МӔЗДӔГГАГ ЦӔРГӔС
Мӕздӕги райони цӕргутӕ рагӕйдӕр берӕ мадзӕлттӕ аразунцӕ, Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕг немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгути нихмӕ тохи уодуӕлдайӕй ка бахъиамӕт кодта нӕ Райгурӕн бӕсти сӕрбӕлтау, цифуддӕр знагӕй ӕй ка багъӕуай кодта, уонӕй ма абони цардӕгас ка ‘й, уонӕн кадӕ кӕнун, цардӕгас си ка нӕбал ӕй, уони рохс нӕмттӕ ба ӕносон кӕнуни фӕдбӕл. Бӕгъатӕртӕй берети нӕмттӕ лӕвӕрд ӕрцудӕнцӕ сахар Мӕздӕг ӕма гъӕути гъӕунгтӕн, ахургӕнӕндӕнттӕн. Зӕгъӕн, гъӕу Веселыйи цӕргути еумӕйаг ӕмвӕндӕй ами астӕуккаг скъола хӕссуй сӕ гъӕуккаг, болкъон, Советон Цӕдеси Бӕгъатӕр Калоти Александри фурт Геуӕргий ном. Уой сӕрмагондӕй уомӕ гӕсгӕ имисӕн, ӕма 7 ноябри ӕ райгурдбӕл исӕнхӕст ӕй фондз ӕма фондзинсӕй анзи (1916-1987). Гъе уомӕ гӕсгӕ ‘й нӕхецӕн ихӕсбӕл банимадтан ӕ рохс ном ин иссерун, ӕ намусгин карни хабӕртти хӕццӕ нӕ газеткӕсгути базонгӕ кӕнун.
Уотӕ рауадӕй ӕма, Геуӕргибӕл анз дӕр нӕма цудӕй, е ‘нсувӕр Александрбӕл ба цудӕй фондз анзи, уотемӕй бустӕги седзӕрӕй райзадӕнцӕ – сӕ фидӕ Александр ӕма сӕ мадӕ Аннӕ 1917 анзи тифӕй рамардӕнцӕ. Уӕди дзамани хуӕрзсабийтӕй ӕнӕ ниййергутӕй райзайунӕй ӕверхъаудӕр ма ци адтайдӕ – рӕстӕгутӕ хъӕбӕр уӕззау адтӕнцӕ, адӕм алцӕмӕйдӕр нӕхъӕртондзийнӕдтӕ ӕййафтонцӕ, туххӕйти аразтонцӕ сӕ цардиуагӕ. Калоти дууӕ седзӕр биццеуи райзадӕнцӕ сӕ хуӕрӕ Раиси евгед. Ӕ тухамӕлттӕ уингӕй ин кадӕртӕ дзурдтонцӕ, гъома, седзӕрти хӕдзарӕмӕ сӕ раттӕ. Фал хуӕрӕ ӕгириддӕр нӕ арази кодта. Раст зӕгъгӕй, еу рӕстӕг сӕ ӕхемӕ райста се ‘рвадтӕлти лӕг Калоти Евстафий, цардӕй Дзӕуӕгигъӕуи. Фал уомӕн дӕр ӕ бийнонтӕ берӕ адтӕнцӕ ӕма сӕ равгитӕ уоййасӕбӕл фагӕ нӕ адтӕнцӕ. Ӕма биццеутӕ уӕддӕр лӕвӕрд ӕрцудӕнцӕ Дзӕуӕгигъӕуи сувӕллӕнтти хӕдзарӕмӕ.
Седзӕр ӕнсувӕрти уӕди карни хабӕртти туххӕй идӕрдтӕбӕл нӕ дзордзинан, кӕд бӕлвурдӕй ӕримисуни аккаг ӕнцӕ, уӕддӕр – нӕ уаци гӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ.
Цидӕриддӕр адтӕй, уӕддӕр Геуӕрги скъола каст фӕууогӕй, бӕргӕ гъавта ӕфсӕддон училищемӕ – рагӕй бӕлдтӕй уоми ахур кӕнунмӕ. Фал ӕй нӕ райстонцӕ, ӕ карӕ нӕма ӕййафта.
