«МÆ РОХС СÆНТТÆ, МÆ ÆЦÆГТÆ…»
Колити Витали æ исфæлдистади алцæй разæй дæр уæлдай зæрдæмæгъаргæ зæгъуйнæгтæ зæгъуй æ хъиамæтгун мадæ Анфиси (Текъойти Генай кизги) туххæй. Колити Витали берæ æмдзæвгити еруй æ ниййерæги рохс ном, сауæнгæ ма исаразта, «Дæ армитъæпæнтæ», зæгъгæ, цикл дæр. Уомæн æ раздзурди финсуй уотæ: «Уæ ниййергутæ бон фулдæр цæмæй фæццæронцæ, уобæл уæ уодтæ гъаретæ…» Абони мухур кæнæн еци циклæй еу æмдзæвгæ.
НИФСÆВÆРÆН
Цæбæл æй дæ гузавæ, мæ Мадæ,
Ци дæ кайуй мæ уоди æрхæн? –
Æрæллау уо, мæ цори æрбадæ,
Поэтæн некæд ес, нæ, мæлæн.
Кæмæн кæнуй мæйæ фæлмæн батæ,
Хорискастмæ ка æй æнгъæлдзау,
Уой абони, зæгъай, рæсæнуати
Куд ралгъета Сфæлдесæг Хуцау.
Ке дауй цъетедон æ лигъз армæй,
Кæмæн ковуй Уаза æ сæрæй,
Æ Дигорæ фуртау уотæ уарзгæй,
Куд фæгъгъæуа айтид æхсæнæй.
Мабал кæнæ гузавæ, мæ Мадæ,
Мæ дæ хуæрæд мæ уоди æрхæн.
Бауолæфæ, ма тухсæ, ме ’вдадзæ,
Поэтæн некæддæр ес мæлæн…
2006 анз, сæйгæдонæ
БИЛÆГИ ДОН
Арви цъæх нирримæхсгæй дæ хурфи,
Фæууадзгæй и уæлтегътæ Билæг.
Рæсугъдадæ ку ’сеу æй дæ гулфи,
Цæмæн æй дæ хауæн уæд ниллæг?..
Тугул дортæ цæхъалти нихъолгæ,
Кумæ кæнис æдзох æмпурсæн.
Зуриуæттæ билгонмæ æнцъолгæ,
Куд нецæмæй дин ес фæттæрсæн?..
Батухтай дæ уолæн цилле хизи,
Дæ уиндæ дæр цæстæн æхцæуæн.
Бацæугæй агайнæгтæ дæ хузи,
Æрковунцæ ниллæг Æхсæуæн.
Хуæздæр дзенет цæстæ ку нæ коруй,
Æцæг дзенет ку æй дæуæн уагъд…
Уæд дæ зæрдæ будур куд агоруй,
Цæмæн имæ кæнис уотæ тагъд?
Цæстисугау – кæдзос дæ æртæхтæ, –
Дæ фалдзостæ кæнгæй рæдзæхсæн.
Æви кæмтти уиндæй исзæрдцъæх дæ,
Фал куд ес нæ хуæнхтæй æртæсæн?..
Дæ дони ’схупп лæгæн уоди хуасæ,
Æрмæстдæр… Еунæг уой ди корæн: –
Адæмæн сæ риститæ фæлласæ,
Дæ рæсог ба уадзæ Дигорæн…
* * *
Тæходуйаг, дæ гъæбеси
Ке рæвдаудзæнæ фæлмæн.
Æз ба уотид ме ’стур деси
Еугур фахъæра ниддæн.
Мæ зундæй æй ку лæдæрун, –
Ке некæд уодзæнæ мæн,
Уæддæр дæмæ куд фæббæллун,
Ке бафарстæуа: – цæмæн?
Барвæндонæй дæ цагъайраг,
Цæмæн ниддæн – ихæлдзæн.
Мæ сæр фæууа мæгурдæйраг,
Дæумæ тайгæй ка мæлдзæй.
Ци ’й дæуæн? Дæ цард дæ барæ,
Æвгæрдуй мæн ба æрхæн.
О, мæ уоди гъезæмарæ,
О, мæ зæрди сонт тæлæн…
ЗАР
Хорискасти сæумæраги
Нарæг надбæл æмбæлгæй,
Нæбал фæййерун мæ уагæ,
Испæртт кæнун адæргæй.
