19 апреля 2024

Ӕнӕхин ӕмӕ ӕууӕндаг адӕймаг уыд Георги…

11.11.2021 | 12:26

ГУЛУТЫ Андрей, (1892-1980) Цæгат Ирыстоны адæмон поэт

Царды вӕййы ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ сыл иу хатт куы сӕмбӕлай, стӕй семӕ куы базонгӕ уай, куы сын бамбарай сӕ хъуыдытӕ, сӕ тырнындзинӕдтӕ, сӕ бӕллицтӕ, сӕ хуымӕтӕг ӕмӕ раст зӕрдӕйы уаг, уӕд сӕ никуыуал ферох кӕндзынӕ, кӕддӕриддӕр уайдзысты дӕ цӕстытыл. Ахӕм ӕнӕферохгӕнгӕ уыди поэт Малиты Георги дӕр.

Кӕм федтон фыццаг хатт Малиты Георгийы? Уый уыди 1907 азы фӕззӕджы. Уӕд бацыдтӕн ахуыр кӕнынмӕ Ӕрыдоны семинармӕ. Уыцы рӕстӕджы байдыдтон ӕмдзӕвгӕтӕ фыссын дӕр, фыстон дыгуронау ӕмӕ уырыссагау. Семинары нӕ уыд исты хуызы хъӕппӕрисадон къордтӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ ӕрдзон курдиат кӕм равдыстаиккой, ахӕмтӕ. Нӕ дзы уыди литературон къорд дӕр.

Уӕд мӕхинымӕр хъуыды кодтон: «Ӕвӕццӕгӕн, ме ’мдзӕвгӕтӕ лӕмӕгъ сты ӕмӕ искӕмӕ равдисыны аккаг не сты». Фӕлӕ къласы ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ загътой: «Уӕртӕ ӕртыккаг къласы ис, ӕмдзӕвгӕтӕ чи фыссы, ахӕм ахуыргӕнинаг, уый поэт у ӕмӕ йӕм равдисӕм де ’мдзӕвгӕтӕ, кӕддӕра цы зӕгъид». Ӕз сразы дӕн ӕмӕ радтон ме ’мдзӕвгӕ.

Бӕлвырд нал хъуыды кӕнын, цавӕр ӕмдзӕвгӕ уыди, уый. Ӕвӕццӕгӕн, уыд дыгуронау фыст. Ме ’мбӕлттӕ ӕмдзӕвгӕ равдыстой Малиты Георгимӕ. Уый йӕ бакаст ӕмӕ мын куыд радзырдтой, афтӕмӕй загъта: «Ӕмдзӕвгӕйы автор поэт у, хорз фысдзӕн».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ныхӕстӕ мӕнӕн ӕхсызгон уыдысты, уымӕн ӕмӕ зыдтон, Малиты Георги газет «Ног цард»-ы йе ’мдзӕвгӕ «Цӕхъал» кӕй ныммыхуыр кодта ӕмӕ йын йӕ быны «Геомал», зӕгъгӕ, кӕй бафыста, уый. (Уыцы ӕмдзӕвгӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, уыд йӕ фыццаг мыхуыргонд ӕмдзӕвгӕ.) Фӕлӕ уыцы рӕстӕджы мӕхӕдӕг Георгиимӕ никуы ныхас кодтон, чи зоны, кӕстӕр кӕй уыдтӕн ӕмӕ ӕфсӕрмы кӕй кодтон, уый тыххӕй.

1908 азы, сӕрды каникулты рӕстӕг, уӕззау рынчын фӕдӕн ӕмӕ семинармӕ раздӕхтӕн ӕрмӕст зымӕджы. Георги ме ’ссыдмӕ семинары нал уыд. Куыд дзырдтой, афтӕмӕй, 3-аг къласӕй 4-ӕм къласмӕ экзаментӕ дӕтгӕйӕ, экзамен не сфӕрӕзта ӕмӕ ацыд. Экзамен дӕтгӕйӕ, дам, ӕй семинары инспектор – моладзан бафарста:

– Радзур-ма наизусть куывд «Отче наш» («Мах фыд»).

