20 апреля 2024

МАЛИТИ ГЕУӔРГИ. ГЕНИАЛОН ПОЭТ

22.10.2021 | 09:15

БАБОЧИТИ Руслан, Цæгат Иристони адæмон поэт

Къоста ӕма Геуӕрги хумӕтӕги ӕмвӕрстӕ ӕвӕрд нӕ цӕунцӕ нӕ национ литератури историй. Дууӕ генийӕн ци бантӕстӕй цубур царди, е некӕмӕнбал уой фӕсте. Цардгъон литературон традици не ’рӕййафгӕй, етӕ куд исхизтӕнцӕ Парнаси бӕрзондмӕ, уотӕ неке. Ӕвӕццӕгӕн, ирон ӕма дигорон адӕммӕ ӕма сӕ фиддӕлтӕмӕ мингай, сӕдӕгай ӕнзти ӕндӕргъци ци медӕггон энерги ӕрӕмбурд ӕй, фал дуйней рохсмӕ равдесун ке нӕ бафӕразтонцӕ, уой не ’сфӕлдесӕг Хуцау дууӕ поэтемӕн балӕвар кодта. Ӕма нӕ фӕррӕдудӕй – сӕ дууӕ дӕр исарӕхстӕнцӕ еугур адӕми номӕй исдзорунмӕ, ӕгас дзиллити зӕрдӕ бавдесунмӕ…

Геуӕрги, уӕлдӕр куд загътон, уотӕ гъӕздуг литературон фӕткитӕ не ’рӕййафта, цӕттӕ хуми нӕ ниггӕлста нӕмуг, къанаувӕди нӕ рауагъта дон, фал алци дӕр ӕхецӕн гӕнгӕ рауадӕй – хумӕ дӕр, таугӕ дӕр, ӕхсӕдгӕ дӕр. Ӕма нӕ фӕттарстӕй, ӕ байуантӕ не ’ркалдӕнцӕ. Айдагъ лирики нӕ фескъухтӕй, ӕрмӕст уоми не ’схизтӕй поэзий цъоппитӕмӕ, фал ма е ’стур искурдиадӕ ӕхе исбӕрӕг кодта эпикон жанри дӕр. Нӕ бон уотӕ зӕгъун ӕй, ӕма Геуӕргийӕй раздӕр ирон ӕма дигорон финсгутӕй ӕ мадӕлон ӕвзагбӕл классикон поэмӕ ниффинсунмӕ ӕ нифс неке бахаста. Къостай «Фатимӕ» уруссагау финст адтӕй, ӕма уой нӕ нимайдзинан.

Поэти ’сфӕлдистадӕ ӕвзаргутӕ раст исбӕрӕг кодтонцӕ, мах дӕр ӕй фездӕх кодтан уӕлдӕр: финсӕги уадзимистӕн сӕ фулдӕр ӕнгом баст ӕнцӕ дигорон фольклор ӕма эпоси хӕццӕ. Еци бастдзийнадӕ берӕвӕрсуг ӕй. Зиннуй ӕмдзӕвгитӕ ӕма кадӕнгити сюжеттӕбӕл, сӕ композицион ӕма ритмикон арӕзтбӕл, лексикӕбӕл, иннӕ поэтикон мадзӕлттӕбӕл. Фал фольклорон варианттӕ ку рабарӕн, поэти сеси бунӕй ка рацудӕй, еци уадзимисти хӕццӕ, уӕдта ӕхе равдессӕнӕй, Геуӕрги си ӕхе уодӕй куд берӕ байвардта, ейӕ. Ци аййев адтӕнцӕ, уомӕй сӕ нигги зӕрдесгӕдӕр ке фӕккодта, е римӕхстаг ӕгиритдӕр нӕ ’й. Уой уӕлӕмхасӕн литературон варианттӕн фӕффедардӕр ӕй сӕ логикон арӕзт, конкретон бӕрцӕбарӕнти фӕрци исирӕзтӕй сӕ музыкалондзийнадӕ, дзӕвгарӕ фӕййирддӕр ӕнцӕ архайгути фӕлгонцтӕ, фӕттухгиндӕр ӕй се ’хсӕнадон игъусунадӕ.

