07 декабря 2024

МÆ ХУАРЗ ЛИМÆН ЛАДИК

16.12.2023 | 22:18

Нæ национ аййевади райрæзти гъуддаги кæд еске лæгигъæдгунæй фескъуæлхтæй, уæд уонæн сæ тæккæ хъазауатондæртæй еу иссæй Хайти Хъасболати фурт Владимир. Цæгат Иристони адæмон хузæгæнæг, нæ республики Хетæгкати Къостай номбæл Паддзахадон премий лауреат, е æ исфæлдистадон æскъуæлхтдзийнæдти фæрци зундгонд адтæй айдагъ Иристони нæ, фал Советон Цæдеси берæ рауæнти дæр. Абони ба ’й имисæн уомæ гæсгæ, æма æрæги, 2 декабри, æ райгурдбæл исæнхæст æй дæс æма цуппаринсæй анзи (1933-2009). Æ номерæнæн абони нæ газети 4-5-аг фæрстæбæл мухур кæнæн æ хуæрзæрдхуард, Цæгат Иристони адæмон хузæгæнæг Цæрикъати Маирбеки имисуйнæгтæ, Владимирæн æхе скульптурон кустити къартæ æма æндæр æрмæгутæ.

 

Сауæдонæй рæсогдæр уод. Лæгигъæдгун, хуæрзæгъдау. Аци зæгъдтитæ хумæтæги нæ райдæдтон мæ дзубанди, æ дæсниадæ Хуцауæй лæвæрд кæмæн адтæй, еци искурдиадæгин зундгонд скульптор, мæ хуарз лимæн Хайти Хъасболати фурт Владимири (имонау æй Ладик худтан) туххæй. Уодæй-уодмæ нæ бастдзийнадæ куд федар æма уарзонæй адтæй, уомæ гæсгæ мæ къохи нæ бафтуйдзæнæй цубуртæй радзорун, æгæр берæ цидæртæ æримисун мæ фæндуй.

Мах базонгæ ан 1966 анзи, уæд е исæздахтæй Мæскуйæй. Фæцæй æ ахури рæстæг Сурикови номбæл Аййевæдти институти скульпторон хайади. Æ ахургæнæг адтæй зундгонд скульптор М.В. Томский. Фæззонгæ ан Дзанæгати Кермени фæрци, кæций Владимир зудта ахурмæ рандæуни агъоммæ – еумæ кустонцæ нæ республики Аййевадон фонди скульптурон цехи.

Æ фæлмæн, игъæлдзæг уодиконд мæ зæрдæмæ хъæбæр фæццудæй æма нæ бафæсмæрундзийнадæ сабургай разилдæй устур æма федар лимæндзийнадæмæ. Æ дессаги уодиконди фæрци адæми æхемæ ивазта, уомæ гæсгæ ин адтæй берæ зонгитæ, æмбæлттæ айдагъ Иристони нæ, фал иннæ рауæнти дæр.

Мæскуй ма студент уогæй, Владимир æхецæн цардæмбалæн равзурста заманай саурæсугъд кизгæ – Билаонти Долореси. Иристонæй уоми  ци фæсевæд ахур кодтонцæ уæди рæстæги, етæ сæмæ хъæбæр ахид æмбурд кодтонцæ студентти æмдзæрæни сæ уатмæ. Игъæлдзæгæй æрвистонцæ уолæфуни сахæттæ, Долореси конд æхцинтæй мийнасæ кæнгæй. Гъе уæд фæззиндтæнцæ «базургин» дзурдтæ: «Гъæуай кæнетæ Хайти сахъигурди, мах берæ ан, е ба еунæг æй!..»