Фӕлӕ йӕ Георги нӕ радзырдта. Уӕд, дам, ын инспектор афтӕ:

– Гъы, Байрон, Пушкин ӕмӕ Лермонтовы ӕмдзӕвгӕтӕ наизусть зоныс, фӕлӕ дины куывд «Отче наш» нӕ зоныс. Уый хорз нӕу, афтӕ не ’мбӕлы.

Георги мын фӕстӕдӕр, 1915 азы куыд радзырдта, афтӕмӕй семинары ахуыргӕнинӕгтӕй иу къорд лӕппуйы ӕрбакодтой Дзӕуджыхъӕумӕ Терчы облӕсты хицаумӕ, «бунтгӕнджытӕ» стут, зӕгъгӕ. Къӕнцыларӕй инӕлары кабинетмӕ фӕцӕйцӕугӕйӕ, ӕз мӕ худ нӕ систон. Уӕд иу ӕфсӕддон чиновник бадти стъолы цур, уый ӕваст фӕгӕпп кодта йӕ бынатӕй ӕмӕ мыл тызмӕгӕй фӕхъӕр кодта:

– Дӕ худ сис!

– Дӕ дзыхыл хӕц, уыры! – загътон ӕз.

Георги семинарӕй куы ацыди, уӕд уырыссаг ӕвзагыл ныммыхуыр кодта дзӕуджыхъӕуккаг газеты дыууӕ ӕмдзӕвгӕйы, сӕ иу «Под новый год», иннӕ – «Между прочим». Кӕм мыхуыргонд уыд фыццаг ӕмдзӕвгӕ, уый нал хъуыды кӕнын, фӕлӕ дыккаг – «Между прочим» – рацыд газет «Хабар»-ы. Газет «Хабар» цыди дыууӕ ӕвзагыл – иронау ӕмӕ уырыссагау.

Уыцы ӕмдзӕвгӕтӕ мах, семинары ахуыргӕнинӕгтӕ, бакастыстӕм тынг ӕхсызгонӕй. Ӕмдзӕвгӕ «Между прочим» уӕд тынг фӕцыд мӕ зӕрдӕмӕ. Абон дӕр ма мӕ зӕрдыл лӕууы.

Йӕ материалон фадӕттӕм гӕсгӕ, Георгийӕн йӕ бон нӕ уыди исты скъоламӕ ахуыр кӕнынмӕ бацӕуын ӕмӕ йын тынг зын уыд, ӕнӕбары кӕй ныууагъта йӕ ахуыр, уый. Зӕрдӕрыстӕй ныффыста семинары дурзӕрдӕ хицӕуттӕ – «хъомылгӕнджыты» ныхмӕ йе ’мдзӕвгӕ ӕмӕ йын скодта ахӕм кӕронбӕттӕн:

Солнце весело смеется,

Миру счастье шлет с небес.

Песен птичек раздается,

Этой песне вторит лес.

Лишь у стен «святого» храма

Песен звонких не слыхать.

Для чего вся эта драма?

Отзовись, наука-мать!

(«Между прочим», газет «Хабар», №8, 1909 аз)

Малиты Георги ӕнӕ ’хцайӕ, ӕнӕ царды фӕрӕзтӕй, ӕнӕ бынатӕй бирӕ фӕрахау-бахау кодта хъӕутӕ ӕмӕ горӕттыл. Уый бӕлвырд зыны йе ’мдзӕвгӕйӕ. Революцийы агъоммӕйы дзӕуджыхъӕуккаг газет «Терское эхо»-йы ӕви ӕндӕр цавӕрдӕр газеты Георги ныммыхуыр кодта ӕмдзӕвгӕ «Возвращение». Ӕмдзӕвгӕйӕ ма хъуыды кӕнын ахӕм рӕнхъытӕ:

Вот блеснул аул мой сквозь вечерний дым…

Изнемог, устал я, роком злым гонимый,

Средь людей, мне чуждых, в дальней стороне.

Истомили душу долгие скитанья,

Нет во мне уж больше прежнего огня.

Как цветы, увяли жизни упованья,

Изгубил их рано холод бытия.

