12 декабря 2024

ЛÆДÆРГÆ  АДÆЙМАГ ФИДБИЛИЗÆЙ  ÆДАС  УОДЗÆНÆЙ…

09.09.2023 | 23:34

Раст сентябри фиццаг бон Дзæуæгигъæуæй Беслæнмæ надбæл цæугæй, транспортон фæрæзнæ «Опель Астрæ»-йи æскъæрæг нæдтæбæл цæуни æгъдау гурумухъæй ке фехалдта, уой фудæй фидбилиз исаразта, кæцими æхе хæццæ ма бахаудтæнцæ уæзласæн фургон æма æртæ рæуæг хуæдтолги. Хуарз æма си фудбæлах не ’рцудæй…

Иннæ хабар. Аци анзи августæй 31 августмæ нæ республики Паддзахадон инспекций косгутæ исбæрæг кодтонцæ нæдтæбæл цæуни 3504 æгъдауихæлди. Уонæй 112 цауи хуæдтолгæскъæргутæ адтæнцæ кенæ ниуæзтгун, кенæ ба нæ бакумдтонцæ дохтирмæ бацæун сæ ниуæзти бæрцæ исбæрæг кæнуни туххæй.

Фудгинтæ дæтдзæнæнцæ дзуапп административон бæрнондзийнади хузи, сæ гъуддæгутæ син рарвистонцæ тæрхондонæмæ.

Карз æфхуæрд баййафдзæнæнцæ. Дууæ анзей дæргъи син барæ нæ уодзæнæй хуæдтолгæ æскъæрунæн, уæдта ма ивар бафеддзæнæнцæ 30 мин соми.

Дуккаг хатт хуæдтолгæбæл ниуæзтгунæй ке бауорæдтонцæ, еци 19 адæймагей туххæй ба байгон кодтонцæ уголовон гъуддæгутæ. Уонæн рахæсдзæнæнцæ никки карздæр тæрхон – æртæ анзи ахæстдони фæббадун.

Хуæдтолгæ æскъæрунæн барæ ци документ дæттуй, уæхæн сæмæ ке нæ разиндтæй, уой туххæй административон æгъдауæй дзуапп дæтдзæнæнцæ фараст æма дууинсæй адæймаги.

Евгъуд къуæрей Цæгат Иристони ’рцудæй æхсæрдæс фæндагон фидбилизи, гъигæдард си баййафтонцæ дууæ æма инсæй адæймаги.

Кæд айдагъдæр дууæ хабарей кой ракодтан, уæддæр, æвæдзи, уæхæн бон нæ фæууй, æма республики, куд цæрæн рауæнти, уотæ уони ’хсæн нæдтæбæл циуавæрдæр фидбилизтæ не ’рцæуй, гъулæггагæн, хуæдтолгити бадгутæй си кадæртæ дæр фæммард унцæ.

Æма еци уавæр нин хъæбæр сагъæссаг куд нæ уа, уæлдайдæр ба уомæ гæсгæ æма си уæззау æверхъаудзийнæдтæ рауайуй, бастъæлуй си адæм, бахаунцæ сувæллæнттæ дæр.

Нæ еугур дæр æй уинæн, нури рæстæги хуæдтолгити бæрцæ уоййасæбæл исберæ ’й, æма нæ цæрæн рауæнти гъæунгти дæр æма уонæй еуварс нæдтæбæл дæр æдасæй рацæун хъæбæр истæссаг æй. Нæдтæ еудадзуг бæргæ  хуæздæргонд цæунцæ, фал уой фæдбæл цийнæдзийнадæ хъонцмæ разелуй. Уомæн æма нæхе хуарзæн пайда кæнун кенæ нæ арæхсæн, кенæ ба уобæл архайгæ дæр нæ кæнæн. Æма куд хуæдтолгитæскъæргутæй, уотæ фестæгæй цæуæг адæмæй дæр беретæмæ нæдтæбæл цæуни æдасдзийнади фæткитæ нимади дæр нæ ’нцæ. Уобæл цæйбæрцæ дзурдæуй, фал гъуддаг ба хуæздæр нæ, фал фуддæрæй-фуддæр кæнуй… «Аци уавæрæн æвæстеуатæй кæрон искæнун гъæуй!..» – уæхæн адтæй, æрæги нæ республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Томайти Ирбег ци æмбурд исаразта, уоми дзубандий сæйраг хатдзæг. Дзубанди ба си цудæй нæ республики нæдтæбæл цæуни æдасдзийнадæ исхузæнон кæнуни туххæй æнæмæнгæ райаразуйнаг мадзæлтти фæдбæл.

