«МÆ ЦЪÆХ САБИЙ МИН ИСКÆНЕТÆ АККАГ БАДАРУНМÆ ÆД КАДÆ МÆ НОМ…»
Гурджибети Блашка, нæ алæмæти искурдиадæгин поэт, е ’мдзæвгитæй еуеми («Мæлæг æфсæддон») уотæ финста:
Кæд ма ес æфсæддон будури æгас,
Уæд тагъд æрцæуæд мæмæ ардæмæ!
Рохс нæбал уиндзæнæй нуртæккæ мæ каст, –
Æд кадæ фæццæун æз мæрдтæмæ.
Фæххæссæд ми зæрдихалæн нистауæн,
Базонунмæ хъурмæй мæ мадæмæ:
Дзæгъæд, куд сомий æфстауи Хуцауæн,
Гъæуагкин нæ байзадтæн кадæмæ…
Аци мæгурдæйраг æфсæддонæн уодхари зæгъуйнæгтæ Блашка куд зæрдристæй финста, е ни æруагæс кæнуй, уомæ гæсгæ æма куд 1904-1905 æнзти уруссаг-япойнаг тугъди архайæг, уотæ æхуæдæг берæ фæууидта мæлæтдзаг цæф тугъдонти гъезæмæрттæ. Æхуæдæг дæр, гъулæггагæн, бастъалдæй 1905 анзи 18 июни (зæронд нимадæй) еци тугъди.
Аци хабæрттæ абони ба уомæ гæсгæ æримистан, æма рæстæгутæ куд евгъуйгæ цæунцæ, уотæ, гъулæггагæн, нидæндæр кæнуй рагондзамайнаг тугъдтити имисуйнадæ. Æма е ба раст нæй. Тугъди исконд уæхæн æй, æма еугур рæстæгути дæр æ æверхъаудзийнæдтæй гъезæмарæ кодта адæми, еугур рæстæгути дæр си адтæй уоми архайгути лæгдзийнæдтæ, гъезæмæрттæ… Уомæ гæсгæ ба сæ имисун æма зæрдæбæл дарун гъæуй.
Еци гъуддаги хуарз хъæппæрес равдиста нæ республики æндагон рахастдзийнæдти æма национ политики министрадæ – Уæрæсей тугъдон-историон æхсæнадæ – арæзт æрцудæй равдист «Æности æхсæнти». Æ нисанеуæг æй, нæ Фидибæсти историон цаутæй дзиллæн минкъийдæр зонгæ ка ’нцæ, уони хæццæ фулдæр адæми хæстæгдæр базонгæ кæнун. Равдисти исарæзт хуарзбæл банимадтонцæ Уæрæсей тугъдон-историон æхсæнади сæрдар Владимир Мединский æма нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Куд исбæрæг æй, уотемæй, Сергей Меняйло Севастополи губернатор уогæй, цуппар анзей дæргъи адтæй еци æхсæнади регионалон хайади сæрдар.
Равдисти фæууинæн ес XVIII æноси кæронæй райдайгæй, иристойнæгти хъайтардзийнади æвдесæнтæ: архивон документтæ, къартæ, хуæрзеугутæ, тугъдон турусатæ. Фиццаг уæхæн фудæвзарæнти, 1877-1978 æнзти, уруссаг-турккаг тугъд ку цудæй, уæд Терки облæсти Дзæуæгигъæуи зилди цауæйнæнттæй арæзт бæхгин дивизионæн æ устур лæгдзийнадæ æма тугъдон æскъуæлхтдзийнæдти туххæй исаккаг кодтонцæ Геуæргий туруса, паддзах Александр Дуккаг ба сæ исхуарзæнхгин кодта æ грамотæй.
Тугъди фæсте дивизион ихæлд æрцудæй, фал бабæй 1890 анзи паддзахадæ фæдздзурдта, æфсæддон служби фæлтæрддзийнадæ кæмæ адтæй, еци адæммæ, æма бабæй уонæй исаразтонцæ иристойнæгти нæуæг бæхгин дивизион. 1897 анзи ин лæвæрд æрцудæй император Николай Дуккаги штандарт вензели хæццæ.
