06 октября 2024

КУД ӔХСИЦГӔ НӔ ГЪӔУИС, ТАЙМУРАЗ!..

27.08.2022 | 17:57

КОЛИТИ Витали, финсæг, публицист

Исфæлдистади гъуддаг уотæ ’й, æма еуемæн æнцонтæй æнтæсуй аййевади бæрзæндтæмæ исгæпп кæнун. Неци си гъæуй, устур тухæ æвзаруни сæр дæр си, мадта, нæ гъæуй, айдагъдæр, «нæ-най» æмдзæвгитæ финсун зонæ, кæми гъæуа, уоми хецауади зæбæттæ дæр растæрисæ, сæ «зундгин» дзубандитæй син цитатитæ дæр æрхæссисæ æма дæ поэтикон надбæл сгæлладæ итуд. Кадгин нæмттæ æма хуæрзеугутæ дæр дæхе, дæ киунугути нимæдзæ дæр дæсгæйттæ.

Иннетæ ба равзарунцæ æцæг поэзий над – зин æма гургъахъ, сæ къахи бунтæ æма нихбунтæ цармæстъигъд кæми баунцæ, уæхæн над. Уонæмæ нæдæр хецауадæ се ’ргом некæд æздахуй, нæдæр сæ доги цæстиварди фæуунцæ, нæдæр ба сæ цардиуаги фæрæзнитæ рæвдзæдæр нæ фæуунцæ, мадта хуæрзеугутæй дæр цохæй байзайунцæ.

Айдагъдæр син æрдзæ исаккаг кæнуй е ’сфæлдистадæн еунæг хуæрзеуæг – æносондзийнадæ. Фæстаг къуармæ хауй поэт Тетцойти Гацири фурт Таймураз дæр. Æрдзæй ин егъау искурдиадæ уогæй, поэти багъудæй царди цифуддæр нæдтæбæл рацæун. Ци нæ лæкъун дони банадæй, ци хъицудæнттæ нæ бавзурста, уæхæн ин, æвæдзи, нецибал байзадæй, фал сæбæл сæрустурæй фæууæлахез æй, нæ бакумдта сæттун цъамайрадæ æма хæрандзийнадæн, уотемæй æдæрсгæй, размæ цудæй еу поэтикон уæлахезæй иннемæ. Уой медæги æй Таймурази æскъуæлхтдзийнадæ куд поэт æма адæймаг, уотæ.

Таймуразбæл аци анз 1 сентябри исæнхæст æй финддæс æма цуппаринсæй анзи. Æма кæд цалдæр анзи рацудæй, кæдæй не ’хсæн нæбал æй, уæдæй, уæддæр ма цардæгасæй æристуй нæ цæстити рази, никки æнæмæлгæдæр ба ’й кæнунцæ, æ уоди артæй ци зæрдæмæдзæугæ æмдзæвгитæ исфæлдиста, етæ. Таймурази поэзий байеу æнцæ: уарзт æма лæгдзийнадæ, нифс æма æ рæстзæрдæ æууæнкæ, сæребарæбæл тох æма лæгæхсарæ. Еунæг æмдзæвгæ дæр имæ уæхæн не ’ссердзæнæ æма адæймаги арф сагъæстæбæл ка нæ бафтауа. Поэти фиццаг киунугæ «Æмдзæвгитæ» мухури рацудæй 1949 анзи. Уæдæй фæстæмæ еу инней фæсте мухури зиннун райдæдтонцæ æ поэтикон æмбурдгæндтæ куд æ маддæлон æвзагбæл, уотæ уруссаг æвзагмæ тæлмацгондæй дæр. Тæлмац ба сæ кодтонцæ тæккæ зундгонддæр æма арæхстгиндæр тæлмацгæнгутæ.

Дигорай Тетцойти Таймураз кæми райгурдæй, еци хæдзарæ.

Блашка, Геуæрги, Созур æма иннæ хестæр фæлтæр дигорон æвзагбæл ци традицитæ ниууагътонцæ, уони идарддæр æ рæстæги айдагъдæр Таймурази бон бацæй кæдзосæй багъæуай кæнун æма идарддæр рахæссун.

Æвзаги æведуйгæ гъæздугдзийнæдтæй арæхстгинæй пайдагæнгæй, поэти арми бафтудæй дигорон поэзий туруса никки бæрзонддæр риндзæмæ исхъæртун кæнун. Е ба дин æ дуккаг æскъуæлхтдзийнадæ.

Æ доги дæр æма æ фæсте дæр дигоронау ка финста æма финсуй, уонæй некема къохи бафтудæй уой æмвæзадæмæ исхезун.

Æ еу æмдзæвги æ зæрдæ Таймураз хонуй «бурдæнти æрвадæ». Æма æцæгæйдæр бурдæнау ниццæвунцæ æ рæнгъитæ кæсæги зæрдæ.

