04 октября 2024

«ЛӔГДЗИЙНАДӔ ЦАРДИ БАЙРӔЗТИ ГЪӔУЙ АЛКӔД, КУД ХУӔРЗАГ…»

27.08.2022 | 09:18

           ***

Ка загъта мин, æрмæстдæр тугъди

Лæгдзийнади сæр гъæуй?

Сабур цард ба æ хуæздæр скъухти

Æнæ уой цума цæуй?

Лæгдзийнадæ царди байрæзти

Гъæуй алкæд, куд хуæрзаг

Арф уедагæ – толдзи къабæзти,

Куд уйнаг хуари муггаг.

Е гъæуй нæ æнæ бадзурдæй,

Куд хуймони – æ готон,

Куд цæргæси – федар базуртæ,

Догъиуайæги – догъон.

Лæгдзийнадæ рæстдзийнадæбæл

Æнæ адæмон тугъдæй

Бацæуидæ содзгæ артмæ дæр,

Содзгæ арти дæр сугъдæй!

Фуддзийнади сайд фæлхæтæнтæбæл

Еузæрдон уни фæлтау

Лæгдзийнадæ ауиндзæнтæбæл

Кодта ауигъдæй хъеллау.

Ка не ’ндеуй рæстдзийнадæбæл

Хъипп кæнун дæр, хъипп, гъеуой

Неци хузи, неци адæбæл

Тугъд искæндзæнæй герой!

МАДÆ

Мæ авдæнæмæ мин буллатæ,

Æркъолæ кæнгæй, зардта,

Кодта мин уарзгæ фæлмæн батæ,

Æ гъар гъæбеси мæ дардта.

Мæхе никкудмæ искæуидæ,

Уæддæр мæ некæд ниццавта.

Хатгай нæ уат уазал ку уидæ

Æ коми тулфæй мæ тавта…

Цубур хæлаф, сæнтцъæх хæдонæ

Нæ алли маймæ мин худта.

Харбуз афони мæ еу бонæ

Сæумæ скъоламæ фæххудта…

Ку ’рбадионцæ нæ кæркитæ

Изæрæй ’фтауæн гъæдтæбæл,

Уæд мин тауæрæхътæ кæнидæ

Октябри тохæг лæгтæбæл…

Тугъди фестидæ, цид, мæ рази,

Æ каст мæнæн мæ зин сурдта.

«Ку дæн, мæ фурт, дæуæй арази,

Фесафæ знаги», е дзурдта.

Сæумæй, хæрсæмæ рафецаугæй,

Æ мæгурзæрдæй уидæ ’нгъæл,

Цохъай думæггæгтæ фелаугæ,

Цума фæззиндзæнæн бæхбæл…

Æза гъæугони нæ, æд кадæ

Атаки арти æнæтас

Цудтæн, цæмæй цæра мæ мадæ,

Уа мин берæ ’нзти сæрæгас!

 

МАДДÆЛОН ДЗУРД

Кæд, миййаг, æ байергъæв кæнунмæ

истудта хуæнхти къæйтæ Ирæф?

Кæд, миййаг, æ тæрегъæд кæунмæ

æй гъеуотæ фурсатæг уæлдæф?

Е кæддæр баргин хъали хумгæнди

æ зинæй никкæуидæ уарзтау,

ку фуддзард ниссæттуни стур фæндæ,

рохсдзинадау, мæгурмæ хаста.

Ку æ хъур цæстисугтæй идзагæй

æрвиста æзнæгтæмæ  азар,

ку нæрдтæй киндзæхсæвти цъæхснагæй,

ку ризтæй æ фурцийнæй æ зар.

Искодта дессаг зартæ æносмæ

зунд æма аййевадæй æнхæст,

фал игъустæй æрмæст гъосæй-гъосмæ,

фал цудæй цъухæй-цъухмæ æрмæст.

Кæд нæ дзурд æносей æнгарæ ’й,

сабийау ирæзагæ ’й, уæддæр

Уоми æй мæ адæми æфсарæ,

мæ адæми циргъ зунди къæсæр.

Уоми æй адæмон зæрдиуагæ

æд уарзтадæ, æд цийнæ, æд маст.

Маддæлон дзурд мæнæн адæймаг æй.

Адæймаг æд æхсарæ, æд уарзт!

Азæлæд мæ хуæнхбæсти, мæ фæзти.

Æ зундбæл ин кæнæнтæ стур дес.

Æнæ уой мин нæййес фидибæстæ,

ниййерæг адæм дæр мин нæййес!

 

ЗАР

Зудтон æз тохти еунæг зар:

Фæнди хор бон, фæнди мæйдар,

Фæнди метуард, фæнди лæкъæрди,

Цума ме ’мтохæг къæмиссар

Сидтæй мæ разæй ма мæ зæрди

Сурдта мæ тас æма фæллад.

Цæфау ку ’рхауинæ уæлнад,

Уæд мæ исесидæ фæдесмæ.

Цума мæхе рæнгъаг салдат,

Цудæй мæ фарсмæ уæлахезмæ.

Æз еци зарбæл æууæндтæн.

Фæтæг скодтон си мæ фæндтæн.

Худта мæ ’рмæст сгухтæй æсгухтмæ.

Мæ еци зар дæ нур мæнæн.

Уæд æз цæмæн бæллон рæсугъдмæ!