъæй-дæргъæмæ лæудтæнцæ; æ еу къох æ сæри буни, иннæ ба, пили æстæгæй дæр уорсдæр, æхе гъæди æргæллеу æй урундухъæй. Бурхан листæг нийгъуста æма, Доссани инæфунæй æндæр неци фегъосгæй, æ урз радардта талинги. Æ бугъзур къох ниййахæста Доссани хъæдави хузæн фæлмæн къох…

– Доссанæ! – зæгъгæ, дзоруй сосæггай Хуцауи æлгъист Бурхан, æхуæдæг ба ин нибба кодта. Доссанæ!..

Мæгур кизгæ фатау фесхъиудтæй æма æ хъæдавæ уорс фæлмæн къох æхемæ баскъафта, фал ин е ’ннæ къох бабæй æлгъист Бурхан райахæста…

– Бурхан, мæ арт мæбæл бауазал æй, ду дæ е, ду?– дзоруй и кизгæ.

– Усс, Доссанæ, мæ зæрди æнцойнæ, мæ зæрди стъалу, – зæгъгæ, дзоруй дигорон сосæггай, æ хъурихатт раййевгæй. Фесавдан, куддæр де ’нсувæр, Бурхан, æригъал уа, уотæ…

Мæгур кизгæ уотæ фæттарстæй, æма æ фур азарæй æхе мисти бæдоли хузæн урундухъи къуми балхъивта.

– Доссанæ, мæ бони рохс, ма тæрсæ мæнæй, æз дæн… Хасан-Бек дæн. О, Доссанæ, бахатир мин кæнæ, мæ зæрди рохс, Дигоргоми рæсугъд стъалу! Ходуйнаг не ’рхæсдзæнæн æз дæу хæдзарæмæ, мæ уодигага, мæ рæсугъд Доссанæ…

– Ци дæ гъæуй, цæмæн æрбацудтæ, Хасан? – зæгъгæ ’й, фæрсуй æ уогъурсуз æнсувæри Доссанæ, æхуæдæг ба æ къохтæ ратудта æлгъисти къохтæй.

– Усс, мæ зæрдигага, гъæр ма кæнæ… Минкъий мæмæ байгъосæ…

Де ’нсувæр, Бурхан, не ’сарази æй. Игъосгæ дæр мæмæ нæ кæнуй… Идардмæ кæсгæ дæр нæ кæнуй… Хъæбæр берæ ин фæллигъстæ кодтон, фал ин амалæй амал не ’ссирдтон. «Мæ хуæрæ уæйæ ’й», – зæгъгæ мин разагъта æрæги-дурæги ба…

– Уæйæ? Æз уæйæ дæн зæгъис? – зæгъгæ, исцъæхахст кодта мæгур кизгæ.

– Усс, Хуцауи хатирæй, гъæр ма кæнæ… Гъо, ра дæ уæйæ кодта… Фал дæ кæмæн рауæйæ кодта, уой ба нæ зонун… Неци мин загъта… нур ба мин, Доссанæ, Хуцау æма зæнхи артæй рохс зæгъæ: мæнæй æндæр еске дæ зæрдæ æхецæн адгинæн райсдзæнæй, æви нæ? Æнæ дæу мæ бон еу бон, еу сахат дæр фæццæрун не ’суодзæнæй, мæ уодигага. Доссанæ, нуртæккæ мæ цард дæр æма мæ мæлæт дæр æнцæ дæу къохи… Зæгъæ мин: дæ зæрдæ адгийнагæн мæн есуй æви нæ?

 

Уодзæнæй ма.