Иукъорд азы фӕстӕ, советон рӕстӕджы, ӕз ныффыстон статья Георгийы сфӕлдыстады тыххӕй ӕмӕ йӕ ныммыхуыр кодтон. Ме статьяйы фыстон, Георги йе ’мдзӕвгӕты ӕмбырдгондмӕ ӕмдзӕвгӕ «Возвращение» нӕ бахаста, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ Георгийыл куы сӕмбӕлдтӕн, уӕд ӕй бафарстон:

– Де ’мдзӕвгӕйы рӕнхъытӕ дын раст ныффыстон?» (Ныффыстон сӕ чиныгмӕ нӕ кӕсгӕйӕ.)

Уый мын афтӕ:

– Раст сӕ ныффыстай, фӕлӕ мӕнмӕ уыди: «Изнемог, устал я».

1915 азы ӕз хорз базонгӕ дӕн Георгиимӕ, уӕд царди Дзӕуджыхъӕуы, «Степная», зӕгъгӕ, кӕй хуыдтой, уыцы уынджы, цӕттӕ кодта иу дыууӕ-ӕртӕ лӕппуйы цавӕрдӕр экзаментӕм. Фӕлӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы хъуамӕ бафыстаиккой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр цыбыркъух уыдысты, уӕд! Арӕх-иу ыл федтон ӕндӕр уӕлӕдарӕс. Куы-иу ӕй бафарстон, кӕм и дӕ тужуркӕ, зӕгъгӕ (кӕнӕ хӕдон, кӕнӕ хӕлаф), уӕд – иу, бахудгӕйӕ, дзуапп радта:

– Ауӕй йӕ кодтон ӕмӕ асламдӕр балхӕдтон. Цы ӕхца ма мӕм баззад, уымӕй та базары, «обжоркӕйы», исты ахӕрдзынӕн.

Арӕх-иу сӕмбӕлдыстӕм Георгиимӕ ӕмӕ ныхас кодтам литературӕйы тыххӕй, кастыстӕм кӕрӕдзийӕн не ’мдзӕвгӕтӕ.

Георги уыди тынг хӕдӕфсарм адӕймаг, уӕлдайдӕр та сылгоймӕгтимӕ. Ӕрцыди йыл ахӕм цау: бауарзта иу дзӕуджыхъӕуккаг чызджы, йемӕ зонгӕ нӕ уыд, афтӕмӕй. Йӕ номыл ын ныффыста ӕмдзӕвгӕ дӕр. Чызг бамбӕрста, Георги йӕ уарзгӕ кӕй кӕны, уый.

Георги агуырдта фадат йемӕ сӕмбӕлынӕн. Сӕмбӕлдысты: чызг уынджы фӕцӕйцыд, Георги цыди йӕ фӕстӕ. Фӕрсуынгмӕ куы бахӕццӕ чызг, уӕд ӕрлӕууыд. Георги йӕм хӕстӕг бацыд, слӕууыд йӕ цуры, фӕлӕ исты зӕгъын не сфӕрӕзта, йе ’мдзӕвгӕ дӕр нал радта чызгӕн, афтӕмӕй фӕстӕмӕ раздӕхт.

Ӕрцыд ма иу ахӕм хъуыддаг дӕр: уӕлдӕр кӕй кой ракодтам, уыцы чызг уыди ӕви ӕндӕр чызг, уый бӕлвырд нӕ зонын. Фӕлӕ радзырдта йӕ иу ӕмбалӕн цавӕрдӕр чызджы тыххӕй, йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, зӕгъгӕ. Уый йын хъазгӕйӕ загъта:

– Ӕмӕ ууыл та цы тыхсыс? Кӕд дӕ фӕнды, уӕд тӕккӕ райсом (уал ӕмӕ уал сахатыл) уыдзӕн мӕ фатеры, ӕрбацу ӕмӕ йӕ фендзынӕ!

