11 октября 2024

МАХ ГЪÆУЙ УÆРÆСЕ, МАХ ГЪÆУÆН УÆРÆСЕЙ!..

08.11.2023 | 12:14

Иристони  карни агъазиаудæр цаутæн сæ зингæдæрбæл æй нимад, 1774 анзи Уæрæсей хæццæ ке байеу æй, е. Аци алæмæти агъазиау цаубæл иннæ анз æнхæст кæнуй 250 анзи, æма уой кадгинæй исбæрæг кæнуни фæдбæл нæ республики нерæнгæ аразун байдæдтонцæ аллихузон  цитгингæнæг мадзæлттæ. Зæгъæн, æрæги Дзæуæгигъæуи арæзт æрцудæй Æхсæнадæмон зонадон-практикон конференци «Иристон-Аланий байеу Уæрæсей хæццæ». Уой агъазиаудзийнадæ исбæрæг æй уомæй дæр, æма æ  цитгин иуазгутæ иссæнцæ Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз, Республикæ Хонсар Иристони президент Гаглойти Алан, хецаудзийнади æма æхсæнадон-политикон еугæндти минæвæрттæ.

Мадзали архайдтонцæ  ахургæндтæ Сомехæй, Хонсар Иристонæй, Кæсæг-Балхъарæй, Цæцæнæй, Дагестан æма Хъæрæсе-Черкесий республикитæй, Стъараполи æма Краснодари крайтæй, Ростови облæстæй, æхсæнадон æма дини кустгæнгутæ… Еугур иуазгутæн дæр зæрдиагæй райарфæ кæнгæй, Сергей Меняйло æ радзубандий загъта:

– Дууæсæди æма фæндзай анзей размæ еумæйаг Иристон, кæци уæди историон рæстæги нæ цудæй дехгонд Цæгаттаг æма Хонсайрагбæл, равзурста æхецæн æ цардвæндаг –  æ адæми еумæйаг фæндæй иссæй устур æма хъаурæгин паддзахади хай. Еци дууæ æносемæй фулдæри дæргъи Иристони адæм лæудтæй усхъæй-усхъæмæ Уæрæсей хæццæ  – æмтохгæнæг адтæй нæ еумæйаг бæсти сæребарæдзийнадæ æма хебарæдзийнадæбæл, уодуæлдайæй фæллойнæ кодта, гъомбæл кодта нæ Фидибæстæбæл æновуд фæлтæрти. Æма Иристон уæрæсейаг паддзахади исконди æмбаргинæй кæдæй æй, еци рæстæгути æрцæуæг цаутæ æма хабæрттæ ирдæй-ирддæрæй æвдесунцæ, нæ фидтæлти равзурст цæйбæрцæбæл раст æма зундгин адтæй, уой.

Уой фæдбæл æгæрон берæ дæнцитæ райгъустæй конференций архайгути радзубандити. Сæ еугурей кой ракæнуни равгæ нин аци æрмæги нæййес, фал уæддæр сæ еумæйаг медеси туххæй ба цубурæй зæгъдзинан.

 

НÆ ФИДТÆЛТИ РАВЗУРСТ НАД – РÆСТВÆНДАГГÆНÆГ

Берæ æности дæргъи аллихузон, еу иннемæй тухгиндæр, уæхæн æрбалæборгутæ цал æма цал хатти багъавиуонцæ нæ адæми басæттунмæ, сæ дæлбарæ ’й искæнунмæ. Фал сæ фудвæндитæй некæд неци рауайидæ. Раст зæгъгæй, æверхъаудзийнæдтæ дæр син берæ исаразиуонцæ. Уотæ дæр адтæй, æма еу доги син, сæхецæй тухгиндæр æма син адзалхæссæг знаги фудæй сæ багъудæй, Кавкази цъетегун хуæнхти алфамбулай ци сонгун будурти цардæнцæ, уордигæй сæхе бафæсвæд кæнун хуæнхти зиндзæрæн рауæнтæмæ, зæгъун æнгъезуй, бустæги æгудзæггæнæг цъæстæмæ… Кæд уæхæн зин уавæрти бахаудтæнцæ, уæддæр састи бунати ба нæ байзадæнцæ, сæ нифс нæ фæннидæн æй, сæ лæгдзийнадæ нæ фæмминкъийдæр æй, сæ тундзундзийнадæ сæребарæмæ никки фæккарздæр æй…

