19 апреля 2024

ЛӔГГАДӔ КОДТА АДӔМИ УОДВАРНӔН

18.09.2021 | 17:25

Зундгонд куд ӕй, уотемӕй 2022 анзи Цӕгат Иристони цитгингонд цӕудзӕнӕй Аланибӕл исаргъуди 1100-анзон юбилей. Еци бӕрӕгбонмӕ цӕттӕ кӕнгӕй, нӕ газети мухургонд цӕудзӕнӕнцӕ хецӕн ӕрмӕгутӕ, уӕлдайдӕр Цӕгат Иристони цардарӕзти арфиаг гъуддӕгутӕй ка фескъуӕлхтӕй, еци зундгонд дингӕнгути туххӕй. Уонӕй еу – Гатути Алексий.

Гатути Геуӕргий фурт Алексий (Кӕку) райгурдӕй 1847 анзи Дигоргоми. Ӕ ахури над райдӕдта саугин Иоанн Мревлови скъолай (скъола байгон ӕй 1856 анзи Киристонгъӕуи), уӕдта ахур кодта Дзӕуӕгигъӕуи ирон дини училищей.

Уой фӕсте бацудӕй Тифлиси дини семинариймӕ ӕма ’й хъӕбӕр хуарз бӕрӕггӕнӕнти хӕццӕ каст фӕцӕй 1867 анзи. Еци анз косун райдӕдта Салугӕрдӕни (нур – сахар Алагир) аргъауӕни скъолай ахургӕнӕгӕй. Саугин Колити Аксой рохситауӕн архайд  идарддӕр ӕнхӕст кӕнгӕй, Гатути Алексий Салугӕрдӕни аргъауӕни байгон кодта силгоймӕгтӕн фиццаг скъола. Фӕстӕдӕр еци скъолай ахургӕнӕгӕй косун райдӕдта Алексийи цардӕмбал Гӕдзӕлти Софья дӕр.

Гурдзий архиепископ Евсевийи бардзурдӕй Гатути Алексий  1869 анзи 30 августи нисангонд ӕрцудӕй диакъонӕй, 7 сентябри ба – саугинӕй. Салугӕрдӕни аргъауӕни Алексий фӕккуста инсӕй анземӕй фулдӕр (1869-1890 ӕнзти). Фиццагидӕр е  райдӕдта службӕ ирон ӕвзагбӕл ӕнхӕст кӕнун.

Фидӕ Алексий 1874 анзи 6 феврали нисангонд ӕрцудӕй Дигори зилди аргъауӕнти сӕргълӕууӕги ихӕстӕ ӕнхӕстгӕнӕгӕй, 1879 анзи 10 июни ба дингӕнгути съезди унаффӕй – сӕргълӕууӕгӕй. Еци рӕстӕг ӕ архайдӕй аргъауӕнтӕ арӕзт ӕрцудӕй Мӕхчески, Стур Дигори, Дагом-Ӕрхони ӕма Будури Дӕргъӕвси приходти, Берӕгъзӕнги ба – киристон ковӕндонӕ.

Алексий устур ӕргом ӕздахта киристон дин парахат кӕнунмӕ. Дигори зилди уӕди дзамани уӕлдай тухгин адтӕй пусулмон дин, ӕма ами киристон дини сӕрбӕлтау куст рапарахат кӕнун уӕлдай гъӕугӕ ӕма ахсгиаг адтӕй, хъӕбӕр уодуӕлдайӕй байархайун гъудӕй. Ӕма уомӕй ӕхебӕл нецӕмӕй аурста Гатуй-фурт. Айдагъ 1879 анзи сӕрди мӕйти ӕртиндӕс ӕма инсӕй хатти фӕцӕй Дигоргоми гъӕути. Е ’мдогонти дзубандитӕмӕ гӕсгӕ, Алексий адтӕй дессаги дзурдарӕхст лӕг. Ӕ ӕрдзон искурдиадӕ ӕма арӕхстдзийнади фӕрци Хонхи Дигори федар хуӕстӕй киристон динбӕл. Уой туххӕй 1883 анзи хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй Сугъдӕг Анни ӕртиккаг къӕпхӕни орденӕй. Е ’нтӕстдзийнӕдти туххӕй еудадзуг койгонд цудӕй Киристон дин Кавкази иснӕуӕг кӕнуни ӕхсӕнади хатдзӕгти.

