НӔ КӔСТӔРТИ ИСОНИБОН – НӔ ЕУМӔЙАГ САГЪӔС
Цӕгат Иристони национ рахастдзийнӕдти фарстати фӕдбӕл Министради дини организацити хӕццӕ кусти ӕма экстремизми профилактики хайади сӕргълӕууӕг Цӕллагти Артурӕн ӕрӕги журналистти хӕццӕ ци фембӕлд адтӕй, уоми дзубанди цудӕй нӕ республики ахургӕнӕндӕнтти рохсадон-профилактикон куст куд арӕзт цӕуй, уобӕл.
Ӕ радзубандий е куд фегъосун кодта, уотемӕй министрадӕ дини минӕвӕрттӕ ӕма ӕхсӕнадон организацити агъазӕй еудадзугон куст кӕнуй аци ахсгиаг фарстатӕбӕл республики ирӕзгӕ фӕлтӕрти ӕхсӕн.
Скъолатӕ, колледжтӕ, лицейтӕ ӕма техникумти ахурдзау фӕсевӕдӕн лӕдӕрун кӕнунбӕл архайунцӕ барадон гъуддӕгутӕ бӕлвурддӕр базонунбӕл. Архайунцӕ, цӕмӕй се ‘хсӕн федардӕр кӕна граждайнаг хелӕдӕрундзийнадӕ, цӕмӕй лӕдӕронцӕ бӕрнондзийнадӕ ӕхсӕнадӕ ӕма барадон домӕнти размӕ.
Агъаз син кӕнунцӕ царди раст надбӕл ӕрлӕуунӕн, гъӕугӕ дӕсниадӕ равзарунӕн, лӕдӕрун син кӕнунцӕ, цӕйбӕрцӕбӕл ахсгиаг ӕй сӕхецӕн дӕр ӕма ӕхсӕнадӕн дӕр, сӕ алфамбулай ци алли адӕмихӕтти минӕвӕртти ӕма фӕйнӕхузон динтӕ ӕнхӕстгӕнӕг адӕймӕгутӕ цӕрунцӕ ӕма косунцӕ, уони хӕццӕ кӕрӕдзей лӕдӕргӕй ӕма нимайгӕй, лимӕнӕй рахастдзийнӕдтӕ аразун.
Еугур аци ахсгиаг гъуддӕгутӕ ӕнхӕст кӕнунӕн министрадӕн устур агъаз кӕнунцӕ республики национ-культурон центртӕ, ӕхсӕнадон организацитӕ. Уой фӕрци министрадӕн бантӕстӕй бацӕттӕ кӕнун сӕрмагонд альбомтӕ, кӕцитӕ зингӕ фӕййагъаз унцӕ рохсадон-профилактикон лекцитӕ ӕма лӕдӕрунгӕнӕн дзубандитӕ аразунӕн. Теоретикон ӕрмӕгӕй уӕлдай ма альбомти ес берӕ цӕстӕйуингӕ ӕрмӕг ӕма аллихузон литературӕ, кӕцимӕй ахургӕнгутӕн сӕ бон ӕй сӕ гъомбӕладон кусти пайда кӕнун. Етӕ лӕвӕрд ӕрцудӕнцӕ республики еугур ахургӕнӕндӕнттӕмӕ дӕр, цӕмӕй еу дзиллон мадзалӕй иннӕ дзиллон мадзали ‘хсӕн ахургӕнгутӕн сӕ бон уа ахурдзаутӕн экстремизми зианхӕссӕг фӕстеугутӕ лӕдӕрун кӕнун.
Ирӕзгӕ фӕлтӕрти ӕхсӕн патриотон разӕнгарддзийнадӕ, граждайнаг зундирахаст ӕма ӕхсӕнади размӕ бӕрнондзийнадӕ, экстремизми нихмӕ федар лӕууни менеугутӕ гъомбӕл кӕнуни фӕдбӕл устур куст кӕнунцӕ Дзӕуӕгигъӕуи ӕма Мӕздӕги хӕлардзийнади Хӕдзӕртти коллективтӕ, еудадзуг аразунцӕ аллихузон фембӕлдтитӕ ахургӕнӕндӕнтти. «Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий нацити ‘хсӕн райрӕзт»-и паддзахадон программӕ 2019-2025 ӕнзтӕн ӕнхӕст кӕнгӕй, дууинсӕй ӕхсӕнадон организаций исаразтонцӕ дӕс ӕма дууинсӕй фембӕлдемӕй фулдӕр.
Ӕрӕги министради арӕзт ӕрцудӕй терроризми нихмӕ информацион архайди еудадзугон къуари ӕмбурд. Дзубанди си цудӕй специалистти еудадзугон къуари рохсадон-профилактикон куст республики ахургӕнӕндӕнтти фӕппарахатдӕр кӕнунбӕл, уӕдта 2021 анзӕн сӕ кусти фӕткӕ исфедар кӕнунбӕл. Аци къуари иуонгтӕ ӕрӕги фембӕлд исаразтонцӕ Камбилеевки астӕуккаг скъолай. Ахурдзаутӕн ахсгиаг фарстати фӕдбӕл цъухӕй радзубандитӕй уӕлдай ма равдистонцӕ цӕмӕдессаг видеороликтӕ, скъолай разамундмӕ ма идарддӕри куст фӕгъгъомусгиндӕр кӕнуни туххӕй равардтонцӕ профилактикон цӕстуингӕ ӕма ӕндӕр агъазгӕнӕг ӕрмӕгутӕ.
Национ рахастдзийнӕдти фарстати фӕдбӕл министрадӕ исаразта рохсадон-профилактикон бӕлвурд ӕма бӕстон пълантӕ республики ахургӕнӕндӕнттӕн. Уоми бӕрӕггонд ӕнцӕ аллимӕйон терроризм ӕма экстремизми нихмӕ архайди мадзӕлттӕ, уӕдта аллихузон нацитӕ ӕма конфессити минӕвӕрттӕ кӕрӕдземӕн аргъ кӕнуни, кӕрӕдзей лӕдӕруни гъудитӕ ӕвзарун кӕнуни ӕрмӕгутӕ.
Аци ӕрмӕги ци мадзӕлтти туххӕй цӕуй дзубанди, уони аразун, гъай-гъайдӕр, ахсгиаг ӕй, уӕдта сӕ ахедундзийнадӕ дӕр фӕббӕрӕг уй бӕлвурдӕй. Еци гъуддаг никки ӕнтӕстгиндӕр бӕргӕ уидӕ, фал ӕй ес хъоргӕнӕг дӕр – интернет ӕма телеуинунади берӕ къабӕзти гириззаг ӕма кӕстӕрти зундирахаст усхъуммитӕгӕнӕг равдиститӕ ӕма ӕрмӕгутӕ. Гъулӕггагӕн, етӕ берӕ цӕмӕйдӕрти хъаурӕгиндӕр разиннунцӕ, уомӕн ӕма нӕ кӕстӕрти зингӕ хай сӕбӕл ӕгӕр ӕхцул ӕнцӕ, ӕгӕр цӕмӕдесӕй сӕмӕ кӕсунцӕ, ци ӕверхъаудзийнӕдтӕ си ӕвдист цӕуй, уонӕй кӕцидӕрти фӕнзгӕ дӕр кӕнунцӕ. Ӕма е ба бӕлахдзийнӕдтӕй тӕссаг ӕй ӕхсӕнади, уӕдта ӕма кӕстӕртӕн сӕхецӕн, сӕ карнӕн дӕр.