Еци гъуддаги ба сæ тæккæ хуæздæр агъазгæнæг Уæрæсе ке уодзæнæй, æма уой ахедундзийнади фæрци син ке бантæсдзæнæй сæ бæлдитæ исæнхæст кæнун, уой раги балæдæрдтæнцæ нæ рагфидтæлтæ. Уомæ гæсгæ ба, е си кæд æма хъæбæр идарди адтæй, уæддæр еци идардмæ дæр имæ  ивазтонцæ сæхе. Æма Иристони дзурддзæугæдæр минæвæрттæ уæди даргъ, зин æма тæссаг нæдтæбæл рараст æнцæ Петербургмæ, цæмæй уоми паддзахæн фегъосун кодтайуонцæ Уæрæсей хæццæ байеу уни туххæй сæ адæми фæндæ.

Иристон Уæрæсей хæццæ ку байеу æй, уæд нæ адæмæн фæззиндтæй берæ равгитæ сæ карни хабæрттæ зæрдæмæдзæугæдæрæй аразунæн. Еци хуарздзийнæдтæй ба еу е адтæй, æма ирæзгæ фæлтæртæн фадуат фæцæй ахури надбæл цæунæн, сæ карни гъуддæгутæ аразунæн си фæззиндтæй берæ аллихузон гæнæнтæ æма равгитæ. Уой хæццæ ба ма  Уæрæсе нæ адæмæн байгон кодта дуæрттæ Европи культурæмæ, аййевадæ æма наукæмæ дæр. Æма зонундзийнæдтæмæ бæллæг дзиллæ ралæгарстонцæ размæ ахури æма исфæлдистади надбæл. Фæсевæд уæлдай фулдæр се ’ргом æздахтонцæ æфсæддон гъуддагбæл ахур кæнунмæ. Паддзахи æфсади фæззиндтæй нæ адæмихаттæй сæдæгай афицертæ, беретæ си уоййасæбæл искурдиадæгин разиндтæнцæ æма иссæнцæ зундгонд æфсæддон архайгутæ, инæлартæ.

Иристони дзиллæ уайтæккæ балæдæрдтæнцæ Уæрæсей, уруссаг адæми рæстзæрдæй ауодундзийнадæ. Æма уомæй арфиаг уогæй, бози  дзуапп ин лæвардтонцæ сæ еузæрдиуондзийнадæй – уæдæй фæстæмæ Уæрæсей æзнаг иссæй мах адæми æзнаг дæр, æ нихмæ  ци тугъдтитæ арæзт æрцæуиуонцæ, уонæми нæ тугъдонтæ  алкæддæр адтæнцæ уруси фарсмæ. Уой дæр айдагъ æфсади службæгæнæг афицертæ нæ, фал багъæуаги уæрæсейаг тугъдонти æмварс æрлæууиуонцæ Иристонæй фæдеси рацæуæг фæсевæд дæр, тугъдон гъуддæгути æвдистонцæ устур бæгъатæрдзийнадæ. Уомæн æма ’й зудтонцæ, устур Уæрæсе  гъæуай кæнгæй, ке гъæуай кодтонцæ сæ райгурæн Иристон дæр.


