10 ноября 2024

КЪОРНАТИ Мухарбег. УАРЗТИ ФУДВӔНДАГ

08.10.2021 | 15:24

Мӕнӕ дӕлдӕр ци ӕрмӕг мухур кӕнӕн, уоми ци хабӕртти кой цӕуй, етӕ ӕцӕгӕй адтӕнцӕ. Уони туххӕй хецӕн уацтӕ беретӕ финстонцӕ, сауӕнгӕ ма нӕ номдзуд ахургонд, историон наукити доктор, профессор Кокити Геуӕрги дӕр ниффинста документалон уацау.

Уони ‘хсӕнӕй равзурстан Къорнати Мухарбеги финст уац. Мухур ба ‘й уомӕ гӕсгӕ кӕнӕн, ӕма кӕд еци хабӕрттӕ раги ӕрцудӕнцӕ, уӕддӕр уой аккаг ӕнцӕ, цӕмӕй расагъӕс кӕнӕн, куд цӕрӕн, ӕма адӕми ‘хсӕн нӕ карни гъуддӕгутӕ аразгӕй циуавӕр зӕрдихатт равдесӕн, нӕхе пайдайӕн архайун исфӕндӕ кӕнгӕй, расагъӕс кӕнӕн, иннети карнӕбӕл ба е ци хузи фӕббӕрӕг уодзӕнӕй, уобӕл. Ӕвӕдзи, нӕ рагъуди кӕнӕн. Ӕма, мӕнӕ ци хабӕртти кой ракӕнуйнаг ан, етӕ куд ӕверхъауӕй фӕббӕрӕг ӕнцӕ уоййасӕбӕл берӕ адӕми карнӕбӕл, уотӕ кедӕрти хецмӕрези фудӕй никкуддӕртӕ унцӕ иннети царди хабӕрттӕ.

Еузагъдӕй, бакӕсетӕ аци уац, расагъӕс кӕнетӕ, ка ни кутемӕй цӕруй хеуӕнтти хӕццӕ дӕр ӕма дзилли ‘хсӕн дӕр.

Къорнатӕ цардӕнцӕ ӕма абони уӕнгӕ дӕр цӕрунцӕ Киристонгъӕуи (нуртӕккӕ Дигорай), ледзгӕ ба ракодтонцӕ Дигоргомӕй. Устур ӕма бонгин муггаг адтӕнцӕ Къорнатӕ. Адтӕй сӕмӕ курухон, ӕгъдаугин зӕронд лӕгтӕ дӕр. Уонӕй еу атӕй Бега. Тоггинти бафедаун кӕнунмӕ, кенӕ ба минӕварӕн Киристонгъӕуи алкедӕр агурдта Къорнати Бегай. Агурдтонцӕ ‘й, уомӕн ӕма цъухӕй дӕр, уӕдта ирон ӕгъдӕуттӕмӕ дӕр дӕсни адтӕй.

Бега адтӕй хӕтагӕ лӕг. Зудта кӕсгонау дӕр. Ӕ фиццаг уосӕ адтӕй кӕсгон ӕлдар Абати кизгӕ. Ӕ дуккаг уосӕ ба – Бесолтӕй. Фиццаг уосӕй ин рацудӕй ӕртӕ фурти, дуккагӕй – ӕхсӕз фурти ӕма еу кизгӕ.

Кӕсгон хуӕрифурттӕн сӕ хестӕр хундтӕй Алихан, астӕуккаг – Аслӕнбег, кӕстӕр – Салат. Сабийтӕ ма ку адтӕнцӕ, уӕд иуазӕгуати ахид цудӕнцӕ сӕ мади ‘рвадтӕлтӕмӕ. Абатӕ – гъӕздуг хӕдзарӕ адтӕнцӕ, сӕ бӕхӕргъӕуттӕн, зӕгъуй, нимӕдзӕ дӕр нӕ адтӕй. Абатӕ сӕ хуӕрифуртти барӕвдауиуонцӕ кӕсгон саулох байрӕгтӕй, кенӕ ба догъон бӕхтӕй. Уомӕ гӕсгӕ сабийтӕ хъӕбӕр ӕновуд адтӕнцӕ бӕхтӕбӕл.

Бегай хестӕр фурт Алихан бӕхбӕл бадунмӕ ӕ разӕй неке рауагътайдӕ. Финддӕс анзи ибӕл ку рацудӕй, уӕд ӕй еу бонгин французаг ӕхецӕн бӕхбадӕгӕн ракодта Парижмӕ. Ӕма уоми хъӕбӕр хуарз базудта французаг ӕвзаг. Еууӕхӕни си ӕрбайгъустӕй хабар: французаг гъӕздуг кизги ракурдта. Уобӕл цӕйбӕрцӕ рацудӕй, ка ‘й зонуй, уотӕ бабӕй нӕуӕгӕй ӕрбайгъустӕй, Алиханӕн дууӕ кизги райгурдӕй, зӕгъгӕ.