Фал махӕн сӕйрагдӕр ӕндӕр фарста ӕй: фольклорон сюжетти ци архайд ӕма цаутӕ ӕвдист цӕуй, уонӕмӕ циуавӕр цӕстӕй кӕсуй поэт, цӕхуӕн аргъ син кӕнуй? Еу загъдӕй, циуавӕр ӕй авторӕн ӕхе позици, циуавӕр гъудибӕл хуӕцӕг ӕй ӕхуӕдӕг, ци нин зӕгъунмӕ гъавта, евгъуд царди нивтӕ ӕвдесгӕй?

Кадӕнгӕ «Гъонгӕси фурт мӕгур Мӕхӕмӕт» кӕд финст адтӕй, е бӕрӕг нӕ ’й. Ес ин хумӕтӕги медес. Фиддӕлти доги нӕ хуӕнхбӕсти ӕстонг дзаман ӕркодта. Хор хумтӕ, будуртӕ басугъта. Фонс ӕнӕ хуаллагӕй фӕццӕгъдуни ӕнцӕ. Сауӕнгӕ ма мӕргътӕ дӕр нигъгъос ӕнцӕ, сӕ зарунгъӕр нӕбал цӕуй. Гъонгӕси фурт мӕгур Мӕхӕмӕт уӕхӕн ӕдзӕллаг доги ӕ зӕронд фиди цӕмӕй фӕддара, е ин нӕбал ес ӕма ранӕхстӕр уй кустагорӕг, бафтуйуй хани гъӕумӕ. Фӕццӕуй хани зӕрдӕмӕ, косӕгӕн ӕй райсуй. Фӕскуст мӕгур Мӕхӕмӕт цӕгъдунтӕ ниййагаидӕ ӕ хӕтӕлӕй, ӕхемӕ ӕригъосун кӕнидӕ хани еунӕг кизгай – Гиданни рӕсугъди. Е ӕй бауарзуй. Хан ӕ кизги киндзи дӕдтунмӕ ӕрцӕттӕ кӕнуй. Фал Гиданни рӕсугъд ниммӕтъӕл уй, нӕ ’й фӕндуй ӕлдари фуртмӕ ӕрцӕун. Гъонгӕси фурт мӕгур Мӕхӕмӕти ке уарзуй, ӕ хӕццӕ арази ке ӕй ӕ цард исбӕдтунмӕ, уой исгъӕр кӕнун ба не ’ндеуй ӕ фидӕн. Хан, хабӕрттӕ ӕрлӕдӕргӕй, ӕвуд лӕхъуӕнӕн маруни тӕрхон рахӕссуй. Ӕ сӕр ин циргъ мехбӕл ӕркӕнунцӕ. Уой фегъосгӕй, Хани кизгӕ – Гиданни рӕсугъд болат кӕрдӕнӕй ӕ зӕрдӕ ниррӕхуайуй. Дууӕ ӕригон адӕймаги адзали амӕттаг баунцӕ…

Фиццаг ӕркасти кадӕнги нӕуӕгӕй неци ес. Ӕнамонд уарзондзийнади мотив адӕмон исфӕлдистади арӕх ӕмбӕлуй аллихузон вариантти. Ку уарзӕнттӕй сӕ еу фӕммард уй, ку сӕ иннӕ, фулдӕр хӕтти ба сӕ дууӕ дӕр. Геуӕргий кадӕнги «нӕуӕгдзийнадӕ» сюжетти агоргӕ нӕ ’й, фал си ци поэтикон мадзӕлттӕй пайдагонд ӕрцудӕй, уонӕми. Алцӕй разӕй дӕр зӕгъун гъӕуй уой, ӕма Малий-фурт ӕ кадӕнги нӕ нийхалдта фольклорон традици – дзубандитӕй, лирикон байвӕрдтитӕй си комкоммӕ архайд фулдӕр ес. Уадзимис ци цубур 12 хаййебӕл дехгонд ӕй, уонӕй еуӕндӕсеми ӕмбӕлӕн хецӕн архайдтитӕбӕл. Ӕрмӕстдӕр тӕккӕ райдайӕни, прологи нӕййес ӕзмӕлд, уомӕн ӕма си автор зонгӕ кӕнуй кӕсгути еумӕйаг уавӕри хӕццӕ.

