24 апреля 2024

НӔ ИСФӔЛДЕСӔГӔЙ НИН ФӔДЗӔХСТ ӔЙ НӔ ЦАРДИУАГӔ РӔСТУОДӔЙ АРАЗУН!..

20.07.2021 | 15:19

Пусулмӕнттӕн сӕ цитгиндӕр бӕрӕгбӕнттӕй еуебӕл нимад ӕнцӕ Хъурмантӕ (араббагау ӕй хонунцӕ Ид аль-Адха, тюркагау ба – Курбан-байрам).

Бӕрӕггонд цӕуй куд нивондӕрхӕссуйнади Бон. Ралӕууй пусулмон къӕлиндари дууадӕсӕймаг мӕйӕ зуль-хиджи 10-аг бон. Уӕрӕсей официалон ӕгъдауӕй ци еумӕйаг граждайнаг къӕлиндарӕй пайдагонд цӕуй, уомӕ гӕсгӕ ба Хъурманти райдайӕн алли анз дӕр фӕууй ӕндӕр рӕстӕги, уомӕн ӕма пусулмон ӕма еци къӕлиндари еуӕй-еу мӕйти бӕнтти бӕрцӕ фӕйнӕхузи ӕй. Уомӕ гӕсгӕ аци анз Хъурманти райдайӕн хауй 20 июльмӕ ӕма бӕрӕггонд цӕудзӕнӕнцӕ ӕртӕ боней дӕргъи.

Пусулмӕнттӕ аци бӕрӕгбон фӕххезунцӕ, уомӕн ӕма баст ӕй пусулмон дини бундорон фондз фӕткемӕй еу – Меккӕмӕ, пусулмӕнттӕн тӕккӕ нимаддӕр бунатмӕ хадж искӕнуни хӕццӕ.

Меккӕмӕ ка рараст уй, етӕ уордӕмӕ гъӕуама бахъӕртонцӕ зуль-хиджи фиццӕг бӕнтти, Хъурманти райдайӕни размӕ, уӕдта хонх Арафати фалдзости, дӕлвӕзӕ Муздалифи ӕма ма ӕндӕр бӕлвурд бунӕтти ӕртӕ боней дӕргъи гъӕуама исӕнхӕст кӕнонцӕ сӕрмагонд ӕгъдӕуттӕ. Уонӕн сӕ сӕйраг хауй зуль-хиджи 10-аг бонмӕ. Уӕд райдайуй нивондӕрхӕссуйнади Бон.

Уогӕ еци Бон бӕрӕг кӕнунцӕ, хаджи ка фӕууй, айдагъ етӕ нӕ, фал дуйней еугур пусулмӕнттӕ дӕр, уомӕн ӕма е ӕй пусулмӕнттӕн, мӕнӕ минкъий раздӕр куд загътон, уотемӕй сӕ цитгиндӕр бӕрӕгбон. Ӕ нисанеуӕг ӕма ӕ медес ци ’й, уобӕл дзоргӕй ӕнӕмӕнгӕ зонун гъӕуй, кӕд ӕма кутемӕй фӕззиндтӕй, уой. Ӕ райгурци бундор ӕй хъӕбӕр идард евгъуд дзаманти, Ибрахими пахампардзийнади доги.

Цӕветтонгӕ, Хуцауи ӕрвист лӕг, Ибрахим (Авраам) нӕ Исфӕлдесӕг си куд байагурдта, уомӕ гӕсгӕ нивондӕн гъӕуама ӕрхастайдӕ ӕ хестӕр фурт Исмаили, кӕци ин ӕдзӕрӕг рауӕни райгурдӕй номбӕлуосӕ Хаджарӕй, кӕци уордӕмӕ тард ӕрцудӕй Ибрахимӕн ӕ фиццаг уоси гъӕддух домӕнмӕ гӕсгӕ. Гъе уотемӕй мӕгур силгоймаг ӕ сувӕллони хӕццӕ равзурдӕнцӕ еци ӕдзӕрӕг рауӕни. Кӕд си цӕрунӕн хъӕбӕр ӕгудзӕг уавӕртӕ, зӕгъун ӕнгъезуй, ӕгириддӕр си неци адтӕй, уӕддӕр ести амалӕй цӕрун гъудӕй.

