МАДДÆЛОН ÆВЗАГ… УОДÆН ДЕССАГДÆР ЦИ ЕС!..
Маддæлон æвзаги Æхсæнадæмон бон ЮНЕСКО-ий Генералон конференций унаффæгондæй 2000 анзæй фæстæмæ алли анз дæр 21 феврали бæрæггонд цæуй дуйней фулдæр паддзахæдти. Ауæхæн бæрæгбон хумæтæги нисангонд не ’рцудæй – абони берæ адæмихæттити маддæлон æвзæгти уавæр хуæрзтæй нæй, тæссаг син æй бустæги фесæфунæй. Æма аци мадзал ба кæдимайди син фæййагъаз уидæ сæ багъæуай кæнун æма сæ идарддæри райрæзтæн. Мах ба абони мухур кæнæн маддæлон æвзаги туххæй цубур æрмæгутæ.
АБАЙТИ Васо (1900-2001), номдзуд ахургонд
…Нæ маддæлон æвзаг æй, гъудий æма æнкъарæни тæккæ листæгдæр æма ездондæр фæззелæнтæ равдесунмæ ка арæхсуй, уæхæн æнаййеп, рæвдзæ æма коммæгæс хотух.
Нæ национ интеллигенций еу хай билæскъелæй кæсун райдæдта маддæлон æвзагмæ, æма беретæ сауæнгæ сæ бийнонти ’хсæн дæр нæбал дзорунцæ сæхе æвзагбæл. Е адæймаги æфтауй катайбæл. Хецæн цæрæгойтæ æма зайæгойтæ дæр ма Сурх киунугумæ хаст ку цæунцæ æма сæ багъæуай кæнунбæл зæрдиагæй ку косунцæ, уæд æвзаг – алли адæймагæн дæр æ хъазар культурон хæзна – цæмæннæ цæуй гъæуайгонд цæстигагуй хузæн: Пушкини рæстæги ка цардæй, еци поэт П.А. Вяземский кæд æма кæд ниффинста:
Язык есть исповедь народа,
В нем слышится его природа,
Его душа и быт родной.
Адæми дех кæнæн ес устуртæбæл æма минкъийтæбæл. Æвзæгтæн уотæ дех кæнæн нæййес. Алли æвзаг дæр æ адæмæн устур æй. «Махæй алкæбæл дæр ес бæдоли ихæс, ци адæм нæ исæнтæсун кодтонцæ, тæккæ устурдæр есбойнадæ – æвзаг – нин ка ниууагъта, уой размæ. Гъæуама ’й кæдзос дарæн, гъæуама ’й гъæздугдæр кæнæн. Ахсгиаг гъуддаг æй гæнæн æма амалæй аллихузон æвзæгтæ фулдæр багъæуай кæнун» (Чингиз Айтматов. «Литературная газета», 13.08.86).
Национ хелæдæрундзийнадæн национ æвзæгтæй хецæнгæнæн нæййес. Ескæци æвзаг ку рамæла, уæд рамæлдзæнæнцæ адæм дæр (куд хецæн этнос). Бустæги хуæдхуз ка ’й, хуæндбундор кæмæн ес, уæхæн адæмтæ мæлонцæ, е ба ке бафæнддзæнæй? Неке, æ сæрæй æ къæхти уæнгæ расист ка ’й, айдагъ уæхæнтти.
* * *
Нæ адæми цардарæзтмæ уруссаг æвзаги тæвагæ ку ’рбахъæрттæй, æвæдзи, уæдæй ардæмæ берæ кедæрти сæризунд фæккуддæртæ ’й – сæ маддæлон æвзагбæл уоййасæбæл нæбал фенвæрсунцæ, байдайунцæ «дестæ-местæ» кæнун уруссагау дзорунæй, уотемæй ба си дзорунмæ дæр нæ фæййарæхсунцæ. Уой фæдбæл Малити Геуæрги кæдæр ниффинста цубур, фал дессаги раст уац «Ци бегара дæбæл ес?..» Абони ’й мухур кæнæн.
МАЛИТИ Геуæрги (1886-1942), поэт
Уруссагау еу-дууæ дзурди ка базонуй, е дæр нæхе дигорон кенæ ирон æвзагбæл билæскъелтæ кæнун байдайуй, ци æй, цæмæн гъæуй уæхæн нецæййаг æвзаг, зæгъгæ. Уотемæй ба, уотæ ка дзоруй, уонæн сæ фулдæртæ уруссагау сæ дзубандиаг кæрæдзебæл исбæттун нæ фæффæразунцæ.
Æвдесæн. Киристонгъæуи Октябри бæрæгбони митинги дзурдта Профессионалон цæдести номæй Варасани-фурт, хуарз зонуй дигоронау. Е ба уæддæр баздахтæй æма уруссагау исамадта æ дзубанди. Кæмидæрти фегъуститæ кодта «штаб» æма «масштаб», фал си ка ци адтæй, уой нæ раргъавта æма никъкъуæрдта: «Да здравствует масштаб мировой революции – Коминтерн!»
Еуæй-еуетæ ин неци балæдæрдтæнцæ, ка ’й балæдæрдтæй, етæ ба ибæл фæххудтæнцæ.
Æ маддæлон æвзаг, зонгæй æй дæлдæр ка фæккæнуй, уæхæнттæн мæ æрфæндуй зæгъун: «Ци бегара дæбæл ес, дæумæ ка игъосуй, еци адæмæн æцæгæлон æвзагбæл дзорун?»