Иннемӕй архайд ханхӕй еуварс нӕ хезуй, фал «косуй» кадӕнги сӕйраг гъуди райхалунбӕл, «дзебӕл» некӕми кӕнуй, не ’здӕхуй фӕстӕмӕ, тундзуй айдагъдӕр кӕронбӕттӕнмӕ. Уадзимиси нӕййес берӕ эпитеттӕ. Ка си рамбӕлуй, етӕ ба ӕгасӕйдӕр ӕнцӕ еугӕндзон ӕма ӕнӕййевгӕ. Зӕгъӕн: «болат кӕрдӕн», «уарзон фидӕ», «зӕронд фидӕ», «бӕрзонд мӕсуг», «устур нихӕс» ӕма ӕндӕртӕ. Ӕстӕн ӕнцӕ кадӕнги рабарститӕ ӕма метафоритӕ дӕр. Мах си банимадтан ӕдеугурӕй фондз-ӕхсӕз: «борӕмӕлгъи зар бӕргӕ никкӕнуй», «тарст мулдзугутау раледзӕ-баледзӕ», «уалдзигон хорау», «хори тунау», «фестадӕнцӕ ӕмир цавддортӕ».

Гъӕздуг ӕй уадзимис анафоритӕй ӕма фӕлхатӕнтӕй. Ӕнцӕ цалдӕр хузи. Зӕгъӕн, строфай медӕги фиццаг рӕнгъи фӕстаг дзурдтӕй арӕх райдайуй иннӕ рӕнгъӕ:

Ку ӕрхӕццӕ уй устур нихӕсмӕ,

Устур нихӕси и зӕронд адӕм

Сӕ геугӕ бадти ку егаунцӕ,

Ку егаунцӕ мӕгур фӕлгӕлӕс.

Ӕндӕр дӕнцӕг:

Болат кӕрдӕнӕй ку рарӕхуста,

Ку рарӕхуста ӕ тӕккӕ зӕрдӕ

Ку рауӕлгоммӕ ’й мӕсуги хурфи,

Мӕсуги хурфи тоги пурхӕнти!

Хаттӕй-хатт фӕлхатгонд цӕунцӕ ӕгас строфатӕ дӕр. Ӕстӕймаг хайи кӕсӕн:

Ци ’й, ци згули йес и хани тургъи?

Тарст мулдзугутау раледз-баледзӕ,

Гъуди зелӕнтӕ цӕмӕн кӕнунцӕ

И тургъи медӕг хани косгутӕ?

Нур ба еуӕндӕсӕймаг хайи:

Ци ’й, ци згули йес и хани тургъи?

Тарст мулдзугутау катайтӕгӕнгӕ

Цӕбӕл зелунцӕ хани косгутӕ,

Хани косгутӕ и тургъи медӕг?

Кӕд дуккаг дӕнцӕги цалдӕр дзурди ӕййивд ес, фиццаги хӕццӕ рабаргӕй, уӕддӕр кӕсӕги цӕстити размӕ ӕвзурун кӕнунцӕ еци еу нивӕ, уӕдта бунати ӕвӕрд ке ’нцӕ, уомӕ гӕсгӕ неййевунцӕ строфати музыкалон ӕмхузондзийнадӕ. Арӕх анафори фӕлхатгонд цӕунцӕ еци-еу нихаси хӕйттӕ, зӕгъӕн номевгутӕ:

Ӕ рахез къохи – ӕ фиййау-лӕдзӕг.

Ӕ галеу фарсӕй – ӕ сау кӕрдбадзӕ,

Ӕ еу суйнӕбӕл – ӕ медгӕрз-ронӕ,

Ӕ дуккаг зӕрдӕӕ зарӕн хӕтӕл.

Ци рӕнгъитӕ ӕрхастон, етӕ ма бӕззунцӕ ниггидӕр еума дӕнцӕгӕн, – поэт ӕ сорӕтти ӕндагон бакаст (портрет) куд аразта, уомӕн. Зӕгъӕн ес уотӕ: ами дӕр Геуӕрги не «сустурзӕрдӕ» ’й адӕмон сфӕлдистади поэтикон фӕрӕзнитӕбӕл. Портретон нивтӕ ӕнцӕ ирд, цубур ӕма бӕлвурд. Мӕнӕ куд ӕвдист цӕуй кадӕнги гъонгӕси фурт мӕгур Мӕхӕмӕти сорӕт:

Мӕхӕмӕт адтӕй иуонггин лӕхъуӕн,

Урух цӕститӕ, бӕзӕрхуг арӕзт.

