07 декабря 2024

КУ НÆЙЙЕС НÆХЕ РÆЗÆЙ ХУÆРЗАДÆДÆР!..

06.07.2024 | 12:26

Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй мæнæ ауæхæн таурæхъ. Еу рæсог цæугæдон, дан, æ хузæй исгъигæ ’й æма æхебæл нæбал æнвæрстæй, æндæрхузон исунмæ бæлдтæй. Уалинмæ дин хонхи фахсæй лæсæн ку рагулф кæнидæ, еци цæугæдон исæзманста æма е дæр æхецæй хъæбæр ниббоз æй…

Махбæл дæр Цæгат Иристони кæддæр æрцудæй еци цæугæдони хузæн цау. Разагъди рæзæдæнттæ нæмæ кæми ба нæ адтæй. Гъæутæй беретæми ба уиуонцæ дугæйттæ-æртигæйттæ. Мадта нæмæ си ци хузи ба нæ ирæзтæй!.. Ци рæзи хузтæ ба си нæ задæй!.. Уони хузæн алæмæти хуæрзадæ нуртæккæ некæмибал иссердзæнæ.

Фал, куд фæззæгъунцæ, дæ  хуарз дæмæ цæстиварди ку нæбал уа, уæд додойаг кæндзæнæй дæ сæр!.. Цидæр сайтандзийнадæ нин нæ сæри зунд фæккуддæртæ кодта – фæццалх ан фæсарæнтæй нæмæ ласт рæзæбæл, бакастæй бæргæ рæсугъд, фал адæй ба бустæги нецæййаг. Нæхе хуæрзадæй-хуæрзадæдæр рæзæ ба нин нæбал бæзтæнцæ. Æма нæ рæзæдæнттæ бустæги низзæууат æнцæ, фулдæр рауæнти ба сæ бундзагъд никкодтонцæ. Е цæйбæрцæбæл æверхъаудзийнадæ адтæй, уой ма фæстæдæр бæргæ балæдæрдтан.

Хуарз æма ’й уæддæр ке балæдæрдтан, æма абони еци рæдуд исраст кæнуни фæдбæл мадзæлттæ арæзт  цæуй. Еуæй-еу рауæнти нæмæ аразун байдæттонцæ рæзæдæнттæ. Еци куст куд цæуй, уой исбæлвурд кæнуни нисанеуæгæй Цæгат Иристони кустадон балций адтæй Уæрæсей Федераций гъæууон хæдзаради министр Оксанæ Лут.

 

Уæрæсей Федераций гъæууон хæдзаради министр Оксанæ Лут æма Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло сæ фембæлди рæстæг æрдзубанди кодтонцæ нæ региони агропромышленнон къабази абони уавæри æма æ идарддæри райрæзти хæццæ баст фарстатæбæл.

Куд бæрæггонд æрцудæй, уотемæй Цæгат Иристон æнтæстгинæй ке архайуй паддзахадон программæ «Гъæууон фæзуæтти комплексон райрæзт»-и, уой фæрци арæзт цæунцæ социалон объекттæ – скъолатæ, рæвдауæндæнттæ, спорткомплекстæ. Аци анз еци программæн республикæ райста 740 миллион соми.

Сергей Меняйло æма Оксанæ Лут бабæрæг кодтонцæ нæ республики агропромышленнон комплекси цалдæр рауæни. Хуæнхон паддзахадон аграрон университети федералон ведомстви разамонæги базонгæ кодтонцæ, 2021 анзи арæзт ка ’рцудæй, еци селекцион хуæрзмуггагбæл архайæг наукон центри кусти хæццæ. Аци центри наукон-æртасæн программи ес селекций æртæ ’здæхти. Фæстаг дууæ анзей дæргъи центри агъазиау куст бакодтонцæ муггæгти хуæрзгъæдæдзийнадæ æма картофи генетикæбæл. Ахургæндтæн еугур уавæртæ дæр ес æнтæстгин кустæн.

Аци ахурадон уагæдони Оксанæ Лут ма фембалдæй, дууæ анзей дæргъи сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæн ка агъаз кæнуй, еци волонтерти ’змæлд «СВОим»-и разæнгарддæр архайгути хæццæ. Етæ ’нцæ университети ахургæнгутæ æма студенттæ, сæ байвæрæн хæссунцæ республики æндæр цæргутæ дæр.