Георги не ’ууӕнды уыцы ныхӕстыл. Фӕлӕ уӕддӕр иннӕ бон ацыд йе ’мбалмӕ. Уатмӕ бацӕугӕйӕ ауыдта ауыгъдӕй чызджы палто ӕмӕ шляпӕ. Георги аздӕхт фӕстӕмӕ. Уый фӕстӕ иу дыууӕ-ӕртӕ мӕйы дӕргъы дзургӕ дӕр нал скодта йе ’мбалмӕ. Йе ’мбалмӕ цы чызг ӕрбацыди, уый та уыди, гимназы чи ахуыр кодта, ахӕм ӕндӕр чызг – Георгийы ӕмбалы зонгӕ. Георги кӕмӕй загъта, уыцы чызг дӕр гимназы ахуыр кодта ӕмӕ дыууӕ чызгӕн дӕр сӕ палтотӕ ӕмӕ шляпӕтӕ ӕмхуызӕттӕ уыдысты.

Ӕнӕхин ӕмӕ ӕууӕндаг адӕймаг уыд Георги. Иухатт ӕй бафӕндыди Терчы йӕхи ныннайын. Ацыд доны былмӕ, раласта йӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ сӕ ныууагъта доны был. Фӕлӕ йӕхи куы цынадта ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ’рбацыд, уӕд йӕ дзаумӕттӕ уым нал уыдысты: цавӕрдӕр къӕрных ын сӕ адавта. Хъазаг уыди Георги ӕмӕ-иу ыл худӕджы цаутӕ дӕр ӕрцыди.

Йӕхӕдӕг куыд дзырдта, афтӕмӕй иухатт изӕрдалынг та иу кӕйдӕр агуырдта ӕмӕ иу хӕдзармӕ дзӕнгӕрӕг бацагъта. Бакодта йын дуар иу лӕг ӕмӕ йӕ бафарста:

– Чи дӕ, кӕй агурыс?

– Ӕз дӕн Малийы-фырт, Парнасӕй ӕрцӕуӕг, – хъазгӕйӕ дзуапп радта Георги ӕмӕ лӕджы бафарста:

– Уӕд ды та чи дӕ?

– Ӕз та дӕн, Кавказы ахуырады округ кӕй бӕрны ис, уый – профессор С.

– Уӕдӕ ды дӕр къаддӕр «шишкӕ» нӕ дӕ! – фӕцырд Малийы – фырт ӕмӕ рацыд.

Иухатт газеты ныммыхуыр кодтон ӕмдзӕвгӕ «Явись, певец!» Тӕккӕ уыцы бон райсомӕй фӕцӕйцыдтӕн проспектыл. Кӕсын ӕмӕ дын Георги мӕнӕ ссӕуы (уыцы райсом хъӕуӕй ӕрбацыд). Мӕн куы ауыдта, уӕд йӕ къух уӕлӕмӕ сдардта (афтӕ-иу кодта, искӕуыл-иу куы сӕмбӕлд йӕ зонгӕтӕй, уӕд). Бахудт ӕмӕ загъта:

– Ды фӕсидтӕ зарӕггӕнӕгмӕ, фӕзын, зӕгъгӕ, ӕмӕ, кӕс, ӕз фӕзындтӕн!

Окруджы ӕххӕсткомӕй Георгийӕн Дзӕуджыхъӕуы радтой ӕвдисӕндар йӕ кары тыххӕй. Ӕвдисӕндары уыди пункт «Особые приметы», зӕгъгӕ. Уым ын чидӕр хъазгӕйӕ ныффыста «Смуглолиц, как нарт Батрадз». Георги-иу уыцы фыстыл бирӕ фӕхудти.

Георги хъӕууон ахуыргӕнӕгӕй куы куыста, уӕд ӕз ныммыхуыр кодтон газет «Рӕстдзинад»-ы ӕмдзӕвгӕ «Поэтӕн»; ныффыстой йӕ Георгийы номыл. Георги мын куыд радзырдта, афтӕмӕй, райсомӕй скъоламӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд скъоладзаутӕ, газет тилгӕйӕ, цингӕнгӕйӕ рауадысты йӕ размӕ ӕмӕ хъӕр кодтой:

– Мӕнӕ, Георги, газети дӕу туххӕй финсунцӕ!