Нигки ауӕрдондӕр разиндтӕй Геуӕрги хани кизги фӕлгонц аразгӕй. Ӕдеугурӕй исхарз кодта еунӕг универсалон эпитет «рӕсугъд»:

Бӕрзонд мӕсугӕй и хани кизгӕ,

И хани кизгӕ, Гиданнӕӕсугъд

Уӕд ку ракастӕй хӕтӕлдзӕгъдӕгмӕ.

Кӕд поэт еунӕг дзурдӕй испайда кодта, уӕддӕр ӕууӕндӕн кизги хуӕрзконддзийнадӕбӕл. Сӕдӕ дзурди ку ’рхастайдӕ автор, уӕддӕр уӕлдай нецибал бавдистайуонцӕ, фӕлгонц нӕ фӕгъгъӕздугдӕр адтайдӕ.

ТУГЪАНТИ Махарбеги конд хузæ Малити Геуæргий поэмæ «Дзандзирахъ»-æн.

Нур ба цубурӕй кадӕнги сӕйраг архайӕги туххӕй. Мӕхӕмӕтӕн ӕ трагедий равзурӕн ӕ мӕгурдзийнадӕ ’й, ӕ еунӕг, ӕ фиццаг ӕма фӕстаг аййеп дӕр е ӕй. Ӕндӕр лиагъӕ имӕ нӕййес. Мӕгурбӕл хӕрдмӕ дор зелуй, ӕвудӕй дӕр азумгини бунати байзайуй. Кизгӕ ке уарзуй гъонгӕси фурти, е бӕрӕг ӕй – ӕхуӕдӕг ӕй исгъӕр кӕнуй ӕ фидӕн. Фал Мӕхӕмӕти зӕрди циййес, уомӕн ба неци зонӕн. Кӕд хани кизгӕ ӕгиритдӕр нӕ цудӕй ӕ зӕрдӕмӕ, уӕддӕр бӕрӕг нӕ ’й. Автор уой туххӕй неци зӕгъуй, уотид ӕздӕх дӕр нӕ фӕккодта. Фал уӕддӕр фиццаг фудгин ба лӕппо ӕхуӕдӕг фӕцӕй. Раст ӕй, ӕви анхосгин, уой неке равзурста, неке ’й нецӕбӕл бафарста, уотемӕй ин ӕ сӕр ӕ гурӕй фӕххецӕн кодтонцӕ. Мӕгур Мӕхӕмӕт уойбӕрцӕбӕл тӕрегъӕд адтӕй, уоййасӕбӕл ӕнӕраст тӕрхон ин рахастонцӕ, ӕма кадӕнгӕмӕ игъосгутӕ сӕ фур зинӕй къехӕй бӕйзайунцӕ, фӕссайд унцӕ, фестунцӕ ӕмир цавддортау, дзорунгъон си неке исуй…

Уадзимиси уӕхӕн кӕрон ӕвдесуй автори цӕстингас, ци ӕверхъау гъуддаг ӕрцудӕй, уомӕ. Рагон ромаг философ Эпиктети загъдау, «никакому преступлению нет оправдания», бунтондӕр ба уӕхӕнӕн. Ӕма куд дессаг ӕй! Кӕд зӕнхӕбӕл нӕ разиндтӕй рӕстдзийнадӕ, кӕд фудгӕнӕг ӕ цъаммардзийнади фӕдбӕл ӕфхуӕрд нӕ баййафта, уӕддӕр Хуцауӕй ба иронх неци кӕнуй, – нигки ӕверхъаудӕр хузи фӕйивар кӕнуй хани. Ӕ уарзон бӕдолӕ, ӕ еунӕг кизгӕ ӕхе рамаруй…

Аци рауӕн дӕр, махмӕ гӕсгӕ, поэти гъуди бӕрӕг ӕй фудраконддзийнадӕбӕл, кӕддӕр уа, уӕддӕр, дзуаппгӕнгӕ ’й. Еци тӕрхонӕй ’хе баримӕхсӕн нӕййес, нӕ си ес раледзӕн, бӕлах ӕрхӕссӕг ибӕл еу бони сӕри ӕнӕ исӕмбӕлгӕ нӕ фӕууй. Ӕндӕр хузи зӕгъгӕй ба – рӕстдзийнадӕн марӕн нӕййес, – кард ӕй нӕ кӕрдуй, фат ӕй нӕ есуй. Ес адӕймаги цард райсӕн, фал нӕййес райсӕн ӕ расти уагӕн…