Парижи цӕргӕй дӕр Алихан ӕ райгурӕн хӕдзарӕбӕл устурзӕрдӕ нӕ кодта. Ахид финста сӕхемӕ, уӕдта ӕхца дӕр ӕрвиста ӕ мадӕ ӕма ӕ фидӕн. Ӕцӕг ӕхуӕдӕг некӕд иссудӕй ӕ райгурӕн бӕстӕмӕ, къӕндзӕстуг ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ. Къӕндзӕстуг ба уомӕн адтӕй, ӕма рагон ӕгъдӕуттӕмӕ гӕсгӕ, ирон адӕми ‘хсӕн хуарз цӕстӕй нӕ кастӕнцӕ ӕндӕр адӕмихаттӕй уосӕ ка ‘рхонидӕ, уомӕ.

Бегайӕн ӕ иннӕ дууӕ фурти – Аслӕнбег ӕма Салат кодтонцӕ сау куст. Дууемей дӕр – косагӕ. Хӕдзари сӕмӕ адтӕй галтӕ, бӕхтӕ, гъоцитӕ, фустӕ. Айдагъдӕр ӕййафтонцӕ зӕнхӕгъӕуагӕ, фал еске зӕнхӕ ӕмбесбӕл бакӕниуонцӕ ӕма сӕмӕ нартихуар дӕр уидӕ.

Аслӕнбегбӕл еу ӕма инсӕй анзи ку исӕнхӕст ӕй, уӕд имӕ фӕдздзурдтонцӕ дивизионмӕ. Ци амал адтӕй – ӕ халӕ исхаудтӕй ӕма ӕфсӕддон гъуддаги рандӕй Стъараполмӕ. Дивизиони бакуста дууӕ анзи ӕма ‘рдӕг. Анзи ‘рдӕг ма ‘й ку гъудӕй, уотемӕй райдӕдта Японий тугъд. Аслӕнбеги рарвистонцӕ тугъдмӕ. Беретӕ бабун ӕнцӕ Японий тугъди, фал Аслӕнбегӕн ӕ амонд адтӕй ӕма хуӕрзеугути хӕццӕ исӕздахтӕй.

Еу бон ку адтӕй, уӕд Аслӕнбег исфӕндӕ кодта ӕ мади ‘рвадтӕлти бабӕрӕг кӕнун. Хуӕрифурти лӕварӕн ин ци сау бӕх балӕвар кодтонцӕ, уобӕл ӕрбабадтӕй ӕма рараст ӕй балций Кӕсӕгмӕ.

Хор нӕма искастӕй, уотӕ ӕригъал ӕй Абати гъӕу. Адӕм галуӕрдунтӕй ӕма бӕхуӕрдунтӕй цудӕнцӕ кустмӕ. Фонс ратардтонцӕ будурмӕ. Сабийтӕ дӕр уесин «бӕхтӕбӕл» раскъардтонцӕ хезунмӕ уӕриккити ӕма уӕсити. Сӕ фӕсте ба уадӕнцӕ куйтӕ. Уоститӕ ӕма кизгуттӕ къуӕрттӕй цудӕнцӕ гогойнити хӕццӕ донмӕ. Силгоймӕгтӕ идардмӕ ку рауиниуонцӕ нӕлгоймаг, уӕд сӕхе бафӕсвӕд кӕниуонцӕ, цалинмӕ райевгъуиуонцӕ, уӕдмӕ.

Аслӕнбег ма тарфунӕй адтӕй.

– Е циуавӕр фунӕй ӕй? Фестӕ уӕлӕмӕ! – къӕразгӕ ниххуаста фусунти кизгӕ Азаухан.

Аслӕнбег базудта Азаухани ӕ гъӕлӕси уагӕй. Рагӕпп кодта ӕ хуссӕнӕй ӕма ӕ дзаумӕуттӕ кӕнунмӕ фӕцӕй.

Азаухан фӕммедӕг ӕй иуазӕгдонӕмӕ, райста хъувгъан ӕма дзоруй Аслӕнбегмӕ:

– Абони ӕз ӕма ду кумӕ цӕуӕн, уой зонис?

– Цӕмӕй ӕй зонун, ку неци мин загътай, уӕд?

– Абони Къуадзихъти гъӕуи устур гъазт ес. Фиццаг хатт цӕун гъазтмӕ… ӕма мӕ хӕццӕ рацо.

– Дӕу туххӕй, мӕ еунӕг хуӕрӕ, ӕз мӕхе Терки дони дӕр багӕлдздзӕнӕн, – загъта Аслӕнбег.