СВИДЕТЕЛЬСТВА  ОЧЕВИДЦЕВ

Прославленный российский генерал Михаил Скобелев в своих воспоминаниях очень лестно отзывался о воевавших в его войсках осетинских воинах. А знаменитый художник Василий Верещагин, который был очевидцем того, как мужественно действовал Осетинский дивизион в боях против врагов, в своих воспоминаниях так писал: «Я побывал в Осетинском дивизионе. Какой весь видный народ осетины, молодец к молодцу, точно. Как на подбор. Весь дивизион состоял из охотников. У некоторых всадников полное снаряжение с лошадью стоило 700-800 руб. И даже 1000 руб. Что мне, в особенности бросилось в глаза у осетин, это их осанка и походка. Каждый осетин имел походку, точно князь какой: выступал важно, степенно, с чувством собственного достоинства…»


Нæ адæми минæвæрттæ паддзахи æфсади рæнгъити уогæй, знаги нихмæ берæ тугъдтити архайдтонцæ æма сæхе равдистонцæ æндиуд, нифсгун тугъдонтæй. Сæ бæгъатæрдзийнади хабæрттæ райгъусиуонцæ æнæгъæнæ Уæрæсебæл. Архимандрит Иосиф (фæстæдæр иссæй Иристони кадгин Апостол) 1861 анзи Гурдзий Экзархмæ финста: «Осетины в делах против неприятелей всегда составляли самое надежное и храброе войско; а владикавказские осетины составляли личный охранительный конвой самого Командующего войсками…»

Нæ адæми сæдæгай минæвæрттæн тугъди будури се ’скъуæлхтдзийнæдти туххæй лæвæрд æрцудæй Уæрæсей цитгиндæр паддзахадон хуæрзеугутæ, кадгин лæвæрттæ. Еци хуæрзеугутæй сæ тæккæ агъазиаудæртæй еу адтæй Георгий дзиуарæ, æма си цуппар лæвæрд кæмæн æрцудæй, уæхæнттæ дæр не ’мзæнхонтæй беретæ разиндтæй.

Уæрæсей æфсади рæнгъити уогæй, нæ адæми минæвæрттæ се ’фсæддон ихæстæ разæнгардæй æнхæст кæнгæй, цæйбæрцæбæл намусгинæй æскъуæлхтæнцæ æма абони дæр æскъуæлхунцæ, нæ Фидибæстæн æзнаггадæ исаразунмæ ка багъавидæ æма абони дæр ка гъавуй, уони нихмæ тохи, уой туххæй берæ ирд æвдесæнтæ æрхæссун æнгъезуй.

Уогæ уæхæн æрмæгутæ ахид мухургонд цæунцæ нæ газети, æма сæ идарддæр дæр мухур кæндзинан.  Мæнæ абони дæр нæ газети 6-7-аг фæрстæбæл бакæсæн ес уац «Лæгдзийнадæ ку багъудæй…» Мухур ба ’й уомæ гæсгæ кæнæн, æма, еуемæй, астинсæй анзи исæнхæст æй Цæгат Кавказ немуцаг-фашистон æрдонгтæй исуæгъдæ кæнунбæл, æма аци æрмæги дзубанди цæуй, еци тугъдтити советон æфсæддонтæ цæйбæрцæбæл æгæрон лæгдзийнадæ бавдистонцæ, уобæл: иннемæй ба, еци тугъдтити Иристони зæнхæбæл знаги нихмæ уодуæлдайæй тох кодтонцæ нæ Фидибæсти берæ адæмихæттити минæвæрттæ. Æма е æй, фæйнæхузон адæмихæттити минæвæрттæ уогæй, фæйнæхузон динтæбæл хуæст уогæй, етæ Райгурæн бæстæн æ зин æма тæссаг уавæри цæйбæрцæбæл алæмæти еузæрдиуондзийнадæ бавдистонцæ, уой æвдесæн. Уæхæн еузæрдиуондзийнадæ æвдесунцæ нæ бæсти алли адæмихæттити минæвæрттæ абони дæр, сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй.