Алексий тох кодта фӕстезад ӕгъдӕутти – кизгӕскъӕфт, ирӕд федуни, зиани кӕндити рӕстӕг устур хӕрзтӕ кӕнун ӕма ӕндӕр уӕхӕн фӕткити нихмӕ. Аци фарстати фӕдбӕл Алексий 1881 анзи газет «Терские ведомости»-й еуӕндӕсӕймаг номери ниммухур кодта уац «Об искоренении разорительных обычаев в Осетии».

Гатуй-фурт 1885-1890 ӕнзти ахӕста Ӕрӕдони аргъауӕни сӕргълӕууӕги бунат. 1890 анзи 5 сентябри ба ’й раййивтонцӕ Дзӕуӕгигъӕумӕ, нисангонд ӕрцудӕй Свято-Троицки аргъауӕни саугинӕй, еци-еу рӕстӕг адтӕй ирон аргъауӕнти сӕргълӕууӕг дӕр. Мӕйи фӕсте Алексий аргъауӕни байгон кодта дини скъола. Ӕхуӕдӕг си лӕвардта Хуцауи Ӕгъдау, ӕ кизгӕ Надеждӕ ба ахурдзау кизгуттӕн амудта армдӕсниӕдтӕ.

Фӕстӕдӕр, фидӕ Алексий 1981 анзи раййивтонцӕ Дзӕуӕгигъӕуи агъазиаудӕр аргъауӕнмӕ – (Константино-Еленинский). Берӕ хъауритӕ бахарз кодта адӕми аргъауӕнмӕ цӕунмӕ исразӕнгард  кӕнунбӕл. Дессаги устур лӕгдзийнадӕ ба равдиста 1892 анзи,  фудрун ку иситинг ӕй, еци рӕстӕги, нез ибӕл бацӕфсдзӕнӕй, уобӕл нӕ гъуди кодта, уотемӕй бӕрӕг кодта уӕззау сӕйгити.

Куд ӕ адӕми рохсдзийнадӕбӕл архайӕг, уотӕ 1881 анзи зумӕги Гатуй-фурт  гъӕддухӕй исдзурдта, Дзӕуӕгигъӕуи силгоймӕгти скъола нихгӕнунмӕ ке багъавтонцӕ, уой  нихмӕ. Ӕхуӕдӕг сӕ разамонӕг, уотемӕй Иристони дингӕнгутӕй ӕхсӕрдӕс курдиадӕ рарвистонцӕ Сугъдӕг Синоди обер-прокурор К.П. Победоносцевмӕ скъола нӕуӕгӕй байгон кӕнуни туххӕй. Сӕ карз архайд фӕррӕстмӕ ‘й – 1881 анзи сӕрди силгоймӕгти скъола нихгӕнуни унаффӕ ӕййивд ӕрцудӕй. Е устур цийнаг хабар адтӕй Иристони дзиллӕн, фал е ке фӕрци арӕзт ӕрцудӕй, гъома, ӕ нихгӕнуни нихмӕ ка радзурдта, етӕ ба уӕддӕр ӕфхуӕрд ӕрцудӕнцӕ. Гатуй-фурти раййивтонцӕ станицӕ Слепцовскайӕмӕ (нуртӕккӕ ӕй Мӕхъӕли республики.) 1892 анзи 23 октябри Алексий нисангонд ӕрцудӕй ами аргъауӕни саугинӕй. Нӕуӕг бунати дӕр бабӕй косун райдӕдта зӕрдиагӕй, байгон кодта дини скъола силгоймӕгтӕн.

Алексий 1894 анзи 2 августи нисангонд ӕрцудӕй Дзӕуӕгигъӕуи Ирон аргъауӕни саугинӕй. Ами фӕккуста ӕ царди кӕронмӕ. Ӕ архайди туххӕй хуарзӕнхӕгонд дӕр ӕрцудӕй: 1902 анзи ин исаккаг кодтонцӕ протоиерейи ном, 1906 анзи ба ин равардтонцӕ Сугъдӕг Анни дуккаг къӕпхӕни орден.

Епископ Владимири (Сеньковский) хъӕппӕресӕй Гатути Алексий 1895 анзи уадзун райдӕдта «Епархиальный листок» – газет «Терские ведомости»-й уӕлӕнхасӕн.

