11 октября 2024

МАДÆ Æ ЗÆРДИ КÆДЗОСДЗИЙНАДÆ ЗÆНÆГÆН ГЪАРУЙ!

25.11.2020 | 16:57

Дуйнебæл адæмихаттæй ка ес, уонæмæ мадæй цитгиндæр неке æй, зæгъгæ, ку зæгъæн, уæд уомæй, баууæндетæ, раст уодзинан. Æркæсайтæ уони цардиуаги фæткитæ æма æгъдæуттæмæ, æма си алкæмæ дæр разиндзæнæй бæлвурд æвдесæнтæ, ниййерæг мадæ сæмæ куд бæрзонд цæстиварди æй, куд ин кадæ кæнунцæ. Е уомæ гæсгæ ’й, æма ’й лæдæрунцæ, сæ адæми карнæ ниййерæг мадæй аразгæ ’й, уой хъиамæттæй гъомбæлгонд цæунцæ сæ кæстæр фæлтæртæ, гъома, сæ исонибон.

Мах адæммæ дæр уотæ ке ’й, уой ба уотемæй дæр ку зонæн. Мадæ нæмæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ куд цитгин адтæй æма нерæнгæ дæр æй, уомæн берæ дæнцитæ æрхæссæн ес нæ адæмон дзоргæ исфæлдистадæй дæр. Еуцалдæр си абони мухур кæнæн.

 

БÆДОЛИ РИСТ МАДИ ЗÆРДÆ ЦÆВУЙ

Еу мадæн æ сувæллон хуæрзминкъийæй фесавдæй. Берæ ’й фæййагурдта, берæ ибæл фæммаст кодта, фал ин æ фæд дæр нæбал иссирдта.

Рацудæй цалдæр анзи. Биццеу æхе зонунгъон фæцæй, базудта æ гъомбæлгæнæг мади. Æхе мади ба феронх æй. Раст æй еци рæстæги мадæ иссирдта, фал æй е ’схæссæг мадæ нæ лæвардта. Е дæр æй æхе худта.

Сувæллони ратонæ-батонæ кодтонцæ. Гъуддаг Нихæсмæ бахъæрдтæй. Тæрхони рабадтæнцæ дзурддзæугæ лæгтæ. Цалдæр бони фæттæрхон кодтонцæ, фал дууæ мадей æхсæн рæстдзийнадæ иссерун сæ бон не ’ссæй. Уæд син фæстагмæ еу зæронд лæг уотæ: «Æртей дæр ардæмæ æрбахонетæ!»

Æрбахудтонцæ сæ. Зæронд лæг дууæ силгоймагей фæйнæфарс сувæллони æрлæуун кодта æма син загъта:

– Биццеуæн æ цæнгтæбæл ниххуæцетæ, æхемæ ’й ка æрбалваса, е æй е ’цæг мадæ. Уой уодзæнæй сувæллон.

Силгоймæгтæ фæллæбурдтонцæ биццеумæ, ивазунцæ ’й фæйнердæмæ. Биццеу никкудтæй, æма ’й е ’цæг мадæ фæууæгъдæ кодта æма загъта:

– Радтетæ ’й уомæн, мæ бæдолæн æ цонг ратонуни бæсти æй еске гъомбæл кæнæд.

Курухон зæронд лæг æ медбилти бахудтæй æма уотæ:

– Е ’цæг мадæ ду ке дæ, е рабæрæг æй: бæдоли рист мади зæрдæ цæвуй, æма дæу æй. Ду æй хонæ.

 

МАДÆ МАДÆ ÆЙ

Дзимиргоми дууæ æнсувæрей кæстæрæн цæуæт нæ адтæй. Уæд еууæхæни хестæр уотæ:

– Кæсун дæмæ, ме  ’нсувæр, æма дæ цардæй гъæстаг нæ дæ, мæ киндзи хæццæ «а» æма «о»-йæй цæретæ, фал уин уой фæсте зæрондæй зин уодзæнæй… Дæ фарнæ фунæй уæд! Мæнæ бабæй нæхеуон æхе барæ нæй. Киндзæн зæгъæ, сувæллон ин ку ин райгура, уæд æй нæуæгигурдæй куд райсай… Уæхецæн æй исгъомбæл кæнетæ. Нæхеуони хæццæ бадзубанди кæндзæнæн.

Дууæ æнсувæрей фæндæбæл файноститæ исарази ‘нцæ. Уотемæй бийнонтæмæ биццеу фæззиндтæй.

Бæнттæ, æнзтæ цудæнцæ. Биццеу гъазунгъон фæцæй. Гъазгæ ба æхе æнсувæртæй зæрдиагдæрæй ке хæццæ гъæуама кодтайдæ?

Уæд еууæхæни биццеуи æвæндонæй æ кæнгæ мадæ сæхемæ ’рбакодта. Æ фурцийнæй  ин адгин гулæ æ къохи фæссагъта. Биццеу си ракомидзаг кодта æма уотæ зæгъуй:

– Нана, уони гултæ адгиндæр фæуунцæ.