Азаухан цийнӕгӕнгӕй фендӕдуар ӕй. Аслӕнбег дӕр ӕхе рӕвдзӕ кӕнунмӕ фӕцӕй. Сӕракдзабуртӕ, сӕракзӕнгӕйттӕ искодта, ӕма сӕ балваста ӕвзестӕ зӕнгбӕттӕнтӕй. Искодта сау сгӕлладӕ цохъа, сугъзӕрийнӕ донитулд ӕвзестӕ бӕрцити хӕццӕ. Ӕ нарӕг астӕу ба балваста сугъзӕрийнӕ донитулд ӕвзестӕ хъӕма ӕма ставдхӕтӕл дамбацай хӕццӕ.  Ӕ сау даргъ бецъотӕ расӕрфта фӕйнердӕмӕ, райста саргъ, нимӕт ӕма рацудӕй тургъӕмӕ. Уоми лӕудтӕй тачанкӕ ефтигъдӕй. Хуӕрзарӕзтӕй фӕззиндтӕй Азаухан дӕр. Даргъ пъолци ибӕл дувӕлдӕхт дусти хӕццӕ. Ӕ сӕрбӕл – зӕрийнӕ, ӕрттевгӕ хӕлттӕй арӕзт ходӕ, уой уӕле мора сӕрбӕттӕн, ӕ астӕубӕл, Аслӕнбег ин ци ронӕ исласта, е ӕма реуигънӕгутӕ. Ӕ къӕхтӕбӕл – сурх сӕракдзабуртӕ.

Азаухан сӕ синхон кизги хӕццӕ исбадтӕй тачанки фӕлмӕн бадӕнбӕл. Бӕхтӕрӕг син адтӕй Азаухани ӕнсувӕр Аслан. Исбадтӕй Аслӕнбег дӕр ӕ бӕхбӕл. Рараст ӕнцӕ Къуадзихъти гъӕумӕ.

Къуадзихътӕ кӕсӕгӕн адтӕнцӕ сӕ астӕуккаг ӕлдӕрттӕй. Сӕхецӕн – хецӕн гъӕу. Дардтонцӕ берӕ косгутӕ.

Къуадзихъти муггаги хестӕр Хадзимурзӕн адтӕй фурттӕ: Нану, Хадзимурзӕ, Темурхъан, Таухъан ӕма Алихан, уӕдта дууӕ кизги: Хадизӕт ӕма Фаризӕт. Фаризӕт – сувӕллон, Хадизӕт ба – ӕвддӕсанздзуд. Хадизӕт дӕр Азаухани хузӕн абони фиццаг хатт рацудӕй гъазтмӕ. Хонгӕ ба ‘й ракодтонцӕ ӕ фӕсдзӕуинттӕ, сӕ косӕг кизгуттӕ. Ӕцӕгӕлон биццеутӕй Хадизӕти некӕд неке фӕууидта: кӕсгон ӕлдӕртти ӕгъдӕуттӕмӕ гӕсгӕ, кизгӕн ӕндӕмӕ цӕуни барӕ нӕ адтӕй, изӕрӕй донмӕ ӕ косӕг кизгутти хӕццӕ кӕд рацудайдӕ, ӕндӕр. Уӕддӕр ӕ рӕсугъди кой райгъустӕй иннӕ гъӕутӕбӕл дӕр. Ӕма нур Хадизӕт гъазтмӕ ку фӕззиндтӕй, кизгутти ӕмрӕнгъӕ ку ‘рлӕудтӕй, уӕд биццеутӕ нӕ, фал ма имӕ кизгуттӕ дӕр кӕрӕдзей сӕрти кастӕнцӕ.

Аслӕнбег Хадизӕти рауидта ӕма имӕ къехӕй кӕсгӕ райзадӕй. Ӕмдзӕгъд кӕнун куд райдӕдта, уой ӕхуӕдӕг дӕр нӕ балӕдӕрдтӕй. Фал ӕ кеми ку ‘рцудӕй, уӕд ӕхецӕн загъта: «Аци кизги хӕццӕ ӕнӕ еу кафт ракӕнӕн нӕййес».

Гъазт карзӕй-карздӕр кодта. Биццеутӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, Хадизӕт нур рацӕудзӕнӕй, уӕд рацӕудзӕнӕй кафунмӕ, зӕгъгӕ…

Фӕстагмӕ рацудӕй Хадизӕт кафунмӕ. Ӕнхӕст нӕма фӕххецӕн ӕй кизгутти рӕнгъӕй, уотӕ биццеутӕ  аллирдигӕй гӕппитӕ кӕнун райдӕдтонцӕ кафунмӕ. Аслӕнбег дӕр фӕстегӕй кӕми байзадайдӕ: Хадизӕт еу ампъез дӕр нӕма ракодта, уотӕ уайтӕккӕ  ӕ рази февзурдӕй.

– Иуазӕгӕн ӕмдзӕгъд! – кадӕр фӕгъгъӕр кодта биццеути ‘рдигӕй.