Дзæвгарæ рæстæгути Тетцой-фурти исфæлдистадон нæдтæ адтæнцæ æмирæхгæд. Адтæй уæхæн догæ æма дигорон æвзагбæл мухургонд нæбал цудæнцæ уадзимистæ, гъавтонцæ ’й къæхти буни нинсæндунмæ, æ кой дæр куд нæбал адтайдæ, уæхæн уавæри æй исæвæрунмæ.

Поэти мадæ Тамарæ.

Фал сæ арми нæ бафтудæй, уомæн æма Таймурази хузæн патриоттæ ци адæммæ уа, уони æвзагæн зинтæй ес къæхти буни никкæнæн. Уогæ адтæй уæхæнттæ дæр, кæцитæ се ’взагбæл исфæлхæттæнцæ æма ибæл сæ къох исистонцæ. Таймураз уой æ сæрмæ некæд æрхаста, уомæн хъазардæр адтæй æ уоди æма е ’сфæлдистади сæребарæ. Уой туххæй æхуæдæг уотæ финста:

Циййес дуйнебæл æзмæлагæй,

Ес син райдайæнма кæрон.

Æнцæ цæрагæ ’ма мæлагæ,

Æз ба неййевун мæ цæсгон.

Е ба дин Таймурази иннæ æскъуæлхтдзийнадæ. Таймураз ци фæлгонцтæ исаразта, етæ ’нцæ æнæбафæнзгæ. Еу гъуди æндæр еске хæццæ æмæнгæс некæд фæууй, нæ цæуй фæлхатгонд. Аййевадон фæрæзнитæй пайда кæнуй арæхстгинæй.

Хатгай поэти зæрдæ, æ фалдзос уавæрмæ кæсгæй, уотæ æрæнкъард уидæ, æ дуйне ин уотæ исунгæг уидæ æма имæ цæрун дæр нæбал цæуидæ, æ фаламбулай æнæраст нивтæ уингæй:

Мæнæ дессаг!

Хатгай мæ цард куд неци

Листæг, ниллæг гъуддæгтихсæн цæуй!

Сæлфунæгау, цæуй, æма мæ еци

Фадуат мæнбæл сæлфунæгау, кæуй.

Фал кæд цийфæнди æнкъард æнкъарæнтæ æууелунцæ поэти зæрдæ, æ нифс бустæгидæр ниссастæй, уæддæр имæ æнæнгъæлти фæззиннуй цæрæццагдзийнадæ æма ’й е нæ уадзуй еугур бустæги ниууæнгмард ун. Поэт æууæндуй, æ фудæбæнттæ дзæгъæли ке нæ ’нцæ, æ зар ескæци бони адæми зæрдити аккаг бунат ке ниййахæсдзæнæй, уобæл æма ’й еци нифс хонуй размæ:

Æхецæй мæ цард не ’нсонуй,

Æй, æвæдзи, боз мæнæй.

Адæми зæрдæ, ка ’й зонуй,

Мæ хæдзарæ уодзæнæй.

Поэти размæ хонуй «рæстади рæсугъдадæ». Зин иссерæн æй Таймурази ’сфæлдистади, рæстдзийнадæ æма адæймаги рæсугъддзийнадæбæл дзубанди кæми нæ цæуй, уæхæн æмдзæвгæ.

Цъетедон куд рæсугъд пурхæнтæй хауй дæлкоммæ рæсогæй, уотæ рæсог æй Таймуразæн дæр æ интимон лирикæ. Хаттæй-хатт æ къохи бафтуидæ, фиццаг бакастæй æргомæй дзорæн дæр кæбæл не ’нгъезуй, айдагъдæр адæймаг æхе медуод сосæггай заргæй, исгъæр кæнунæй дæр тæрсгæ кæмæй фæккæнуй, уæхæн æнкъарæнтæ адæми размæ рахæссун. Уомæ гæсгæ ’нцæ зæрдæмæгъаргæ æма гъудитæбæл æфтауæг:

Ду дæ тухгин. Уæлдай дин нæй:

Фæнди мæ фарсмæ уай æноси,

Фæнди идарди уай мæнæй,

Мæ уарзт, мæ маст æма мæ уосæ.

***

Уати не ’мисис ду мæ ба,

Кæнгæй, ратолæ ’ма батолæ.

Нæ дин нинхъирдтæ уй дæ баз,

Не ’суй сурх дæр дæ уорс уадолæ.

Кæд цийфæнди æфхуæрди бунати байзайуй лирикон архайæг, кæд ибæл фæливдæй цæуй æ уарзон, уæддæр ин фуддзийнадæ ба æ зæрдæ нæ зæгъуй, фæндуй æй, цæмæй амондгун уа. Уæлдæр куд загътон, уотемæй Таймурази лирикæ ’й æнæбафæнзгæ. Фулдæр хатт айдагъ æмдзæвги нæ, фал еунæг рæнгъи дæр æ бон бауидæ æнæгъæнæ нивæ равдесун.