Уосæ фæкъкъех æй, уæдта æ гъæлæсидзаг никкудтæй:

– Уæ, нана дæ нивонд фæууа, кæд еске цæуæтæй цæуæт нæййес. Етæ дæ мади конд фæуунцæ, æма мади къохæйдзаг æндæр адæ кæнуй.

Уоййадæбæл æй æ мадæ æма æ фидæбæл исæмбæлун кодта.

 

ДÆ МАДИ МАРД ЗÆГЪÆ, Æ МАДÆ КÆМÆН РАМАРДÆЙ, УОМÆН

Еу æлдарæн æ фурт рамардæй. Берæ ибæл фæхъхъонц кодта, фæккудтæй, уæдта зæрдристæй гъæргæнæг рарвиста, æ фурт æ разæй мæрдтæмæ кæмæн бацудæй, айдагъдæр уонæмæ.

Мæгур адæм зиангини тургъи ку æрæмбурд æнцæ, уæд цæйбæрцæ адтайуонцæ, æма кæрæдземæ ракæсæ-бакæсæ кæнунцæ, куд минкъий мæрддзогойнæ ан, зæгъгæ уæдта си æлдæрттæй куд неке ес? Æлдарæн сæ дузæрдуг гъудитæ ци базонун гъудæй, æхе фæндæй ку цудæнцæ, æма син балæдæрун кодта:

– Æлдæрттæмæ гъæргæнæг барæй нæ рарвистон. Уонæй  нури уæнгæ неке бæдолæ рамардæй, æма сæ хъæбæр ку фæндæуа, уæддæр мин си мæ рист неке балæдæрдзæнæй, уотæ арф некæмæ багъардзæнæй. Нæ зонетæ æмбесонд: «Дæ мади мард зæгъæ, æ мадæ кæмæн рамардæй, уомæн…» Сумах мæн хузæн фæрристайтæ, бæдоли исæфт ниййерæгæн цæйбæрцæ зин æй, уой уæ уодтæ бавзурстонцæ. Сумах, айдагъдæр сумах мин балæдæрдзийнатæ мæ хъонц æма мæ рист…

 

ДУУÆ МАДИ

Е раги адтæй. Фидтæлтæй æригъосгæ цау, седзæргæс уосæ æма бæдолгин арс гъæди æнæнгъæлти хæрхæмбæлд куд фæцæнцæ, уой туххæй.

Цæветтонгæ, мæгур седзæргæс уосæ уалдзæги е ‘ртæ сувæллоней хæццæ корæггаг хæрæгуæрдунбæл гъæдæмæ сор къуæцæлтæ ласунмæ рандæнцæ. Уæрдун согтæй ку байдзаг кодтонцæ æма гъæдæй еудзæвгарæ ку рауадæнцæ, уæд сæбæл арс æ бæдæлтти хæццæ хæрхæмбæлд ку фæууидæ. Сезæргæс, мæ арт бауазал уа, зæгъгæ, æ цæуæтæн фæттарстæй æма ма ци ракодтайдæ, уой нæбал зудта. Уæдта æ уæллаггури æгънæгутæ фæйнердæмæ рарæдувта, æ реутæ фегон кодта æма æ гъæлæсидзаг нигъгъæр кодта:

– Æрбакæсæ мæмæ, æз дæр мадæ дæн, мадæ! Мæнæн дæр дæу хузæн цæуæт даруйнаг ес æма мæ мæ надбæл рауадзæ!

Арс силгоймаги цъæхахстæй тæрсгæ фæккодта, æви æфсæрми фæцæй, е бæрæг нæй, фал фæстæмæ фæккæсæ-фæккæсæ кæнгæй æ бæдæлтти хæццæ байевгъудæй æрдози ’рдæмæ.

«АБОНИ ДÆР МА КУДТАЙНÆ?»

Еу кизгæ сувæллонæй æ цæстæ кæрдæнæй фæссахъат кодта. Æхе лæдæрунгъон ку фæцæй, уæд æ мади фæрсуй:

– Нана мæ цæстæ ба ци кодта?

– Уæ дæ рунтæ дин рахуæрон! Дæхуæдæг си, минкъий ма ку адтæ, уæд кæрдæн ратъунстай, – загъта ин æ мадæ.

– Æма кæрдæн мæ къохтæмæ кутемæй бафтудæй? Ци фидбилиз æй æрбахаста мæнмæ?

– Стъолбæл æвæрдæй райзадæй. Ду æй ку фæууидтай, уæд кæун райдæдтай, банцæйæн дин нæбал адтæй, раттæ мин æй, зæгъгæ. Æма дæмæ æй равардтон…

– Æма ма абони дæр кудтайнæ?! – арф ниууолæфгæй загъта кизгæ.