Ӕма уӕд ахур кӕнунмӕ бацудӕй педагогон институти физикон-математикон факультетмӕ. Анзӕй фулдӕр си нӕ райахур кодта – фӕттухгиндӕр ибӕл ӕй ӕ рагон бӕлдӕ. Ӕма 1938 анзи иссӕй Орджоникидзей Сурхтурусагин ӕфсӕддон училищей курсант.
Куд скъолай, уотӕ аци ахургӕнӕндони дӕр Калоти Геуӕрги ӕхе равдиста хъӕппӕресгинӕй, еугур предметтӕбӕл дӕр ин адтӕй хъӕбӕр хуарз бӕрӕггӕнӕнтӕ. Ахид хуарзӕнхӕгонд цудӕй командӕкӕнуйнади ‘рдигӕй зӕрдӕлхӕнӕнтӕ ӕма арфи гӕгъӕдитӕй.
Хъӕбӕр хуарз бӕрӕггӕнӕнти хӕццӕ 1940 анзи каст ку фӕцӕй училище, уӕд ӕрвист ӕрцудӕй Буйнакски фестӕгцӕугути ӕфсӕддон училищемӕ курсантти взводи командирӕй. Курсантти ахур ӕма гъомбӕл кӕнгӕй, фулдӕр кодтонцӕ ӕхе зонундзийнӕдтӕ, фӕлтӕрддзийнадӕ ӕма арӕхстдзийнӕдтӕ дӕр. Ӕ взвод фиццаг бунат ку ниййахӕста училищей, уӕд уой туххӕй ӕхцӕуӕнӕй фегъосун кодта ӕ зонгӕ кизгӕ Туйгъанти Лялян. Рагӕй зудтонцӕ кӕрӕдзей, ӕма 1941 анзи уалдзӕги ба иссӕй ӕ цардӕмбал.
Гъулӕггагӕн, ӕригӕнттӕн уӕд еумӕ рацӕрун берӕ рӕстӕг нӕ бантӕстӕй. Устур Фидибӕстон тугъд райдӕдта ӕма ӕ фиццаг бон Калоти Геуӕрги курдиадӕ балӕвардта, цӕмӕй ӕй рарветонцӕ тохӕг ӕфсади рӕнгъитӕмӕ. Дзуапмӕ ‘й дзӕвгарӕ рӕстӕг ӕнгъӕлмӕ кӕсун багъудӕй – ӕ фӕндӕбӕл нӕ арази кодтонцӕ, гъуддаг кӕмӕй аразгӕ адтӕй, етӕ. Фал 1942 анзи карз тугъдтитӕ байеудагъ ӕнцӕ советон-гермайнаг фронти. Знаг ӕмпурста Волги рӕбунтӕмӕ ӕма Кавкази хуӕнхтӕмӕ, байахӕста сахартӕ Мӕздӕг ӕма Прохладный. Тугъд ӕрбахъӕрдтӕй Калой-фурти райгурӕн гъӕумӕ дӕр. Уӕд фарста лухгонд ӕрцудӕй, ӕ курсантти хӕццӕ ‘й фронтмӕ рарветуни туххӕй. Уомӕ гӕсгӕ училищей разамунд ин барӕ равардта, ӕ бийнонти бабӕрӕг кӕнунӕн. Хеуӕнттӕ ‘й курсантти взводи командирӕй тугъдмӕ ку фӕндараст кодтонцӕ, уӕд уӕхӕн дзамани куд фӕууй, уотӕ ӕнӕ цӕстисугӕй гъуддаг нӕ рахецӕн ӕй. Фал син Геуӕрги зӕрдӕ ӕвардта:
– Сумах кӕун нӕ, фал цийнӕ кӕнун гъӕуй. Фӕккӕсайтӕ, кӕд уӕмӕ ӕз тугъди фӕсте, мӕ реубӕл Сугъзӕрийнӕ Стъалу, уотемӕй нӕ фӕззиннон!..
Ӕма, куд загъта, ӕцӕгӕйдӕр, уотӕ рауадӕй.