Æма дессаг куд нæй, ефстагмæ фæууй уотæ, неке зæрдæ ин загъта фуд, на ’дтæй æ алфамбулай цæстнæуарзонтæ. Алке хæццæ дæр ке арæхстæй, уомæ гæсгæ æй худтонцæ Ладик…

Уæлдæр куд загътон, Устур Фидибæстон тугъд фæууни фæсте райдæдта цæун Аййевадон фонди скульптурон цехмæ. Уоми æ мади æнсувæр Шанайти Барис, Дзанæгати Кермен æма Санахъоти Сергейи разамундæй базудта исонибони дæсниади фиццаг æздæхтæ, етæ ин ниввардтонцæ бундор.

ХАЙТИ Владимир (фиццаг рæнгъи галеуæрдигæй дуккаг) нæ республики хузæгæнгути хæццæ.

Æвæдзи, биццеумæ адтæй æрдзон менеугутæ, кæцити фæрци цурд ахæста, ци ин амудтонцæ композицион æма пластикон æгъдауæй, уони. Уомæн æвдесæн æ тематикон сюжеттæ «Хуасгæрци», «Æргъау тæруни», «Кизги раскъæфт». Лæгъуз ин нæ рауадæнцæ портреттæ (Кондратенкойæн, Сæбанти Барис æма Шанайти Урузмæгæн).

Æнæмæнгæ, уæхæн исфæлдистадон бундор ниввæргæй, уотæ устур зин гъуддаг ин нæ адтæй В. Сурикови номбæл Аййевадон институтмæ бацæун. Уæдмæ куд профессионалон архайæг, уотæ аккаг бунат ниййахæста Иристони хузæгæнгути Еугонди æма скульпторти къуари рæнгъити. Æмхузон хуарз, дæсни арæхстæй Владимир скульптурон пластики еугур къабæзтæмæ дæр. Уой фæрци исаразта зингæ аййевадон æрмæгутæ, кæцитæ æвдист цудæнцæ берæ аллихузи равдистити. Цудæй син хъæбæр бæрзонд аргъгонд. æма сæ исаразæг тагъд рæстæги, æригон ма уогæй, æвзурст æрцудæй Советон Цæдеси хузæгæнгути Еугонди иуонгæй.

Хайти Владимир исхузæ кодта берæ зундгонд, номдзуд лæгти сорæттæ, се ’хсæн революционер Цæголти Геуæрги, инæлар Плити Иссæ, актертæ Цихити Маирбек æма Уатати Бимболат, хузæгæнæг Хетæгкати Марат, Советон Цæдеси Бæгъатæр Калоти Геуæрги æма æндæртæ.

Тугъди ка фæммард æй нæ Райгурæн бæсти сæрбæлтау, уонæн исаразта монументалон циртдзæвæнтæ Иристони, Дагестани, Кара-Калпакий, Узбекистани æма æндæр рауæнти.

Уони æной ма Владимир берæ рохсаггæгтæн искодта циртдзæвæнтæ уæлмæрдти æвæрунмæ, фулдæр лæвар (берæ ин адтæй хеуæнттæ, зонгитæ, лимæнтæ). Æнæмæнгæ, берæ рæстæг лæвардта еци гъуддагæн, уойбæрцæбæл ба изадæй æ сæйраг куст.

Алци нæ имисдзæнæн, фал еу цауи туххæй ба радзорон, мæхуæдæг æвдесæн адтæн. Кæддæр Ладик балхæдта рæуæг хуæдтолгæ, фал имæ арæхсгæ ба нæ кодта æма мæнæн ахургæнгæ рауадæй. Раст зæгъгæй, цурд ахæста амунд алли гъуддаги дæр æма цубур рæстæгмæ фæррæстмæ æй, хатгай æхуæдæг фæннæхстæр уидæ, кæд имæ хуæдтолгæ дарунæн барæдæттæг гæгъæдитæ нæма адтæй, уæддæр. Еууæхæни хебарæ рацуди, æвæдзи, цидæр раст нæ ракодта, æма ’й фæндаггон инспектор бауорæдта. Ба си агурдта гъæугæ гæгъæдитæ. Ладик æ цæстæ нæ фæнникъолгæй, дзоруй:

– Æз Хайтæй дæн, дæу хузæнтти æргъæй кæнун. Мæн еугурæйдæр зонунцæ, ду ба нæ. Гъæйдæ, базонгæ уæн!