Таймураз адтæй Фидибæсти Устур тугъди архайæг. Уомæ гæсгæ ба имæ дзæвгарæ финст ес æмдзæвгитæ тугъдон тематикæбæл. Айдагъдæр еци уæззау нæдтæбæл ка рацæуа, еци тæссаг уавæртæ æхе уодбæл ка бавзара, уой бон бауодзæнæй мæнæ ауæхæн рæнгъитæ ниффинсун:

Мæ уæлахези фидибæсти

Фур берæ уарзун æз, дæуау.

Æма æ сæрбæл, багъæуаги

Фуртау уодзæнæн сæрбæлтау.

Цæмæдесаг мæмæ кæсуй æмдзæвгæ «Гæр?!»

Æфсæддон тугъди туфули, æ тог æнæвгъауæй калгæй, алкæддæр даруй æ уарзон кизги сорæт æ зæрдæбæл. Уой нифсæй лæгæмпурсти цæуй размæ… Æма ци? Кизгæ нæ бангъæлмæ кастæй æ тугъдони иссудмæ. Поэт ин бостæхузæй уайдзæфгæнæгау зæгъуй:

Гæр, æз тугъди байзадтæн æгасæй,

Куд фæммардтæн дæ зæрди уæд æз.

Таймураз æ бийнонти хæццæ (рагон къарæ).

Таймурази ’сфæлдистади аккаг бунат ахæссуй юмор æма сатирæ. «Цæрттæ есæг», «Еу тукангæс», «Лектор Алсахъ», æма иннæ æмдзæвгитæ раги иссæнцæ адæмон сæ æцæгдзийнадæ æма адæмондзийнадæй. Поэт хормæ рахаста, еске хъиамæтæй цæрæнбонти бохъцард ка фæккодта, адæм фонсбæл ка нимадта, исхецау уогæй, уæхæнтти зæрдиуагæ.

– Зин æй мæнгард æма фæливд доги цæрун, еугæрдæр дуйнемæ поэтæй æрцудтæ, уæдта си рæстуодæй цæрун гъæуй, адæми сагъæс дæ мæтæ куд уа, сæ хуарздзийнадæбæл син зæрдæй цийнæ кæнунгъон куд уай, уæхæн уæвун гъæуй, – еци гъуди ахид æмбæлуй Таймурази уадзимисти.

Таймураз ци поэмитæ исфæлдиста, уони еу хай баст æй, царди æцæг цаути хæццæ. Поэти къохи бафтудæй зингæ революционертæ Къолойти Кудзи, Гибизти Дебола, Цæголти Геуæрги æма иннети сорæттæ æнхæстæй равдесун. Багъæрати Созур æма Малити Геуæргий туххæй ци поэмитæ ниффинста, уонæн ба исхонæн ес поэми медмонологтæ. Уони хæццæ дзоргæй, поэт æнхæстæй равдиста æ цæстингас дуйнемæ. Уомæ гæсгæ сæ ахедундзийнадæ æй бæрзонд. Таймураз æ къох не ’систа адæмон исфæлдистадæбæл дæр.

Цалинмæ æхе лæдæрунгъон адтæй Таймураз, цалинмæ ’й нез æ хуссæнмæ не ’ркодта, уæдмæ поэт еунæг усмæ дæр æ къох не ’систа поэзибæл. Æ фæстаг уолæфти уæнгæ дæр æ зæрди тæгтæй баст адтæй поэзий хæццæ æма ин æнтæсгæ дæр уомæн уойбæрцæ бакодта. Æхе фæд, æхе къахнад исаразта Таймураз, æма ибæл рæстуодæй цудæй размæ дæр. Еци къахнадæн феййевдзигæнæн неке хæццæ ес. Уой туххæй æхуæдæг уотæ финста:

Æз Хуцау мæхецæй нæ аразун,

Фал еске дæлмусмæ нæ лæсун.

Мæн фæндуй Тетцойти Таймураз ун

’Ма Тетцойти Таймураз исун.

Таймураз æ Дигорæ ци уарзтæй уарзта, уой æхецæй аййевдæр ка гъæуама бавдистайдæ:

Зин мин æй де ’ной, Дигорæ,

Æнæ мадæ рист фуртау.

Стонг сабиййау дæу агорун

Гъар æхсири исхъуртау.

Цæрæ мин цардау, Дигорæ,

Æнæмæлгæ уо алкæд.