Калой-фуртмӕ 1942 анзи фӕдздзурдтонцӕ Тбилисмӕ, бӕлвурддӕр ба Фӕскавкази фронти штабмӕ. Уоми ин балӕдӕрун кодтонцӕ, сгарӕг-диверсион къуари хӕццӕ ‘й знаги фӕскъилдунмӕ ке бацӕун гъӕуй ӕ райгурӕн бунӕтти Мӕздӕгмӕ хӕстӕг, немуцаг-фашистон ӕфсӕддон къуӕртти туххӕй бӕлвурд хабӕрттӕ базонуни туххӕй. Уой хӕццӕ ба къуарӕн байхӕс кодтонцӕ Мӕздӕг – Георгиевски хайади сосе нӕдти хедтӕ исрӕмодзун, цӕмӕй немуци къохи ма бафтудайдӕ, райони ци тиллӕг байзадӕй, уой раласун.
Минкъий рӕстӕги фӕсте разӕсгарӕн диверсион къуар гӕлст ӕрцудӕй гъӕу Веселыймӕ хӕстӕг. Ами Геуӕргийӕн зундгонд адтӕй алли над ӕма алли адагӕ дӕр. Фал тӕссаг адтӕй, еске ‘й ку базона, уомӕй. Багъудӕй ӕй ӕхе нӕ раргом кӕнун сауӕнгӕ хӕстӕгутӕ, къабӕзтӕ ӕма ӕмбӕлттӕн дӕр. Фал еуӕй-еу хатт уотӕ рауайуй, ӕма адӕймагӕн ӕ бон нӕ исуй ӕхебӕл фӕууӕлахез ун.
Еухатт гъӕугӕрон сӕхе ӕрримӕхсгӕй, Калой-фурт ӕрӕстӕфтӕй, е ‘мгъӕуккаг – кадгин хестӕр Хубецти Никъалайи согӕй идзаг уӕрдун гъӕдӕй рацӕугӕй куд ниххастӕй, уой. Бӕхӕн ӕ бон нӕ адтӕй ӕ раласун. Къуари разамонӕг ӕхе нӕ ниууорӕдта ӕма имӕ дууӕ ӕфсӕддоней хӕццӕ фӕззиндтӕй фӕййагъаз кӕнунмӕ. Зӕронд лӕг ӕй ку базудта, уӕд ӕй ӕ гъӕбеси ӕрбакодта, нӕ дан, фегъустон, Геуӕрги ами ке дӕ, уой. Еци хабар бийнонтӕ ӕма хӕстӕгутӕ дӕр айдагъдӕр тугъди фӕсте базудтонцӕ.
Гъай-гъай, бӕхуӕрдун ӕмхузонӕй туххӕйти исластонцӕ. Десант гӕлдзуни рӕстӕг бонигъӕдӕ лӕгъуз ке адтӕй, уой туххӕй хуайраги продуктти голлагӕ кумӕ гӕлст ӕрцудӕй, уой иссерун сӕ къохи нӕ бафтудӕй. Никъала хабар ку базудта, уӕд къуари хӕццӕ бадзубанди кодта, цӕмӕй иснисан кӕнонцӕ, кӕми ӕма кӕд гъӕуама фембалдайуонцӕ, уӕхӕн бунат, ӕма син хуӕруйнӕгтӕ хӕссун райдӕдта. Уомӕй уӕлдай ма, Геуӕргий курдиадӕмӕ гӕсгӕ разӕсгаргутӕн ахсгиаг бӕрӕггӕнӕнтӕ амал кодта, немуцаг тухгӕнгути еугӕндтӕ, тугъдон техникӕ, хуӕцӕнгӕрзти скълӕдтӕ ӕма тугъдон ӕндӕр ӕрмӕгутӕ кӕми ‘нцӕ, еци бунӕттӕ.
Разӕсгаргути къуар сӕ ихӕс исӕнхӕст кӕнгӕй, ӕма Мӕздӕги коменданти, куд «ӕвзаг», уотӕ сӕ хӕццӕ ракӕнгӕй, фӕстӕмӕ ӕрбаздахтӕнцӕ фронти сӕрти. Бӕрнон ихӕс ӕнтӕстгинӕй исӕнхӕст кӕнуни туххӕй Калоти Геуӕрги хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй Сурх Стъалуй орденӕй, ӕмгъудӕй раздӕр ба ин лӕвӕрд ӕрцудӕй капитани цин.