Уомæ гæсгæ ба уой зæрдæбæл дарун æма уой туххæй парахаттæй дзорун æнæмæнгæ гъæуй. Уæлдайдæр уомæн, æма цæмæй сæ нæ ирæзгæ фæлтæртæ зононцæ, сæрустур уонцæ нæ фидтæлти намусгин цардвæндаги хабæрттæй, нæ фидтæлтæ æности дæргъи нæ Фидибæсти еугур адæмихæттити хæццæ дæр лимæн æма уарзонæй, кæрæдземæн аргъ кæнгæй ке цардæнцæ, еци зундирахасти фæтки син нифсдæттæг æма рæствæндаггæнæг ке адтæй, уой.

Аци гъуди бæлвурдæй райгъустæй, мæнæ нæ радзубандий райдайæни ци конференций кой ракодтан, уоми дæр.

 

НÆ ФИДИБÆСТОН ИСТОРИЙ ÆЦÆГДЗИЙНАДÆ ЗОНУН ÆМА ИН АРГЪ КÆНУНÆЙ ИХÆСГИН АН

Конференций радзубанди кæнгæй, республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло сæрмагондæй уотæ дæр ма баханхæ кодта:

– Мах рагæй ан Уæрæсей хай, кадæ æма намуси хæццæ ин лæггадæ кæнæн,– загъта республики разамонæг.– Иристони хъæболтæ се ’хсардзийнадæ æма бæгъатæрдзийнадæ, æнсувæрон рахастдзийнæдтæ равдистонцæ политики, экономики, æфсæддон гъуддаги, гъæууон хæдзарадæ æма æндæр къабæзти. Нуртæккæ дæр, сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй, еумæ гъæуай кæнæн нæ еумæйаг хæдзарæ, нæ Уæрæсе æма ми æруагæс кæнуй, ке фæууæлахез уодзинан, е. Не ’знæгтæ архайунцæ истори, адæми зунд усхъуммæ кæнунбæл. Фал æй мах зонæн, ци устур аргъ бафистонцæ нæ фидтæлтæ, цæмæй  Уæлахез къохи бафтуйа. Æма некæци хузи бауадздзинан, цæмæй уонæй фæффудевгед уæн, уомæ гæсгæ ба уодуæлдайæй архайдзинан, цæмæй Уæрæсе идарддæр дæр амондгунæй цардгъон, æнтæстгин æма фæрнæйдзаг уа!..

Сергей Меняйлой гъудимæ гæсгæ, нури конференци æвдесæн æй, нæ фидибæстон историй æцæгдзийнадæ æма алæмæтдзийнадæ рæстзæрдæй ке лæдæрæн æма зонæн, уой бундортæ нин нифсдæттæг ке ’нцæ нæ рохс исонибонмæ разæнгардæй цæунæн.  Уæрæсей паддзахади æмбарæ иуонг кæдæй иссан, уæдæй нурмæ мах лимæнæй цæрæн нæ бæсти еугур адæмти хæццæ дæр. Цæгат Иристон кæддæриддæр уодзæнæй Уæрæсей хæццæ еумæ, уобæл дзорæн, уомæй сæрустур ан.

Пайдахæссæг гъуддагбæл банимайун æнгъезуй уой дæр, æма конференций архайгутæн арæзт æрцудæй нæ республики æма нæ адæми цардиуаги æвдесæнтæ комкоммæ бæлвурддæрæй базонуни нисанеуæгæй аллихузон мадзæлттæ: бабæрæг кодтонцæ Национ музей, æркастæнцæ си  æ берæ  экспозицитæмæ. Фадуат син фæцæй Зæрæмæгмæ фæццæунæн.  Иристон Уæрæсей хæццæ байеу кæнуни курдиади хæццæ æ рæстæги Петербургмæ нæ адæми минæвæрттæй ка фæццудæй, уони хестæр Магкати Зурабæн уоми ци циртдзæвæн ес, уобæл исæвардтонцæ деденгутæ.