ФÆЙЙАГЪАЗ ÆЙ ИРОН ÆВЗАГ…
Нæ маддæлон æвзаг Елхоттæй идарддæр некæми æма нецæмæн бал багъæудзæнæй, зæгъгæ, ка дзоруй, етæ цæйбæрцæбæл æнæраст æнцæ, уой туххæй нæ бон æй берæ дæнцитæ æрхæссун. Ракæндзинан си еуей кой.
Нæ номдзуд балхон Плити Исси æмтохгæнæг, кавалерион корпуси политхайади хецау Давид Добрушин æ тугъдон имисуйнæгти киунугæ «Æнæферонхгæнгæ фембæлдтитæ»-йи куд финсуй, уотемæй знаг сæ нихмæ æрбампурсуйнаг æй, зæгъгæ, уой базонгæй, исфæндæ кодтонцæ уобæл фæрраздæр ун æма æ нихмæ дæрæнгæнæг нимпурст исаразун. Уой фæдбæл мадзæлттæ амал кæнгæй, багъудæй æвæстеуатæй бардзурд сæ корпуси 22-аг полкбæл исæмбæлун кæнун – знаг æ цæф фиццагидæр уобæл никкæнуйнаг адтæй. Фал сæмæ кутемæйти бахъæрттайдæ? Еци полкки шифровальщик нæ адтæй, æргомæй ба радиойæй куд дзордзæнæ – знаг син уайтæккидæр раргом кæндзæнæй сæ фæндитæ. Æма мæнæ куд финсуй Д. Добрушин:
– Æвваст мæ сæри еу гъуди фæззиндтæй, фæрсун инæлар Плий-фурти:
– Иссæ Александри фурт, ду ирон нæ дæ?
– Ирон дæн, фал е ци барæ даруй нæ нимпурстмæ?
– Хъæбæр устур барæ, æмбал инæлар! Ду нæ тугъдон бардзурд ратдзæнæ радиойæй, æцæг иронау.
– Цитæ дзорис – иронау!.. Æма мин мæ бардзурд ка балæдæрдзæнæй? – ниддес кодта Иссæ. – Гиризгæнагæ дæ, куд дæмæ кæсун, уотемæй… Фал нæ нур гириз кæнунмæ нæ евдæлуй…
– Ка балæдæра, уæхæн си разиндзæнæй, баруагæс ди уæд, – загътон æз. – Кæд ма ести зонун, уæд нæ корпуси еунæг ду нæ дæ ирон. Нæ политхайади хецау болкъон Журавлев мин куд загъта, уотемæй æ хуæдæййевæг дæр ирон æй – Бритъиатæй.
– Цитæ дзорис? – бацийнæ кодта Иссæ. – Е дессаги гъуди ку æй, дессаги!.. Фæдздзорайтæ имæ уоми раций размæ!..
Цубур рæстæгмæ комиссар Бритъиай-фурт лæудтæй бастдзийнади аппарати размæ.
– Мæхæмæт, – дзоруй имæ иронау Иссæ, – дæ фиди ном куд адтæй, кæци гъæуæй дæ?
– Мæ фиди ном Ахмæт æй, цæргæ ба кæнæн Суадаги, – Бритъиай-фурт базудта Исси гъæлæс æма имæ дессаг фæккастæй, иронау æ хæццæ ке дзоруй, е.
– Мадта мæмæ лæмбунæг игъосæ, – загъта Иссæ. – Дзæбæх багъуди кæнæ, ци дин дзордзæнæн, уой æма ’й фегъосун кæндзæнæ полкки командирæн.
Иссæ райдæдта бардзурд иронау дзорун. Ку фæцæй дзурд, уæд ин Мæхæмæт загъта:
– Балæдæрдтæн дæ, æмбал инæлар, нуртæккæ дин дæ бардзурд бахъæртун кæндзæнæн командирмæ…
Еци усми не ’фсæдти бастдзийнади косгутæ устур сагъæси бацудæнцæ – нæ командæгæнæн пунктæй цудæй цидæр æнахур æвзагбæл дзубанди. Фал син хецауадæ балæдæрун кодтонцæ: ма тухсетæ, уæ куст кæнетæ, зæгъгæ.
Еци æргъудий фæрци советон æфсæдти нимпурст фæррæстмæ ’й, знаг дæрæнгонд æрцудæй…
Федор ДОСТОЕВСКИЙ (1821-1881), уруссаг финсæг
Мæнмæ æгириддæр дессаг нæбал кæсуй, уруссæгтæ кæрæдземæ уруссагау ке нæ дзорунцæ, е (æнахур хабар уидæ, уруссагау ку дзориуонцæ, уæд). Дессаг æндæр гъуддаг æй: уотæ сæмæ кæсуй, цума французагау хуарз дзорунцæ. Ка нин нитътъунста нæ сæри еци гъуди? Е айдагъдæр не ’нæфæууиндбæл дзорæг æй. Французагау ка дзоруй, еци уруссæгтæ (гъома, нæ интеллигенций агъазиау хай) дех кæнунцæ дууæ къуаребæл: еуетæ французаг æвзаг лæгъуз ке зонунцæ, е гурусхаг нæй; иннетæ ба уотæ æнгъæлунцæ, цума æцæг парижæгтау дзорунцæ… Никки ма илгъаг е æй, æма, фæсдзæуинтти царæстъигъд бакæнгæй, сæхецæй боц æма сæрустур ке ’нцæ (дууæ къуари дæр. – Ред.) Уонæн се ’взаг цардæгас нæй, фал мард, аразгæ, фантастикон.