Уавӕртӕ ба си уӕхӕнттӕ адтӕнцӕ, ӕма мадӕ ӕ минкъий фуртӕн уӕддӕр дони хъурт иссерунбӕл ӕ зӕрдӕ дӕр ку нӕбал дардта, уотемӕй силгоймаг, кӕд хъӕбӕр исӕнӕхъаурӕ ‘й, уӕддӕр Сафа ӕма Марва, зӕгъгӕ, еци уобӕутти рӕбунти авд хатти ку ӕррауайӕ-бауайӕ кодта, уӕд ӕнай-ӕнойти рауидта: ӕ сувӕллон кӕми ниууагъта, уоми уой хуӕрзрӕбун зӕнхӕй ниццавта сауӕдонӕ Зӕмзӕм. Е дессаг куд нӕ адтайдӕ, иннӕ дессаг ба е ӕй, ӕма, Зӕмзӕми дон разиндтӕй уоди хуаси хузӕн: адӕймаги ӕфсадуй хуӕруйнаги хузӕн, агъаз кӕнуй берӕ аллихузон незтӕй исдзӕбӕх унӕн. Гъе уотемӕй Исмаил нисангонд ӕрцудӕй Хуцауи фӕндонӕй.

Исмаил ку райрӕзтӕй, уӕд Ибрахим ӕ фуни фӕууидта, Хуцау си ке домуй, цӕмӕй ӕ фурти нивондӕн ӕрхӕсса. Фидӕ куд нӕ батухстайдӕ: ӕнгъӕл берӕ кӕмӕ фӕккастӕй, берӕ ке уарзта, ӕ еци фиццаг фурти ’й багъудӕй нивондӕн ӕрхӕссун… Фурт ӕ фиди тухст куд нӕ балӕдӕрдтайдӕ, ӕма унаффӕ рахӕссун ин цӕмӕй фенцондӕр адтайдӕ, уомӕ гӕсгӕ ин уотӕ загъта:

– Хуцауи фӕндӕ куд ӕй, уотӕ бакӕнӕ…

Хуцауи размӕ ӕргомзӕрдӕ ӕма коммӕгӕс уогӕй, Исмаил ӕхуӕдӕг дӕр ӕма ӕ фидӕ дӕр уобӕл исарази ‘нцӕ. «Ӕма сӕ дууӕ дӕр ку исарази ‘нцӕ ӕма е ку ӕрӕвардта (ӕ фурти) ӕ фарсбӕл, уӕд Мах имӕ исдзурдтан…» (сурӕ 37 «Ӕмрӕнгъитӕ ислӕугӕй», аят 104).

Еци лӕгӕвзарӕнӕн Ибрагим ӕма Исмаил ке бафӕразтонцӕ, ӕцӕгӕй ӕууӕнкгун ке разиндтӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ Хуцау ӕ раздӕри фӕндӕ раййивта ӕма фидӕн барӕ равардта, цӕмӕй ӕ фурти бӕсти нивондӕн ӕрхӕсса фус. Уомӕ гӕсгӕ нивондхӕссуйнади Бон нимад цӕуй куд Хуцауи ӕцӕгӕй нимайундзийнади, уомӕн табу кӕнуни нисанеуӕги бон. Цитгин Хъурани загъд ес: «Ковӕ дӕ Хуцаумӕ (бӕрӕгбони намаз кӕнгӕй) ӕма ӕрхӕссӕ нивонд (нивондаг)».