Уӕлдӕр куд загътан, уотӕ Малити Геуӕргий исфӕлдистади зингӕ бунат ахӕссуй аййевади темӕ. Поэти лирикон геройтӕ дессаги дӕсни ӕнцӕ фӕндур ӕма хӕтӕлӕй цӕгъдунмӕ, зарунмӕ. Сӕ фур цийнӕй ӕма сӕ фур зинӕй дзорунгъон ку нӕбал фӕуунцӕ, уӕд сӕ бӕсти зӕрди хабӕрттӕ кӕнунбӕл ниллӕуунцӕ ку хӕтӕл, ку ба фӕндур. Еци еумӕйаг минеугутӕ сӕ кӕнунцӕ нигки ӕнцондӕр уарзӕн, нигки рӕсугъддӕр. Дзубанди ци кадӕнгӕбӕл цӕуй, уой сӕйраг архайӕг дӕр уонӕй еу ӕй. Адӕн фуд анзи сӕ хурфӕмӕ кӕми игъосунцӕ, уоми е ба ӕ хӕтӕлӕй цӕгъдуй. Мӕгур Мӕхӕмӕти алӕмӕти цӕгъдтӕлтӕмӕ хумӕтӕги сахӕй нӕ байзаидӕ Гиданнӕ-рӕсугъд. Гъонгӕси фурти хӕтӕл кадӕнги уотид дзаумау нӕ ’й, фал сӕрмагонд фӕлгонц, уод кӕми ес, зин дӕр ка лӕдӕруй ӕма цийнӕ дӕр, уӕхӕн цардгъон сорӕт. Ӕнӕ уомӕй, мӕгур Мӕхӕмӕт ци лӕппо адтӕй, е н’ адтайдӕ, уотӕ зӕгъун нӕ бон ӕй, ӕма кадӕнгӕй хӕтӕл ку раеуварс кӕнай, уӕд нирдӕг уодзӕнӕй, ӕ уасӕ нӕбал иссердзӕнӕй…

Геуӕрги хӕтӕл гъонгӕси фурт мӕгур Мӕхӕмӕти къохтӕмӕ ке равардта, е дӕр лӕвари нӕ ’й. Лӕппо мӕгур ӕма цардӕфхуӕрд куд ӕй, уотӕ рӕсугъд ӕй уодикондӕй дӕр. Ӕ мӕгури миздӕн ин Хуцау балӕвар кодта хӕтӕл, уомӕн ӕма уой зӕрдӕбӕл конд ӕй, уой уоди аккаг ӕй. Аййевадӕ трагедийӕй игуруй (ӕргъуди кӕнӕн, нартӕмӕ фӕндур куд фӕззиндтӕй, уой). Ф. Достоевский – гениалон уодтӕвзарӕг, хумӕтӕги нӕ финста, зӕгъгӕ, «в движениях сердца человек посредственный может быть выше величайшего художника…»

Геуӕрги ӕ иннӕ кадӕнгӕ «Дзандзирахъ» ниффинста 1927 анзи, Гулӕри скъолай ма ку куста, уӕд. Аци уадзимиси сюжет дӕр ист ӕрцудӕй адӕмон исфӕлдистадӕй. Ӕ бундори ес «ӕртӕкъумони» – дууӕ нӕлгоймагей ӕма силгоймаги трагеди. Архайд цӕуй Дигоргоми гъӕутӕй еуеми – Къамати. Поэмӕ ӕй авд цубур хаййемӕй арӕзт. Цӕбӕл цӕуй дзубанди фиццаг хаййи?

Гъӕуи силгоймӕгти хуӕздӕр Дзандзирахъ нӕуӕгдзуд киндзӕй фесавдӕй, ци фӕцӕй, уомӕн неке неци зонуй. Ралӕудтӕй ӕвдӕймаг сабат, кӕдӕй еци бӕлах ӕрцудӕй, уӕдӕй. Къамати нӕлгоймӕгтӕ ӕрӕмбурд ӕнцӕ сӕ хорбадӕни. Унаффӕ хӕссунцӕ, тумугъ бадт ракӕнгӕй. Кӕстӕртӕ сӕмӕ игъосунцӕ истгӕй, гузавӕ кӕнунцӕ. Хестӕрти фӕдздзурд уотӕ ’й фӕсевӕдмӕ:

Нӕуӕгдзуд киндзӕй, фӕсевӕд,

Нӕ силти хуӕздӕр, нӕ кадӕ

Дзандзирахъ-рӕсугъд фесавдӕй,

Йе куд нӕй махӕн ӕгадӕ?..