Дзӕуджыхъӕуы, проспекты (ныр Сабырдзинады проспект), уыди чингуытӕ ӕмӕ къӕнцылары дзаумӕтты дукани. Йӕ хицау – фыссӕг Хъороты Дауыт – Георгимӕ радта иуцалдӕр тетрады ӕмӕ кърандасы. Бафӕдзӕхста йын, цӕмӕй сӕ уый ауӕй кӕна базары. Георги ацыд базармӕ, фӕлӕ йӕ милиционер баурӕдта, спекуляци кӕныс, зӕгъгӕ. Георги бӕргӕ дзырдта, ӕз спекулянт нӕ дӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕм чи хъуыста! Акодтой йӕ мидхъуыддӕгты комиссариатмӕ. Уым тыргъы фӕцӕйцыди комиссар йӕхӕдӕг. Уый Малийы-фырты хорз зыдта ӕмӕ йӕ афарста:

– Ды та ам цы ми кӕныс?!

Георги йын хабар радзырдта. Комиссар радта дзырд, цӕмӕй йӕ ӕвӕстиатӕй суӕгъд кӕной. Георги мын дзырдта:

– Чырыстонхъӕуы (ныр горӕт Дигора) уыдтӕн ӕмӕ хорхъуаг азы нартхорхъуаг уыдыстӕм. Ӕз ныффыстон курдиат ӕмдзӕвгӕтӕй ӕмӕ йӕ балӕвардтон хъӕууон советы сӕрдармӕ. Сӕрдары резолюцимӕ гӕсгӕ мын радтой нартхор.

Революцийы агъоммӕ-иу Георги кӕд искуы-иу хатт ныммыхуыр кодта йе ’мдзӕвгӕтӕ, уӕддӕр ӕй бирӕтӕ зыдтой курдиатджын поэтӕй… Хъуыды кӕнын, ӕнхъӕлдӕн, журнал «Кавказские курорты», зӕгъгӕ, уым Георгийы ӕмдзӕвгӕтӕ схуыдтой, денджыз йӕ бынӕй йӕ былмӕ цы налхъуыт-налмас раппары, ахӕм хӕзнатӕ.

Иухатт Бетъырбухӕй ӕви Мӕскуыйӕ ссыд иу ахуыргонд литературовед ӕмӕ бакаст лекци Байроны сфӕлдыстады тыххӕй. Лекцийы фӕдыл раныхас кодтой бирӕтӕ: ахуыргӕнджытӕ, адвокаттӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Байроны сфӕлдыстады фӕдыл радзырдта Георги дӕр. Йӕ кӕронбӕттӕн ныхасы лектор загъта Георгийы тыххӕй:

– Ацы ӕрыгон лӕппуйы арфдӕр ничи бацыд Байроны сфӕлдыстадмӕ ӕмӕ йӕ амӕй хуыздӕр ничи бамбӕрста.

Советон рӕстӕджы Георги мыхуыр кодта йе ’мдзӕвгӕтӕ альманах «Малусӕджы», газет «Рӕстдзинад»-ы, журнал «Мах дуджы» ӕмӕ ӕндӕр рӕтты.

1922 азы Цӕгат Ирыстоны ахуырады хайады (литературон коллегийы ӕрбадты) Георги бакасти йӕ поэмӕ «Буря» («Уад»). Поэмӕ уыди романтикон. Куыд ма хъуыды кӕнын, афтӕмӕй дзы ныхас цыди хӕххон абырджыты тыххӕй. Уыдон тох кодтой паддзахы хицӕутты ныхмӕ, фӕллойгӕнӕг адӕмы ӕфхӕрджыты ныхмӕ ӕмӕ цардысты хъӕдты. Паддзахы ӕфсӕдтӕ сӕм куы бабырстой, уӕд семӕ хъӕбатырӕй схӕцыдысты. Георги тынг уарзта йӕ поэмӕ, хицӕн рӕнхъытӕ-иу дзы наизусть дӕр радзырдта, касти йӕ къухфыстӕй, мыхуыргонд не ’рцыд. Хъыгау у, уыцы зынаргъ поэмӕ нырмӕ кӕй никуы разынди, уый.

 

Фиццаг рӕнгъи (галеуӕрдигӕй рахесӕрдӕмӕ нимайгӕй): Гӕдиати Цомахъ, Коцойти Арсен, Къосирати З. (Сӕрмӕти бийнойнаг), Барахъти Гино, Хетӕгкати Дауит; дуккаг рӕнгъи: Гулути Андрей, Къосирати Сӕрмӕт, Малити Геуӕрги