Гатуй-фурт 1900 ӕнзти райдайӕни иссӕй Матфейи Евангели ирон ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕнуни къамиси разамонӕг.  Евангели мухургонд ӕрцудӕй 1902 анзи Дзӕуӕгигъӕуи.

Фидӕ Алексий лимӕнӕй цардӕй номдзуд Хетӕгкати Къостай хӕццӕ. Е ’нӕрвист финстӕгутӕй дууӕ байзадӕй. Сӕ еуеми Гатуй-фурт финста: «Для преуспевания осетин нужно… полагаться на вере прославленной. Церковь – это рычаг мощный, он только в состоянии оживить осетин, научить их взаимной любви и доброму труду». Къостай 1906 анзи 29 мартъий ку нигӕдтонцӕ, уӕд Алексий радзурдта зиани уӕлгъос.

Саугин Гатути Алексий 1907 анзи нисангонд ӕрцудӕй Дзӕуӕгигъӕуи дини Консисторий иуонгӕй, 1908 анзи ба – дини киунугутӕ ирон ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнуни къамиси сӕрдарӕй. Къамиси унаффӕмӕ гӕсгӕ саугинтӕ Цомайти Х., Коцойти М. ӕма Рӕмонти И. мухурмӕ бацӕттӕ кодтонцӕ «Служебник», «Требник» ӕма заргӕ кувдтити киунугӕ.

Гатути Алексийи зонундзийнӕдтӕ урухдӕр кодтонцӕ, уӕрӕсейаг науки минӕвӕртти фӕллойнитӕ кӕсгӕй. Дӕнцӕн ӕрхӕссун гъӕуй истори ӕма этнографий пахампартӕ В.Ф. Миллери ӕма М.М. Ковалевскийи. Етӕ Иристони интеллигенци разӕнгард кодтонцӕ ӕртасӕн кустмӕ. Гатуй-фуртӕн ӕнгон рахастдзийнӕдтӕ адтӕй уруссаг науки ӕма культури раззагдӕр минӕвӕрттӕй еу, В.Ф. Миллери хӕццӕ. 1880 анзи сӕрди Миллер Иристони ӕ дуккаг наукон экспедиций ку адтӕй, уӕд цалдӕр бони фӕцӕй Гатути хӕдзари Салугӕрдӕни, ами ахургонд фиццаг хатт фӕууидта ирон иуазӕгуарзондзийнади ӕгъдау. Уой туххӕй фӕстӕдӕр финста ӕ уац «В горах Осетии»-й. Берӕ ӕнзти дӕргъи Гатуй-фурт ӕма Миллер кӕрӕдземӕ ӕрвистонцӕ финстӕгутӕ. Миллери курдиадӕмӕ гӕсгӕ Алексий Иристони раззагдӕр интеллигенций минӕвӕртти хӕццӕ (Кокити С.В., Туккати С.А. ӕма иннети хӕццӕ) архайдта этнографион ӕма фольклорон ӕрмӕг ӕмбурд кӕнуни кусти. Се ‘рмӕгутӕ син Миллер бахаста ӕ куст «Религиозные верования осетин»-мӕ (зундгонд фӕллойнӕ «Осетинские этюды»-й дуккаг хай). Миллерӕн ӕхе дзубандитӕмӕ гӕсгӕ, ӕ кусти сӕйраг ӕрмӕгутӕй адтӕнцӕ «Саугин Гатуй-фурти къохфинститӕ Дигори дзиуӕртти туххӕй». Етӕ ’нцӕ агъазиау ӕрмӕг рагон ирон дини уедӕгтӕ раргом кӕнунӕн.

Гатути Алексий 1883 анзи Всеволод Миллери цуппӕрӕймаг экспедиций рӕстӕги базонгӕ ’й зундгонд уруссаг историк М.М. Ковалевскийи хӕццӕ, ӕма уомӕн дӕр устур агъаз фӕцӕнцӕ Гатуй-фурти этнографион ӕрмӕгутӕ ӕ бундорон куст «Современный обычай и древний закон. Обычное право осетин в историко-сравнительном освещении» бацӕттӕ кӕнунӕн (рацудӕй Мӕскуй 1886 анзи).

