08 майя 2024

«Ӕмӕ разыны йӕ сурӕт зӕдау сыгъдӕгӕй…»

11.11.2021 | 12:40

Рӕстӕг кӕддӕриддӕр уыдис нӕ царды айдӕн, нӕ удты тӕрхон-гӕнӕг. Тар, мылазон рӕстӕджы фӕлмӕй рухс дунейы артдзӕстмӕ разындысты Ирыстоны сӕрибарыл, йӕ фарныл ӕмӕ йӕ хъысмӕтыл цырагъау чи тадис, уыдоны рухс фӕлгонцтӕ. Уыдонӕй иу у Ирыстоны номдзыд поэт ӕмӕ ӕхсӕнады кусӕг Малиты Георги.

Уый цы диссаджы зӕрдӕмӕхъаргӕ уацмыстӕ сфӕлдыста, уыдон стыр бынат ахсынц ирон литературӕйы.

Малиты Георги ӕмӕ йӕ бинонтӕ цардысты нӕ фарсмӕ Дыгуры районы Мустыздӕхы хъӕуы. Куыста ахуыргӕнӕгӕй. Ӕз уӕд чысыл чызг уыдтӕн, фӕлӕ йӕ хорз бахъуыды кодтон. Уӕздан, асӕй рӕстӕмбис. Къуыбыр рихиты бынӕй зындис йӕ рӕвдаугӕ ӕнгас, йӕ аив мидбылхудт адӕймагӕн лӕвӕрдта цавӕрдӕр стыр ныфс. Нӕ рӕзты – иу йӕ чингуытимӕ куы сцӕйцыдис, уӕд – иу мах, сабиты, ӕнӕбарӕвдаугӕ нӕ фӕцис. Куы-иу нын ӕнгузтӕ авӕрдта, куы къафеттӕ, куы фӕткъуытӕ. Иу уалдзыгон бон мах, сывӕллӕттӕ, уынджы хъазыдыстӕм, ӕмӕ ӕз ахаудтӕн ӕмӕ мӕхи ныццавтон. Кӕугӕйӕ мӕ ӕрбаййӕфта Георги. Куы мӕ федта, уӕд йӕ чингуыты хызын ӕрӕвӕрдта, басабыр мӕ кодта, стӕй мӕ йӕ хъӕбысы систа ӕмӕ мӕ сӕхимӕ бахаста. Уым мын адджын гуылтӕ радта, стӕй мӕ йе ’мкъай Зӕрӕдаимӕ нӕхимӕ рарвыста.

Георги мӕ фыд Сослӕнбегимӕ хӕларӕй цардис. Арӕх-иу ныхас кодтой уӕды цардарӕзтыл, арӕх-иу кастис йӕ ног ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр. Ныр дӕр ма йӕ диссаджы зӕлланггӕнгӕ хъӕлӕс арӕх ауайы мӕ хъустыл. О, бирӕ рӕсугъд бӕллицтӕ йӕм уыдис, фӕлӕ йӕ фыдзӕрдӕ, лыскъуд адӕймаг бабын кодта, атауыс ыл кодта. Ӕмӕ бацис ӕвирхъау, мылазон дуджы амӕттаг рӕстзӕрдӕйӕ. Баззадысты сидзӕртӕй йӕ чысыл сабитӕ. Цы бон ӕй ӕрцахстой, уыцы бон мӕ фыдыл Сослӕнбегыл цыма судзаггаг мард ӕрцыд, уыйау уыдис ӕрхӕндӕг, мадзура. Мӕ мад та кодта сусӕг хъарджытӕ. Георгийы ӕмкъай Зӕрӕдайӕн мӕ мад ныфсытӕ ӕвӕрдта, фӕлӕ йыл йӕ цӕссыгтӕ комдзог цыдысты, ӕмӕ-иу дыууӕ сылгоймаджы фӕкуыдтой. Мах, сабитӕ, кастыстӕм сӕм ӕнкъардӕй, нӕ хъазын-иу ныууагътам. Мӕ чысыл хо Ирӕ-иу тарстхуызӕй мӕ мады хъӕбысы йӕхи анорста. Фӕлӕ уӕддӕр стыр лӕджыхъӕд ӕмӕ ӕхсары хицау разынди Георгийы ӕмкъай Зӕрӕда. Кӕд йе ’нахъом сабитимӕ баззадис, уӕддӕр йӕ ныфс нӕ фӕцудыдта, куыста, йӕ удӕй арт цагъта ӕмӕ афтӕмӕй хъомыл кодта йӕ хъӕбулты.

Адӕм иухуызон не сты, се ’хсӕн ис хӕрзтӕ дӕр, ӕвзӕртӕ дӕр. О, мах хъӕуы дӕр уыдис ахӕм ӕвзӕртӕ. Уыдон иудадзыг фидис кодтой Малитӕн, хуыдтой сӕ «адӕмы знаджы бинонтӕ». Быдыры-иу куы куыстой, уӕддӕр-иу сын сихор лӕвӕрдтой ӕппӕты фӕстагмӕ, стӕй мӕстджынӕй ӕмӕ схуыстӕй. Ӕмӕ рыстысты сӕ чысыл зӕрдӕтӕ Георгийы сидзӕртӕн. Мӕ цӕстытыл уайы, куыд мадзура уыдысты, уый, нӕ уӕндыдысты сыхаг сабитимӕ хъазын дӕр. Уымӕн ӕмӕ-иу исчи Малиты сывӕллӕттимӕ куы хъазыдис, уӕд-иу сын сӕ ныййарджытӕ тызмӕгӕй дзырдтой: «Адӕмы знаджы сабитимӕ уӕ куыннӕуал фенон хъазгӕ!» Уыдон дӕр-иу ныгъ-уылдтытӕгӕнгӕ, уавӕр не ’мбаргӕйӕ, кӕуындзастӕй ацыдысты сӕ ныййарджытимӕ. Уымӕн ӕмӕ тарстысты нымудзынӕй. Сыхаг сыхагыл не ’ууӕндыд – уыцы ӕвирхъау ӕнӕууӕнкдзинад афтӕ тыхджын уыд, ӕмӕ алы адӕймаджы дӕр дардта ӕгомыг хъадаматы.

