26 апреля 2024

НӔ ЦАРДИ АЙДӔНӔ

29.03.2022 | 09:45

Куд зонӕн, уотемӕй аци анз Уӕрӕсей Президент В.Путини унаффӕмӕ гӕсгӕ нимад ӕй адӕмон аййевадӕ ӕма адӕмти ӕнӕматериалон бундайради Анзбӕл. Е ахсгиаг гъуддаг ӕй, ӕма мах, газет «Дигори» косгутӕ дӕр ӕй нӕхецӕн ихӕсбӕл банимадтан, уомӕ нӕ исфӕлдистадон хай бахӕссун. Нӕ зӕрди ес анзи дӕргъи аллихузон ӕрмӕгутӕ мухур кӕнун. Фал сӕйрагдӕр мадзал ба уодзӕнӕй – алли мӕйи номертӕй еуеми мухургонд цӕудзӕнӕй сӕрмагонд уӕлӕфтауӕн «Царди айдӕнӕ». Уотӕ ‘й хумӕтӕги нӕ исхудтан – нӕ адӕми исфӕлдистадӕ, нӕ национ культурӕ ӕма аййевадӕ ӕцӕгӕйдӕр ӕнцӕ айдӕнӕ, кӕцими ирдӕй зиннунцӕ нӕ адӕми уодиконд, нӕ цардарӕзти, нӕ дзилли хуӕздӕрти федауцӕ.

Сӕрмагонд уӕлӕфтауӕни мухур кӕндзинан публицистикон уацтӕ, нӕ адӕмон исфӕлдистади, нӕ национ аййевади ӕма литератури зундгонд архайгути туххӕй ӕрмӕгутӕ, таурӕхътӕ, литературон уадзимистӕ…

Уӕдта ма нӕ зӕрдӕ уобӕл дарӕн, ӕма нӕ газеткӕсгутӕ дӕр сӕ фӕндон зӕгъдзӕнӕнцӕ, куд хуӕздӕр ӕма федауцӕдӕрӕй цӕттӕ кӕнӕн аци уӕлӕфтауӕн.

Нӕ газети абониккон номери кӕсетӕ «Царди айдӕнӕ»-йи фиццаг рауагъд.