06 декабря 2024

МЕДИЦИНОН КОСӔНДӔНТТИ УАВӔРТӔ ФӔХХУӔЗДӔР КӔНУНИ ГӔНӔНТӔ

10.02.2021 | 16:53

«Уӕрӕсей Федераций ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади къабази фиццаградон къӕпхӕн райаразуни туххӕй» Уӕрӕсей Федераций Хецауади унаффӕ ӕнхӕст кӕнгӕй, нӕ республики Ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министрадӕ ӕркастӕй ӕма бундоронӕй равзурста, нӕ медицинон косӕндӕнттӕ ци уавӕри ӕнцӕ, сӕ медицинон ефтонггӕрзтӕ цӕйбӕрцӕ бафехсудӕнцӕ,  уомӕ, уӕдта фиццаградон медико-санитарон агъаз ка кӕнуй, еци медицинон косгути мизди фарстамӕ.

Еци гъуддӕгутӕ исбӕлвурд кӕнуни фӕдбӕл нӕ республики Хецауадӕ евгъуд анзи 15 декабри рахаста унаффӕ, ӕма ӕ бундорбӕл арӕзт ӕрцудӕй 2021-2025 ӕнзтӕмӕ «Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади къабази фиццаградон къӕпхӕн райаразун»-и программӕ. Ӕ фӕлгӕти ци мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцӕудзӕнӕй, уони исӕнхӕст кӕнунӕн 2021 анзи бал дехгонд ӕрцудӕй 370 991,10 мин соми.

Исӕнхӕсткӕнуйнаг кустити номхигъд ниффедар кодта нӕ республики Ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министрадӕ. Уордӕмӕ хаст ӕрцудӕнцӕ уӕхӕн куститӕ:

– кӕлӕдздзаг уавӕрмӕ ка ‘рцудӕй ӕма ка нӕбал бӕззуй, уӕхӕн медицинон косӕндӕнтти бӕсти арӕзт ӕрцӕудзӕнӕй цуппар нӕуӕг медицинон косӕндони – Ӕрӕдони райони Къостайгъӕуи ӕма Рахесфарси райони Хумӕллӕги амбулаторитӕ, уӕдта фельдшерон-акушерон пункттӕ Алагири райони Рӕмонти гъӕуи ӕма Ирӕфи райони Мӕцути;

– ӕхсӕз медицинон косӕндони ӕрцӕудзӕнӕнцӕ бундоронӕй цалцӕггонд – уонӕй цуппар ӕнцӕ Алагири райони Дзиуаригъӕуи ӕма Црауи амбулаторитӕ, Ирӕфи райони Сурх-Дигори ӕма Горӕтгӕрон райони Гизӕли амбулаторитӕ, уӕдта ма цалцӕггонд ӕрцӕудзӕнӕнцӕ Ирӕфи райони центрон сӕйгӕдони поликлиники бӕстихай ӕма Дигори райони центрон сӕйгӕдони сувӕллӕнтти поликлиники бӕстихай;

– фиццаградон медико-санитарон агъаз ка кӕнуй, еци медицинон косӕндӕнтти ӕвӕрд ӕрцӕудзӕнӕй нӕуӕг медицинон техникӕ ӕма ефтонггӕрзтӕ, ӕдеугурӕй 54 хузи;

– медицинон косӕндӕнтти гӕнӕнтӕ фӕуурухдӕр кӕнунӕн ӕлхӕд ӕрцӕудзӕнӕй медицинон нисанеуӕги 25 нӕуӕг машини.

Хуӕдтолгити кой ку кӕнӕн, уӕд нуртӕккӕ бал ӕлхӕд ӕрцудӕй 13 нӕуӕг хуӕдтолги – ӕхсӕз «Лада-Гранта»-йи, ӕхсӕз «Лада»-йи ӕма еу «УАЗ-3136». Нӕуӕг хуӕдтолгитӕ лӕвӕрд ӕрцудӕнцӕ:

– Ӕрӕдони райони Гъӕдгӕрони амбулаторийӕн;

– Дзӕуӕгигъӕуи 1-аг поликлиникӕмӕ хауӕг Хонсайраг поселокки ӕма Карцай амбулаторитӕн;

– Рахесфарси райони центрон сӕйгӕдони поликлиникӕ ӕма Хумӕллӕги амбулаторитӕн;

– Горӕтгӕрон райони Ӕрхонки сӕйгӕдонӕн, Хъобани, Майскийи, Михайловски ӕма Гизӕли амбулаторитӕн;

– Мӕздӕги райони Терски, Троицки ӕма Виноградныйи амбулаторитӕн.

Аци хуӕдтолгитӕй ласдзӕнӕнцӕ сӕйгити медицинон косӕндӕнттӕмӕ, медицинон косгути ба – сӕйгитӕн сӕ хӕдзӕрттӕмӕ. Уомӕй уӕлдай ма си ласдзӕнӕнцӕ хуастӕ, медицинон ӕрмӕгутӕ, анализтӕ, пайда си кӕндзӕнӕнцӕ ӕндӕр медицинон мадзӕлттӕ ӕнхӕст кӕнуни кусти.

Уӕлдӕр ранимад программӕмӕ ци мадзӕлттӕ хаст ӕрцудӕй, етӕ ӕнхӕстгонд ку ‘рцӕуонцӕ, уӕд уони фӕрци фӕххуӕздӕр уодзӕнӕй фиццаградон къӕпхӕни медицинон косӕндӕнттӕн сӕ материалон-техникон  бундор, фӕррӕвдзӕдӕр уодзӕнӕй, республики цӕргутӕмӕ ка хъӕртуй, еци фиццаградон медико-санитарон агъаз.