26 июля 2024

МÆ ФИДИ ИМИСГÆЙ

08.05.2024 | 23:23

ХАМИХЪОТИ Назир

Мæ ном æй Алихан, Хамихъоти Назири фурт. Фæндуй мæ нæ фидæ Хамихъоти Хамбийи фурт Назири туххæй радзорун. Мæ фæндæ мин балæдæрдзинайтæ рæстзæрдæй, уомæн æма абони  уотæ берæ нæбал æнцæ, Устур Фидибæстон тугъди будурæй цардæгасæй ка исæздахтæй, етæ. Куд фæстæдæр, уотæ ба никки зиндæр уодзæнæй  тугъди архайгути бæргутæ бæлвурдæй рартасун, рæстæги мегъæ сæбæл æ пæлæз æвæргæ цæудзæнæй æма нæуæг фæлтæрти зæрдихаттæй идарддæрæй-идарддæр кæндзæнæнцæ. Уотæ ку уа, уæддæр е уони фуд нæ уодзæнæй æма син рагацау гъæуама ма уайдзæф кæнæн. Цæмæй нæ адæми исонибони фæлтæртæй иронх ма уонцæ нæ фидтæлти намуси хабæрттæ, уобæл ба æновудæй байархайун гъæуй уони, абони ма син сæ еци хабæрттæ ка зонуй, уони. Гъæуама финстæй æносонгонд æрцæуонцæ кæрæй-кæронмæ. Уомæ гæсгæ ба нæ фæстæтæрæ кæнун нæбал гъæуй, фал алкедæр гъæуама байархайа, æ хеуæнттæ, æ къабæзтæй тугъдон архайгутæ ка адтæй, æма си ка ци хабæрттæ зонуй, уони адæми рæнгъæмæ рахæссунбæл. Бустæги ахсгиаг ба еци фарста иссæй нури дзамани: раст æма мæнгæ кæми исхæлæмултæ ’нцæ, сау æма уорс бæрæг кæми нæбал æнцæ, æргом сайдæй истори усхъуммитæ хатун кæми байдæдтонцæ беретæ, еци хæлхъой рæстæги.

ХАМИХЪОТИ Назир (галеуæрдигæй фиццаг, æ сæрбæл – æфсæддон ходæ) æ тугъдон æмбæлтти хæццæ.

Мæ зæрдæ рагæй дзоруй, куд фурт, уотæ мæ фиди хабæрттæ исбæрæг кæнунмæ.  Таустæ аллихузæнттæ фæуунцæ, мæн ба гъæуй æцæгдзийнадæ базонун, æма уомæ гæсгæ 2018 анзи агорун райдæдтон мæ фиди тугъдон нæдти æвдесæндартæ. Финстон Уæрæсей Федераций Гъæуайкæнуйнади министрадæмæ æма дзуапп райстон – нæййес бæргутæ. Уой фæсте  ниффинстон Уæрæсей Федераций Æдасдзийнади Федералон Служби архивмæ æма уордигæй дæр – уотæ. Финстон республики æма районти архивтæмæ дæр – нæййес бæргутæ.

Цубурдзурдæй, фæстæдæр 2022 анзи Интернети фæззиндтæй æвдесæндартæ мæ фиди тугъдон архайди туххæй, фал ма сæ фулдæрей ба, æвæдзи, равдесун нæма æнгъезуй.

Мæ фидæ Назир Сурх Æфсади рæнгъити адтæй 1946  анзи фæззæги уæнгæ.

ХАМИХЪОТИ Назир æ фурттæ Таймораз (астæуæй) æма Сослани хæццæ.

Æхуæдæг ма цардæгас ку адтæй, уæд æй ахид фæрсинæ тугъди хабæрттæбæл, фал уонæбæл дзорун нæ уарзта. Мæн туххæй, дан, базондзæнæ айдагъдæр мæ рамæлæти фæсте. Æма, æцæгæйдæр, уотæ рауадæй. 1944 анзи уæнгæ æ хабæрттæ куд адтæнцæ, уони бал равдистонцæ адæммæ. Назир хуарзæнхæгонд æрцудæй Фидибæстон тугъди 2-аг къæпхæни орденæй. Æнгъæлмæ кæсдзинан, иннæ «асхъоди» гæгъæдитæ кæд райгон кæндзæнæнцæ, уомæ.

Нур ба ма цубурæй зæгъон мæ фиди туххæй.

Хамихъоти Назир Хамбийи фурт райгурдæй Ирæфи райони, Нæуæггъæуи. Мæхчески райони Фæснæли астæуккаг скъолай 10 къласи каст ку фæцæй, уæд барвæндонæй рандæй тугъдмæ. 1946 анзи исæздахтæй æма 1947 анзи ба бийнонти гъуддаг бакодта: æрхудта Къостанти Хаджи-Уомари кизгæ Зæрини. Назир косун райдæдта Гулæри авданзон скъолай физикон культурæ æма фæллойни ахургæнæгæй, уотемæй си дæс æма инсæй анзи фæккуста. Скъоладзаутæ ’й берæ уарзтонцæ, е ’мкосгутæ ба ин кадæ кодтонцæ.  Æ бийнойнаг Зæрини хæццæ исгъомбæл кодтонцæ фондз фурти æма еу кизгæ. Мæ фидæ Хамихъоти Назир е ’носон дуйнемæ банæхæстæр æй 2001 анзи. Кæд ма фæстæдæр æ тугъдон нæдти хабæрттæй еститæ исбæрæг уа, уæд бабæй сæ финсдзæнæн нæ хъазар газет «Дигори» редакцимæ. Нур ба уин арфæ кæнун, Устур Фидибæстон тугъди архайгутæбæл ахид ке дæттетæ цæмæдесаг æрмæгутæ газети фæрстæбæл, уой туххæй.

 ХАМИХЪОТИ Алихан