Таймурази æз бафæсмардтон, студент ма ку адтæн, еци æнзти. Уæдæй æ рамæлæти бонмæ нæбал фæххецæн ан кæрæдземæй. Æ хæццæ еумæ дæр ракустон еу анзи бæрцæ Горæтгæрон райони газет «Ленини туруса»-й тæлмацгæнæгæй дæр. Бадгæ дæр кодтан еу къæбинети æма мин рæстæг адтæй Таймурази аллирдигæй дæр лæмбунæг базонунмæ. Æз берæ хæттити æвдесæн адтæн, поэт е ’мдзæвгитæбæл куд куста, уомæн.

Зин иссерæн адтæй Таймурази хузæн æнæхийнæ адæймаг, алкæддæр æма алкæбæлдæр æма алцæбæлдæр сувæллонау æууæндтæй. Æхуæдæг куд рæстзæрдæ адтæй, иннети дæр уæхæн уоди хецæуттæ æнгъалдта æма, гъулæггагæн, хъæбæр берæ хæттити, æ лимæнтæ ке æнгъалдта, уонæй фудæнгъæл фæууидæ. Еци рæстæг æ зæрдæ уотæ исунгæг уидæ æма сабийау æ цæститæ дони разелидæ. Фæстæдæр журнал «Ирæф»-мæ ку æрбаййивтон косунмæ, уæддæр не ’мбæлдтитæ минкъийдæр нæ фæцæнцæ. Ахид ин байхæс кæнианæ еске æмдзæвгитæмæ æркæсун, æрмæст ами ба адтæй æнæхатир, фæливдадæ уæлæнгай рахаст некæмæн хатир кодта. «Поэзий фæстæмæ къохтæй косæн нæййес», – зæгъгæ, уидæ æ хатдзæг. Е дæр æцæг поэти менеуæг æй.

Фæстагмæ ку æруатон æй, уæддæр мæмæ телефонæй ахид æрбадзоридæ: «Гæлæхха, биццеу, Энвери хæццæ мæмæ æрбацæуайтæ, хъæбæр мæ фæндуй уæ фæууинун», – ниллигъстæ кæнидæ Таймураз.

Гъулæггагæн, зæрдитæ ин байвæринæ, цæун ба мæ арми нæ бафтудæй. Уобæл ма абони дæр фæсмон бæргæ кæнун, фал… Хуцау æ зонæг, ци зæгъун адтæй æ зæрди, ци ма нин фæдзæхсуйнаг адтæй… Ехх, фæсмон, – æрæгиау фæсмон!..

 

Фал дæхецæн фурт агорæг

Макæддæр фæццо, макæд.

***

Мæн ме ’гади ниллæхорæ,

Скæнæ де ’лгъистæ ме ’ккой…

Зин дин уодзæнæй, Дигорæ,

Зин дин уодзæнæй, ме ’ной.

Раст дæ, Поэт! Махæн, дæ фæдонтæн хъæбæр зин æй æнæ дæуæй, Таймураз. Кæд нæ къохи еститæ æфтуйуй, уæд уоми, æнæмæнгæ, дæу устур байвæрд дæр ес, куд нæ хестæр, не ’мгарæ æма нæ бафæнзуйнаг поэт, уотæ!

 

 

ТЕТЦОЙТИ ТАЙМУРАЗÆН

Таймураз, æрæфтудтæ мæ зæрди,

Нæ финдздзæуæг æма нæ дзæгъæл.

Нæ нифсдæттæг æма нæ лæгæрдæг,

Кæмæ кастан æноси æнгъæл.

 

Æлвасуй содзгæ маст зæрди тæгтæ,

Æвæрсгæй, æгъзæлуй цæстисуг.

Куд хъæбæр нæ гъæуис, ду, нуртæккæ,

Нæ разиуай æма нæ мæсуг.

 

Хуарзæнхитæй идзаг нæ æмбæлттæ,

Дæуæн ба æнимадæ дæ ном.

Ду кадæмæ æппун некæд бæлдтæ,

Дæ кадæ ба адтæй æгæрон.

 

Ду уарзтай æрмæстдæр лæгдзийнадæ,

Æзнæгтæн нæ кумдтай æмпулун.

Еске фаун – дæуæн дæ зийнадæ.

Хуарзбæл ба рæстзæрдæй æхцул ун.

 

Фаути нихмæ федар ислæууисæ,

Тæнуод адæм дæ ниндæ, дæ рун.

Æнæбонæй хатгай никкæуисæ,

Нæ бæлсгæй, фæливдадæ æппун.

 

Кæд дин адтæй æнцад цæрунвæдгæ,

Æлхъивд адтæй æноси дæ дзурд.

Бæрæг æнцæ уæддæр дæ къахвæдтæ,

Поэзий бæрæг æй дæ рацуд.

 

Нур дæ цори лæугæй, æдзæллагæй,

Дæ уæлцирт хебæраги кæун.

Фæррохсаг уо, Таму, фæррохсаг уо,

Нæ рæстзæрдæ æма нæ æрхун…