Кӕсгон ӕлдар Хъуадзихъти Хадзимурзи кизги ӕ разӕй ку райста Аслӕнбег, уӕд имӕ еугурӕйдӕр кӕсгӕ байзадӕнцӕ. Кизгӕ ӕнхӕст нӕма ӕрзелидӕ, уотӕ ‘й Аслӕнбег, раст айнӕг ехбӕл куд зела, уотӕ ӕртӕ зилди ӕркӕнидӕ.

Хадизӕтмӕ дӕр неци фау ӕрхӕссӕн адтӕй фезмӕлдӕй дӕр ӕма уиндӕй дӕр. Уотӕ рӕсугъд ӕма уотӕ рӕуӕг кафта, ӕма ӕ къахи буни карки айкӕ дӕр нӕ расастайдӕ. Кафгӕ-кӕфун ӕ дӕллагхъуртӕ ку фезмӕлиуонцӕ, уӕд си цума хортӕ ӕма мӕйтӕ кастӕй, уотӕ цӕхӕртӕ калдтонцӕ.

Аслӕнбег ӕма Хадизӕтӕн ерисӕй кафт байеудагъ ӕй. Еу фӕззилди ба Аслӕнбег фелваста ӕ дамбаца ӕма ‘й Хадизӕти къӕхти буни ниццавта. Кизгӕ тӕрсгӕ нӕ, фал ӕ цӕстӕ дӕр нӕ фӕнникъулдта.

Уӕдта Хадизӕт ӕхе байста фӕстӕмӕ кизгутти размӕ. Аслӕнбег кафгӕ-кафун бацудӕй кизги размӕ, арфӕ ин ракодта, ӕхуӕдӕг биццеути ӕмрӕнгъӕ ӕрлӕудтӕй.

Нӕбал ракумдта Хадизӕт кафунмӕ. Аслӕнбег дӕр нӕбал ракафта. Гъазт нӕма фӕцӕй, уотӕ Хадизӕт ӕ фӕсдзӕуийнӕ кизгутти хӕццӕ сӕхемӕ фӕрраст ӕй. Фӕццӕунцӕ, уой ку рауидта Аслӕнбег, уӕд Азауханӕн цӕстингасӕй балӕдӕрун кодта, цӕугӕ син ке ‘й сӕхемӕ, уой. Азаухан ӕма е ‘мбал кизгӕ дӕр рацудӕнцӕ гъазтӕй.

– Дӕ хуарзӕнхӕй, ке кизгӕ ‘й Хадизӕт? – бафарста Аслӕнбег Азаухани.

– Дӕ зӕрдӕмӕ фӕццудӕй? – бахудтӕй Азаухан.

– Хадизат ӕй Къуадзихъти ӕлдар Хадзимурзи кизгӕ, – загъта Азаухан.

Аслӕнбег «ӕлдари кизгӕ», зӕгъгӕ, ку райгъуста, уӕд ин цума ӕ цӕсгонбӕл цӕхӕр бакалдтонцӕ, уотӕ сурх-сурхид рацӕй, уӕдта ӕ гъудитӕн дзуапп дӕттӕгау загъта: «Зӕрдӕ муггагӕй нӕ фӕрсуй». Цохъай дусӕй раласта уорс зӕлдагӕ фийсӕрфӕн, ӕ дзиппӕй ба исиста минкъий сугъзӕрийнӕ сахат ӕма сӕ Азауханмӕ равардта:

– Мӕ еунӕг хуӕрӕ, мӕнӕ аци фийсӕрфӕн ӕма сахат ести амалӕй Хадизӕтбӕл исӕмбӕлун кӕнӕ.

– Уобӕл ба цӕбӕл тухсис? Мӕ барӕ уадзӕ, – загъта Азаухан ӕма е ‘мбал кизги хӕццӕ рацудӕнцӕ.

Аслӕнбегӕн дӕр ӕ бӕх ӕ фӕсте цудӕй, уотемӕй, Аслани ци хӕдзари ниууагътонцӕ, уордӕмӕ рараст ӕй. Тачанкӕ исӕййафта ефтигъдӕй. Бӕхи фӕсте ци хуасӕ байзадӕй, уой Аслан ӕхси гъӕдӕй ӕмбурд кодта. Уӕдмӕ Азаухан дӕр е ‘мбал кизги хӕццӕ фӕстӕмӕ фездахтӕнцӕ. Кизгӕ Аслӕнбегмӕ ӕхе хӕстӕг баласта ӕма ‘й иннетӕ куд нӕ бафеппайдтайуонцӕ, уотӕ ин балӕдӕрун кодта, уӕдта ин уорс зӕлдагӕ къохмӕрзӕн ӕ цохъай дзиппи ратъунста.