Базард
Содзæ-содзæ арт, мæ реуи,
Пеллон калæ – æвеллон.
О, мæ зæрдæ, цæй, ци ’сцъеу дæ, –
Бауарзтон куд – сувæллон.
Дæ уиндæ мин нифси хонх æй,
Фестадтæ мин бæлдтаг фун.
Мæхе ном дæр ми феронх æй,
Дæ мæтæй ба – æстъæлфун.
Мæ рохс сæнттæ, мæ æцæгтæ
Арф мæ реуи нигæндзæн.
Дзорæ-дзорæ дæ мæнгæттæ,
Уæддæр дæбæл æууæнддзæн.
Сугъд цонгбæл ма ресгæ-ресгæй,
Ку никкæнай тæвдæ дон.
Дæ дзурдтæ мин, мæ зæрдресгæ,
Раст уой хузæн: О, мæ бон!
Мæ зæрдæбæл арф никъæттæ
Мабал уадзæ, о, ме рхун.
Фæлтау дзорæ мин мæнгæттæ,
Æнцондæр мин – æууæндун.
РАГИМИС
Евдæлон бадт кæнуй тъæпæн мегъæ,
Дæвдæг муркъæ лæууй æмирæй…
Карз бурдæн! Зæрди маст ниррæуегъæ, –
Фæххуæздæр уа ме ’сон мæ нурæй.
Сайд бæлдитæ æма ходгæ бакаст,
Алцæмæй дæр си æз сæлæт дæн.
Куд æрцудæй мæнмæ мæ фиццаг уарзт,
Æрцæудзæнæй уотæ мæлæт дæр.
Мæн бæлдæ ба реуи нинносон æй,
Тар-талингæй уинун мæ исон.
Æнгъалдтон, – кæд мæлæт æносон æй,
Уæд уарзт дæр уодзæнæй – æносон.
Рист сагъæстæй мæ сæр ниддæнгæл æй,
Дæ фæсте уодагъайæй тъифсун.
Цæмæн ди æз фæдтæн фудæнгъæлæ,
Цæмæн уотæ сайдта мæ мæ фун?
Æз де ’ной нур кæнгæй агæлæнтæ,
Куд нæ гъаруй дæумæ мæ хъурдох.
Ци хузи мин кæнис фудæнæнтæ,
Куд мæбæл исистай уæд дæ къох…
Тæходуй! Кæмæн ес артæндзæрæг,
Кæмæдæр ка фæууй æнгъæлгæс.
Мæнæн ба æнæ арт мæ хæдзарæ,
Мæнæн ба сахуазал æй мæ къæс.
Имисун ма бæргæ дæ фæлмæн каст,
Бонæй-бонмæ кæнгæй – бонвуддæр.
Райевгъудæй мæнæн мæ фиццаг уарзт,
Æнгæрон нæ цæуй мæлæт дæр.
ÆХСÆРИСÆР
Æхсæрисæр, æдта, ци зæрддаг дæ,
Æвдадзау æй мæнæн Сæхолдон.
Æхсæрисæр, æдта, ци бæлдтаг дæ,
Лæги хъаурæ дæуæй фæййистон.
Де ’стур фарнæй алкæд сæрустур дæн,
Фæццардтæн дæ нифсæй кæд æдзох,
Уæд дæбæл куд кæнон устур зæрдæ,
Уæд дæбæл куд исесон мæ къох.
Идард надбæл мæ тухсти, мæ зини,
Дæуæй фæуун æрмæст сомигъон,
Нæ мин ес æнæ дæуæй æзинæ,
Нæ мин ес æнæ дæуæй исон.
Сувæллонау дæубæл æрхъанбаст дæн,
Зæрдæй дæр, уодæй дæр, æз дæу дæн,
Кæд фæууй æфсæдæн мади уарзтæй,
Уæд мин ес дæуæй дæр æфсæдæн.
Иронхуати мæнæй некæд уисæ,
Дæ цæрайæй цардтæн, дæ кадæн.
Хуарз байрайæ мæ гъæу, Æхсæрисæр!
Æнæнез мин уотæ, мæ адæн!
БÆГЪÆНБАД КИЗГÆ
Кедæр кизгæ тагъд мæ рæзти
Бæгъæнбадæй æруадæй.