Оксанæ Лут æма Сергей Меняйло бабæрæг кодтонцæ рæзикустгæнæг кустадæ «Хъазахъæгти хутор» дæр. Ами еу мин гектаребæл ниййаразтонцæ фæткъу бæлæстæ. Исаразтонцæ си тиллæги дæс æма дууинсæй тонни кæми даронцæ, уæхæн амæддзæгтæ, пластикæй контейнертæ аразæн цех.

Фарæ бал æрæмбурд кодтонцæ фæткъуй дæс æма инсæй тонни, аци анз ба, инвестор Къацити Сергей куд зæгъуй, уотемæй тиллæгæрзад никки бæрзонддæр уодзæнæй. Кустуат исаразунбæл бахарз кодтонцæ 14 миллиард соми, нерæнгæ си ес кусти 621 бунати. Инвестицион проект кæронмæ æнхæстгонд ку ’рцæуа,  уæд кусти бунæтти нимæдзæ уодзæнæй 730.

Æхцæуæн æй е дæр, æма Оксанæ Лут куд баханхæ кодта, уотемæй, еумæ райсгæй, гъæууон хæдзаради къабази Цæгат Иристон хуарз бæрæггæнæнтæ  ’вдесуй. Уой фæдбæл æ радзубандий уотæ загъта:

– Фарæ Цæгат Иристон æрæмбурд кодта 900 тонней бæрцæ хуари культурити тиллæг. Хъæбæр хуарз æнцæ бæрæггæнæнтæ фонсдарунади къабази дæр – куд æхсиритоварон, уотæ маргъ æма сторвонс, фонси фиди дæр. Зæрдæмæдзæугæ ’й  региони архайд гъæууон фæзуæтти комплексон ирæзти программи дæр. Еугур муниципалон районти дæр арæзт цæунцæ нуриккон инфраструктурæ æма цæрунæн хуæрзвадуæттæ – нæуæг скъолатæ, рæвдауæндæнттæ, культури артдзæститæ, коммуналон хизтæ. Еумæ райсгæй син 2020-2023 æнзти федералон бюджетæй уагъд æрцудæй 3,9 миллиард соми. Аци анз ма республикæ гъæуама райса 765 миллион соми. Иннæ анзмæ дæр Цæгат Иристон балæвардта гъæугæ гæгъæдитæ еуæндæс проектемæн, æма æууæндæн ес цалдæрей фарс ке рахуæцдзæнæнцæ.

Сергей Меняйло ба куд фæббæрæг кодта, уотемæй республики хецауади оргæнти кусти сæйрагдæр æздæхтæй еу гъæууон хæдзаради ирæзт æнтæстгиндæрæй-æнтæстгиндæр кæнун ке æй, уой:

Ами ма зæгъун гъæуй уой дæр, æма фарæ Цæгат Иристони гъæууон хæдзаради кусти бæрæггæнæнти индекс адтæй 106% – Уæрæсей рæстæмбес бæрæггæнæнæй бæрзонддæр. Е къохи бафтудæй, паддзахадон  агъаз гъæууон хæдзаради кустбæл афойнадæбæл ке исæмбалдæй, уой фæрци. Аци анз республикæн федералон бюджетæй ратдзæнæнцæ 1,7 миллиард соми, нуриуæнгæ бал еци фæрæзнитæй харзгонд æрцудæй 60 процентемæ хæстæг.

Нуртæккæ республики бавналдтонцæ хуар æфснайунмæ. Куститæ цæунцæ æнæкъулумпитæй, фæллойнæгæнгутæ гъæуагæ нецæмæй æййафунцæ. 2023 анзи республикæ нæ бæсти рацудæй фиццаг бунатмæ хуарæрзадæй, аци анзи бæрæггæнæнтæ дæр ниллæгдæр нæ уодзæнæнцæ.

Цæгат Иристони ма зæрдæмæдзæугæ бæрæггæнæнти хæццæ цæуй  минкъий гъæути цардиуаги уавæртæ фæххуæздæр кæнунбæл куст дæр. Паддзахадон программити фæлгæти 2024 анзи архайунцæ фондз мадзалебæл. Федералон бюджети агъаз уодзæнæй 765 миллион соми. Фæрæзнитæ исхарз кæндзæнæнцæ цæргути цæрæнуæтти уавæртæ фæххуæздæр кæнунбæл, хуæрзвадуæттæ исаразун æма инфраструктури ирæзтбæл.

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта ГÆТИЙТИ Светланæ.