Фал ке лазӕ, ке бӕллах ӕй,

Кӕбӕл гъарӕн нӕ тӕрегъӕд?

Ка хӕссуй дзиллӕн лиагъӕ,

Базонетӕ уой, фӕсевӕд…

Еци фӕдзӕхстбӕл кӕстӕртӕ исарази унцӕ. Гъӕуама фудгӕнӕги иссеронцӕ, дзуапп си бадомонцӕ карзӕй – сӕ рахаст уотӕ амонуй:

Гъе уотӕ сӕ загъд хӕссунцӕ

Сӕ хорбадӕни Къаматӕ.

Сӕ фур мӕстӕй ниттелунцӕ

И кӕстӕртӕ сӕ хъӕматӕ

Дуккаг ӕма ӕртиккаг хаййеми сюжети къумӕлхийтӕ сабургай уӕгъдӕ кӕнун райдайунцӕ. Фиййау биццеу ӕрӕстӕфуй цӕугӕдони фелаугӕ «сугъзӕрийнӕ сурх дзиккотӕ» ӕма фегъосун кӕнуй адӕмӕн. Къаматӕ рафӕдеси унцӕ донгонмӕ «ӕд лӕдзгутӕ, ӕд хъӕматӕ». Ӕма де ’нӕуарзӕг уӕхӕн фудмӕ ӕркӕсӕд:

Усмӕй-усмӕмӕ дӕлфинкӕй

Цъӕх ку ферттевуй фелауӕн,

Фӕззиннунцӕ сугъзӕрийнӕ

Сурх дзиккотӕ уӕд еу рауӕн.

Ӕ фӕлхъӕзӕнти ӕнцойнӕ

Тӕгтӕӕгтӕ фелаунцӕ, –

Уалдзигон хорау сӕ гъазти

Ӕнӕ дауӕ федаунцӕ.

Дзандзирахъи автор кондгин силгоймаг хонуй. Ӕ номи хӕццӕ ин исбаста еугӕндзон эпитет «рӕсугъд». Фал ин лӕмбунӕг ӕндаг бакаст ба не ’саразта. Ӕма, ӕвӕдзи, гъӕугӕ дӕр нӕ кодта. Уӕлдӕр ци ’скъуддзаг ӕрхастан, айдагъ уомӕй дӕр бӕрӕг ӕй силгоймаги хуӕрзконддзийнадӕ. Ӕрмӕст ӕ дзиккотӕ дӕр бери аргъ ӕнцӕ. Гъе уотӕ еунӕг детали фӕрци поэтӕн бантӕстӕй ӕнхӕст портрет исаразун. Ци нӕ си хъӕртуй – цӕститӕ, билтӕ, гурӕ, уони ба кӕсӕг ӕхуӕдӕг ӕхе аккаг иснивӕ кӕнуй, алкӕддӕр ӕй уинуй ӕхердигонау, идеалон силгоймаги хузи.

Къаматӕгтӕ исӕздӕхунцӕ донгонӕй, мард уӕлдзеген ӕривӕрунцӕ, идарддӕр хӕссунцӕ сӕ тӕрхон. Дзандзирахъи рӕсугъдбӕл ци ’рцудӕй, уой ку не ’сбӕрӕг кӕнонцӕ, уӕд цӕй гъӕу ӕнцӕ? Ӕгадӕ куд нӕ уодзӕнӕнцӕ уӕд адӕни астӕу?… Идарддӕр архайди рауайуй цӕхгӕр фӕззелӕн. Ӕнӕнгъӕлти рабӕрӕг уй трагедий ратӕдзӕн. Дзандзирахъи лӕг Хъамболат ӕрдзоруй ӕмбурдӕн, еске ардудӕй ӕ цардимбали зӕрди инсад хъӕма куд ниссагъта ӕма ’й донмӕ куд ниггӕлста, уой. Кӕд ӕ бийнойнаги берӕ уарзта, уӕддӕр ин ӕ бон ниххатир кӕнун не ’ссӕй, уомӕн ӕма ’й хуӕзголдарӕй бавдистӕй. Зӕрди маст зундбӕл фӕууӕлахез ӕй. Уарзондзийнадӕй ӕнӕуинондзийнадӕмӕ еунӕг гапп ес, ӕма фӕстаг ӕнкъарӕн фӕттухгиндӕр ӕй… Бӕлах куд ӕрцудӕй, уой неке базудта, фал ин ӕвдесӕнтӕ ба уӕддӕр разиндтӕй – уӕларвон ӕстъалутӕ ӕма цӕугӕдони цӕхъалтӕ, еу дзурдӕй, арв ӕма зӕнхӕ. Уонӕй баримӕхсӕн неци ес, алцидӕр уинунцӕ. Ка нӕма ’сгъӕр ӕй, уӕхӕн сосӕгдзийнӕдтӕ уой туххӕй ӕнцӕ ӕстӕн…