Ка никъкъех æй, еци милиционермæ æ къох бадаргъ кодта, уотемæй уайтæккæ фæннæхстæр æй. Инспектор æ фæсте æдзинæг кæсгæ байзадæй.

Долорес æма Владимир сæ фурт Ибрагими хæццæ – аци искурдиадæгин лæхъуæн абони æнтæстгинæй идарддæр хæссуй æ фиди исфæлдистадон кадæ, æй нæ республики æнтæстгиндæр скульптортæй еу.

Еухатт багъæуаги мæнæн дæр пайдагæнгæ рауадæй, уæхæн æнæнгъæл миуæй. Мæ кæцидæр фæццуди Мæскумæ æмбурдмæ фиццаг баздахтæн УСФСР-и хузæгæнгути Цæдесмæ, мæхе ниффинсун кæнон номхигъди æма фусунуатмæ гæгъæди райсон, зæгъгæ. Фал куд исбæрæг æй, уотемæй махæн бунæттæ нæ адтæй, фал Мæскумæ хæстæг хузæгæнгутæн ци фæлладуадзæн санатори адтæй, «Челюскинская», зæгъгæ, уоми. Цæун гъудæй уордæмæ электрички. Куд мин балæдæрун кодтонцæ, уотемæй Мæскуй цудæй цалдæр Дуйнеуон æма Европаг æмбурди, уомæ гæсгæ фусунбунæттæ нæбал адтæй. Е мæн уотæ хъæбæр нæ багъигæ дардта, уомæн æма Мæскуй цардæнцæ мæ дууæ хуæри, алли цуди дæр си ескæмæ æрфусун кæнинæ.

Дуккаг бон изæрæй мæнмæ æрдзурдта телефонæй Хайти Владимир, дууæ боней фæсте мæ фурти хæццæ Мæскумæ цæуæн æма нин фусуни хабар бакæнæ, зæгъгæ. Æз ин уавæр куд æй, уой бæргæ балæдæрун кодтон, фал загъта æнæ цæуæн нæййес, æримисæ ести мадзал.

Мæ зæрдæ нецæбæл дардтон, фал уæддæр дуккаг бон рандæ дæн нæ Цæдесмæ, ести бæргутæ базонунмæ. Мæ искурдиадæ ку загътон, уæд хæдзарадон хайади сæргълæууæг силгоймаг деси бацудæй, гъома, уавæртæ ку зонис, уæд кутемæй ци. Фал, æз уæддæр федар лæудтæн мæ фæндæбæл, гæнæн нæййес, иссерæ мадзал уомæн æма Хайти Владимир рацæуй æ фурти хæццæ.

– Æма е ба ка ’й? – зæгъгæ мæ хинцфæрсæ ракодта. Æз дæр дестæгæнæгау дзорун:

– Ци, Хайти Владимир ка ’й, уой нæ зонис? Мадта нин уæд æцæгæйдæр дзубандиагæй неци ес… Никки, цæмæдесдæрæй дзоруй нæуæгæй:

– Æз зонун еугур æскъуæлхт, адæмон хузæгæнгути, лауреатти, уой хабар некæд фегъустон.

Æз дæр равардтон дзуапп:

– Адæмонтæ, æскъуæлхтитæ æма лауреаттæ берæ, фал нæмæ Хайти Владимир ба еунæг ес.

– Мæ аци загъд фæууæлахез æй, æцæг мин загъта:

– Хуарз цæрæнбунæттæ еугурæйдæр ахæст æнцæ, бавзарон иннети.

Бадзурдта фусунуат «Урал»-мæ, раст хузæгæнгути Цæдеси бакомкоммæ. Администратор æ хуарз зонгæ ке адтæй, уой балæдæрдтæн сæ дзубандийæй.

Хайти Владимир æ кусти рæстæг.