Кизгӕ ӕма биццеу кӕрӕдземӕн къохмӕрзӕнтӕ равардтонцӕ, зӕгъгӕ, уӕд уой фӕсте ӕнгъизтӕй кизгӕмӕ баминӕвар кӕнун. Аслӕнбег фурцийнӕй ӕхецӕн бунат нӕбал ирдта, ӕ сӕр зилдӕй.  Ӕхемӕ ку ‘рцудӕй, уӕдта Хадизӕти минкъий уорс зӕлдагӕ къохмӕрзӕн ӕ галеу рони ратъунста ӕма бабӕй ӕхецӕн загъта: «Ӕцӕгӕй дӕр зӕрдӕ муггагӕй нӕ фӕрсуй».

Изӕрдалингти ӕрбахъӕрдтӕнцӕ Абати гъӕумӕ. Ӕртӕ бони ма фӕцӕй Аслӕнбег ӕ мади ‘рвадтӕлтӕмӕ, бӕргӕ ма ‘й фӕндадтӕй Хадизӕти фӕууинун, изӕрӕй бӕхбӕл саргъ февардта, ӕма бамедӕг ӕй Къуадзихъти гъӕумӕ. Хадизӕти къӕрӕзгити бунти бӕргӕ рагъазта ӕ саулох бӕхбӕл, кӕд фӕууинидӕ Хадизӕти, зӕгъгӕ, фал ӕ къохи не ‘фтудӕй.

Аслӕнбег баминӕвар кодта ӕ хуарз ӕмгарӕ Бегай мади ӕнсувӕр Цӕрамӕ. Цӕра ба гъӕуама балӕдӕрун кодтайдӕ Бегайӕн Аслӕнбеги фӕндӕ. Бега бафарста Цӕрай, Аслӕнбег ӕхецӕн ке исаккаг кодта, е ка ‘й, ке кизгӕ ‘й, зӕгъгӕ. Гъуддаг ку балӕдӕрдтӕй, уӕд сагъӕсхузӕй загъта:

– Нӕ зонун, нӕ зонун, Къуадзихътӕ сау лӕгӕн сӕ кизги радтонцӕ, е ми не ‘руагӕс кӕнуй. Фал зинг зӕгъунӕй ком нӕ содзуй. Ци нӕ фӕууй, бавзардзинан нӕ амонд.

Бега ӕма Цӕра ӕрбадтӕнцӕ ӕма сагъӕс кӕнун райдӕдтонцӕ, ка исарӕхсдзӕнӕй. Къуадзухътӕмӕ минӕвар ке барветӕн, зӕгъгӕ. Фӕстагмӕ равзурстонцӕ дууӕ хуарз зӕронд лӕги – Къорнати Хъубади ӕма Бесолти Дафай. Уонӕн кӕстӕрӕн ба Тогъузати Цӕрай. Раст зӕгъун гъӕуй, дууӕ зӕронд лӕги цъухӕй дӕр, ӕгъдауӕй дӕр, зундӕй дӕр ӕнхӕст адтӕнцӕ. Дууӕ тоггин муггаги бафедаун кӕнунмӕ кенӕ кизгӕ ракорунмӕ Киристонгъӕуи агурдтонцӕ Хъубади ӕма Дафай. Еци дууӕ зӕронд лӕги ци гъуддаги бацудайуонцӕ, уомӕн ӕнӕ исӕнхӕст кӕнӕн нӕ адтӕй. Сӕ кой игъустгонд адтӕй сауӕнгӕ Кӕсӕги дӕр.

Нартихуар тонун нӕма райдӕдтонцӕ адӕм, уотӕ Хъубади ӕма Дафа, сӕ хӕццӕ кӕстӕрӕн ракодтонцӕ Цӕрай, уотемӕй сӕумӕраги рараст ӕнцӕ Къуадзихъти гъӕумӕ.

Рӕфтӕмӕ хӕстӕг адтӕнцӕ Абати гъӕуи. Уордигӕй сӕ хӕццӕ надамонӕгӕн Аслӕнбеги мадинсувӕр Абати Хабаси ракодтонцӕ ӕма изӕрӕрдӕмӕ бацудӕнцӕ Къуадзихъти гъӕумӕ.

Хъубади ӕма Дафа райстонцӕ сӕ лӕдзгутӕ, Цӕра ӕма Абай-фурт сӕ фӕсте, уотемӕй рараст ӕнцӕ Къуадзихъти хӕдзарӕмӕ.

Хадзимурзи сӕхемӕ баййафтонцӕ. Ӕнахур иуазгутӕн ӕгъдау равардтонцӕ, уӕдта син еблагъуӕ загътонцӕ медӕмӕ.

Иуазгутӕн фингӕ ӕрӕвардтонцӕ. Гагидауӕ рауагътонцӕ. Хъубади ракувта дууӕ муггаги бахӕстӕгдзийнади туххӕй.