Минкъий фӕлладуагъди фӕсте Калой-фурт нисангонд ӕрцудӕй 31-аг хецӕн парашютон-десантон полкки роти командирӕй. Карз тугъдтити архайдта Новороссийски ӕма Туапсей бунмӕ, Минкъий зӕнхӕбӕл. 1944 анзи августи ба архайдта Ясскаг-Кишиневаг операций, Румыни, Венгри ӕма Австри иссӕребарӕ кӕнуни тогкалӕн тугъдтити дӕр. Немуци командӕкӕнуйнадӕ аци рауӕнтӕбӕл федар хуӕстӕй, уомӕн ӕма аци паддзахӕдтӕ гъӕугӕ хомаг кӕми адтӕй, уӕхӕн индустриалон районтӕ адтӕнцӕ. Зӕгъӕн, Австри 1945 анзи райдайӕни гитлерон ӕфсадӕн алли мӕйӕ дӕр лӕвардта 850 танки ӕма бронемашини, мин дзармадзанемӕй фулдӕр, 750 хуӕдтӕхӕги ӕма берӕ ӕндӕр тугъдон ӕрмӕг.
Советон ӕфсӕдти командӕкӕнуйнади тугъдон бардзурдтӕ ӕнтӕстгинӕй ке ӕнхӕст кодта, Венӕмӕ бацӕуӕнти ӕма сахарӕн ӕхе медӕгӕ карз тугъдтити лӕгдзийнадӕ ӕма бӕгъатӕрдзийнадӕ ке равдиста, уой туххӕй 1945 анзи 28 апърели гвардий капитан Калоти Александри фурт Геуӕргийӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном, Ленини орден ӕма ин «Сугъзӕрийнӕ Стъалу» ратгӕй. Кадгин хуӕрзеуӕг ба ин равардта Еугурцӕдесон старостӕ Михаил Калинин. Ӕма Калой-фурт ирон ке ‘й, уой ку базудта, уӕд ин ӕ къох райста ӕма загъта:
– Ирӕнттӕ ‘нцӕ сӕрӕнигурдтӕ, цал бӕгъатӕри, хуарз тугъдон разамонӕги равардта, нимӕдзӕй минкъий, фал сӕ гъуддӕгутӕй устур ка ‘й, еци адӕм.
Устур Фидибӕстон тугъди фӕсте ма Калой-фурт дӕс ӕма инсӕй анзей дӕргъи службӕ кодта бӕсти уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдти. 1946 анзи 15 июни нисангонд ӕрцудӕй 100-аг гвардион уӕлдӕфон-десантон дивизий 298-аг гвардион полкки командирӕй. .
Калоти Геуӕргийӕн 1955 анзи апърели лӕвӕрд ӕрцудӕй болкъони цин. Фӕскавкази ӕфсӕддон зилди исконди службӕ кодта сахар Кировобади. Райгурӕн бӕстӕ устур аргъ искодта ӕ уӕлахездзийнӕдтӕн. Хецӕн ӕнзти ин лӕвӕрд ӕрцудӕй Фидибӕстон тугъди дууӕ ордени, Сурх Стъалу ӕма Кади Нисани ордентӕ, уӕдта ӕхсӕрдӕс майдани.
Пенсимӕ рацӕуни фӕсте Калоти Геуӕрги цалдӕр анзи адтӕй Цӕгат Иристони паддзахадон университети кадрти хайади хецау, республики ветеранти Совети сӕрдар. Кӕмидӕриддӕр куста, уоми ӕхе равдиста хъӕппӕресгин ӕма арӕхстгин разамонӕгӕй.
Гъулӕггагӕн, 1987 анзи 22 апърели Калоти Александри фурт Геуӕрги не ‘хсӕнӕй фӕгъгъудӕй. Нигӕд ӕй Дзӕуӕгигъӕуи Намуси Аллейи. Уӕдӕй фӕстӕмӕ кӕд дзӕвгарӕ рӕстӕг рацудӕй, уӕддӕр иронх нӕй ка ‘й зудта, уонӕй.
ЧЕЛДИТИ Симӕ,
Мӕздӕги бӕстӕзонӕн музейи директор, нӕ республики культури ӕскъуӕлхт косӕг.