Дзуапп адтæй уæхæн, гъома, исон исуæгъдæ уодзæнæй номер «полулюкс» æма уой бафæстауæрцæ кæндзæнæй, кæд уæхæнбæл банвæрсдзæнæй еци лæг, уæд. Цæстингас æма хъур-хъурæй балæдæрун кодтон, уæхæн лæги аккаг æнхæстæй нæй, фал равгитæмæ гæсгæ исарази дæн.

Æз хуарз зудтон еци фусунбунат, зæрдæмæдзæугæ уавæртæ си адтæй цæрунæн. Мæ ходун туххæй уорæдтон, фал Лилия Ивани кизгæн (уотæ хундтæй еци силгоймаг) гъулæг уодзæнæй, зæгъгæ, уой тæссæй мæхе ниууорæдтон.

Еци бон исдзурдтон мæ лимæнмæ, æма ин загътон, Цæдеси хæдзарæмæ бацæуæни дуаргæсæй райсдзæнæ дæ гæгъæдитæ.

Дуккаг бон æрхъæрттæй. Сæ бацуди рабæрæг æй: дуаргæсмæ неке неци ниууагъта. Цæугæ ин рауадæй еци силгоймагмæ, кæци барæй нæ ниууагъта гæгъæдитæ дуаргæсмæ, цæмæй æхуæдæг, æхе цæститæй фæууина æвæсмард, дессаги лæги.

Уой фæсте нæ Владимир бахудта ресторанмæ æма мæ налат миуæ ку исбæрæг æй, уæд еци силгоймаг зæрдибунтæй берæ фæххудтæй. Фал уæдæй фæстæмæ æз ба æ цæсти ездон адæймагбæл нимад нæбал цудтæн.

Хайти Владимир æма Билаонти Долорес бийнонтæй сæ рæстæги цардæнцæ Дзæуæгигъæуи Коцой-фурти гъæунги, 15-аг хæдзари. Аци хæдзари фарсбæл æвæрд æрцудæй сæ номерæн мемориалон фæйнæг.

Уой фæсте Мæскуй нæ алли фембæлди дæр Лилия Ивани кизгæ еци цау æримисидæ не ’мбæлттæн.

Фæндуй мæ цубурæй зæгъун Долорес æма Владимирæн сæ рамæлæти фæдбæл, кæрæдзей хуæдфæсте рацох æнцæ дуйней рохсæй.

Еци уæззау цау æвеппайди хабар нæ адтæй – сæ дууæ дæр фæстаг рæстæг хъæбæр садæнцæ (сæйгæдони дæр еумæ адтæнцæ). Бæргæ бæлдтан сæ исдзæбæх унмæ, фал..

Долореси бафæндадтæй æ нези фæдбæл Мæскумæ рандæун, уоми рахастонцæ унаффæ – гъæуй операци кæнун æ зæрдæн. Операци бæргæ фæррæстмæ ’й, фал ин иннæ незтæ уавæр фæллæгъуздæр кодтонцæ æма Долореси адзал æхе амæттаг бакодта.

Æ цардæмбали рамæлæт хæссун нæ бафæразта Владимир, æ незтæ уæлахез кæнун райдæдтонцæ æма дууæ мæйей фæсте, фулдæр нæбал бафæразта Долореси æной, уодесæг æ циргъ дзæмбутæ ниссагъта Владимири хорхи. Æносон фунæй æй бакодта.

Нæ адæмон культурæ æма аййевадæ зингæ мæгурдæр, фæлмастдæр фæцæнцæ, кæцидæр тогдадзинттæ раскъудæнцæ Билаонти Долорес – нæ ирон оперон сцени солисткæ æма Хайти Владимир – нæ республики хуæздæр скульптортæй еу, не ’хсæнæй ку фæгъгъудæнцæ, уæд…

ЦÆРИКЪАТИ Маирбек (1927-2018), Цæгат Иристони адæмон хузæгæнæг