Бӕрӕгбон бӕрӕг кӕнун райдайунцӕ сӕумӕраги. Пусулмӕнттӕ, сӕ бауӕр еугурӕй дӕр искӕдзос кӕнгӕй, нӕуӕг кенӕ федауцӕ дарӕс искӕнгӕй, рараст унцӕ мӕзгитмӕ ӕма уоми еумӕйагӕй намаз кӕнунцӕ, кӕсунцӕ Хъуран, игъосунцӕ имам-хатиби динамундтитӕмӕ (хутбу), кӕцитими кадӕ кӕнунцӕ Хуцауӕн, дзубанди цӕуй нивондӕрхӕссуйнади ӕгъдауи равзурд ӕма уой ахедундзийнади туххӕй. Дзубанди си фӕццӕуй, цӕмӕй алли адӕймаг дӕр архайа, зӕнхӕбӕл царди сабурдзийнадӕ ӕма хӕлардзийнадӕ, кӕрӕдзей нимайун ӕма уарзундзийнадӕ ниффедар кӕнунбӕл. Бӕрӕгбони намази фӕсте райдайунцӕ нивондӕрхӕссуйнади ӕгъдау ӕнхӕст кӕнун.

Уотӕ нимад цӕуй, ӕма фагӕ ’й, еу адӕймаг нивондӕн, кенӕ ба бийнонтӕ ку ӕрхӕссонцӕ фус кенӕ сӕгъӕ. Уотӕ дӕр ӕнгъезуй, ӕма авд пусулмон лӕги кенӕ авд бийнонти, еумӕ бадзубанди кӕнгӕй, нивондӕн ӕрхӕссунцӕ еу фиртон, фид се ’хсӕн ӕмдех ракӕнунцӕ, ӕма е дӕр нимад ӕй ӕнхӕстгонд ӕгъдаубӕл. Нивондаг ӕнгъезуй сӕрмагондӕй Хъурмантӕмӕ исхӕссун, кенӕ ба ’й ескӕмӕй балхӕнун.

Хъурмайнаг косӕрттагӕн бӕззуй анзӕй фулдӕр кӕбӕл цӕуй, уӕхӕн фус кенӕ сӕгъӕ. Сторвонс ба, дууӕ анземӕй минкъийдӕр кӕбӕл нӕ цӕуа, уӕхӕн. Хъурмайнаг косӕрттагӕн нӕ бӕззуй, ести сахъатдзийнадӕ кӕмӕ уа, ӕ иуӕнгтӕй ескӕци лух кӕмӕн уа, ести незӕй сӕйгӕ, кенӕ ба фудхуз ка уа, уӕхӕн фонс. Нӕ бӕззуй хъӕрӕу, къулух, дӕндӕгутӕ кӕбӕл нӕ уа, ӕ еу гъосӕн, ӕ къӕдзелӕн кенӕ цӕстӕн ӕ фулдӕр хай кӕмӕн нӕ уа, уӕхӕн фонс дӕр.

Косарт кӕнгӕй хъурмайнаги тог исуадзуни хуӕдразмӕ гъӕуй зӕгъун сӕрмагонд ду’а: «БисмиЛляхи Аллаху Акбар» («Еунӕг Хуцауи сӕрбӕлтау, Еунӕг Хуцауи номӕй бӕрзонддӕр неци ес…») Ӕвгӕрдун ба гъӕуй дзӕбӕх циргъ кардӕй, цӕмӕй фонс гъезӕмарӕ ма кӕна, уой дӕр уотемӕй ӕма косартгӕнӕги къохи, ци хъурмайнаг ӕвгӕрда, е гъӕуама кард ӕгириддӕр ма фӕууина, уӕдта косартгӕнӕгӕн ӕ рази уӕлдай адӕмӕй маке уа.

Косарт кӕнӕн ес бӕрӕгбони ӕртӕ боней дӕргъи: ӕ фиццаг бони сӕумӕй (бӕрӕгбони намази фӕсте) сауӕнгӕ ӕртиккаг бони фӕссехуари намази райдайӕни уӕнгӕ.