Хъамболат цубур рӕстӕгмӕ ӕ рӕдуд балӕдӕрдтӕй, фӕсмони уацари бахаудтӕй, фал мард ӕгас нӕбал кӕнуй. Хуцау ин амонд балӕвар кодта ӕма ’й е ба ӕ сонти фӕссурдта. Ци бӕлах исаразта, уой ӕхецӕн некӕд ниххатир кӕндзӕнӕй, нӕ ин ӕй ниххатир кӕндзӕнӕй Еунӕг Хуцау дӕр. Нур фӕстӕмӕ нецибал раздахдзӕнӕй, фал ӕй уӕддӕр фӕндуй, цӕмӕй адӕн растдзийнадӕ базононцӕ, е. Ӕ гъӕубӕстӕн раргом кӕнуй ӕ ардауӕги ном. Е ӕй Къундзай-фурт ӕма кӕд ӕхе раст лӕгбӕл нимайуй, уӕд размӕ рацӕуӕд, ӕрлӕууӕд марди уӕлгъос, зӕгъӕд, цидӕр адтӕй, уой.

Исарази уй ӕ хъисмӕтбӕл Къундзай-фурт дӕр. Ӕрлӕууй «лӕкъундзастӕй» марди сӕргъи ӕма ӕнӕ еу мӕнгӕдтӕй ӕрдзоруй:

Берӕ бонти Дзандзирахъи

Ку фӕккодтон нимӕхстуарзӕ,

Ӕрӕгиау исӕмбалдӕй

И мӕгурбӕл мӕ фуд лазӕ.

Ӕвдистон ӕй хуӕзголдарбӕл,

Ӕримистон мӕнгӕ дауӕ,

Фӕккӕнинӕ хебӕраги

Хъамболати соцъардауӕ, –

Кӕд рарветидӕ ӕ уоси

Сурди номӕй ӕ цӕгатмӕ,

Ӕрхудтайнӕ Дзандзирахъи

Уодӕнбалӕн уӕд мӕ уатмӕ.

Фӕууй ӕ монолог Къундзай-фурт. Къаматӕгтӕ сах кӕсгӕ байзайунцӕ, никъкъех унцӕ сӕ фур десӕй. Нури уӕнгӕ ӕвзедгӕ ка кодта лӕгмармӕ, еци фӕсевӕд, раздӕрау, сӕ хъӕматӕ нӕ телунцӕ «сӕ фурмӕстӕй», фал цавддортӕ фестадӕнцӕ, идарддӕр син куд гӕнгӕ ’й, уомӕн нецибал зонунцӕ. Изолдӕр ин ци гӕнгӕ ’й, уой ӕрмӕст Хъамболат зонуй. Къундзай-фурти дзубанди фегъосгӕй, «ӕхсӕйвон мӕйау», нийвайуй, ӕ маст, тӕвдӕгӕнгӕ, зӕрди хурфи сирайуй»…

Къаматӕ сӕ мард байвӕрунцӕ ӕма сӕ хӕдзӕрттӕмӕ фӕххӕлеу унцӕ. Ӕнамонд цауи фӕдбӕл фулдӕр нецибал дзорунцӕ. Хуцауи къохмӕ хӕран ӕма раст равзаруни барӕ… Рацудӕй еу анз. Цард ӕ кӕнон кодта – Къаматӕгтӕй феронх ӕй и фуди цау. Фал сӕ ӕнӕнгъӕлти раййафуй нигки устурдӕр бӕлах. Сӕумигон, гъӕуӕй еуварси иссерунцӕ дууӕ марди. Зин бафӕсмӕрӕн нӕ адтӕнцӕ:

Йеу хундтӕй уонӕй Къундзай-фурт,

Хъамболат инней худтонцӕ.

