04 октября 2024

КОМУАДЗÆН – УОДИ КÆДЗОСДЗИЙНАДИ ÆМА ЗÆРДИ ФЕДАРДЗИЙНАДИ БÆРÆГБОН

21.04.2023 | 14:17

Æнæгъæнæ дуйней пусулмæнттæ дæр абони, 21 апърели райдæдтонцæ бæрæг кæнун сæ цитгиндæр бæрæгбæнттæй еуей – Комуадзæн (Уораза-байрам), кæци æй, алли пусулмонæн дæр æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг ци ихæс æй, гъома, ком бадаруни (уораза) мæйæ Рамадани кæронбæттæн.

Комуадзæни бæнттæ алли пусулмонæн дæр, – бустæги ба уораза ка дардта, уонæн æнцæ уæлдай цитгин цийнæдзийнади бæнттæ. Еци æртæ бони пусулмон адæм фæззæгъунцæ фæндараст уоразай мæйи цитгин бæнттæн. Уонæмæ, фæстæмæ ракæсгæй, алкедæр сагъæс кæнуй, хуарзæй ци бакодта æма ма ’й идарддæр æ царди хабæрттæ куд аразун гъæуй, цæмæй æхе уоди рази дæр æма æ фарсмæ цæрæг дзиллити ’хсæн дæр рæстуодæй æнхæст кæна æ царди æгъдау, уобæл. Пусулмон мæйти нимадмæ гæсгæ мæйтæн сæ тæккæ хуæздæри – Рамадани – бæнттæ куд рарвиста, нæ си феронх æнцæ нæ Исфæлдесæги фæдзæхститæ, æведауцæ миутæ, дæлгоммæ гъудитæ кæнун, æхецæн нæ исаккаг кодта? Æвæлмæцгæй  архайдта æ аллибони гъуддæгутæй дæр æма гъудитæй дæр хуарзбæл, æ уоди кæдзосдзийнадæбæл?

Пусулмон паддзахæдти, уæдта Уæрæсей кæцидæр регионти дæр Уораза-байрами (комуадзæни) рæстæг 3-4 бони адæм косгæ нæ кæнунцæ, уомæн æма комуадзæн, нимад æй хъæбæр цитгин бæрæгбонбæл. Еци бæнтти адæм зæрдрохсæй цийнæ кæнунцæ, дæргъвæтин комдарæни мæйæ дзæбæхæй ке райевгъудæй, ке исхъаурæ кодтонцæ еци ихæс бафедунæн, уобæл.

Фиццаг бон хор искæсуни фæсте пусулмæнттæ сæ уæле искæнунцæ сæ хуæздæр кенæ ба дзихъирт нæуæг уæледарæс, арфити хæццæ цæунцæ кæрæдзей хæдзæрттæмæ, цийнæ кæнунцæ, исцæттæ кæнунцæ дессаги адгин хуæруйнæгтæ. Нæлгоймæгтæ æрæмбурд унцæ мæзгити, сунни амундмæ гæсгæ дуа искæнунцæ, уæдта имам исаргъауй.

Мæзгитмæ цæуни агъоммæ пусулмон адæймаг гъæуама æхе багъуд кæна, искæна нæуæг хъæппæлтæ æма уотемæй ратагъд кæна æ æмдингæнгути хæццæ еумæйаг æмбурдмæ – еумæйагæй намаз кæнунмæ.

Бæрæгбони намаз кæнун æнгъезуй куд сæйраг, уотæ æндæр мæзгитти дæр. Ести къулумпидзийнæдтæмæ гæсгæ кæмæн нæ бантæстæй бæрæгбони еумæйаг намазмæ бахаун, еци пусулмони барæ ес æндæр рауæни æндæр имами хæццæ еци намаз искæнунæн.

Комуадзæни бæрæгбæнтти федауй кæрæдземæн лæвæрттæ кæнун, бæрæгбони фæдбæл æрцæттæгонд хуæруйнæгтæй хеуæнтти, синхæнтти, зонгити фæххинцун. Ахсгиаг æй, еугур хæстæгути еумæ æрæмбурд кæнæ дæ хæдзарæмæ æма уотемæй еумæ рæстæг рарветун.

Мах дæр нæхердигæй Цæгат Иристони еугур пусулмæнттæн дæр зæрдиагæй арфæ кæнæн аци бæрæгбони фæдбæл. Хуцаумæ ковæн æма си корæн, цæмæй нин радта уоди хъаурæ æма лæдæрундзийнадæ, нифс æма разæнгарддзийнадæ, ци гæнæн æма амал ес, уомæй хуарздзийнадæ ракæнунæн, нæ агъаз ке багъæуа, уомæн фæййагъаз кæнунæн, æведауцæ миутæй ба хе багъæуай кæнун. Еузагъдæй, цæмæй æновудæй ни алкедæр архайа æ уоди кæдзосдзийнадæбæл, нæ уæлзæнхон царди нæ ихæстæ æнæгъæнæйдæр æма федауцæй æнхæст кæнунбæл.