– Бахатир кӕнетӕ, хуарз иуазгутӕ, фал ке туххӕй хъиамӕт кӕнетӕ, уой нӕма лӕдӕрун…

– Къорнати Бегай фурт Аслӕнбег… – Дзурд нӕма фӕцӕй Хъубади, уотемӕй Хадзимурзӕ исистадӕй ӕ бунатӕй ӕма загъта:

– Хуарз зӕронд лӕгти хузӕн бӕргӕ айтӕ, фал мӕ уотӕ хъӕбӕр бафхуӕрдзинайтӕ, уомӕ ба уӕмӕ не ‘нгъӕлмӕ кастӕн. Куд мӕмӕ ӕрбахастайтӕ уӕ нифс минӕвари номбӕл, дӕ кизги сау лӕги фуртӕн раттӕ, зӕгъгӕ? Нури уӕнгӕ кӕсгон ӕлдӕрттӕ хӕстӕгдзийнадӕ кодтонцӕ се ‘мсӕрти хӕццӕ. Сау лӕги фуртӕн Къуадзихътӕмӕ кизгӕ нӕййес!

Минӕвӕрттӕ сахӕй райзадӕнцӕ, цума син сӕ билтӕ ниццавта, уоййау. Уӕдта сӕ ниуазӕнтӕ фингӕбӕл ӕрӕвардтонцӕ ӕма исистадӕнцӕ. Еуминкъий ма ӕнӕдзоргӕй ралӕудтӕнцӕ, уӕдта сӕ лӕдзгутӕ фӕсдуарӕй райстонцӕ ӕма сӕргубур,  уӕнтӕхъелӕй рараст ӕнцӕ сӕ фусунтӕмӕ, уордигӕй ба ӕхсӕвдзо ракодтонцӕ Киристонгъӕумӕ.

Ку ‘рбаздахтӕнцӕ, уӕд сӕ фӕрсгӕ дӕр неке нецӕмӕй бал бакодта. Бӕрӕг адтӕй, гъуддагӕй ке неци рауадӕй, е.

Аслӕнбегӕн фурмӕстӕй ӕ цӕститӕ тоги разилдӕнцӕ. «Мадта ӕз мадӕ-фидӕй нӕ райгурдтӕн, еци кизги ӕндӕр ескӕмӕн ракорун ку бауадзон», – загъта ӕхенимӕр.

Еууӕхӕни Аслӕнбег бӕхгинти хӕццӕ фӕрраст ӕй ӕма бампурстонцӕ Къуадзихътӕмӕ, Хадизӕти раскъӕфунмӕ. Фал Хадизӕт сӕхемӕ нӕ разиндтӕй: римӕхст адтӕй ӕ мади ‘рвадтӕлтӕмӕ. Скъӕфгутӕн Хадизӕт сӕ къохи ку нӕ бафтудӕй, уӕд фӕстӕмӕ раздахтӕнцӕ.

Къуадзихътӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, хуарз муггаги хӕццӕ ке нӕй сӕ дзурддаг, уой. Ӕма Хадзимурзӕ сагъӕси бацудӕй, ӕ кизги лӕгмӕ ӕнӕ ходуйнагӕй ци амалӕй радта, уобӕл.

Хадизӕти адтӕй берӕ коргутӕ. Бустӕги ба ӕ коргутӕ исахид ӕнцӕ, е ‘скъӕфун Аслӕнбеги къохи ку нӕ бафтудӕй, уӕд. Куд фӕззӕгъунцӕ: «Зӕйӕ дӕр зӕйи гъӕрмӕ кӕлуй». Къуадзихъти иуазӕгдонӕ нӕбал ревӕд кодта иуазӕгӕй – минӕвӕрттӕй, ӕвдкъохон бӕхбӕттӕн ба – иуазгути бӕхтӕй.

Цӕйбӕрцӕ рацудӕй, ка ‘й зонуй, уӕдта хабар рацудӕй, Къуадзихътӕ бафедудтонцӕ Хъарадзаути хӕццӕ, зӕгъгӕ. Хъарадзаутӕ адтӕнцӕ Къуадзихътӕн се ‘мсӕр. Дууӕ муггаги ӕцӕгдзийнадӕй бафедудтонцӕ, сӕ федуд ба кой кӕнун не ‘ндиудтонцӕ Къорнатӕй тӕрсгӕй. Бафедауни фӕсте Хъарадзаутӕ гъӕуама Хадизӕти ӕрхудтайуонцӕ къуӕрей бонмӕ.

Хадизӕт ку базудта, Хъарадзаутӕн ӕй дӕттунцӕ, уой, уӕд ӕхе марунмӕ ӕрцудӕй: «Мӕ зӕрди кард ниссадздзӕнӕн уой бӕсти, – исфӕндӕ кодта ӕхецӕн Хадизӕт. – Еунӕг уинд ма уӕддӕр ку фӕккӕнинӕ Аслӕнбеги, фал кутемӕй?» – гъезӕмарӕ кодта мӕгур кизгӕ. Фӕстагмӕ ӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕудтӕй Азаухан. «Уомӕй ӕндӕр мӕ нистауӕн неке исӕмбӕлун кӕндзӕнӕй Аслӕнбегбӕл», – загъта ӕхецӕн Хадизӕт. Ӕма еци сахат ӕ косӕг кизги къохӕйфинст гӕгъӕдий гӕбази хӕццӕ Азауханмӕ рарвиста Къорнати Аслӕнбеги номбӕл.