Уолæфттæн ма тухфæрæзтæй,
Рафæлорс дæн ивадæй.
Æ гуриконд, æ цæрдæгæй
Фæууагъта мин фудæрхæн.
Фæсалæмæ мæ кæрдæгæй
Нæма фæууидтон уæхæн.
Æрвæрттивдау нæ фембæлдæ,
Нæ хецæн ба æносон.
Æ цæстингас, æ фезмæлдæ
Дардзæнæн реуи носæн.
Ци фæккæнон мæ резæнгæ,
Кæдмæ цæрдзæн сахъаттæй.
Кæд æма мин бæгъæнзæнгæй
Мæ зæрдæбæл ниххаттæй…
* * *
Ех дони мæ ниффæлдайæ,
Уæддæр уодзæнæ ме ’рхун.
Зæрдæ, зæрдæ нæ фæллайуй
Дæумæ бæллунæй æппун.
Тулкайæй мæ ниллæхорæ,
Ниммæ кæнæ листинсад,
Æрмæстдæр мин ма фæссорæ
Мæ рист реуæй дæумæ уарзт.
Куд райевгъуис мæ цорти,
Кумæ фæттæхис маргъау,
Дæумæ хуæргæй били цортæ,
Кæдмæ кæндзæн уодагъай.
Ку батадтæн тæхсгæ мастæй
Дæумæ бæлгæй æдзохæй,
Уæд де ’нгаси еу фæккастæй
Цæмæн райзайун цохæй…
МÆРЗОЙТИ АЛАНИ МОНОЛОГ
Рохс цардмæ кæсунæй æфсес ка нæ зудта,
Рæстæг æхе уодмæ кæмæн некæд хъæрттæй.
Уобæл мин цирткъахæг кири сæр нихгæдта,
Уобæл æ рохс дуйне æвваст рафæлхæттæй.
Æдзох нæ цæрайæй ци мадæ фæццардæй,
Æппун æнæ махæй къæбæр ка нæ хуардта,
Е ми æнæнгъæлти æносмæ райдард æй,
Е мин мæ бæлдитæ думгæмæ ниддардта.
Росбæл мæ цæстисуг никки фæддувæр æй,
Нур ма мæ рист зæрдæ рæсуд æ тæппалæй.
Дардтон ма мæ зæрдæ кæстæр æнсувæрбæл.
Æма мин æдзардæй е дæр ку нæбал æй.
Дардтон ма мæ зæрдæ, уодзæй, цид, мæ фарсмæ,
Æма уой нивæй дæр ку нæбал байрадтæн…
Адзал, ци дин зæгъон, дæ еци хевастæй
Мæн бал рауагътайсæ, хестæр æз ку адтæн.
Хуцау! Ци дин кодтон? Мæ фуд ци ’й дæ рази,
Кæд мин естæбæлти кæнис фудæнæнтæ…
Хуцау! Ци дин кодтон? Куд уон ди арази,
Мæнæн куд цæргæ æй æд зин, æд æрхæнтæ?..
Æхсæви маройтæ, сау зæнхи æрхæнтæ –
Абонæй фæстæмæ – мæ цардæн æ уагæ.
Кæрæдзей хуæдфæсте мæри хай бацæнцæ
Мæ мадæ, ме ’рвадæ – зæрди дууæ таги.
Циртити уæлсæргъæ тæрхон ку фæккæнун,
Сæ цори æрлæугæй, æдзæм, мæрдивадæй.
Кæбæл си фиццагдæр мæ къох æз байвæрон, –
Сæ еу мæ ниййерæг, иннæ ба ме ’рвадæ…
Бонæй хори рохсмæ агордзæн мæ мади,
Содзгæ цæстисуг ба æппун нæ исусдзæй.
Изæри мæйрохсмæ дзиназдзæн: – ме ’рвадæ!..
Æрмæст уонæмæ ба мæ гъæр нæ игъусдзæй…
Æй бæсти мæ зæрдæ дууех ку фæууидæ,
Мæ хъарæ мæ реуи æвваст æрбасастæй.
Мæ мадæ, ме ’рвадæ, – нифс ми кæмæй уидæ,
Кæрæдзей фæсте сæ адзал ку фæххаста…