Ӕртынӕм азтӕ уыдысты ӕбуалгъ ӕмӕ тугӕйдзаг. Ӕмӕ нӕ мӕгуыр Ирыстонӕй тынг бирӕ бахаудта адӕймагыссӕн куыройы фыдты ’хсӕн. Цыма ныл Хуцау рахатт, уыйау нӕ йӕ быны цъист кодта рӕстӕджы цалх.

Кӕмӕн цы кодта Георги? Хуымӕтӕг, рӕстзӕрдӕ адӕймаг куы уыдис. Цӕмӕн ын аскъуыдтой йӕ цард? Цӕмӕн ын бамыр кодтой йӕ диссаджы поэтикон хъӕлӕс? Сау хӕлӕг, хӕрам ӕмӕ фыдӕх мӕлӕтимӕ лӕууыдысты нӕ фарсмӕ ӕмӕ ныхъуырдтой Георгийы хуызӕн рӕстаг удты. Фӕлӕ рӕстӕг цӕуы, ивы. Малиты Георгийы стъалы тӕмӕнкалгӕ сӕрттывта Ирыстоны арвыл. Даутӕ ӕмӕ йыл тугтӕ чи мысыд, уыцы лӕгмартӕ та ныббырыдысты сӕ ницӕйаг хъузджы ӕмӕ рохуаты ӕрвыстой сӕ ӕнӕбары бонтӕ. Ахауди цардӕфхӕрд бинонты рагъӕй «адӕмы знаджы бинонты» ном. Геуӕргийы фырт Васо-уый дӕр ссис Ирыстоны зындгонд поэт-йӕ ӕмдзӕвгӕтӕй иуы афтӕ фыста:

Мӕ хъыг дӕ ногӕй бафтаудзӕни цардыл.
Дӕ намыс сыстдзӕн ингӕнӕй нӕргӕ,
Дӕ хотых ногӕй домдзынӕ, бӕргӕ,
Фӕлӕ, ӕнамонд, баззади дӕ уартыл
Хӕсты цырен, уӕззау цӕссыгты мал,
Ӕмӕ йын сисӕн ивгъуыд бонтӕй нал и.
Дӕ зӕрдӕйыл мӕлӕтдзаг цӕфтӕй цал и,
Гъе уал царды дын ратдзӕни адзал,
Бӕгъатырыл хӕсты ӕвирхъау арты
Бырсгӕ-бырсын куы аныгуылы хур,
Уӕд ын фыдгул цыт топпӕхстӕй куыд ратты,
Гъе афтӕ раст. Ӕмӕ хъысмӕты цур
Дӕ рӕстаг тох мӕ зарӕгыл цы бӕтты,
Ныр уымӕн ис ӕнӕхӕлгӕ бындур.

Байрӕзтысты Георгийы цот, йӕ уарзон хъӕбултӕ. Сӕ мад Зӕрӕдайы фӕлмаст цӕсгомыл ахъазыд ӕрхӕндӕг мидбылхудт. Барухс йӕ фӕллад зӕрдӕ ныййарӕгӕн. Йӕ хъӕбултӕ рацыдысты уӕздан, хӕдӕфсарм ӕмӕ куыстуарзаг. Сахуыр кодтой. Чи сӕ дохтыр у, чи бухгалтер, ӕрмӕст йӕ кӕстӕр фырт Васо,куы зӕгъын, ацыд йӕ фыды фӕндагыл, равзӕрста литературон куыст. Йӕ иу ӕмдзӕвгӕйы афтӕ фыссы:

Фӕстӕмӕ тохмӕ сыстадтӕ мӕ зарды.
Мӕлынц поэттӕ… Баззайы сӕ уарзт.
Сындӕг ӕрбады хурӕмхиц ӕвзартыл
Сӕ цӕстысыг, сӕууон ӕртӕхау, раст.
Кӕугӕ-кӕуын дӕр чи нӕ зоны цудын, –
О, мӕн дӕ хъыджы басудзын фӕнды!
Сӕдӕ царды куы уыдаид дӕ удӕн,
Уӕддӕр сӕ тохы сиу кодтаис ды,
Куыд ысрӕмудзой судзгӕ динамитау,
(Сӕ даргъ нӕ хъӕуы, дӕу хъӕуы сӕ тых),
Цӕмӕй дӕ ном, адзалы сӕрты хидау,
Мӕн сӕвӕра ыстыр цыты ӕмных.
Цы уыдтӕ, уымӕй а дунейыл фидау,
Сӕтт де ‘хсарӕй хӕрам удтӕн сӕ ных.

Ӕмӕ ӕрцӕуы Георги фӕдисы ӕмӕ тыхсты рӕстӕг, фаг кӕй нӕ барӕвдыдта, фыды узӕлд кӕуыл нӕ бакодта, уыцы уарзон хъӕбултӕм, йӕ мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд Ирыстонмӕ, Дыгургоммӕ. Ӕмӕ разыны йӕ рухс сурӕт рӕстӕджы фӕлмӕн ӕрхӕндӕгӕй ӕмӕ зӕдау сыгъдӕгӕй.

 

АБЕТИ-МАГКОТИ Лизӕ,

Малити Геуӕргий бийнонти синхон.