Ӕвӕццӕгӕн, и фӕндагбӕл

Фудӕмбӕлӕ фӕккодтонцӕ.

Нӕ ниххатир кодта Хуцау сӕ дууемӕн дӕр, ӕмхузон фудгин адтӕнцӕ Дзандзирахъи рази. Ӕхуӕдӕг сӕмӕ не ’систа ӕ къох не Сфӕлдесӕг, фал сӕ кӕрӕдземӕн рамарун кодта.

Цума ӕндӕр хузи кӕрон искӕнун ӕнгъизтӕй кадӕнгӕн? Гъай-гъайдӕр, поэти бон адтӕй дууӕ нӕлгоймагей дӕр уодӕгасӕй ниууадзун. Фал уӕд фудраконддзийнадӕ ӕнӕ тӕрхонгондӕй изадӕй, уӕд хӕрандзийнадӕ рӕстдзийнадӕй уӕлдӕр бунати ивӕрд цудӕй, ӕносон кодта ӕма уотӕ ба устур гуманист Геуӕргий нӕ фӕндадтӕй. Ӕнбалдӕй Хъамболатӕй Къундзай-фуртӕй еуемӕн идарддӕр цӕруни барӕ радтун? Ӕвӕдзи, уотӕ, бакӕнӕн дӕр адтӕй, фалӕ бабӕй ами ба растдзийнадӕ ӕрдӕггонд цудӕй. Дууӕ лӕгемӕй ка азумгиндӕр ӕй, е зин зӕгъӕн ӕй, ӕма си еуей ку сраст кодтайдӕ Геуӕрги, уӕд инней фудгини бунати цума ивардта, уотӕ уадӕй. Н’ адтӕй ӕ бон уотӕ бакӕнун – ӕрдӕг растдзийнадӕ растдзийнадӕбӕл некӕд нимадта Малий-фурт.

Ка ’й зонуй, еске зӕгъа, ӕрмӕстдӕр Къундзай-фурт ӕй анхосгин, уой цъухти бӕлахӕй тоги низзилдӕй ӕригон бийнонти къӕсӕр. Махмӕ гӕсгӕ, поэт ӕнхӕст уотӕ нӕ гъуди кодта. Цӕмӕ? Уомӕн, ӕма Къундзай-фурт дӕр Дзандзирахъи ӕцӕг уарзтӕй уарзта, бӕлдтӕй уой хӕццӕ ӕ цард баеу кӕнунмӕ, ӕнӕ уомӕй ӕй ӕ цард гъӕугӕ дӕр нӕ кодта. Циййес уоми лӕгъузӕй? Адӕймаг уогӕй ин уарзуни, амондмӕ бӕллуни барӕ гъӕуама цӕмӕннӕ адтайдӕ? Куд ин райстайдӕ ӕ еци барӕ финсӕг?

Нӕ, Геуӕрги еци хузи нӕ фудгин кӕнуй Къундзай-фурти. Нӕ ’нцӕ ӕ нихмӕ гъӕуи адӕм дӕр. Хабар куд адтӕй ӕма кӕцӕй рацудӕй, уой ку радзурдта ӕцӕгдзийнадӕй марди уӕлгъос, уӕд имӕ къаматӕгтӕй еу дӕр карз нӕ фӕллӕудтӕй, нӕ ’й бафхуардтонцӕ. Мадта и кӕстӕртӕ дӕр, уой размӕ куд, уотӕ сӕ хъӕматӕй нӕбал ӕвзистонцӕ, фал мардау фӕцӕнцӕ сӕ фур зин ӕма сӕ фур дессагӕй. Поэт Къундзай-фуртӕн ӕндӕр гъуддаг нӕ ниххатир кодта, – мӕнгард ӕма цъамар мадзӕлттӕй ке архайдта ӕ амонди сӕрбӕл истохгӕй, уой. Иннемӕй, уотӕ берӕ ӕма рагӕй ке уарзта, еци силгоймаг амондгун уа, уой туххӕй ӕхе ӕнамонддзийнадӕбӕл ке не сарази ӕй, е дӕр ин азуммӕхаст ӕрцудӕй. Ӕвӕдзи, поэт ӕхе уодбӕл тӕрхон кодта…

(Уодзӕнӕй ма)