Аслӕнбег райхалдта гӕгъӕдий гӕбазӕ ӕма ибӕл Хадизӕти къохӕй финст адтӕй уотӕ:

«Аслӕнбег! Мӕ фидӕ ӕма мӕ хестӕр ӕнсувӕр Нану мӕн нӕ бафарстонцӕ, уотемӕй бафедудтонцӕ Хъарадзаути хӕццӕ. Ме ‘нсувӕр Нану Хъарадзаутӕй райста ирӕд дӕр, саргъи бӕх ӕма ӕвзестӕй арӕзт топп.  Иннӕ майрӕнбони мӕ киндзӕхсӕвӕр. Ӕма кӕд дӕ бон ӕй, уӕд дӕ лӕгигъӕдӕ ӕма дӕхуӕдӕг!

Хадизӕт».

Ирон адӕммӕ некӕд адтӕй еске курд киндзи раскъӕфуни ӕгъдау. Уогӕ уидӕ уӕхӕн хабӕрттӕ, фал хъӕбӕр ӕстӕн хатт ӕма Аслӕнбег хуарз зудта, Хадизӕти ку раскъӕфа, уӕд Къорнати муггаги тоггин ке кӕнуй Къуадзихътӕ ӕма Хъарадзаути хӕццӕ. Хуарз зудта уой дӕр, ӕма Хъарадзаутӕ дӕр ӕма Къуадзихътӕ дӕр хъӕбӕр устур муггӕгтӕ ке адтӕнцӕ. Фал ӕ зӕрдӕбӕл ку ‘рбалӕудтӕй, Хъарадзауи-фуртӕн уомӕй устурдӕр аргъ ке искодтонцӕ, е, уӕд ӕ маст рафунхтӕй.

Аслӕнбег фӕдздзурдта ӕ кӕстӕр ӕнсувӕр Салатмӕ. Сӕлат адтӕй сӕрӕн ӕма ӕхсаргин игурд. Ӕ лӕгигъӕдӕ ӕма ӕ бӕгъатӕрдзийнадӕн ӕмбал нӕ адтӕй. Адӕм си уотӕ дзориуонцӕ, арв Салатӕй не ‘ндеуй нӕрун, зӕгъгӕ.

Дуккаг бон хор ранигъулдӕй, уотемӕй Къорнати тургъи, еу иннемӕй лӕгдӕр, уотемӕй рафестӕг ӕнцӕ дӕс бӕхгини: Аслӕнбегӕн ӕ хуарз ӕмгӕрттӕ ӕма ӕрдхуӕрдтӕ. Иуазгутӕ сӕ уӕле сау нимӕттӕ ‘ркодтонцӕ, райстонцӕ сӕ дамбацатӕ ӕма бабадтӕнцӕ сӕ бӕхтӕбӕл. Ӕмбесӕхсӕвӕ нӕма адтӕй, уотӕ бӕрзондӕй никкастӕнцӕ Къуадзихъти гъӕумӕ.

Аслӕнбег скъӕфгутӕн лӕмбунӕг фӕдздзурдта, ка ци кӕндзӕнӕй, уой. Дзубанди ралух ӕй уобӕл, ӕма кизги гъӕуама Аслӕнбег ӕма Салат рахӕссонцӕ. Дууӕ лӕги гъӕуама байзадайуонцӕ тургъи бӕхти хӕццӕ, иннӕ аст скъӕфӕги ба гъӕуама топпадзагъд исистайуонцӕ аллирдигӕй.

Цуппар бӕхгини думги хузӕн фӕммедӕг ӕнцӕ Къуадзихъти тургъи. Аслӕнбег ӕма Салат рагӕппитӕ кодтонцӕ сӕ бӕхтӕй, топпити къилдунӕй ниццӕфтӕ кодтонцӕ Хадзимурзи тургъи дуар ӕма фӕммедӕг ӕнцӕ уати. Салат байзадӕй дуаргӕсӕн, Аслӕнбег ба цирагъ содзунмӕ фӕцӕй. Нидӕн рохсмӕ Салат рауидта Хадзимурзӕ айдагъ хӕлаф ӕма хӕдони хъӕмай хӕццӕ Аслӕнбегмӕ къилдунӕрдӕмӕ куд багъузтӕй, уой. Нур ин ӕй ӕ фӕсонти ниссадза, зӕгъгӕ, уотӕ ин Салат фӕстеггӕй ӕ къох ӕд хъӕма райахӕста, ӕ буни ‘й ракодта ӕма ин ӕ къохтӕ ӕма ӕ къӕхтӕ ӕнгон ӕрбабаста, ӕ гъӕлӕси ин къохмӕрзӕн ратъунста. Уӕдта ‘й сувӕллони хузӕн ӕ гъӕбеси фелваста, ӕма ‘й хуссӕнмӕ багӕлста, ӕхуӕдӕг фондзӕхстонӕй ӕртӕ ӕхсти фӕккодта дуарӕй, дзубандигонд куд адтӕнцӕ, уотӕ.