Гатути Алексийи куст «Христианство в Осетии. Исторический очерк» зингӕ байвӕрӕн бахаста ирон этнографимӕ. 1891 анзи очерк ниммухур кодта газет «Терские ведомости» дууадӕс номереми, 1901 анзи ба мухури рацудӕй хецӕн киунугӕй. 2007 анзи Цӕгат Иристони Абайти Васой номбӕл Гуманитарон ӕма социалон ӕртасӕнти институт ӕма Уруссаг аргъауӕни бунӕттон хайадӕ Алексийи киунугӕ рауагътонцӕ нӕуӕгӕй сери «Кавказ Христианский»-и. Киунуги наукон ӕгъдауӕй каст цудӕй ирон адӕми историмӕ ӕма киристон дин Иристони парахат кӕнунмӕ.

Литературон ӕма архивон ӕрмӕгутӕй, дзоргӕ таурӕхътӕй пайда кӕнгӕй, саугин Алексий равзурста дзӕвгарӕ фарстатӕ нӕ адӕми этнографийӕй: адӕмон къӕлиндар, бӕрӕгбӕнттӕ, ӕууӕнкӕдзийнадӕ ӕма ӕндӕртӕ. Ӕ историон-этнографион фӕллойни сӕйраг гъудитӕ нӕ рӕстӕги дӕр ӕнцӕ ахсгиаг нӕ уодварни культурӕ ӕртасгутӕн.

Гатути Алексий ӕ уӕлзӕнхон цардӕй рахецӕн ӕй  1909 анзи 29 ноябри. Е ‘носон дуйнемӕ ’й фӕндараст кӕнуни фӕдбӕл Дзӕуӕгигъӕуи  Ирон аргъауӕнмӕ ӕрбацудӕй берӕ адӕм айдагъ сахарӕй нӕ, фал Иристони берӕ гъӕутӕй дӕр. Марди уӕлгъос радзубанди кодта саугин Цомайти Харлампи. Имисӕн уац рацудӕй газет «Терк»-и. Фидӕ Алексийи  байвардтонцӕ Ирон аргъауӕни тургъи саугинтӕ Колити Аксо ӕма Сухити Михали фарсмӕ. Гъулӕггагӕн, сӕ цирттитӕ син  фехалдтонцӕ советон дзамани.

Гатути ӕнгон бийнонтӕ Дзӕуӕгигъӕуи цардӕнцӕ Тарскаяйи гъӕунги (нуртӕккӕ Цӕголи-фурти гъӕунгӕ, 32-аг хӕдзари). Сувӕллӕнттӕ еугурӕйдӕр (адтӕнцӕ дууадӕс) райстонцӕ хуарз ахурадӕ. Алексийи фурт Константин (Дзахо) иссӕй зундгонд финсӕг ӕма ӕхсӕнадон архайӕг, Сергей  адтӕй Иристони фиццаг профессор геологийӕй, кизгуттӕ кустонцӕ ахургӕнгутӕй.

Нуртӕккӕ Гатути хӕдзари фарсбӕл ес фӕйнӕг Дзахой номбӕл. Нӕ зӕрдӕ дардзинан, ирон культури зингӕ архайӕг Гатути Алексийи номерӕн  къӕйтӕ хӕстӕгдӕр рӕстӕг конд ке ‘рцӕудзӕнӕнцӕ ӕ хӕдзарӕбӕл дӕр ӕма Ирон аргъауӕни фарсбӕл дӕр.

ГОСТИТИ Ларисӕ,
историон наукити кандидат.

Редакцион фӕсдзурд

Аци уац Гостити Ларисӕ бацӕттӕ кодта цалдӕр анзей размӕ, ӕма си уӕд Гатути Алексийи рохс ном исцитгин кӕнуни туххӕй ци фӕндӕ бахаста, е ахсгиаг ӕй абони дӕр ма. Ӕма хуарз уодзӕнӕй, Аланий исаргъуди 1100 анзей бӕрӕгбон исбӕрӕг кӕнуни фӕдбӕл нисангонд мадзӕлттӕмӕ ма ку бафтауиуонцӕ, Алексий ци хӕдзари цардӕй, уой  фарсбӕл дӕр ӕма Ирон аргъауӕни фарсбӕл дӕр номерӕн фӕйнӕгутӕ исӕвӕруни туххӕй унаффӕ дӕр.