20 апреля 2024

МУЛКДЗÆСТИ ÆДЗÆСГОНДЗИЙНАДÆН МА КÆНÆ ЗÆГЪÆГ КУ НÆ УА…

03.06.2023 | 20:43

Уогæ ба ци дессаги цардарæзти уавæрти цæрæн!

Равгитæ ке къохти бафтудæнцæ, уонæй ке бон куд æй æма си ка куд æдзæсгондæр æй, уотæ сæ миутæ аразунцæ, адæми ке гъезæмарæ кæнунцæ, е ба сæмæ нимади дæр нæй. Уæхæн æдзæсгондзийнадæ уæлдай иситинг æй нæ цардиуаги æнæмæнгæ гъæугæ дзаумæуттæ æма лæггæдти æргъти гъуддаги. Еци ирæзæги ирæзунцæ, гъæугæ æгъдау си æрæвæрунæй комкоммæ ихæсгин ка ’й, етæ ба æгириддæр не ’згули кæнунцæ – кенæ нæ арæхсунцæ, кенæ ба сæ нæ фæндуй, уомæн æма си, æвæдзи, сæхемæ дæр ести пайда хауй. Æндæр е куд æй: фæлхасгæнгутæй ке куд æма кæд фæндуй, уотæ æргътæ фæббæрзонд кæнуй. Тæрсгæ дæр нæ кæнунцæ, уомæн æма си дзуапп байагорæг нæййес. Кæддæр еу телеравдисти райгъустæй уæхæн гъуди: ести минкъий сæудегейрадæй ка рафуд кæнуй, уони карзæй бафхуæрунцæ, фал фæлхасадон æргътæ сæдæгай процентти бæрцæ ка исбæрзонд кæнуй, уони ба гъуди дæр неке кæнуй, сауæнгæ ма син сæ нæмттæ дæр нæ гъæр кæнунцæ.

Мæнæ бабæй нур дæр æнай-æнойти хуæдтолгитæн гази артаг уæйæгæнæн рауæнти æргътæ фæббæрзонд æнцæ 24 сомей уæнгæ (æрæги дæр ма еци аргъ адтæй 18 сомемæй минкъий фулдæр). Æма еци артагæй пайдагæнгутæ куд нæ истингун адтайуонцæ. Æма республики хецауадæй ракурдтонцæ уавæр фæррæвдзæ кæнун. Нæ зонæн, фал мах региони разамунди бон исуодзæнæй еци гъуддаги фæййагъаз кæнун. Уомæн æма еци уавæр исæвзурдæй бæсти иннæ рауæнти дæр. Уомæ гæсгæ ба, гъуддаг кæмæй аразгæ ’й, е лæдæрд æй.

Нæ республики экономики министр Кучити Заур аци фарстай фæдбæл дзоргæй уотæ загъта:

– Базарадон экономики уавæрти æргътæ паддзахадæ ке не ’вæруй, уомæ гæсгæ хæрдмæ цæунцæ. Абони уавæр уотæ ’й, æма гази артаги берæгæйттæй уæйæ кæнуни аргъ æй фулдæр, минкъийгай æй кæми уæйæ кæнунцæ, еци æргътæй. Зæгъун гъæуй, æма ма уæхæн уавæр ке адтæй фарæ дæр, уæд артагæвгæнæн станцити литри аргъ исхъæрттæй 30 сомей уæнгæ, уæдта фæстæмæ æрхаудтæй 17-18 сомемæ. Уомæ гæсгæ, федарæй нæ бон зæгъун æй, уавæр хуæздæр ке кæндзæнæй…

Министр ма куд баханхæ кодта, уотемæй республики разамунд лæдæруй фарстай социалон ахедундзийнадæ. Æма æргътæ барæй фулдæргонд ку цæуонцæ, уæд, æнæмæнгæ, фембæлдзæнæнцæ артагæвгæнæн станцити хецæутти хæццæ.

Куд фæззæгъунцæ: æркæсдзинан, фæууиндзинан…