Хъурмайнаги фид еугурӕй дӕр дӕхецӕн ниууадзӕ, зӕгъгӕ, уомӕн нецихузи ес уӕн. Фид гъӕуй ӕртӕ дехи ракӕнун. Еу си ӕй дӕхе, дуккаг гъӕуама иурст ӕрцӕуа мӕгуртӕн, уӕззау сӕйгитӕн, фӕккӕсуйнӕгтӕн ӕфсапи хузи, ӕртиккаг хай ба – хъурманлӕхъ искӕнунӕн, ӕрбацӕугутӕ, хӕстӕгутӕ ӕма синхӕгти байиуазӕг кӕнунӕн. Нивондӕн хаст косӕрттаги фид уӕйӕ кӕнун не ’нгъезуй, уотӕ ӕ сӕр, цар кенӕ къӕхтӕ дӕр – гъӕуй сӕ лӕвар байуарун, кенӕдта сӕ дӕхецӕн ниууадзӕ…

Ӕнӕмӕнгӕ, Хъурмантӕ ӕнцӕ устур бӕрӕгбон, ӕма уой бӕнтти адӕми зӕрдитӕ гъӕуама уонцӕ цийнӕ ӕма уодӕнцойнӕй райдзаст.

Нӕ дзубандий кӕронбӕттӕни ба нӕ фӕндуй зӕгъун уой, ӕма Хъурманти бӕрӕгбони цитгиндзийнади фӕрци адӕм сӕ царди бӕнтти райдзаст ӕма зӕрдрохс куд уонцӕ, Иристони цӕрӕг адӕм ӕнӕгъӕнӕй дӕр – ка ци дин хӕссуй, ка ци адӕмихаттӕй ӕй, уомӕ нӕ кӕсгӕй, – сӕ еугурей бийнонтӕн дӕр амондгун ӕма фӕрнӕйдзаг куд уонцӕ сӕ царди бӕнттӕ. Хуцау нӕ еумӕ цӕрунмӕ исӕнтӕсун кодта, ӕма гъӕуама ӕмзӕрдӕ-ӕмзундӕй нӕ цард аразӕн федауцӕй, кӕрӕдзей лӕдӕргӕй ӕма нимайгӕй, Хуцау ни арази цӕмӕй уа, уӕхӕн арфиаг гъуддӕгутӕй агъаз кӕнгӕй кӕрӕдземӕн.


Хъурманти цитгин бӕрӕгбон бӕрӕг кӕнгӕй, раст уодзӕнӕй ӕримисун, пусулмон дини рӕстадӕ ӕма гъомусади сӕрбӕлтау рӕстуодӕй ка фӕхъхъиамӕт кодта, уони рохс нӕмттӕ дӕр. Уонӕй еу адтӕй Гуӕцӕлти Тӕтӕрхъан. Уой туххӕй ӕрмӕг мухур кӕнӕн нӕ газети иннӕ фарсбӕл. Нур ба ма нӕ уой зӕгъун фӕндуй, ӕма Тӕтӕрхъани хъазауатон фӕллойнӕ нӕ байзадӕй иронхи рӕстӕгути аууӕнтти. Ӕ арфиаг гъуддаг ин идарддӕр ӕнхӕст кӕнунцӕ ӕ байзӕттӕгтӕ.

Зӕгъун гъӕуй уой, ӕма Цӕгат Иристони пусулмӕнтти Уодварнон управлений муфтий Гуӕцӕлти Хаджиморат ӕй Тӕтӕрхъани фурт Харуми фурт. Мӕнӕ Тӕтӕрхъани туххӕй ци ӕрмӕг мухур кӕнӕн, уой ба ниффинста Тӕтӕрхъани иннӕ фурт Мӕхӕмӕти фурт Алибек (гъулӕггагӕн абони не ‘хсӕн нӕбал ӕй, ӕрӕги рацох ӕй ӕ уӕлзӕнхон цардӕй. Рохсаг уӕд…).