Томайти Ирбег æмбурди архайгутæн байхæс кодта, цæмæй нæдтæбæл цæуни æгъдæуттæ æма фæткити фæдбæл профилактикон куст æнхæст кæнунæй ихæсгин ка ’й, етæ уой фæккарздæр æма фæййахедгæдæр кæнонцæ. Куд загъта, уотемæй архайун гъæуй адæми хæццæ сæ цæрæн рауæнти, уæдта дзиллон хабархæссæг фæрæзнити гæнæнтæй парахатдæрæй пайда кæнун:

– Мах гъæуама абони адæми ’хсæн фулдæр косæн. Сæ хæццæ дзубанди кæнун гъæуй хуæдтолгитæ тагъд æма гурумухъ æскъæруни фæстеугути туххæй. Ахиддæр аразун гъæуй нæдтæбæл цæуни æдасдзийнади паддзахадон инспекций косгути еумæйаг рейдтæ, уой дæр хецауади æма æхсæнади минæвæртти хæццæ, дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæ, адæмон æма студентон дружинити агъазæй пайда кæнгæй. Граждæнти разæнгард кæнун гъæуй, цæмæй закъони сæрти ма хезонцæ, цæмæй æй лæдæронцæ, е сæхе хуарзæн ке æй, лæдæрд син уа, уотемæй нæдтæбæл фудбæлæхти нимæдзæ минкъийдæр ке кæндзæнæй, е.

Ахури нæуæг анз ке райдæдта, уомæ гæсгæ æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг гъуддагбæл нимад æрцудæй е дæр, цæмæй ахуради оргæнтæ Паддзахадон инспекций хæццæ æмгуст кæнгæй, ахурдзаутæн гъæунги, фæндагон фидбилизи ма бахауни туххæй хе куд дарун гъæуй, уони лæдæрун кæнун.

Сувæллæнтти гъæуай кæнун гъæуй уæхæн фидбилизтæй, е ба кæнгæ ’й, фиццагидæр, ниййергутæй. Уой фæдбæл дзоргæй, Томай-фурт загъта:

– Етæ син гъæуама лæмбунæг лæдæрун кæнонцæ нæдтæбæл хе даруни уагæвæрд, талингæ рæстæги сæ уæледарæсбæл гъæуама уа рохсгæнæг нисантæ.

Æмбурди ма ци ахсгиаг фарстати фæдбæл цудæй дзубанди, уонæй еу адтæй, нæ бæсти æндæр рауæнтæй рабалци кæнæг уæзæгтæласæг транспортæй мах республикæмæ ка исхъæртуй, æма æ идарддæри цуд лæдæрд уавæртæмæ гæсгæ рæстæгмæ къулумпигонд кæмæн æрцæуй, æма ами лæугæ кæмæн рауайуй, уонæн сæрмагонд æрлæууæн бунæттæ  куд арæзт цæунцæ республики еугур рауæнти дæр, уобæл.

Æмбурди кæронбæттæни Томай-фурт загъта:

– Еугур мадзæлттæй дæр архайун гъæуй, цæмæй нæ республики нæдтæбæл фидбилизти бæрцæ минкъийæй-минкъийдæр кæнонцæ, цæмæй адæм æстæнæй-æстæндæр фидбилизти хауонцæ.

Бæргæ хуарз уидæ, æма е ба махæн нæ еугуремæй дæр аразгæ ’й. Хумæтæги нæ фæззæгъунцæ: «Лæдæргæ адæймаг фидбилизæй æдас уодзæнæй…»

ХЕКЪИЛАТИ Маринæ