08 майя 2024

МАБАЛ МÆ ХОНЕТÆ, ДАРГЪ НÆДТÆ, УÆ БАЛЦИТИ, МАБАЛ!..

21.10.2023 | 14:20

ÆГЪУЗАРТИ Саукуййи аййевадон уадзимистæ кæсгæй, адæймаг æнæрæстæфгæ нæ фæууодзæнæй, уой, æма си ахид кæнуй афæййи афæнтти кой. Уæлдайдæр æ цубур радзурдти.

Ахиддæр ба фæззæги кой, æвæдзи, уомæ гæсгæ кодта æма райгурдæй фæззæги – 1943 анзи 14 октябри. Æма уобæл, ка ’й зонуй, цийнæ дæр кодтайдæ – цидæр æй, уæддæр фæззæг адæймаги зæрдæ барæвдауй æ берæ бæркæдтæй. Æма Саукуй дæр æ финстити цийнæ дæр кодта фæззæгбæл, куддæр гъенцъун дæр си кодта. Æ новеллитæй еуеми («Фæззæг») уотæ финста:

«Ду дæр мæн хузæн дæ, фæззæг. Фæллад, лæкъун, дондзæстæ.

Æма ’й лæдæрун: æнкъард мæбæл ду бафтудтай, æви фæссæйгæ дæ се ’рхунæй? Нæ лæдæрун: нæ дууемæй фудгин ка ’й? Нæ зонун: ду дæ фæззæг æви æз дæн фæззæг?..»

Адæймагæн æ ирисхъæ куд рауайдзæнæй, уомæн базонæн нæййес. Æма Саукуййæн фæззæг кæд æ цардвæндаги райдайæн адтæй, уæд уой ба кæцæй зудтайдæ, æма æ еци цардвæндаги кæрон дæр фæззæг исуодзæнæй – æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 2013 анзи 5 сентябри…

Аци анз Æгъузарти Саугени фурт Саукуййи райгурдбæл исæнхæст æй астинсæй анзи. Æма ин æ рохс ном имисæн, абони нæ газети ци æрмæгутæ мухур кæнæн, уонæй.

…Æ цубур радзурдтæй еуеми Саукуй уотæ финста: «Мабал мæ хонетæ, даргъ нæдтæ, уæ балцити, мабал…» Æ еци гъенцъун загъд, гъулæггагæн, исæцæг æй уæззау хабарæй – æ уæлзæнхон цардæй рахецæн уогæй,  фæцæнцæ æ балцитæ æ карни даргъ нæдтæбæл. Фал нæ фæцæнцæ æ арфиаг гъуддæгути, æ исфæлдистадон хъиамæтти балцитæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ цæрæццаг уодзæнæнцæ…