Фæстæдæр иристойнæгтæ сæхе лæгигъæдгунæй равдистонцæ уруссаг-япойнаг тугъди 1904-1905 æнзти. Дуйней æхсæнадон-политикон уавæр инсæйæймаг æноси райдайæни ахид раййевæ-баййевæ кодта, æма рæстæгути æзнæт фæззелæнти не ’мбæстæгтæ еудадзугдæр уиуонцæ сæ паддзах Николай Дуккаги фарсмæ.
Фиццаг империалистон тугъди райдайæни махуæнттæй арæзт æрцудæй фестæгцæуæг бригадæ еуæндæс мин адæймагемæй. Фæстæдæр 6-аг бæхгин дивизион раййивтонцæ Кавказаг бæхбæлбадгути дивизионмæ. Тох кодтонцæ нигулæн-европаг, палестинаг-сирийаг æма берæ æндæр тугъдтити. 1915 анзи дивизион æййивд æрцудæй гъомусгин бæхгин полкмæ.
Равдисти ци историон цаути кой цæуй, етæ рæстæгути æзмæлæнтæ-æййевæнти кæд бустæги нæ фæссатар æнцæ, уæддæр сæ нæ адæми нури фæлтæртæ æнхæст хуарз нæ зонунцæ. Еци уавæр фæррæвдзæдæр кæнуни туххæй нæ республики цæуй бæлвурд куст. Уой фæдбæл æндагон бастдзийнæдти æма национ политики министр Бæгъиати Алан уотæ зæгъуй:
– Рагон рæстæгути зингæ цаути туххæй нæмæ ци берæ æвдесæнтæ гъæуайгонд æрцудæй, уони хæццæ гъæуама зонгæгонд цæуонцæ, амал куд ес, уотæ фулдæр адæм. Æма нæ зæрди ес рæхги никкидæр ма ауæхæн равдист исаразун.
Равдисти ци берæ аллихузон къартæ фæууинæн ес, уонæй нæмæ кæсунцæ евгъуд æности хъайтартæ, не ’мзæнхон сахъигурдтæ хъазахъаг афицерти уæледарæси. Уони сорæттæ исфæлгонц кæнунбæл лæмбунæг æма зæрдиагæй бакуста хузæгæнæг Лотити Игорь.
Мæздæги райони станицитæ Черноярски, Дзæрæсте (Новоосетиновка) æма иннетæми нæ адæмæй си цæрæг муггæгтæ, кæд бæрцæй уоййасæбæл берæ нæ адтæнцæ, уæддæр си алкæций æхсæнæй дæр рацудæй, номдзуд ка иссæй, уæхæн минæвæрттæ: Гульчити Сашко, Гучити Георги, Кукити Константин, Сансити Антон æма Хъубади, Агойти Захар, Лотити Никъала, Гажети Даниил, Хъужелти (Гульдети) Михал, Чихирести муггæгти тугъдонтæ – етæ арфиаг фæд ниууагътонцæ нæ бæсти историй. Беретæ си иссæнцæ фæнзуйнаг æфсæддон архайгутæ. Фидибæсти рази сæ ардхуæрд нæ фæссайдтонцæ æма ин уодуæлдайæй хъазауат кодтонцæ не ’мзæнхон афицертæ, уруссаг-япойнаг æма фиццаг империалистон тугъди хъайтартæ Фидарати Афæхъо, Мистулати Елмæрза, Хугати Доментъи, Гурджибети Блашка, Æккæлати Заур, Дзотцойти Даниил, Хетæгкати Уасил, Дзæрæхохти Хаджи-Мурат æма иннетæ.
… Нæ радзубандий райдайæни Гурджибети Блашкай æмдзæвгитæй ке кой искодтан, уой кæронбæттæни уодхаргæнæг æфсæддон уотæ бадодой кодта:
Мæ цъæх сабий мин искæнетæ аккаг
Бадарунмæ æд кадæ мæ ном;
Мæнæн ба, æуингæй, дзæгъетæ «рохсаг»,
Гъенур мæ цæфæй фæммæлун æнцон.
Æма ин æ еци уосиат нæ зæрдæбæл еудадзугдæр гъæуама дарæн. Нæ кæстæрти хуарзæн, сæ уодти рæсогдзийнадæбæл ауодгæй сæ гъомбæл кæнæн нæ фидтæлти арфиаг гъуддæгутæ зонунбæл, нæ Фидибæстæбæл æновуд унбæл…
Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта ХЕКЪИЛАТИ Маринæ.