Скъӕфгутӕн топпи гъӕр сӕ гъостӕбӕл ку рауадӕй, уӕд аллирдигӕй топпадзагъд кӕнун райдӕдтонцӕ. Идардӕй ку байгъустайсӕ, уӕд цума дӕс лӕги нӕ, фал сӕдӕ лӕги топпадзагъд исамадтонцӕ, уотӕ игъустӕй.

Цалинмӕ Салат Хадзимурзи хабар кодта, уӕдмӕ Аслӕнбег байервазтӕй силгомӕгти уатмӕ. Сирник ку иссугъта, уӕд Хадизӕти уорс даргъ хӕдони рауидта уати къуми мади фарсмӕ зир-зиргӕнгӕй.

– Аслӕнбег, – бафӕразта ма исдзорун Хадизӕт, уӕдта ӕ зӕрдӕ багъар ӕй ӕма ӕ бунати ӕрхаудтӕй.

Аслӕнбег Хадизӕти сау нимӕти ратухта ӕма цӕргӕсау ратахтӕй уатӕй.

Бон цъӕхтӕ кӕнун райдӕдта, уотемӕй скъӕфгутӕ бахъӕрдтӕнцӕ  Киристонгъӕумӕ. Хадизӕти Къорнатӕмӕ нӕ бахастонцӕ, фал Бегай мадирвадтӕлтӕмӕ, Тогъузати Цӕрай хӕдзарӕмӕ. Гъӕуама Хадизӕт уонӕй ӕрцудайдӕ киндзи Къорнатӕмӕ.

Тогъузатӕ устур кади хӕццӕ рарвистонцӕ Хадизӕти Къорнатӕмӕ киндзи. Къорнати муггаг, уӕдта сӕ хӕстӕгутӕ аллирдигӕй низмалдӕнцӕ: ка ласта косӕрттаг, ка фунхта киндзӕхсӕвӕрӕн бӕгӕни, ка ба лӕвардта ӕхца. Къорнатӕ нӕ, фал бустӕги ӕцӕгӕлӕнттӕн дӕр адтӕй хъӕбӕр ӕхцӕуӕн Аслӕнбеги гъуддаг. Рацӕргӕ адӕм дзурдтонцӕ, зӕгъгӕ, Къорнати киндзӕхсӕвӕри хузӕн цӕргӕбонти некӕд неке гъуди кӕнуй.

Къуадзихъти гъӕуи сӕумӕй адӕм кӕрӕдзей фарстонцӕ, ци ‘рцудӕй ӕзинӕ, зӕгъгӕ. Сӕумӕраги Хадзимурзӕ еу бӕхгини рарвиста Хъарадзаутӕмӕ, иннӕ бӕхгинти ба муггаги хестӕртӕмӕ. Хор ку ранигъулдӕй, уӕд Хадзимурзи хӕдзари ӕрӕмбурд ӕнцӕ Къуадзихъти муггаги хестӕртӕ ӕрбалӕудтӕнцӕ Къуадзихъти тургъи Хъарадзаутӕ дӕр.

– Аци гъуддаг сӕрмӕ ‘рхӕсуйнаг гъуддаг нӕй. Абони нӕмӕ бавналдтонцӕ сау адӕм, исон ба бавналдзӕнӕнцӕ кӕвдӕсардтӕ, иннӕ бон ба… Ӕма ма уӕд ӕлдӕрттӕн цӕрунмӕ бӕззуй? Кенӕ ба кӕд ӕрцудӕй уӕхӕн хабар, ӕма еске курд киндзи раскъӕфӕ? – бафарста Хадзимурзӕ.

Адӕм зӕнхӕмӕ никкастӕнцӕ ӕма ниссагъӕсхуз ӕнцӕ. Хъарадзаутӕн сӕ хестӕр хатир ракурдта ӕма загъта:

– Устур ходуйнаг ӕй ӕнӕгъӕнӕ муггагӕн дӕн. Фал Хъарадзаутӕ хъӕбӕрдӕр ӕфхуӕрд ӕрцудӕнцӕ. Курд киндзи раскъӕфунӕй ходуйнагдӕр ци уодзӕнӕй? Хъарадзаутӕ абонӕй фӕстӕмӕ сӕхе нимайунцӕ Къорнати хӕццӕ тоггинтӕбӕл. Гъӕуама нӕ киндзи фӕстӕмӕ райсӕн, ӕндӕр тӕрхон махмӕ нӕййес.

(Уодзӕнӕй ма).